Главная > Нарты кадджытæ > Нарти рæсугъд Хаджихъæз

Нарти рæсугъд Хаджихъæз


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Рагима-раги цардæй хъæбæр мæгур лæг æма уосæ, ма син райгурдæй йеунæг биццеу. Битдзеу ка адтæй, йе ирæзтæй бонгай нæ, фал сахатгай. Уайтагъддæр дзæбæх лæхъуæн рацæй. Сæ царди уавæртæ зин ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ кустагор рандæй и лæхъуæн. Надбæл ибæл æрæхсæвæй, ма йеу лæгæтмæ бацудæй. Лæгæти ба хонхбæл баст адтæнцæ Сау лæг æмæ æртикъахуг бæх. Бæхи рази лæудтæй кæрдзин, Сау лæги рази ба – кæрдæг. Лæхъуæн сæмæ десгæнæгау никкастæй, уæдта сæ бафарста:
    – Чи айтæ, чи дессаг айтæ. Хонхбæл баст цæмæ айтæ?
    – Мах чи ан, уой æз дæубæл нæ баримæхсдзæнæн, æрмæстдæр ди чи корун, йе уой нин бакæнæ.
    Биццеу йин загъта:
    – Æз дæу дзурд бакæндзæнæн, ду дæр дæ дзурд ма фæссайæ.
    Лæхъуæн бæхи рази хуасæ ниввардта, лæги рази ба кæрдзин байвардта. Алке си æ хуæруйнæгтæ ку рахуардта, уæдта сæ рæхистæ ратудтонцæ, ма зæнхи равзурстæнцæ. Лæг æ дзурд нæ фæссайдта ма æ хабар радзурдта.
    – Нартæмæ йес хъæбæр рæсугъд кизгæ Хаджихъæз. Бадуй авд мæсугей сæрбæл. Æ цæсгомæй хортæ ма мæйтæ кæсуй, æ конд, æ уиндгунæн нæййес. Коргутæ имæ алли рауæнтæй цæунцæ. Цæугæ ба кæнуй уæхæн лæхъуæнмæ: Хаджихъæз мæсуги сæрæй содзинæ рахсдзæнæй, лæхъуæн ба æй зæнхи æхсæй ниццæва ма æй æртæ æмбеси фæккæна. Уæдта лæхъуæн гъæуама Хаджихъæзмæ истæха, ма имæ йе ба ратдзæнæй æнгурстеуæни дзаг дон, ма йе ба гъæуама æхси кæронбæл арви кæрæнтти æртæ хатти æрзела, йеу тъинг дæр си куд нæ фæгъгъæуа, уотæ. Лæг, загъта, уони кæнун нæ бафæразта ма æ тæхгæ бæхбæл кизгæ раскъафта ма истахтæй. Фал Хаджихъæзи æнсувæрмæ дæр уæхæн бæх адтæй, фал адтæй æртæ хатти уайагдæр Сау лæги бæхæй. Хаджихъæзи ин байстонцæ, æхе ба ин хонхбæл исбастонцæ.
    Лæхъуæн бадес кодта бæхбæл. Хаджихъæзи æнсувæри бæх æма Сау лæги бæх йеу мади байрæгтæ адтæнцæ. Уæд Сау лæг мæгур биццеуæн уотæ зæгъуй, зæгъгæ, уоци бæхи хузæн дæмæ цæмæй уа, уой туххæй дин æз амонун. Йеци рауæн, йеци бунати цæруй бæхгæс. Йес имæ берæ бæхтæ. Æртæ анзи имæ ихуæрстæй бацо, ма æ бæхтæй йеу дæр ку нæ фæгъгъæуа, уæд дин йеци мадæй байраг ратдзæнæй. Лæхъуæн ин раарфæ кодта, ма æ фæндаг идарддæр кодта. Цæйбæрцæ фæццудайдæ, уæдта кæсуй, ма хæлаури туни биндзæ тæбар-тубур кæнуй. Баимæцудæй ма æй исуæгъдæ кодта. Уæд имæ и биндзæ дзоруй:
    – Мæнæ дин мæ базур. Мæн æнхос дæ ку багъæуа, уæд æй иссодзæ, ма дæ рази февзурдзæнæн.
    Раинарфæ кодта битдзеу, ма æ фæндаг идарддæр кодта. Уæд кæсуй, ма цъæх берæгъ хъæпхъанмæ бахаудтæй ма уонæргъуй. Баимæцудæй ма æй исуæгъдæ кодта. Уæд имæ цъæх берæгъ дзоруй:
    – Мæнæ дин мæ гъун. Мæ æнхос дæ йесгæми ку багъæуа, уæд æй иссодзæ, 'ма дæ рази февзурдзæнæн.
    Раинарфæ кодта лæхъуæн 'ма идарддæр фæццæуй. Кæсуй, 'ма сурх робас судæй мæлуй. Раинæвардта æ кæрдзини æрдæг, ма æй мæлæтæй фæййервæзун кодта. Уæд имæ сурх робас дзоруй:
    – Мæнæ дин мæ гъун, ма дæ мæн æнхос ку багъæуа, уæд æй иссодзæ, ма уайтагъд дæ рази февзурдзæнæн.
    Уæдмæ над дæр кæронмæ æрхъæрттæй. Иссирдта, Сау лæг ин кæмæй загъта, уоци бæхгæси, ма имæ ихуæрстæй бацудæй. Берæ фæккуста æнæ бæх фесафгæй, фал ма йин æртæ бони ку байзадæй, уæдта и бæхти хецау исфæндæ кодта битдзеубæл хинæй рацæун. Къæсибадæг уосæмæ фæццудæй, ма ин хуссæги хуасæ ракурдта. Ку æрæхсæвæй, уæд æй биццеуæн бадардта, æхуæдæг ба уотæ бæхтæн:
    – Сау денгизи буни уæхе баримæхсетæ.
    Бæхтæ денгизи бунмæ ниххизтæнцæ. Биццеу сæумæ æригъал æй, ма и бæхти ку не 'ссирдта, уæд къæсибадæг уосæмæ дзоруй:
    – Фæммин æнхус кæнæ, зæгъгæ.
    Къæсибадæг уосæ ин байамудта, бæхтæ кæми æнцæ, уой, уæдта ин уотæ зæгъуй:
    – Биндзæй кæмидæр цидæр йес, уони æрæмбурд кæнæ денгизи сæрмæ. Бæхтæ уони дув-дувæй фæттæрсдзæнæнцæ ма раледздзæнæнцæ уордæги.
    Уæд уордæги рацудæй, ма биндзи базур исасугъта. Уайтагъд биндзæ æ рази æрбавзурдæй. Ракодта йин æ хабар. Биндзæ, дуйнебæл биндзæй кæмидæр цидæр адтæй, уони æрбамбурд кодта, 'ма денгизи сæри дув-дув кæнун байдæдтонцæ. Бæхтæ дув-дувæй фæттарстæнцæ ма денгизи бунæй ралигъдæнцæ. Сæ хецау сæ хъæбæр фæннадта и бæхти. И дуггаг æхсæвæ бабæй и биццеуæн хуссæги хуасæ бадардтонцæ, ма и бæхтæн ба загъта, цæмæй авд хонхей фæстемæ фæлледзонцæ, уой.
    Уæд лæхъуæн сæумæ ку æригъал æй, уæд бабæй къæсибадæг уосæмæ фæццудæй. Къæсибадæг уосæ ин рахабар кодта, уæдта ин уотæ зæгъуй:
    – Берæгъæй кæмидæр цидæр йес, уони æрæмбурд кæнæ, ма сæ йетæ æрбатæрдзæнæнцæ.
    Ку рацудæй уордæгæй, уæд берæгъи гъун иссугъта, ма уайтагъд цъæх берæгъ æ рази февзурдæй. Биццеу ин æ хабар ракодта. Уæд цъæх берæгъ, берæгъæй кæмидæр цидæр адтæй, уони æрæмбурд кодта, 'ма авд хонхей фæстейæй бæхти æргъау хунццитæгæнгæ сæ разæй æрбатардтонцæ. Нигки хъæбæрдæр фæннадта æ бæхтæ и хецау, уæдта син загъта, цæмæй аци æхсæвæ ба фæллигъдайуонцæ тар гъæдæмæ. Æхуæдæг бабæй ин хуссæги хуасæ бадардта.
    Битдзеу сæумæ ку æригъал æй, уæдта бабæй къæсибадæг уоси бафарста, ци киндæуа, зæгъгæ. Загъта ин, цæмæй робасæй кæмидæр цидæр йес, уони æрæмбурд кæна, ма ин йетæ фæйанхус уодзæнæнцæ, зæгъгæ. Рацудæй къæсибадæг уоси хæдзарæй ма робаси гъун исасугъта. Уайтагъддæр сурх робас æ рази æрбафтудæй. Ракодта ин биццеу æ хабар ма ин робæстæ уайтагъд æ бæхтæ æ рази æрбалæуун кодтонцæ.
    Гæнæн нецибал адтæй, 'ма ин равардта бæхти хецау и фонс. Фал битдзеу байраги хæтдзæ æхсæвигон кумæ цудайдæ, уæхæн ин н' адтæй ма каурæбун байзадæй. Уæд имæ æхсæвæ ба байраги мадæ адæймаги гъæлæсæй дзоруй:
    – Æрбагæлдзæ дæ байраг. Ме 'хсирæй мин цал хъурдти искæна, уал хатти хъаурæгиндæр уодзæнæй дæ бæх Сау лæги бæхæй.
    Уæд имæ и битдзеу кауи сæрти багæлста и байраг. Цуппар хъурдти ку искодта æ мади 'хсирæй, уæд æ мади тæнтæ медæгмæ бахаудтæнцæ, ма кауи сæрти æхуæдæг рагæпп кодта и байраг. Гъеуотемæй ранæхстдæрæй и лæхъуæн Хаджихъæзи корунмæ. Йе'нсувæртæ ин банимадтонцæ, циуавæр гъуддæгтæ æй бакæнун гъæуй, уой. Æнгурстеуæни дон ку зилдта, уæдта Сау лæг нæуæгæй раскъафта Хаджихъæзи. Расурдта æй бæхбæл нæ уосгор, 'ма æй баййафта. Баиниста Хаджихъæзи ма æ хæтдзæ ледзун байдæдта. Йеу рауæни имæ æркæсун нет искодта, фал Хаджихъæз бафæлладæй ма ниффунæй æй. Æ рæсугъддзинадæмæ ин кæсгæ байзадæй и лæхъуæн, уæдта ин æ биндзитæ сорун байдæдта. Уалæнмæ æй Сау лæг æрбаййафта, 'ма ин уотæ зæгъуй:
    – Дууæ хуарзи ди дардтон, мæхецæн уæдта мин мæ бæхæн ке бахуæрун кодтай, йетæ. Йе нур дин мæ бон рамарун æй, фал дин еу хуарз федун. Дарун ма ди еунæг хуарз.
    Æ загъди фæсте ба кизгæ раскъафта ма ралигъдæй æ хæццæ. Нæуæгæй æй раййафта и биццеу ма ин и кизги байста. Уæд бабæй имæ дзоруй Сау лæг:
    – Гъенур ди нецибал дарун, ма дæхе гъæуай дарæ.
    Ралигъдæй æ хæццæ биццеу, ма Хаджихъæзи йе 'нсувæртæбæл исæмбæлун кодта. И 'нсувæртæ ин Хаджихъæзи равардтонцæ, ма сæхе гъæумæ ранæхстæр æнцæ надбæл. Æ зæронд мадæ æма фидæ еугур хъæрæу бацæнцæ, уотемæй сæ баййафта. Уæд син Хаджихъæз æгасгæнæг донæй сæ цæститæ байсарста, 'ма ракастæнцæ дууемæй дæр. Уæдта син сæ мæгур къæс дæр ниппурф кодта, 'ма йетæ дæр галауантæ фестадæнцæ. Уæд уоми амондгун æма æнæнезæй цæрун байдæдтонцæ 'ма зæруаймæ фæццардæнцæ.

Радзырдта йæ Батырты Дзадзеу, 68-аздзыд, 3 июнь, 1974 аз, Цыкола. Ныффыста йæ Тауаситы Тамарæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1974 аз, № 38.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru