Главная > Нарты кадджытæ > Нартæ куыд фесæфтысты

Нартæ куыд фесæфтысты


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарты тыхджынтæ иууылдæр фæцардысты хæцгæйæ. Басастой иууыл адæмты. Уыдысты хæстагур. Нал сын уыд, кæимæ схæцыдаиккой, ахæм.
    Фæнд байдыдтой:
    – Чемæ ма схæцæм, нал дзы уынæм ахæм.
    Сырдон сын уыд фыдбылызæн æмæ сын загъта:
    – Куы базыдтат уæ тыхджындзинад, кæй уын ничи ницы ракæндзæн, уый. Хуыцауæн кувгæ куы кæнут, уæд-ма уый бафæлварут уæ тыхæй.
    Нартæ йын загътой:
    – Кæм и, нæ йæ зонæм, кæцæй йыл схæцæм?
    Сырдон сын загъта:
    – Куы йæ смæсты кæнат, уæд уæм йæхæдæг разындзæн.
    Нартæ загътой:
    – Омæ йæ цæмæй смæсты кæнæм?
    – Цагъды фæуат, Нартæ, – загъта Сырдон, – кæд искуы ис, уæд ын мауал кувут æмæ йын йæ ном ферох кæнут. Уæ дуæрттæ бæрзонд саразут æмæ уæ сæр гуыбыр ма кæнут. Стæй уæ йæхæдæг фæрсдзæн.
    Бакастысты Нартæ Сырдоны коммæ. Сарæзтой сæ дуæрттæ бæрзонд. Ныууагътой сæ кувын Хуыцауæн.
    Хуыцау сæм кæсы, сæ дзырдтæ сын хъусы æмæ сæ æнцад ныууагъта рæстæгмæ. Куынæуал æй хъуыды кодтой, уæд зæрватыччы сфæлдыста æмæ йæ рарвыста:
    – Ныццу мын Нартæм æмæ мын сын зæгъ: «Цæуыл у уæ тæргай?»
    Зæрватыкк æрцыди, Нарты ныхасы талайыл абадт æмæ сын хатиагау радзырдта:
    – Æз уæм дæн минæвар. Цы лæгæн куывтат, уый мæ рарвыста: «Цы, дам, кодтон, цæуыл мыл фæтæргай стут?»
    Хатиагау Уырызмæджы йеддæмæ ничи зыдта.
    Уырызмæг сын радзырдта:
    – Фæдисæттæ, табу уæхицæн! Кæй агуырдтам, уый нæм йæхæдæг минæвар æркодта. Ацы минæварæн мах ныр дзуапп дæттын хъæуы. Куыд дзуапп ын радтон, уый æмдзыхæй зæгъут.
    Фæдис ын загътой:
    – Омæ нæ цы тæрхон хъæуы? Рагæй йыл тæрхон куы кæнæм. Мах ын лæггад бирæ фæкодтам, фæлæ нæм уый йæхи дæр никуы равдыста. Гъеныр рацæуæд, йемæ нын æнæ схæцгæ нæй.
    Радзырдтой уый зæрватыккæн. Зæрватыкк атахт æмæ сфардæг Хуыцаумæ. Радзырдта Хуыцауæн:
    – Æппындæр сæм æндæр фæнд нæй – схæцынæй дарддæр. Араст дæм сты хæстмæ.
    Хуыцау та зæрватыккæн загъта:
    – Иу здæхт-ма акæн мæн тыххæй æмæ сын зæгъ: «Мыййаг уыл, зæгъ, куы фæтых уон, уæд уæ иуыл сыскъуынон æви уæ фыдвæтк ныууадзон», уымæй мын сæ бафæрс.
    Раздæхт зæрватыкк æмæ Нартмæ æрцыди. Радзырдта сын Хуыцауы ныхас. Нартæ та бакастысты кæрæдзимæ:
    –Ай хорз ныхас нæу. Куыд бафæнд кæнæм!
    Фæдисон адæм зæгъынц:
    – Кæд æй уынгæ фæкæнæм, уæд æй нæхæдæг базондзыстæм.
    Сæ зæндджынтæ зæгъынц:
    – Кæд нын нæ мыггаг скъуыны, уæд бынтонæй. Æппын нæ мыггаг куыд никуыуал уа.
    Се 'дылытæ дзурынц:
    – Быныскъуыдæй фыдвæтк хуыздæр уыдзæн.
    Уырызмæг сæм дзуры:
    – Фыдвæткæй быныскъуыд хуыздæр у.
    Уырызмæджы дзырдыл уæлдай нал загътой. Зæрватыччы уæлæмæ æрвиты, ноджы йын дзуры:
    – Кæд ныл, зæгъ, фæтых уай, уæд – быныскъуыд, фыдвæтк нæ нæ хъæуы, нæ хæстæн уæддæр фехалæн нæй. Разын нæм, цæуæм дæм хæстмæ.
    Зæрватыкк стахтис Хуыцаумæ æмæ йын радзырдта Нарты ныхас.
    Хуыцау загъта зæрватыккæн:
    – Фыдæбоны дæ баппæрстон, фæлæ-ма иу хатт ныздæх мæн тыххæй. Æмæ мын сын зæгъ: «Майрæмбоны-иу рацæут уæ хæцæн Хызы быдырмæ, æппындæр уæ фæстейæ куынничиуал баззайа, æмæ уын гъеуæд равдисдзынæн мæхи».
    Зæрватыкк æртахтис æмæ сын æй радзырдта. Нартæ ныццин кодтой:
    – Æгайтма нæм цæуы йæхæдæг хæстмæ. Чи у, уый уæддæр базондзыстæм.
    Алчи йæ бинонтæн зæгъы:
    – Мачи фæлæууæд фæстейы гыццылæй, стырæй.
    Майрæмбон куы 'рцыди, уæд Нартæ æз фæразæйуонæй згъорынц. Иууылдæр нымбырд сты Хызы быдырмæ. Уазы къуыпп уыдис сæ фæлгæсæн.
    Хуыцау гъеуыцы хох фæфæлдæхта æмæ Нарты иууыл йæ быны фæкодта. Нарты мыггаг афтæмæй сыскъуыди.

Радзырдта йæ Джусойты Кудза.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 93, папкæ 31, ф. 1–3

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru