Главная > Нарты кадджытæ > Нарты адæм родгæс куыд баххуырстой

Нарты адæм родгæс куыд баххуырстой


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Иу бон Нарты адæммæ бацыдис иу сидзæр лæппу æмæ сын загъта:
    – Исты куыст мын радтут.
    Уæд Нарты адæм сфæнд кодтой æмæ лæппуйæ родгæс скодтой, бафæдзæхстой йын, цæмæй родты хиза æмæ, алы райсом æмæ изæр родтæ кæной кафгæ. Уæд лæппу хъуыды кæнын райдыдта, хизгæ сæ бæргæ кæндзынæн, фæлæ сын кафынæн та цы бакæндзынæн, зæгъгæ. Иу бон лæппу рæуæдты аскъæрдта, æмæ йыл æрцыдис тынг уарын.
    Лæппу, къæвда куы райдыдта, уæд йæ дзаумæттæ раласта æмæ сæ йæ быны бакодта. Къæвда куы фæци, уæд сæ йæ уæлæ скодта.
    Уыцы рæстæджы лæппумæ хæйрæг æрбауадис æмæ йын загъта:
    – Бацамон мын, кæм бадтæ къæвдайы, цæуыннæ ныххуылыдз дæ, къæвда куы уыд, уæд? Бацамон мын уый, æмæ дæ цы хъæуа, уый дын ратдзынæн.
    Уæд дзы лæппу ракуырдта ахæм уасæн, æмæ дзы куы уасай, уæд родтæ куыд кæной кафгæ æмæ хæйрæгæн радзырдта, хуылыдз цæуылнæ у, уый.
    Хæйрæджы лæппу асайдта æмæ-иу уыцы бонæй фæстæмæ лæппу уыцы уасæнæй куы ныууасыд, уæд-иу родтæ кафын райдыдтой.
    Уæд Нарты фæсивæд сфæнд кодтой лæппуйæн йæ уасæн байсын. Куы йæм æрбацыдысты, уæд сæ родты хуызæн фæкафын кодта. Уый фæстæ та сын фæкафын кодта сæ зæрæдты дæр. Уæд Нарты хистæртæ бауынаффæ кодтой, цæмæй сауджынтæ æмæ моллотæ алы хинтæ скæной æмæ лæппуйæн йæ уасæн байсой.
    Сауджынтæ æмæ моллотæ куы 'рбацыдысты, уæд лæппу æрдиаг кæнын райдыдта – исдзысты мын мæ уасæн, зæгъгæ. Æмæ та уæддæр райста йæ уасæн æмæ та дзы ныууасыдис. Куыддæр та лæппу йæ уасæнæй ауасыдис, афтæ та родты хуызæн фæкафын кодта моллоты æмæ сауджынты дæр. Уыдон дæр та нæ айстой лæппуйы уасæн. Афтæмæй лæппуйæн йæ уасæн баззадис йæхицæн.

Радзырдта йæ Хъулаты Иналыхъ, 77-аздзыд, Цымытийы хъæу, 1941 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru