Главная > Нарты кадджытæ > Нарты сæфт

Нарты сæфт


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарты адæм æрмæст зæдты нæ, фæлæ ма Хуыцауæн йæхи дæр хъыгдарын байдыдтой. Хуыцау смæсты æмæ сын ахæм хинтæ сарæзта, æмæ Нарты мæнæутæ бон цъæх кодтой, æхсæв та цæттæ. Æмæ-иу æхсæв бæстæ мæнæуты рухсмæ ныррухс и. Уæд Нарт хъуыдыджын кæм нæ уыдысты æмæ саджил фæттæ скодтой. Æхсæв-иу куы сцæттæ сты хортæ, уæд-иу саджил фæттæй æхстой æмæ мæнæутæ цагътой. Хуыцау уый куы бамбæрста, уæд сæм раст найгæнæнты Уастырджийы рарвыста. Най та кодтой фосæй.
    Алы райсом дæр сыл-иу Уастырджи йæхи рахафта æмæ-иу сæ ралгъыста: уæ боны куыст иу голлаг, зæгъгæ.
    Цалдæр мæкъуылы-иу æрнай кодтой Нарт æмæ та дзы-иу голлаг йеддæмæ нæ рауад. Ныхъхъуыды та кодтой Нарты фæсивæд арф, æмæ сфæнд кодтой алы бон дæр иу уыгæс най кæнын. Алы уыгæсæй дæр сæм цыдис иу голлаг. Уымæ гæсгæ алы мæкъуыл дæр лæвæрдта дæс голладжы мæнæу.
    Хуыцау сын сæ хин куы базыдта, уæд сын сæ мæнæу бон дæр æмæ æхсæв дæр цъæх кодта.
    Уæд Нарт хъæды ног зæхх байтыдтой æмæ дзы равзæрдис нартхор. Гъеуымæ гæсгæ, баззад нартхор: ома «Нарты хор». Нæ та бауарзта Хуыцауы цæст Нартæн, æмæ сын не 'рзадис. Æмæ уæд æххормагæй фæцагъды сты Нарт.

[right][i]@

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

[/i][/right]
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru