Главная > Нарты кадджытæ > Нарты равзæрды æнусон кадæг

Нарты равзæрды æнусон кадæг


27 февраля 2010. Разместил: 00mN1ck
    Дзырдтой намысон фыдæлтæ раджы, мæнг дуне, дам, уыдис фынæй, æмыр, саудалынг, стæй цъæх арвы зылдыл фæзындис хуры цалх, мæйы зынг, стъалыты æрттывд, сæуæхсидт æмæ нывæндгæ Æрфæны Фæндаг. Стæй сæ рухсы æндæрг фæрдыгау цæхæртæ ацагъта цъæх арт, æмæ арвæй фесхъиудта зынджы стъæлфæн, уый фæстæ фестадис саумылазон фæнык зæххы цъарыл... Æмæ куы æрхаудта уæд арвæй цæхæркалгæ судзгæ арты зынджы æртдих, уæд сау фæнык фестади зæххыл. Уый фæстæ Хуыцау сфæлдыста уыцы цæхæр æрвон арты фæныкæй Нарты.
    Фыццаг фæзынди дунейыл æрдзæй, Хуыцауы комытæфæй, цыкурайы бур фæрдыг, уый номæй сæвзæрд Бурфæрныг. Стæй фæзынд хæхты хæзна сыгъзæрин – зæрин æрзæт æмæ топпыхос, æрдзæй цы хай фæкодта уæрхтæнæг, уый номыл сывзæрд Уæхтæнæг, уый фæстæ та Албег, Борæ æмæ æндон Созырыхъо, уый фæстæ та фæзынди къæдзæхтæ, дурайнæг уæйыг, уый номыл сæвзæрди Нарты Сайнæг уæйыг.
    Уыдоны фæстæ фæзынди дунейыл фурды Донбеттыртæ, дæлимонтæ, сайгæ хæйрæджытæ, денджызы та – кæфхъуындар. Уалынджы та уæларвы дæр сывзæрди Куырдалæгон, хуры тыхтæ, рухс æртынтæ, уый фæстæ сын Хуыцау радта: фарн, амонд, зонд, тых, ныфс, фыдбылыз, курдиат æмæ фынæй. Æмæ хъал кæнын зонын, Хуыцау Нæртон аразæн алкæмæн цы амонд, цы фарн радта ысфæлдысты бон, уый йæ ныхы домбайæ царди.
    Хуыцау кæмæн цы ныв скодта йе сфæлдыстæй, уый æвзæрстой Нæртон фæрнон адæм адзалæй æмæ мæлæтæй, тох æмæ хъазуаты фæндагыл. (Хуыдтой нæ арт, ома, Нарт).
    Куы сфæлдыста æрдзы фарн дунейыл иууылдæр, уæд Хуыцау схуыдта йæхи бæрзондæй фыд, зæхх та йæхи ныллæгæй – мад. Арвы цæстысыгæй сывзæрди алцыппæт Нарты номыл: бæлас, кæрдæг, дыргъ, хор, уыдоны тауинаг æрыппæрста арвæй Уацилла. Уалынджы хуры тæвдæй, уæлдæфæй сулæфыд денджыз, абадти сæ сæрмæ фæлм мигъ. Фæзындис дымгæйы уддзæф уæлдæфæй æмæ йæ фæйлаугæ расырдта Галæгон æврæгъты.
    Ныннæрыдысты денджызы мигъ æмæ уазал æврагъ бæрзонд арвыл. Мигъæй æврагъы астæу фестади, февзæрди Хуыцауы зондæй Елиа, Уацилла йæ цæхæр хæсгæ, æрттивгæ, нæргæ ныдздзæхст ласта тынг зæххы йæ цæхæр æмæ зынгон бæлæсты æндон рæхысæй (хæцыди цæхæр фат æмæ нæмыгæй). Тых цæфæй аскъуыдис Уациллайы цæхæр рæхыс, ссыгъди хъæд, бæлæстæ сау пиллон суагътой. Уалынджы дын арвы нæмыджы сыгъдонæй рагæпп ласта мил былтæй хæйрæгау Нарты Сырдон (Сигъдон).
    Сырдон дæр сывзæрд æрвон арты цæхæры æхсидавæй æмæ Уациллайы нæмыгæй, арв зæххимæ куы хæцыд æмæ куы цавта йæ рæхысæй хæйрæджы, гъеуæд. Уый фæстæ дын Нарты Сырдон æрцарди тархъæды æгомыг сырдтимæ, гоби хæхты хæтыди цуаны. Сырдон сарæзта йæхицæн фат æмæ æрдын æмæ цагъта сырдты, мæргъты, семæ æмдзæрæгау кодта.
    Сырдон-иу фæлдурæджджынæй царди куы лæгæты, куы къутæры рæбын, куы та-иу сарæзта халагъуд – «сырддон», æмæ йæ уымæ гæсгæ хуыдтой Сырдон.
    Нарты Сырдон сырдтимæ цæргæйæ йæ уæлæ сахуыр кодта рувасы æрмахуыр нывонд уæрыккау, æмæ абон дæр рувас у фæлывд, сайæгой, хæйрæг сырдты астæу, куыд Сырдон Нарты астæу, уыдис сайæгой, хæйрæг. Ноджы ма Сырдон сахуыр кодта йæ уæрагыл рæсугъд мæргъты мыггагæй булæмæргъы æмæ йын кодта æдзух Сырдон зарджытæ алы цомахъхъ æвзагæй. Сырдон-иу булæмæргъ цъиуæн уасыди уадындзæй алы зарджытæ æмæ алы диссæгтæ. Булæмæргъ дæр сахуыр и Сырдоны нæртон, фæрнон æвзагæй дзурын æмæ алы æвзагæй нæртоны зарджытæ зарын, æмæ абон дæр булæмæргъ у æвзаджджын æмæ кадджын цъиу мæргъты астæу. Уæдæй фæстæмæ диссагæн баззад рувас сырдты астæу, хæйрæг, фæлывд, сайæгой æмæ тыхджын, уымæн æмæ рувас у Сырдоны ахуыр.
    Стæй диссагæн баззади Нарты астæу кадджын цъиу булæмæргъ, зараг, кадджытæ кæнæгау, уымæн æмæ булæмæргъ уыд Сырдоны ахуыр цъиу, йæ фарнæй фæдзæхст зæххыл цъиу.
    Булæмæргъ хуынди фыццаг «Сырдоны цъиу», фæлæ йыл сæвæрдтой кадджын фæдзæхстæй, булæмæргъ, зæгъгæ.
    Сырдоны сæвзæрды фæстæ Нарт рахъомыл сты уæйгуытимæ цæргæйæ.
    Нарты богалтæ: Бурæфæрныг, Уæхтæнæг, Созырыхъо æмæ Сайнæг уый фæстæ Нарты бæрзонд фидар хæхты æрцардысты æмæ мыггагæй мыггагмæ афтæ домбай цыдысты.
    Уый фæстæ ахæлиу сты хæхты, быдырты, æрцардысты æртæ хъæуы, хуыдтой сæ æртæ Нарты мæрины.
    Уалынджы байдыдтой хъæбысæй хæцын, кæрæдзийы цæгъдын, самадтой-иу хæст фат æмæ æрдынæй æмæ уайтагъддæр райдыдтой кæрæдзийæн знаджиуæг кæнын. Райдыдтой хæхты фидæртты бæрзонд чъырын дæс æддæгуæлæ мæсгуытæ æмæ гæнæхтæ амайын.
    Нæртон адæм амадтой мæсгуытæ æмæ гæнæхтæ, фидæртты ардыдтой мыггагæй мыггаджимæ хæстыл, цæмæй иу мыггаг иннæуыл фæуæлахиз уыдаид.
    Нæртон адæм скъæфтой уацайраг чызг, истой хотыхтæ, æмбæхстой сæ арфкъахт лигъдонты нымæрæй.
    Нæртон адæм уыдысты тынг дæсны æмæ рæвдз хæцынмæ фат æмæ æрдынæй, тæхгæ-тæхын-иу маргъ æрыппæрстой арвæй, сырд та мардтой згъоргæ-згъорын фатæй.
    Нарты фæдоны, Нарты гуымиры уæйгуыты-иу кæрæдзийыл сардыдта тохыл Нарты хæйрæг Сырдон æмæ сæ кæрæдзийæн æнæвгъау цæгъдын кодта Хъазæн фæзы. Йæхæдæг-иу сыл Нарты Сырдон даргъ, æвидигæ æмæ æнусон кадджытæ булæмæргъау ауагъта. Сырдонæн-иу йæ хъисын фæндыры тæнты зæлангæй æмæ йæ зарæджы нæртон хъæлæсæй Нарты хæхтæ нæрыдысты, арф кæмттæ йын-иу хъырныдтой.
    Сырдон кодта Нартыл æлдариуæг хъæздыг, фæлмæн æвзагæй æмæ сæ кæрæдзийæн худæнбылæй цæгъдын кодта хæсты быдырты. Уый уыди фыдбылыз, хин æмæ зæххы кæлæн.
    Гъемæ сыл фæцарæзта Сырдон Нартыл хъаймæтон æвидигæ æмæ æнæ бамынæгæй Нарты хæхты уавæры даргъ Нарты кадджытæ.
    Хъус-ма мæм, ног фæлтæр, æз дын ракæнон дарддæр Сырдоны хъисын фæндырæй Нарты æгъуыстаг æмбисонды кадджытæ хъæууон ныхасæй.

Радзырдта йæ Туаты Лазо, ныффыста йæ Туаты Г., 22 февраль, 1941 аз, Цхинвал.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 57, папкæ 221, ф. 7–10.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru