Главная > Нарты кадджытæ > Уастырджи æмæ Мæргъуызы таурæгъ

Уастырджи æмæ Мæргъуызы таурæгъ


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Уастырджийæн дыууæ усы уыди. Иубон балцы цæуыны фæнд скодта æмæ йæ устытæн загъта:
    – Балцы мæ сцæттæ кæнут.
    Дыууæ усы бадынц, хуыйынц, æмæ хистæр ус кæстæрæн загъта:
    – Ахуый, ахуый тагъд. Райсом нæ лæг цæугæ кæны.
    – Æмæ цæмæн тагъд кæнон, исты Нарты Мæргъуызы хуызæн йæ кой райхъуысы.
    – Адæм нæ лæджыстæн куы кæнынц, уæд цæмæн афтæ загътай?
    Хистæр ус кæстæрмæ дзыхæй нал сдзырдта уыйадыл.
    Уастырджи балцы араст йæ бæхыл æмæ хъæуы кæрон кæстæр усыл сæмбæлд.
    – Знон та цытæ дзырдтай?
    – Фæлæуу, дæхицæн дын сæ зæгъон.
    Уастырджи нал фæлæууыд æмæ йæ фæндагыл араст.
    Æртæ боны фæцыд æмæ кæсы – хохы уæлиау бирæ бæхтæ. Хæрзхуыз, æмхуызон, хурмæ цæхæртæ калынц: «Цымæ кæй уыдзысты?»
    Æмæ бафарста рæгъаугæсты.
    – Адон сты Нарты Мæргъуызы рæгъæуттæ, – дзуапп радтой уыдон.
    Дарддæр ацыд æмæ иннæ хохмæ ссыди. Уым та уыд хъомты рæгъау. Уыдон дæр æмхуызон нард, æмхуызон фæздæттæ сын.
    – Кæй сты? – зæгъгæ, бафарста, æмæ йын загътой:
    – Нарты Мæргъуызы.
    Уымæй фалдæр иннæ хохыл – фысвос. Æмхуызон рæсугъд сау бырынчъытæ сын, цæст сæм кæсынæй не 'фсæст.
    Бафарста та фыййæутты æмæ йын загътой:
    – Нарты Мæргъуызы сты.
    Цæуы дарддæр æмæ бахæццæ Мæргъуызы хъæумæ. Хъæуы кæрон, бадтысты дыууæ зæронд лæджы. Уастырджи сæм хæстæг бацыд æмæ сæ бафарста:
    – Ам Нарты Мæргъуыз кæм цæры?
    – Ау, Мæргъуызы чи нæ зоны, уый цавæр лæг у?
    – Дæрддон дæн æмæ йæ уымæн нæ зонын. Бахатыр кæнут.
    Зæронд лæгтæй иу афтæ:
    – Чи зоны, ахæм дæр ис, æмæ йæ чи нæ зоны.
    Æмæ йын æй бацамыдтой:
    – Ацы уынджы ацу уæлæмæ, рахизырдæм фæзил, æмæ Мæргъуыз уыдзæн Зæдты мæсыджы. Йæ бацæуæн – сызгъæрин, йæ бæхбæттæн дæр – сызгъæрин. Æмæ дзæбæх лæппуйы хуызæн дæ æмæ зæдты бынатмæ бацу. Уый уæле та кънйæзты æмæ æлдæртты мæсыг. Æвзист бацæуæн дзы æмæ æвзист бæхбæттæн.
    Уымæй уæлдæр ноджы иу мæсыг. Уый та у кæвдæсæрдты мæсыг. Йæ бацæуæн – фæйнæг, æмæ къулыл фæйнæг бæхбæттæн ауыгъд.
    Уастырджи загъта йæхицæн: «Мæхи цы стауон. Кæвдæсæрдты мæсыгмæ бацæуон».
    Æмæ ацыд уырдæм.
    Искæйуæттæ йæ федтой уыцы мæсыджы æмæ радзырдтой Мæргъуызæн:
    – Федтам ахæм лæг, æмæ уыди, куыд никуыма федтам, ахæм арæзт.
    – Ацæут æмæ йæ базонут.
    Рацыдысты, ссардтой йæ, фæлæ йæм сдзурын нæ бауæндыдысты.
    Гъемæ дис кæны Мæргъуыз: чи уыдзæн уыцы хæрзарæзт лæг? Хъуыды кæны: «Кæд Уастырджи у, уæд Уастырджи ахæм у, æмæ фæдисмæ цæуаг у».Сау сызгъæрин рувас рауагъта, йæхæдæг фæдис фæкодта. Адæм хъæр, фæдис систой, йæ фæстæ згъорынц, ахсынмæ йæ хъавынц.
    Уастырджи афтæ:
    – Алæ-ма акæсон.
     Уæдмæ йæм иу ус дзуры:
    – Цæмæн лæууыс? Уæд та мæнæ мæ кæлмæрзæн ныккæн.
    – Мæнæн дæр мæ амонд конд у, – æмæ рувасы фæдыл ныццыдис, амардта йæ æмæ йæ йæ арцы бырынкъыл ысхаста.
    Мæргъуыз æмæ Уастырджи кæрдзын иумæ бахордтой. Уæддæр æй нæ фæрсы фысым. Йæхæдæг та уыд æнæфындз (лыг æрдæгмæ йæ фындз). Стæй йын афтæ:
    – Иумæ абалц кæнæм.
    Æмæ сразы ис Уастырджи.
    Мæргъуызмæ уыдис уындджын æмæ æнæуынд бæхтæ. Йе 'нæуынд бæхтæ уындæй хорз нæ уыдысты, фæлæ хъаруйæ хорз уыдысты.
    – Мæнæ мæ бæхтæй иуыл рацу.
    Нæ йæ бафæндыд æмæ йæхи бæхыл ацыд Уастырджи. Цæуын байдыдтой. Бирæ фæцыдысты. Уастырджийы бæх стайын байдыдта. Æркъæрццытæ йæ кæны, фæлæ ницы, нæ цæуы размæ.
    Мæргъуыз загъта:
    – Ныртæккæйы лæппутæ рæсугъдтæм кæсынц.
    Иу афон доны сæрты хызтысты. Мæргъуызы бæх дзы бацыд æмæ уайтагъд иннæ фарсæй ахызт. Уастырджийы бæхыл уылæнтæ тых кæнын байдыдтой. Стæй кæс, æмæ йæ дæлæ дон фæласы. Мæргъуыз уайдзæф кæны:
    – Нæ дын дзырдтон, мæ бæхыл рацу, зæгъгæ.
    Иннæ фарсмæ куы бахызтысты, уæд Мæргъуыз загъта:
    – Уæлæ уыцы къуылдымæй акæсон.
    Акаст къуылдымæй æмæ фæстæмæ æнкъардæй æрхызт, йæ хуыз аивта.
    Уастырджи фæхъæр кодта:
    – Цы кодтай? Цы дæ лукъа уадзыс?!
    – Ды дæр-ма дзы акæс.
    Æмæ уый дæр акаст къуылдымæй. Ныддис кодта:
    – Мæй арвыл федтон, фæлæ зæххыл ныры йеддæмæ никуы федтон.
    Мæргъуыз ын афтæ:
    – Уый мæй нæу, нæ. Уый нæ фыдæлты цæджджинаг у, æмæ нын æй Донбеттыртæ тыхæй байстой.
    – Цы нæ хъару уа, уый кæндзыстæм, – загъта йын Уастырджи.
    Цæджджинаг та ахæм уыдис, æмæ дзы иу хæрд куы бакæнай, уæд æртæ боны хæрын нæ хъæуы. Дзагæй-дзагдæр кæны авд азмæ. Уæд Уастырджи сау рувас фестад æмæ, адæм дзы чи уыд, уыдон иууыл йæ фæдыл ныххæррæтт кодтой.
    Æмæ Мæргъуыз та цæргæс фестад, стахти æмæ систа цæджджинаг, рафардæг æй кодта.
    Раздæхтысты фæстæмæ. Иу ран Мæргъуыз йæхи раздæр фæкодта, рахызт иу обауы раз, æмæ йæ Уастырджи кæугæ æрбаййæфта.Фæдис кодта Уастырджи ууыл. Æрбаздæхтысты хъæумæ æмæ куы фæхицæн сты, уæд Уастырджи хъуыды кæны: «Куыд нæ йæ бафарстон, ус ын цæуылнæ ис, йе та йæ фындз цы фæци, кæнæ обауыл цæмæн фæкæуы».
    Стæй уæд Мæргъуыз йæхæдæг афтæ зæгъы йæ уазæгæн:
    – Куыд нæ мæ фæрсыс мæ хабæрттæй? Æз фындзæй афтæ смыстон, æмæ-иу хъæды сырд кæуылты рацæйцыд, уый-иу базыдтон смудгæйæ.
    Æмæ Мæргъуыз ракодта йæ хабæрттæ.
    Балцы уыд кæддæр æмæ йæ усы ныууагъта æнæсæрæнæй. Цалынмæ бæстæтыл хæтыд, уæдмæ йæ усæн лæппу райгуырд. Растыр ис, уæдæ цы уыдаид. Иухатт йæ мады фарсмæ хуыссыд. Арвы кæронæй сæ сæ тæфæй базыдта æмæ уайтагъд æрхæццæ. Куы сæ федта, уæд сæ скарста йæ хъамайæ, лæппуйы дæр æмæ мады дæр. Адæм куы 'рбамбырд сты, уæд сæм дзуры:
    – Цæмæн æрæмбырд стут?
    Æмæ йын адæм загътой:
    – Дæ ус æмæ ды фырты сæргæвстай æмæ зианмæ æрцыдыстæм.
    Уæд Мæргъуыз куы бамбæрста, цы бакодта, уый, уæд йæ фындзы æмбис ахауын кодта. Мæрдты та адæм ахастой æмæ сæ обауы баныгæдтой. Уастырджи загъта:
    – Уæдæ сæ æз дæр фенон уыцы мæрдты.
    Бацыдысты, скъахтой сæ.
    Нымæт айтыгъта, æмæ мæрдты ууыл æрæвæрдта Уастырджи. Зæлдаг кæлмæрзæн сыл асæрфта, æмæ мад дæр, фырт дæр райгас сты. Мæргъуызæн йæ фындз æрсæрфта æмæ æнæхъæн фестади.
    Фæцин кодтой иууылдæр æмæ сæ алчи йæ хæдзармæ фæцыд.
    Уастырджи æрæздæхт йæ хæдзармæ. Кæстæр усæн йæ балцы хабæрттæ фæкодта. Æмæ уый дæр уæд схъæр кодта, Мæргъуызы ус йæ хо кæй у, уый.

Радзырдта йæ Абайты Хъырым, 96-аздзыд, 9 май, 1989 аз, Дзуары¬хъæу. Ныффыста йæ Плиты Светæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru