Главная > Нарты кадджытæ > Нарты мыггаджы сæфты аргъау

Нарты мыггаджы сæфты аргъау


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
Раджыма-раджы, иттæг раджы, адæм уæйгуытæ куы уыдысты, Нарт сæ тæккæ кадыл куы уыдысты, фурд сын фадхъултæм куы уыдис, уæларвмæ сын фæндаг куы уыдис, гъеуæды рæстæджы цардис æмæ уыдис нæртон Дзылы-мæликк йæ лæппу Темырхъанимæ.
    Бирæ фæцардысты, цъус фæцардысты – уæддæр сыл иу аз хорхъуаг аз скодта. Уæййаг хор никуы ардтой, никуы æфстауæй ардтой; сæ фæстаг афтæмæ цыдис, æмæ хъуамæ сæ къæхтæ адаргъ кæной æмæ фæмæлой стонгæй.
    Тынг смæгуыр ис Дзылы-мæликк. Йæ сæрæн ницыуал зыдта, зæххыл ма кæмæ баулæфыдаид, кæмæй ма хæс, кæнæ æфстау райстаид, ахæм ын ничиуал баззадис.
    Иу райсом раджы Дзылы-мæликк йæ лæппу Темырхъанæн загъта: «Бирæгъы, мæ хур, йæ къæхтæ дарынц. Иу ран куы фæбадæм, уæд нын ничи ницы æрхæсдзæн æмæ ратдзæн. Мæнæн ам зæххыл ничиуал баззадис, кæмæй нæ райстон æмæ кæмæй нæ дарын. Баззадис ма мын Уæларвон Уацилла. Ам зæххыл куы цардис, уæд мын хæлар æмгар уыдис, æмæ ма мæ уымæй ныфс ис. Куы дæ базона, чи дæ, уæд дын хор æфстау ратдзæн, цасдæриддæр фæразай, уыйас. Тагъд фæцу æмæ дзы ракур хор æфстау, иу мæрты дзаг дын уæддæр ратдзæн, афтидæй дæ нæ рауадздзæн.
    Темырхъан йæхинымæр бачъис-хъус кодта, стæй катайгæнгæ рацыдис. Бирæ фæкатайтæ кодта, стæй фæцыдис фæрсынмæ къулбадæг усмæ. Къулбадæг усæн балæгъстæ кодта, исты йын куыд бацамона. Къулбадæг ус ын загъта:
    – Мæт ма кæ, нæртон лæг. Уæлæ мæ фæндырмæ схиз, – уым ис хус бæхдзарм. Дæ къухтæй йæ райс æмæ йæ æртæ цагъды акæн, дæ цæсгом хурскæсæнырдæм, афтæмæй бакув: «Хуыцæутты Хуыцау, ме сфæлдисæг Хуыцау, ацы цармы хицау мын, цы уыдис, уый фестын кæн». Кæд ма дæ нæртон Хуыцау дердыгæй ис, уæд дын æй, цы уыдис, авд ахæмы хуыздæр фестын кæндзæн. Нарты, тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта, уыцы Созырыхъойы базырджын æфсургъ уыдис.
    Ууыл багæпп кæндзынæ æмæ дæ кæдæм фæнда, уырдæм фæхæццæ кæндзæн. Уæларвон Уациллайы раз куы 'рбалæууай, уæд дæ уый базондзæн дæ хуызæй, хорз дыл бацин кæндзæн æмæ дын лæвæрттæ дæр бирæ цыдæртæ кæндзæнис, фæлæ мацы баком. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ дын зæгъдзæн: «Æнæ исты лæвар ахæсгæ мæнæй кæй бауырндзæн, ды уæларвмæ схæццæ дæ æмæ арвы Уациллайы федтай. Стæй ма дæ фыдæн цы зæгъдзынæ, цæмæ дæ сæрвыста, уымæй?» Уæд ын-иу дæ сæрæй æртæ куывды æркæн æмæ йын зæгъ: «Уæдæ мын кæд æнæ лæвар цæуæн нал ис, уæд мын уæртæ, дæ хордоны фæсдуар цы зæронд тæгæр хъæды-кæфой ис, гъеуый балæвар кæн». Уый дын æй ратдзæн, æмæ фæстæмæ дæр мауал фæкæс, дæ бæхыл абад æмæ дæ хæдзар бацагур. Уыцы зæронд кæфоймæ уый миниуæг ис, æмæ уый цы хæдзары уа, уыцы хæдзары хор æвидигæ, дзагæй-дзагдæр кæны: уæлейæ исгæ, бынæй ахадгæ кæны.
    Темырхъан схызтис фæндырмæ. Уым хус бæхдзарм йæ къухтæм райста, æртæ цагъды йæ акодта, йæ Хуыцаумæ скуывта, æмæ йæ разы базырджын æфсургъ фестадис. Æфсургъæн йе рагъмæ багæпп кодта æмæ йын загъта:
    – Гъæйда уæларвон Уацилламæ.
    Уациллайы раз куы æрбалæууыдысты, уæд сæ уый куыннæ базыдтаид. Бацин сыл кодта, хорз сæ федта, стæй сæ æрфарста, цæй тыххæй ссыдис æмæ йын цæмæн сбæздзæн Уацилла.
    Темырхъан ын йæ хабæрттæ лыстæггай куы радзырдта, уæд ын Уацилла фенын кодта бирæ хордонтæ, сырх мæнæутæй сæ тæккæ дзæгтæ æмæ йын загъта:
    – Адон дæу фæуæнт иууылдæр.
    – Æз адон хæссынæн ницы бафæраздзынæн, фæлæ уæртæ дæ хордоны фæсдуар зæронд кæфой, æмæ мын уый радт.
    Радта йын зæронд кæфой, æмæ лæппу йæ хæдзармæ æрфардæг ис.
    Дзылы-мæликк Темырхъаны дæларм кæфойы зæронд куы федта, уæд æй тарæрфыгæй бафарста:
    – Æз дæ хормæ куы фервыстон, уæд ды уыцы зæронд кæфой цæмæн æрхастай?
    – Уадз æй, дада. Уыцы зæронд кæфойæн тæккæ райсом йæ миниуæг базондзынæ. Мæт мауал кæн.
    Сæ хæдзæрттæй стырдæр кæцы уыдис, уый уисойæ Темырхъан йæхи къухæй рамарзта æмæ йын йæ фæсдуар зæронд кæфой баппæрста, дуар рахгæдта æмæ йыл уæларвон гуыдыр сæвæрдта.
    Райсомы Темырхъан йæ зæронд кæфой куы асгæрста æмæ йæ хæдзар сырх мæнæуæй суанг йæ цармæ йедзагæй куы федта, уæд фырцинæй ницыуал базыдта æмæ афтæ хъæрæй ныззарыдис, æмæ йæ фыды йæ фынæйæ райхъал кодта.
    Æгас Нартæ æмæ Борæтыл уыцы бон хур æркастис. Кæрæдзимæ хæрзæггурæггæгтæ цыдысты. Сæ цинтæн кæрон нал уыдис. Алчи дæр згъордта æмæ æнæвгъау мæнæу хаста. Алчи дæр Темырхъанæн арфæтæ кодта, алчи дæр йе стонг гуыбын бафсæста æмæ æнæмæтæй цардис.
    Æрмæст иунæг Нарты фыдбылыз Уæтæр-Нæтæры фырт Сырдон нал бафынæй ис æхсæв, нал æрынцадис бон. Агуырдта æмæ къахта, цæмæй Дзылы-мæличчы фесæфтаид æмæ та йæ мæгуырмæ æртардтаид. Нарты хæрзæджытæм æвзаг хæссын байдыдта, цыма сыл йæ зæрдæ рыстис, уыйау, цыма сыл иттæг мæт кодта, уыйау сын дзырдта:
    – Сымах та ма цы стут? Уæ кой никуыуал хъуысы: уæлæмæ цæуай – Темырхъаны кой хъуысы, дæлæмæ цæуай – Темырхъан, рахизмæ цæуай – Темырхъан, галиумæ цæуай – Темырхъан... Уæдæ ма сымах та цы стут?.. Арвæй зæххы 'хсæн ма цы лæзæрут æнæ номæй, æнæ уæ кой хъусгæйæ?
    Иу дзæвгар куы ацардысты, Дзылы-мæликк йæ бæрзæйыл куы схæцыдис, уæд та йæ лæппу Темырхъанмæ фæдзырдта æмæ йын загъта:
    – Атæппæт хоры хицау стæм, фæлæ нын фос нæй. Фæцу æмæ уæларвон Фæлвæрайæ ракур, уый мын раджы кæддæр хæлар лæг уыдис, æмæ дæ афтидæй нæ рауадздзæнис.
    Темырхъан та катайтæгæнгæйæ фæцыдис къулбадæг усмæ æмæ та йын йæ хъаст ракодта.
    Ус та йын загъта:
    – Уæлæ та фæндырмæ схиз æмæ та уыцы цармы æфсургъ фестын кæн æмæ атæх уæларвмæ Фæлвæрамæ. Уый дæр та дыл фæцин кæндзæн. Уый фæстæ дын лæвæрттæ кæндзæн, фæлæ мацы баком. Æрмæст йе скъæты цары астæуккаг аххæрæджы сæр æвæрд ис бæрз уисы къалиу, æмæ уый ракур. Уыцы бæрз уисы къалиумæ уый миниуæг ис, æмæ уый цы скъæты уа, уыцы скъæт фосæй дзагæй-дзагдæр кæндзæн, цыфæнды бирæ хардз сæ кæнай фосы, уæддæр сыл нæ фæзындзæн.
    Темырхъан схызтис фæндырмæ æмæ та хус цармы базырджын æфсургъ фестын кодта. Афтæмæй та уæларвмæ стахтис æмæ Фæлвæрайы раз æрлæууыдис. Фæлвæра дæр та йыл бацин кодта, кусарт ын акæнын кодта. Бирæ фос ын лæвæрдта, фæлæ та Темырхъан нæ бакуымдта: бæрз уисы къалиу ракуырдта, йе скъæты аххæрæджы сæрмæ тъыст чи уыдис, уый.
    Фæлвæра йын уыцы бæрз уисы къалиу куы радта, уæд æй йæ сины атъыста æмæ йæ хæдзармæ æрцыдис. Йæ фыд та йæм тарæрфыгæй куы ракастис, уæд æй дзурын нал бауагъта, фæлæ йын раздæр загъта Темырхъан:
    – Мæт ма кæн, дада, тæккæ райсом базондзынæ, ацы бæрз уисы къалиумæ цы миниуæг ис, уый.
    Йæхæдæг Темырхъан къалиу райста æмæ йæхи къухтæй, се скъæттæй егъаудæр чи уыдис, уый ныммарзта æмæ йæ бæрз уисы къалиу уæлаххæрæг батъыста. Йæхæдæг скъæты дуар рахгæдта æмæ йæ уæларвон гуыдырæй сыхгæдта.
    Райсомы сæумæраджы фæгæпп кодта, йе скъæты дуар байгом кодта æмæ йæ урскъуымбил æмæ дæргъдым фæхсынджын фыстæй йæ тæккæ дзагæй куы федта, уæд фырцинæй йæ хъæлæсыдзаг ныззарыдис æмæ та йæ фыды йæ фынæйæ райхъал кодта.
    Дзылы-мæликк дæр арвмæ сырæзтис фырцинæй. Скъæты дуар куы бакодтой, æмæ уыцы æнахуыр фосы дзуг быдырты куы ахæлиу сты, уæд сыл адæм сæ цæст æрывæрдтой. Дзылы-мæликк æмæ йæ фырт Темырхъаны кой йеддæмæ æндæр никæйуал кой кодтой. Нарты ныхасы, куывдты æмæ хæрнæджыты Дзылы-мæликкæн кады къæлæтджын бадынæн лæвæрдтой, – йæ къæхты бын ын-иу урс æрсдзарм байтыдтой, æртæ кæстæры Нарты тырынтæй йæ фæстæ æмæ йæ дыууæ фарсы лæууыдысты æмæ йыл бындз абадын нæ уагътой.
    Нæтæр-Уæтæры фырт Сырдон дæр йæ хин æмæ кæлæны хъуыддæгтыл куыннæ архайдтаид, фæсивæдмæ хахуыр æвзаг сласта æмæ сæ ардыдта, цæмæй Дзылы-мæличчы фесæфтаид.
    Æрвадæлтæ дæр æм ноджы тыхджындæр хæлæг байдыдтой æмæ йын иу бон ныхасы мидæг загътой:
    – Дæ лæппу иттæг хорз лæг рацыдис, дæу дæр скадджын кодта æмæ мах дæр, бузныг дзы стæм, фæлæ ма дзы уый домæм: уæлæ хохы цæры Сайнæг-æлдар, æмæ гъеуый кæрц куы æрхæссид, уæд дæ къæлæтджыны иттæг хорз фидауис.
    Сайнæг-æлдармæ ничи уæндыдис. Йæ галуан уыдис айнæг къæдзæх рæбын, æмæ йæм иунæг фæндаг уыдис бацæуынæн. Йæ галуанмæ бацæуæн фæндаг ын хъахъхъæдтой авд æфсæндзых бирæгъы; хохы цъуппыл ын дзухури гæстæн бадтысты авд æфсæндзых цæргæсы, æмæ йæ алы фарс быдырты лæг нæ, фæлæ цъиу тæхæг дæр нæ уагътой. Уыдон æддейæ хъуыдис авд æфсæн дуары басæттын. Уыцы дуæрттæ уыдысты хæдкæнгæ æмæ хæдæхгæнгæ дуæрттæ: никæй бон уыдис сæ бакæнын, никæй бон уыдис сæ сыхгæнын.
    Дзылы-мæликк йæ хæдзармæ æрбацыдис тарзæрдæйæ æмæ йæ къæлæтджыныл мæсты æппæрст æркодта йæхи. Бирæ рахъуыды-бахъуыды, бирæ рабар-бабары фæстæ фæдзырдта Темырхъанмæ æмæ йын расидтис:
    – Нæтæр-Уæтæры фырт Сырдон ныл сайыны фæнд скодта, æмæ ныл Нарты фæсивæды сардыдта. Бацæттæ кæн æмæ фæцу уæлæ хохы Сайнæг-æлдармæ æмæ йын йæ тинты кæрц мæнæн æрхæсс. Нæй æндæр гæнæн, Нарты фæсивæды афтæ сфæндыдис, æмæ йæ кæнæ сæххæст кæн, кæнæ худинаг дæ сæрмæ райс.
    – Хорз, – загъта Темырхъан, – абонæй дыууæ къуыримæ кæд æрыздæхон, уæд Сайнæг-æлдары тинты кæрц дæр æрхæсдзынæн. Кæд æмæ нæ, уæд, дæхæдæг цы зоныс, уый кæн. Æз мард уыдзынæн æмæ дын цы баххуыс кæндзынæн.
    Темырхъан та фæцыдис æнкъардæй къулбадæг усмæ æмæ йын йæ зæрдæйы катайтæ фæдзырдта.
    Къулбадæг ус та йын загъта:
    – Сайнæг-æлдармæ дæ æз бахæццæ кæндзынæн, фæлæ æлдарæн йæхиимæ куыд фæуыдзынæ, уый уыдзæн дæхи зонд æмæ дæхи хъару. Ацу æмæ дæхицæн фæндаггагæн аргæвд авд фысы, авд нæл гогызы æмæ авд фæхсыны. Уыдон демæ ахæсс. Сайнæг-æлдармæ куы фæцæйхæццæ кæнай, уæд дæм фыццаг ралæбурдзысты авд æфсæндзых бирæгъы. Дæ зæрдæ ма фæтæрсæд, аппар сын фæйнæ фысы марды. Стонг бирæгътæ нард фыд хæрыныл фæуыдзысты æмæ дæу ауадздзысты дæ фæндагыл. Иу цъус куы бауайай, уæд дæм æртæхдзысты авд æфсæндзых цæргæсы. Уыдонæн дæр аппар фæйнæ гогызы. Стонг цæргæстæ нард гогызты мæрдтæ ахæсдзысты хохы цъупмæ æмæ уым хæрыныл фæуыдзысты; куы бафсæдой, уæд та фынæй кæндзысты.
    Куыддæр бахæццæ уай Сайнæг-æлдары галуанмæ, афтæ иу фæхсынæй æддаг дуар байсæрд. Сойæдзаг дуар йæхæдæг йæхи бакæндзæн, æмæ бацæудзынæ дыккаг дуармæ. Уымæн дæр афтæ бакæн: дыккаг фæхсын ыл байсæрд, æмæ та уый дæр йæхи бакæндзæн, æмæ та бацæудзынæ æртыккагмæ. Уымæн дæр афтæ бакæн, æмæ фæцу суанг æвдæм дуармæ. Æвдæм дуарæй куы бахизай, уæд уым сæмбæлдзынæ лæгæй-лæгмæ Сайнæг-æлдарыл, æмæ уæд дæхæдæг зоныс, – ды æмæ дæ лæджыхъæд. Кæд дыл фæтых уа, уæд дæ йæ бирæгътæн бахæрын кæндзæн. Кæд нæ, уæд-иу тинты кæрц раскъæф, æндæр мацæмæ фæцагай æмæ тагъд ралидз, цалынмæ бирæгътæ æмæ цæргæстæ æфсæст уой, уæдмæ.
    Темырхъан сæххæст кодта къулбадæг усы ныхæстæ: Сайнæг-æлдары æрбацъылы-мылы кодта, йæ тинты кæрц ын раскъæфта æмæ йæ хæдзармæ лидзынмæ фæцис.
    Сайнæг-æлдар куы æрчъицыдта, уæд рауадис æмæ фæдис фæхъæр кодта йе 'фсæндзых цæргæстæм:
    – Марадзут! Нæртон Темырхъан мæ бастыгъта æмæ йæ бахæрут.
    Уыдон ын загътой:
    – Мах дæуæн нæ фыдæлтæй фæстæмæ кусæм, æмæ нын нæ цæрæнбонты иу хæдмæл карчыцъиу никуы раппæрстай. Уый нын фæйнæ тохъылхаст гогызы бахæрын кодта, æмæ уый мах цæмæн хъуамæ бахæрæм?
    Уый фæстæ фæхъæр кодта:
    – Марадзут, мæ бирæгътæ, Нарты Темырхъан мæ бастыгъта æмæ йæ аргæвдут.
    Уыдон дæр ын дзуапп радтой:
    – Ды махæн нæ цæрæнбонты æхсыд стæг дæр никуы раппæрстай. Уый та нын фæйнæ тохъылы фыры бахæрын кодта, æмæ ма мах уымæ куыд фæцагайæм? Цы дæ бон у, уый дæхæдæг архай.
    Уыдоны фæстейæ 'фсæн дуæрттæн загъта:
    – Цæмæн ауагътат ме стигъæджы?
    Уыдон ын загътой:
    – Ды нæ цæрæнбонты сойы хъæстæ никуы фæкодтай æмæ нæ згæ бахордта, уый та ныл фæйнæ тохъылы фæхсыны сой байсæрста, æмæ йын куыннæ фæхатыр кодтаиккам?
    Темырхъан Сайнæг-æлдары тинты кæрц куы 'рхаста æмæ Дзылы-мæликк йæ къæлæтджыныл куы 'рбадтис Нарты уæлейæ, уæд Нæтæр-Уæтæры фырт Сырдоны цæстытæ дæр бакуырм сты æмæ йæ хъузон фæсивæды цæстытæ дæр.
    Фæлæ уæддæр Нæтæр-Уæтæры фырт Сырдон нæ басастис, æмæ та байдыдта нæуæг фыдбылыз агурын. Ныхасы та куы бадтысты Дзылы-мæличчы дæлейæ, уæд та Нæтæр-Уæтæры фырт Сырдон йæхи фæдзурæг кодта æмæ загъта Дзылы-мæликкæн:
    – Дæуæн æмбал, æмсæр мæликк, æгас дунейы дæр нал ис. Æрмæст ма дæ хъæуы Уастырджийы бæх Дзиндзаласа æмæ кæд дæ лæппу ахæм лæг рацыдис, уæд ма дын æххæст Уастырджийы бæх Дзиндзаласайы æркæнæд æмæ уæд дæуæн æмбал дунейыл мæликк нæ уыдзæн.
    Дзылы-мæликк та тарзæрдæйæ йæ хæдзармæ æрбацыдис æмæ та загъта йæ лæппуйæн:
    – Нæтæр-Уæтæры фырты æвзагæй та дыл Нарты фæсивæд сафыны фæнд скодтой. Фæцæуын дæ хъæуы фæндагсар Уастырджимæ. Ракур-ма дзы йæ бæх Дзиндзаласайы.
    Темырхъан дæр та ацыдис, йæ къулбадæг усы фæндæй æфсургъыл абадтис æмæ Уастырджимæ ссыдис.
    Уастырджи йын йæ Дзиндзаласайы уайтагъд авæрдта æмæ æмбойны æрхæццæ ис.
    Дзылы-мæличчы та Уастырджийы бæхыл бадгæ куы федтой, уæд йе знæгтæн се уæнг амардис, фæлæ та уæддæр Сырдон нæ басастис æмæ нæуæг æмбисонд æрымысыд. Ныхасы куы æрæмбырд сты, уæд Сырдон йæхи фæдзурæг кодта æмæ загъта Дзылы-мæликкæн:
    – Гъеныр дæуæн æмбал мæликк æгас дунейыл дæр нал ссардæуыдзæн. Цух ницæмæй уал дæ. Æрмæст ма дæ Хуыцауы рихитæ куы уаиккой, уæд зæххон Хуыцау ды уаис...
    Дзылы-мæликк дæр та загъта Темырхъанæн:
    – Æнæ фæцæугæ та дын хос нæй. Цы уа, уый та уæд.
    Темырхъан къулбадæг усы дæр нал бафарста, Уастырджийы Дзиндзаласайыл абадтис, стыр Хуыцауы раз æрбалæууыдис æмæ йын йæ курдиат ракодта, йæ рихитæ йын ракуырдта йæ фыдæн.
    Хуыцау йæ мидбылты бирæ фæхудтис, стæй систа зæлдаг кæлмæрзæн, радта йæм æй æмæ йын загъта:
    – Ацу æмæ уыцы кæлмæрзæнæй дæ фыды рихитæ куы асæрфай, уæд ын мæнæ мæ рихиты хуызæн фестдзысты, ничи сæ равзардзæн.
    Темырхъан æрцыдис æмæ зæлдаг кæлмæрзæнæй йæ фыды рихитæ адаудта æмæ йын фестадысты Хуыцауы рихиты хуызæн.
    Дзылы-мæликк дæр та йæ нæуæг рихитæ адаудта, аздыхтытæ сæ кодта æмæ Нарты ныхасы уæлейæ йæ къæлæтджыныл æрбадтис.
    Йе знæгтæ йæ куы федтой, уæд се уæнгтæ амардысты, сæ зæрдæтæ фехæлдысты æмæ уайтагъд ныхасæй лидзыныл фесты, иннæтæ та йыл цинтæ кодтой æмæ йæ ноджы скадджындæр кодтой.
    Сырдон дæр та йæ хины митæ, йæ хины тынтæ уæфта. Йæхи та хицоны гæды фестын кодта æмæ Дзылы-мæличчы алыварс сыллынчытæ кодта. Изæры кæстæртæн хъæрæй радзырдта:
    – Бакæсут-ма, уæ уæлейæ цы мæликк бады. Ахæм мæликк æгас дунейыл искæмæн ис? Уæларвон Хуыцауы сурæт у, æви нæ? Сымахыл æмбæлы, æмæ уæ мæличчы æгас дунейы кæрæтты æрзилын кæнат æмæ йæ равдисат.
    Кæстæртæ æмдыхæй бацин кодтой æмæ Дзылы-мæликмæ бахатыдтой:
    – Ма фæзивæг кæн, дæхи дæр æмæ мах дæр дунейæн фенын кæн.
    Сæхи сцæттæ кодтой æмæ фæцыдысты хæтæны сæ мæличчы æвдисыны æфсон.
    Бирæ фæцыдысты, цъус фæцыдысты, уæддæр бахæццæ сты иу æдзæрæг быдырмæ. Уым æрынцадысты бонасадæн æркæнынмæ æмæ Дзылы-мæликкæн загътой:
    – Мæнæ иннæ паддзахы бæстæм фæхæццæ кæнæм, æмæ дын дæ сæр æхсгæ дæр ныккæнæм æмæ, дæ хъуынтæй уæлдай халтæ чи сты,уыдон дæр бацыбыр æмæ фæрæсугъддæр кæнæм.
    Мæликк дæр сын бар радта, æмæ йæ йæ сæр дасыны æфсон дзæгъæл быдыры цыргъ сæрдасæнæй йæ хурхæй аргæвстой.
    Дзиндзаласа мæличчы мард куы федта, уæд ныххуыррытт кодта æмæ йæ хицау Уастырджимæ сфардæг ис.
    
     Уацилла йæ зæронд кæфой ахаста,
     Фæлвæра йæ бæрзы къалиу ахаста,
     Сæ цæттæ фысты дзугтæ дуртæ фестадысты,
     Сæ сираг бæхтæ нал асирдтой,
     Сæ кæрдаг кæрдтæ нал акарстой,
     Сæ цыргъ æвзæгтæ бандзыг сты.

    
    Фыдыусы æлгъыст сæ æрæййæфта, æмæ Нартæ сыскъуыдысты хæрз бындзарæй.

Радзырдта йæ Плиты Сачино Бедзейы фырт.
Ирон адæмон сфæлдыстад, 5-æм чиныг. Орджоникидзе, 1941, ф.142–147.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru