Главная > Нарты кадджытæ > Уастырджийы зарæг

Уастырджийы зарæг


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
Уастырджи усгур куы ныффæнд кæны, гъей,
Усгур, зæгъы, ныффæнд кæны, гъей,
Гъе-гъей, рухс Уастырджи.
Дæлæ стыр, зæгъы, Борæты хъазтмæ,
Нарты Борæты хъазтмæ ныффардæг вæййы, гъей,
Гъе-гъей, рухс Уастырджи.
Хъазты кæрон, зæгъы, куы балæууы, гъей,
Фарн уæ хъазты уа, Нарты фæсивæд.
Гъе-гъей, рухс Уастырджи.
Нарты фæсивæд ыл, зæгъы, куынæ фервæссынц, гъей.
Кæронæй куы æрлæууы, зæгъы, гъей,
Гъе-гъей, рухс Уастырджи.
Хистæртæ йæм, зæгъы, куы кæсынц, гъей,
Нарты хистæртæ йæм куы кæсынц, гъей.
Ацы лæппуйæн, дам, йæ цæстæнгас, зæгъы, гъей,
Йæ цæстæнгас æндæр куы у, гъей.
Гъе-гъей, рухс Уастырджи.
Нарты фæсивæд Уастырджимæ куы 'рхатынц, гъей,
Уазæг, иу кафт, дам-ма скæ, зæгъгæ, гъей,
Гъе-гъей, рухс Уастырджи.
Æз, дам, кафын куынæ зонын, зæгъгæ, гъей.
– Уæд та дæ бæхыл иу хъазт скæн, гъей.
– Бæхыл хъазын дæр, – куы зæгъы, гъей,
Мæ бæх, дам, къуылых куы у, куы, зæгъы, гъей,
– Дæ бæх, дам, дзæбæх у, гъей.
Æнæбарыгомау йæ бæхыл куы бацыди, гъей.
Иуырдæм цæугæ бакæны, гъей,
Иннæрдæм сæпп-сæпп ракæны, гъей.
Фæндырдзæгъдæг Азауханы размæ куы бацæуы, гъей.
Дзæбæх чызг, дам, дæ куы хонынц, –
Ехс ын йæ размæ куы 'рæппары,
Гъе-гъей, рухс Уастырджи.
Азаухан æм, зæгъ, ехс куыд слæвæрдта, гъей,
Ехсимæ йæ иумæ куы фелвасы, гъей,
Мигъæй æврагъы астæу, зæгъы, куы
Сфардæг вæййы, гъей.
Нарты фæсивæд йæ фæдыл джихтæгæнгæ баззайынц, гъей.
Æнæфындз Мæргъуыдзмæ йæ, зæгъы, куы 'рхæццæ кодта, гъей.
Æнæфындз Мæргъуыдз, зæгъы, гъей,
Гъе-гъей, рухс Уастырджи.
Уыцы ран дынджыр чындзæхсæв ныккодтой, гъей.
Гъей, табу дын æрбауа, гъей.

Радзырдта йæ Томайты Мысырби, 70-аздзыд,1974 аз, 28 июнь. Къора. Ныффыстой йæ Дзуццаты Ритæ æмæ Бызыккаты Тамарæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1974 аз.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru