Главная > Нарты кадджытæ > Сырдоны кадæг нарты Уæхтæнæгыл

Сырдоны кадæг нарты Уæхтæнæгыл


28 февраля 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарты Уæхтæнæджы сфæлдыста æрдзы фарн æмæ Хуыцауы комы-тæф. Иугæр куы сæвзæрдис, уæд æрцарди бæрзонд хохы фидæртты. Уæхтæнæг æрцарæзта дардыл зылд галуантæ Тæлæгты быдырты. Уалынджы йæм уæларвæй Куырдалæгон рауагъта æрвон фæтыгæй æндон уæйыг, болаты куырдадзы цагъд. Уæхтæнæг дын райдыдта хуым кæнын тыгъд быдырты æмæ байтыдта æлутон хор Уациллайы нæртон тауинагæй, æрмæджы нæмыгæй. Уациллайы фырт Гæбутдзали йын хъахъхъæдта йæ хъугæмтты цырд. Нæ уагъта Уæхтæнæджы хуымтæм мигъæй, æврагъæй ихы сыг æмæ Нафы фыдæхæй дымгæ.
    Уæхтæнæджы алфамбылай æрцардысты æртæ Нарты æмæ Чынтæ, æмæ апырх сты, ауагътой Нарты фæдон мыггаг æвидигæ.
    Уæхтæнæг ракуырдта уый фæстæ йæхицæн ус, Сайнæг æлдары хойы – Ацырухсы. Уый фæстæ сарæзта фат æмæ æрдын, суахъы æссыйæ æрдын – тасгæ сыкъа, хъæзæй фат æрттихджын.
    Уæхтæнæг-иу фехста йæ фат тархъæдмæ, æмæ-иу ын æрласта нывонд саг, куы та-иу фехста йæ фат Лæгъзæр обауæй хохы бæрзæндтæм æмæ йын-иу фат æрласта нывонд дзæбидыр. Уæхтæнæг æмæ йæ рæсугъд ус Ацырухс алы бон дæр сырды фыдæй цæл-минас кодтой, сæ физонæджы хъæрмыс – адджын тæф сын дымгæ дардмæ скъæфта.
    Уалынджы сын райгуырдис дыууæ лæппуйы, фаззæттæ, Æхсар æмæ Æхсæртæг. Æхсар райгуырди фыццаг кæркуасæны, Æхсæртæг та райгуырди дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны ныгуылдмæ. Рухс хуры тынтæ ныккастысты Уæхтæнæгмæ, базыдта, хъæбул куыд адджын у, уый. Уæхтæнæг Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй куывдмæ Куырдалæгоны, фурдæй – Донбеттыры, Нартæй та – Созырыхъойы, Бурæфæрныджы, Сайнæджы, Сырдоны, Албеджы, Борæйы æмæ æндæрты. Хуынды адæм иннабонæй-иннабонмæ минас фæкодтой. Уæхтæнæджы фаззон лæппутæ Æхсар æмæ Æхсæртæгыл буц ном сæвæрдта Уæларвы Куырдалæгон. Ном æвæрæггаг Куырдалæгон Уæхтæнæгæн балæвар кодта удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй – болат æндонæй арæзт.
    Удæвдзы дын нывæрдтой сæ фынгыл Нарт, æмæ сын кодта диссаджы зарджытæ уадындз хъæлæсæй: «Айс æй, аназ æй ронг Хуыцауы хæларæй». Стæй Уæхтæнæджы хуынд уазджытæ фæфардæг сты. Куырдалæгон абадтис цæхæр уады хъисыл æмæ ныппæррæст ласта уæларвмæ хæдтæхгæ Пакъуындзæйау. Æмæ бахæццæ Хуыцауы тæрхондонмæ. Донбеттыр та фестадис æргъæуон цæхæр кæсаг æмæ ныцъцъыллинг кодта стыр фурды бынмæ. Нæртон уазджытæ дæр фæфардæг сты хæтæны.
    Айхъуыстис дунейыл, зæгъгæ, Нарты Уæхтæнæгæн райгуырдис хъæбатыр фырттæ, фаззæттæ: Æхсар æмæ Æхсæртæг, фарны гуырдтæ. Æхсар æмæ Æхсæртæг та цæмæн хуындысты? Уымæн æмæ Æхсар, хистæр æфсымæр, уыд æхсарджын, фæлæ Æхсæртæг та, кæстæр æфсымæр, Æхсарæй æхсарджындæр. Уайтагъд айрæзтысты Æхсар æмæ Æхсæртæг; бон рæзтысты уылынг, æхсæв та – уыдисн, фæлæ тынг фыдуаг рацыдысты. Сарæзтой сæхицæн фæттæ æмæ æрдынтæ æмæ арвыл маргъ нæ уагътой тæхын, – æрмийæ-иу æй æрыппæрстой арвæй тæхгæ-тæхын.
    Нарты Бурæфæрныгæн уыд стыр æбуалгъы диссаджы цæхæрадæттæ, дыргъдæттæ, уыдоны дыргътæ уыдысты уд ирвæзынгæнæг, мард æгасгæнæг. Рæгъæд кодтой æлутон дыргътæ æхсæвæй бонмæ, бонæй та изæрмæ. Æфтыдтой алыхуызон æрвыгау диссаджы рæсугъд дидинджытæ, æмæ сæ тæф калди дардмæ скъудайау.
    Бурæфæрныгæн æхгæд уыд йæ галуан – гæрæн йæ дыргъдоны алыварс саджы сыкъатæй бæрзонд... дуæрттæ йын – æфсæн, маргъ æрбатæхæн дæр æм нæ уыд.
    Уалынджы дын Донбеттыртæм райгуырди Быцентæн Дзерассæ-чызг. Дзерассæ уыд ахæм рæсугъд чызг: сау æрфгуытæ сынты базыртау, худæн былтæ хур бон изæрау, йæ конд – хъазхъуыр, йæ фæкаст – мæйрухс. Рахъомыл Дзерассæ-рæсугъд æмæ фехъуыста цуанонæй, Быценты Елазарæй, зæгъгæ, уæлзæххы, дам, ис хорз дыргъдон бæлæстæ Нарты Бурæфæрныгæн æмæ сыл зайы ахæм фæткъуытæ, æмæ æхсæвæй бонмæ рæгъæд кæнынц. Дзерассæ дын дыргътæ хæрынмæ бацыбæл ис æмæ аивæзта йæ сæрыхил цыкурайы сахат æмæ фестадис кæсаг æмæ сфардæг фурды былмæ, стæй та фестад хины æмæ цæллаг рувасы хуызы æмæ бафардæг Бурæфæрныджы дыргъдонмæ.
    Дзерассæ рауигъы бæлæсты, йæхи бафсады æмæ та афардæг вæййы Донбеттыртæм. Уæд дын æй Бурæфæрныг бафиппайдта, чидæр мын цæуы æхсæв мæ дыргътæ хæрынмæ æмæ мын сæ багæныстон кодта. Афтæмæй дын Бурæфæрныг бæрæг бон ныхъхъæр кодта фæдис, арвыста фидиуæг æртæ Нарт æмæ Чынтæм: «Æрæмбырд ут, сагсур фæсивæд, æмæ мын бахъахъхъæнут стыр хæрзиуæгыл мæ дыргъдон ахсæв!»
    Нарты фæсивæд дын æрвылæхсæв бадынц, хъахъхъæнынц æрвылæхсæв лæгхуыздæрæй. Дзерассæйы рæсугъд-иу бахызт дыргъдонмæ цæллаг рувасы хуызы, бафсады йæхи дыргътæй æмæ цингæнгæ афардæг вæййы.
    Нарты фæсивæд æй æхсынц фатæй æмæ йæ хъуыны дæр нæ хизы, сæ фаты æртдих фæстæмæ сæхиуыл схъиуы. Уалынджы та дын Бурæфæрныг арвыста фидиуæг Нарты Уæхтæнæджы фырттæм, Æхсар æмæ Æхсæртæгмæ, зæгъгæ, бахъуыд мæ уæ сæр. Æхсар æмæ Æхсæртæг райдыдтой Бурæфæрныджы цæхæрадон æнувыдæй хъахъхъæнын радыгай.
    Уæд дын иу æхсæв бафынæй йæ рады Æхсар, йæ æрдыны хъæдыл (къæлæтыл), æмæ дын цæллаг рувасы хуызы Дзерассæ æрбахъуызыд дыргътæ хæрынмæ, афтæмæй йæ Æхсæртæг фехста фатæй.
    Дзерассæйæн фаты æртдих ахызтис йæ зæрдæйæ, атыдта дзы гæппæл æмæ йæ игæрæй та фарк. Фæхъыллист ма кодта Дзерассæ æмæ уынæргъгæ-хъæрзгæ хъæды туг калгæ афардæг.
    Цæхæрцæст Æхсæртæг дын рæвдз æрбамбырд кодта туджы фæзгъæртæ, йæ хъуыны пырхытæ æмæ йæ игæры фарк, йæхæдæг сæ зæлдаг къухмæрзæны батыхта, бабаста сæ хæлцоны æмæ сæ йæ фæснах атъыста, йæхæдæг араст ис йæ тугвæдыл хъæд-хъæд. Æхсæртæг бахæццæ Дзерассæйы тугвæдыл фурды былмæ æмæ йæ бæлвырдæй базыдта, уыцы сырд кæй афардæг Донбеттыртæм, уый. Йæхæдæг байдыдта æрдиаг, сагъæс: «Цыма йын бакæнон, чи уыдаид!»
    Уалынджы Хъивалы хохы айнæгæй ратахти нæртон уари æмæ Æхсæртæджы ныссагъта йæ ныхтæ, хæбырæгътау, йæхæдæг æй фæхаста фурды астæумæ æмæ йæ æрæвæрдта дынджыр дойнаг дуры сæр Донбеттыртырдæм, йæхæдæг дын уари йæ базыртæ фæйлаугæ фæтахти фæстæмæ нæртон хæхтæм. Æхсæртæг дын сау марой, додой байдыдта, ныр ма цы фæуон фурды астæу, зæгъгæ.
    Уалынджы дын ныккасти Æхсæртæг дуры бынмæ – æмæ дзы цæуы рухс æмæ дзы хъуысы рынчыны хъæрзын. Æхсæртæг дын йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ ныххызт уæйгуыты, Донбеттырты хæдзармæ. Бацыд æмæ загъта нæртон бæзджын хъæлæсæй:
    – Уе 'хсæв хорз уæд æмæ фарн уæ хæдзары! Æз дæн уæ уазæг, сымах та дунейы сфæлдисæг Хуыцауы уазæг...
    Иу ус дзы бадти рæбынæй, Донбеттырты мад, Уазыхъхъ, æмæ йын загъта Æхсæртæгæн:
    – Æвзæр уæлзæхх хурон дзиглой! Аллон-биллоны тæф куы кæныс! Æз дæ ахордтаин, бæргæ, бæззыдтæ мын дæндаг схъауынæн, фæлæ дæ амонд уый уыд, кæй бакодтай дæхи ме уазæг, ме 'вæринаг, уый тыххæй дын фæуæд хатыр, барст.
    Сбадын кодта Уазыхъхъ, Донбеттырты мад, Æхсæртæджы æрхон къæлæтджын бандоныл, æрæвæрдта йын бæлццоны хæринаг æвидигæ хъæзон æртыкъахыг пæлæхсар фынгыл. Хæры Æхсæртæг. Уалынджы дын хъусы Æхсæртæг æмæ йæ фарсмæ зæринон уатæй цæуы рынчыны хъæрзын æмæ уынæргъын. Уæд дын Æхсæртæг бафарста уыцы уæйыг усы:
    – Бахатыр мын кæн, аипп ма уæд, уазæг дзæгъæлдзых нæ вæййы, фæлæ уый кæй хъæрзын у, чи уынæргъы уынгæг хъæлæсæй уæ уаты?
    Донбеттырты уæйыг æндон æфсин æм уæд æрбазылдта цæхæркалгæ цæстытæ сасиры чъилыйæстæй, йæ дзидзитæ хохы айнæджыйæстæ, йæ дæндæгтæ аххæрæджы стæвдæнтæ, йæ дзыккутæ та тæлтæгау чыргъæды æвæргæ æмæ йын афтæ зæгъы:
    – Хуыцау сын æй ма ныббарæд уæлзæххы Нарты Уæхтæнæджы фырттæн! Мæ чызг Дзерассæ-рæсугъд сахуыр и æмæ цыди Нарты Бурæфæрныджы цæхæрадонмæ, рæсугъд фæткъуы хæрынмæ цыбæлæй, цæллаг рувасы хуызы, гъемæ йæ иуæхсæв Уæхтæнæджы фырттæ фехстой фат æмæ æрдынæй, афтæмæй йын болат фаты æртдих атыдта йæ тæн йæ игæры фарчимæ, æмæ мæлы.
    Уæд та бафарста Æхсæртæг:
    – Æмæ йын æппын ницы хос ис, Дзерассæ цæмæй фервæза, уымæн?
    Загъта йын Дзерассæйы мад:
    – Æрмæст ын уыцы хос ис, æмæ фæстæмæ куы баназид йæ туджы фæзгъæртæ æмæ йæ игæры фæзгъæртæ, уæд фервæзид, йæ мад æй куыд ныййардта, афтæ. Нуазын та йын сæ хъæуы Бурæфæрныджы фæткъуытимæ, суахъхъы æхсыримæ хæццæйæ, маргъы æхсыримæ. Æмæ мын уыцы хæрзиуæг чи бакæнæ, чи мын сæ æрхæсса уæлзæххæй Дзерассæйы тæдзгæ туджы пырхытæ æмæ Бурæфæрныджы дыргътæй, уымæн та Дзерассæйы усæн ратдзынæн, уыимæ ис йæ амонд.
    Уæд Æхсæртæг бахудти йæ мидбылты фырцинæй æмæ йæм сæ систа йæ фæснахы тъыстæй зæлдаг кæлмæрзæны тыхтæй Дзерассæйы туджы пырхытæ æмæ йæ игæры фæрчытæ, стæй ма систа сырхварс фæткъуытæ – уд ирвæзынгæнæг – йæ хæлцонæй, Бурæфæрныджы дыргътæй. Дзерассæйы мад бахудти хурау æмæ сцин кодта, тагъд сæ адардта Дзерассæйæн туджы пырхытæ æмæ игæры фарк æлутон хостимæ. Дзерассæ уайтагъддæр фервæзти æбуалгъ мæлæтæй, рабадт, сси æнæниз. Уæд йæ мадæн, Донбеттырты 'фсинæн, нал уыдис гæнæн, куыд фæсайдтаид йæ ныхас, уыд стыр худинаг, æмæ Дзерассæйы схуын кодта Æхсæртæгæн усæн.
    Нæртон Æхсæртæг æмæ Дзерассæйы-рæсугъд уæд сæ иумæйаг царды бонтæ æрвыстой худгæ æмæ хъазгæ, цины мондæгтæ уадзгæ.
    Дзерассæ æмæ Æхсæртæг цардысты Донбеттыртæм, куыд хур æмæ мæйрухс арвыл.
    Фæлæ Æхсар куы райхъал йæ фынæйæ, уæд кæсы йæ алфамбылай, агуры йе 'фсымæр Æхсæртæджы, ома, цы фæци. Уалынджы хъæды мидæг ссардта йæ фæд Æхсæртæгæн: Æхсæртæг фæндаг-фæндаг цыдис кардæй æхсæдгæ æхсæры уистæ, ома, йæ куы агура йе 'фсымæр Æхсар, уæд цæмæй базона, кæдæм афтыди йе 'фсымæр Æхсæртæг.
    Æхсар дын бафтыди Æхсæртæджы фæдыл хъæд-хъæды цæугæ æмæ бахæццæ фурддаг былмæ. Фурды былыл фесæфт йæ фæд...
    Ныммæт кодта Æхсар уæд, зæгъгæ, цы фæци ме 'фсымæр Æхсæртæг, фырмæстæй фурды был уадзыгæй æрхаудта, офф, офф, зæгъгæ, мадызæнæг зынаргъ у. Стæй Æхсар дæр мæстæй нал ацыди сæхимæ, Нартыхъæумæ, фæлæ сарæзта уым фурды былыл хъæды астæу йæхицæн сырддзæрмттæй халагъуд-хæдзар. Баззади Æхсар дæр уым фурды былыл хъæды астæу цæргæйæ, сырдты цæгъдгæйæ фат æмæ æрдынæй...
    Йæ фыд, Нарты Уæхтæнæг, тынг маст байдыдта, зæгъгæ, мæ сахъ фырттæ цы фесты, куы никуыцæйуал мæм зынынц. Уæхтæнæджы бонæй бонмæ, азæй азмæ мæт бадомдта, йæ фыртты маст ын басаста йæ уæйыгон тых.
    Уæд Нарты фæсивæдæн тынг æхсызгон уыдис, кæй никуыцæйуал зынынц Уæхтæнæджы хъæбатыр фырттæ, уый, уымæн æмæ сын Æхсар æмæ Æхсæртæг барвæндаг нал лæвæрдтой, кодтой сыл тых. Нарты фæсивæд дæр дын райдыдтой Уæхтæнæджы зæронд урс сæрæй джидзæг кæнын æмæ йæ скодтой фыдæнæн рæгъаугæс.
    Нарты Сырдон дæр та дын ацы кадæг цæттæ кæны. Сбадти йæ хъисын фæндыримæ бæрзонд уæзæгыл æмæ даргъ кадджытæ аскъæрдта тын нывæндæгау. Сырдон мæстæй мары Уæхтæнæджы:
    – Дæ фырттæ кæм сты, дæ хъæбатыр фырттæ?! – Æмæ йын загъта Сырдон: – Æвæццæгæн, дæ сахъ фырттæ фæцыдысты мидæгмоймæ, йе та сæ фæхаста уари-хины цæргæс.
    Сырдон та мæсыгуат уæзæгыл йæ зачъетæ даугæ сбадт æмæ ацы кадæг мысы, цæгъды йæ хъисын фæндырæй. Нарты фæсивæд йæ алыварс ныхасы сбадтысты, æрривæд кодтой æмæ хъусынц æнувыдæй Сырдоны кадджытæм.
    Уæхтæнæг дæр та фырмæстæй фæтæры дард Нарты рæгъау æмæ сæ денджызы бакалы, куы та сын фезгъалы сæ рагъау къæдзæхы рындзытæй æнæвгъау.
    Уæд дын Нарты Æхсæртæг Донбеттыртæй ныффæнд кодта, загъта йæ ус Дзерассæйæн:
    – Цом æмæ æз æмæ ды фæфардæг уæм уæлхур зæхмæ, мæ фыдæлты хæхтæм, Нартыхъæумæ. Фенæм, бабæрæг кæнæм, афонмæ цы фæци мæ мæгуыр фыд Нарты Уæхтæнæг, стæй цы фæци мæ зынаргъ мадызæнæг Æхсар!
    Дзерассæ дæр бацин кодта, сразы æмæ аивæзта йæ сæрыхил курдиат сахат æмæ сæ дыууæ дæр, Æхсæртæг æмæ Дзерассæ, фестадысты æргъæуон кæсæгтæ æмæ сфардæг сты фурды бынæй фурды сæрмæ.
    Куы рахызтысты фурдæй, уæд дын фæндаджы былыл ссардтой иу халагъуд, сырдты цæрмттæй арæзт. Æхсæртæг загъта:
     – Ай уыдзæн, æвæццæгæн, ме 'фсымæр Æхсары хæдзар. Чи зоны, уый рацыдис мæн агурæг мæ фæдыл æмæ нал ацыд фæстæмæ а бæстæй. – Стæй Æхсæртæг загъта йæ усæн: – Ды уал ам сбад мæнæ уырд æмæ сагдзæрмттыл, æз та уал ауайон цуаны æмæ æрдавон сырды фыд.
    Афтæмæй дын Æхсæртæг ацыди цуаны, Æхсар та фæстæмæ æрцыд цуанæй æндæр хохæй (дыууæ 'фсымæры кæрæдзийыл нæ сæмбæлдысты). Æхсар æрхаста йе 'ккой сырды мард. Кæсы æмæ уæртæ йæ хæдзарæй цæуы цырагъы рухс... Фæдис кодта, зæгъгæ, ай та цы у, цы хабар у? Æхсар бакаст йæ хæдзармæ æмæ дзы иу ус бады, йæ цæсгом хурау худы, дæллагхъуыр мæйау æрттивы. Уæд Дзерассæ бахудти Æхсармæ, рагæпп ласта æмæ йæ æлвасгæ ныхъхъæбыс кодта. Æхсар дæр ныццин кодта: мæнæ мын Хуыцау æрхаста арвæй хуры чызг, хуры тын, нæ уд-æхсин.
    Дзерассæ нæ базыдта Æхсары, фæхуыдта йæ йæ мой Æхсæртæг, уымæн æмæ дыууæ 'фсымæры дæр уыдысты иухуызæттæ, куыд фаззæттæ, æмхуызæттæ. Бурхил, дæргъæлвæст, фæтæнриу, цæхæрцæст, гъе, æмæ Дзерассæйы цинтæ, мидбылты худтмæ нал фæлæууыди Æхсары нæртон зæрдæ дæр. Уалынджы сæ æрбаййæфта хъæбыстæ æмæ пъатæ кæнгæ Æхсæртæг... Уæд Æхсæртæг загъта:
    – Арв дæ ныццæвæд, ме 'фсымæр! Уый ды цы ми бакодтай? Исчи ма йе 'фсымæры усимæ хуыссы, йæ чындзимæ?!
    Загъта йын Æхсар:
    – Нæртон фарныстæн, æз æй нæ базыдтон, фæсайдта мæ йæхæдæг дæ ус.
    Дзерассæ дæр скуыдта æмæ загъта:
    – Мæ аххос нæ уыди, – сраст кодта йæ сæр.
    Уый адыл дыууæ 'фсымæрæн рацыди хыл æмæ амардтой кæрæдзийы фат æмæ æрдынæй.
    Дзерассæ дын байдыдта дзыназын, кæуын, ниуын, кæны марой, додой, хоста йæ уæрджытæ: ай мыл цæй æбуалгъ ми æрцыд, зæгъгæ, дыууæ 'фсымæры куы амардтой æнæбары сæхи! Дзерассæ дын сæ астæу сбадти æмæ æмбисæхсæвмæ куыдта Æхсæртæджы мардыл, уырдыгæй бонмæ та Æхсары мардыл.
    Дзерассæйы тæригъæдæй сæ сæрмæ сбадти кæуындзаст сау мылазоны мигъы сыг, йæ дзыккутæ тоны, йæ рустæ рæдувы æмæ йæ хъарæгæй арауынц хæхтæ, сырдтæ дæр ныхъхъус сты арф хъыгæй.
    Уастырджы дын базыдта уыцы æнамонд, æбуалгъ хъуыддаг æмæ рараст ис уæлхох быдырæй йæ бæхыл кафгæ. Дзерассæ йæ куы ауыдта, уæд æм дзуры:
    – Уæртæ тæхгæ барæг-бæлццон, дæ фарн, де зæды хатыр бакæн æмæ мæм баввæрс, мæнæ ацы дыууæ 'фсымæры тæригъæддаг мардæн ингæн скъах, баныгæн сæ æмæ, мæнæй цы хæрзиуæг курай, гъеуый дын ратдзынæн.
    Уастырджы дын куы фехъуыста Дзерассæйы рæсугъд хъæлæс, куы федта йын йæ цæсгом хурау худгæйæ, уæд æм йæ зæрдæ кафгæ бахъазыд. Æргæпп кодта бæхæй, йæ бæхы абаста йæ къахæй æмæ æрбазгъордта. Загъта:
    – Дзерассæ, маст ма кæн, æз сæ баныгæндзынæн, уыдон тугдзых сынтытæн холыйæн æвгъау сты, æрмæст – ды мын ус, æз та дын – лæг.
    Уастырджы хъыгтæ ракодта Дзерассæйæн æмæ нымæтын ехсæй æркъуырдта цъæх нæууы обау æмæ дзы дыууæ конд ингæны зæппадзы фестад. Уастырджы сæ баныгæдта. Загъта:
    – Рухсаг ут, рухсаг, дыууæ цæрынхъуаджы, хъæбатыр фаззон Æхсар æмæ Æхсæртæг. Мæрдты рухсаг, дзæнæты фæбадут...
    Дзерассæ дæр ма сыл фæстаджы хъæбыстæ даргъ ауагъта сæ ингæны риуыл... Уый фæстæ Уастырджы Дзерассæйæн загъта:
    – Цæй, гъеныр мæ уарзондзинад сæххæст кæнæм, нал лæууы дæумæ мæ зæрдæ дæ конд, дæ уындмæ гæсгæ.
    Дзерассæ йын куы радта дзуапп:
    – Ды, Уастырджы, уæздан лæг куы дæ, ай хуызæн тугæйдзæгтæй мæм куыд хъуамæ бавналай, худинаг дын нæу? Ды уал, Уастырджы, дæ уат æрцæттæ кæн, æз та уал ауайон фурды былмæ æмæ мæ туджы æмæ мæ русты тындтытæ æрæхсон.
    Уæд Уастырджы йæ сау нымæт цъæх нæууыл æрытыдта, йæ бæхы саргъ æмæ баз бакодта йæ нывæрзæн, сцæттæ йæ хуыссæн, æнхъæлмæ кæсы Дзерассæйы ссыдмæ, зæрдæ хъазы цинæй.
    Дзерассæ та фурды былыл ахсадта йæ тугтæ æмæ фестади кæсаг, ныффардæг йæ цæгатмæ, Донбеттыртæм.
    Уастырджы æнхъæлмæ кæсы: никуал ис Дзерассæ, хур дæр бирæ нал уыд. Агуры Дзерассæйы, æмæ фурды былыл нал ис. Базыдта Уастырджы, кæй йæ фæсайдта æмæ загъта:
    – Уæ Хуыцæутты Хуыцау, ме сфæлдисæг, æз дæн дæ уацхъуыд хæссæг дæуæн, Хуыцау, æмæ минæварцæуæг уæларвмæ, абон мæн цæхгæр фæсайдта Дзерассæйы-рæсугъд хæйрæгау æмæ абонæй фæстæмæ мæ дзых æмæ мæ фарнæй сылгоймаг æлгъыст фæуæд, æууæнк ыл ма уæд зæххыл.
    Уый фæстæ æрбацыд йæ бынатмæ, æмæ йе 'рбацыдмæ йæ бæх дæр алыгъд, фæтарстис тугдзых мæргътæй. Æмæ та уæд Уастырджы загъта:
    – Уæдæ бæх дæр фæуæд мæ дзыхæй æлгъыст, бæх æмæ усыл дунейыл æппындæр æууæнк ма уæд, уыдон сты знаг фос.
    Уастырджы дæр йæ саргъ йе 'ккой скодта æмæ афардæг фистæгæй йæ бæхы фæдыл агурæг.
    Дзерассæ дын бацис сывæрджын Æхсар æмæ Æхсæртæгæй æмæ йын Донбеттыртæм райгуырди дыууæ лæппуйы, фаззæттæ, Хæмыц æмæ Уырызмæг. Бахъомыл сты сæ мадырвадæлтæм – Донбеттыртæм. Рацыдысты стыр амондджын æмæ фæрнджын гуырдтæ, сæ фыдæлтæй хуыздæр. Хæмыц æмæ Уырызмæг уалынджы сарæзтой сæхицæн фат æмæ æрдын æмæ цуандзау кодтой. «Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы», – загъта-иу сæ мад Дзерассæ. Хæмыц æмæ Уырызмæг тынг галиу, фыдуаг, æгæнон митæ кодтой фат æмæ æрдынæй, æхстой куыройдзаутæн сæ къæссатæ, дондзаутæн та сæ къуыстилтæ, афтæмæй кодтой адæмæй хынджылæг, джидзæг. Уæд та иу хатт къулбадæг усæн йæ къæсса ныппырх кодтой фатæй æмæ сæм смæсты, ракодта сын фидис, зæгъгæ, Хæмыц æмæ Уырызмæг, къулбадджытæ, дзæгъæлзæдтæ, сымах ам махæй, устытæй, хынджылæг ма кæнут, фæлæ кæд ахæм хъæбатыр гуырдтæ стут, уæд-ма бабæрæг кæнут уæлхур зæххыл уæ фыды бæстæ, афонмæ уын уæ фыдыфыдæй Нарт хынджылæг кæнынц, сымах та ам бæгънæгæй цæрут уæ мадырвадæлтæм. Стæй-ма бабæрæг кæнут уæ фыдæлты зæппадз.
    Уæд Хæмыц æмæ Уырызмæг къулбадæг усы фидис ныхæстæм æрбамæсты сты æмæ æрбазгъордтой тагъдгомау сæ мадмæ – Дзерассæмæ æмæ йын загътой: тагъд, дам, зæгъ, нæ фыдыбæстæ кæм ис, стæй кæцæй æрцæуæггаг сты?
    Дзерассæ сын нæ хъæр кодта, сæ фыдæлтæ кæцон сты, уый, уымæн æмæ йæ фырттæ Хæмыц æмæ Уырызмæгæй тарст, куы базоной, зæгъгæ, сæ мад Дзерассæйы тыххæй амардтой кæрæдзийы Æхсар æмæ Æхсæртæг, уæд æм хæсдзысты хæрам.
    Стæй та Дзерассæйы нал уагътой æмæ йæ 'рцахстой:
    – Тагъд нын зæгъ, нæ фыдыбæстæ кæм и, кæннод дын судзæм дæ дзидзитæ. – Æмæ йын ныддардтой йæ риумæ зынг æфсæйнаг. Дзерассæйæн куынæуал уыди гæнæн, уæд сын загъта:
    – Уæ, мæ хъæбултæ Хæмыц æмæ Уырызмæг, уæ фыдæлтæ сты Нарт, цæрынц уæлхур зæххыл, цом æмæ уæ æз фæхæццæ кæндзынæн.
    Дзерассæ сæ фурдæй сур зæхмæ фæуæле кодта, йæхæдæг фæдæлдон ис фурды.
    Хæмыц æмæ Уырызмæг фæзылдысты Нарты домбай уæйгуытау, цыма æртахтысты тыхгæнæг уæлзæххæй зæхмæ. Сæхæдæг æрцахстой Нарты фидарты æмæ богалиуæг кодтой уæйгуытимæ.
    Нарты гуымирытæ – хъайтар æмæ тохон адæм – дис кодтой, фæлгъаудтой сын сæ тых Созырыхъо, Сайнæг, Борæ, Албег, Бурæфæрныг, Уæхтæнæг æмæ иннæтæ. Хæмыц æмæ Уырызмæг куы базыдтой сæ фыдыфыд Уæхтæнæджы, уæд æм сæ хъус тынг æрдардтой, нал ыл уагътой бындз абадын дæр, фæлæ Уæхтæнæгæн барæй сæхи нæ бацамыдтой.
    Арвы хин æмæ зæххы кæлæн, хæйрæг Сырдон та сæ базыдта, Хæмыц æмæ Уырызмæг кæй сты Уæхтæнæджы фыртты фырттæ, Æхсар æмæ Æхсæртæджы байзæддаг. Гъемæ та дын уый фæстæ Нарты Сырдон иу кадæгмæ бафтыдта, загъта:
    – Дунейыл дзæгъæлзæдтæ гуырын байдыдтой, уæдæ ма Хæмыц æмæ Уырызмæгæн сæ мад та кæм ис, чи у, стæй-ма базонут, сæ фыдæлты зæппадз та кæм ис?
    Сырдоны кадæджы фидисмæ дын смæсты сты Хæмыц æмæ Уырызмæг æмæ Донбеттыртæй схуыдтой сæ мад Дзерассæйы, стæй йæ æрфарстой, зæгъгæ, зæгъ-ма нын, нæ фыдæлты зæппадз кæм ис, цæмæй, чи сæ амардта. Дзерассæйæн нал уыди гæнæн æмæ сын загъта:
    – Уæ фыдæлтæ уыдысты фаззæттæ, Æхсар æмæ Æхсæртæг, амардтой мæн тыххæй кæрæдзийы, фæрæдыдтæн мæ тиуимæ.
    Хæмыц æмæ Уырызмæгмæ фæкасти стыр æгад æмæ худинаг, сæ мад Дзерассæ кæй амарын кодта Æхсар æмæ Æхсæртæджы кæрæдзийæн, уый. Æмæ сæ мад Дзерассæйы ысус кодтой фыддæрадæн сæ фыдыфыд Уæхтæнæгæн. Уæхтæнæгæн адастой йæ хъуынджын сæр, йæ боцъотæ, стæй йæ амизын кодтой, кæддæра ма, дам, йæ мизынцъаг урс фынк кæны, гъеуæд ма, дам, ус батондзæн. Уæхтæнæг амызта, æмæ ехсы хъæдæй йæ фынк бæрзонддæр ссыд, хаудта йæ цъыртт дард. Уый фæстæ Дзерассæйы тыххæй ысус кодтой сæ фыдыфыд Уæхтæнæгæн, æмæ Дзерассæ æнæбары хъынцъымæй царди. Нарты Сырдон дæр та уыцы хабæрттæ базыдта æмæ та сæ йæ кадæгмæ бафтыдта, – худинаджы уавæр... Уый фæстæ Уæхтæнæг амардис, Дзерассæйæн дæр йæ адзал æрхæццæ æмæ йæ фырттæн фæдзæхста, Хæмыц æмæ Уырызмæгæн:
    – Курын уæ, мæ хъæбултæ, æмæ-иу мын мæ марды зæппадзы æртæ 'хсæвы бахъахъхъæнут!.. Кæннæуæд дæр сымах фæхудинаг уыдзыстут, ис мын знаг.
    Хорз, зæгъгæ, загътой.
    Уалынджы амардис Дзерассæ æмæ йæ баныгæдтой кадджын зæппадзы æмæ йæ хъуамæ бахъахъхъæдтаиккой иу-æртæ 'хсæвы, афтæмæй дын уыцы заманы стыр Нартмæ уыдис чындзæхсæв, Борæтæм, æмæ уым фæсивæдимæ хъазыныл, зарыныл фесты Хæмыц æмæ Уырызмæг. Куыддæр сæ фыдбылызау æрбайрох сæ мад Дзерассæйы ингæн бахъахъхъæнын, афтæмæй дын Уастырджы æрцыди йæ маст æмæ йæ сайд исынмæ Дзерассæйы мæрдон буарæй: фыццаг дзы фæхъазыд Уастырджы йæхæдæг, стæй йæм бауагъта йæ бæхы, уый фæстæ бауагъта йæ цуанон куыдзы. Йæхæдæг Уастырджы ныппæррæст кодта æмæ сфардæг уæларвмæ хæрзæггурæггаг Хуыцаумæ. Уый фæстæ дын Дзерассæйы мæрдон гуыбыны Уастырджыйы комытæфæй сæвзæрдис Нарты Сатана, сылгоймаг, бæхы мыггагæй – æвсургъ, куыдзы мыггагæй та – Силæм, æмæ зæппадзæй хъуысти сæ уынæргъ.
    Нарты Сырдон та дын уыцы диссаджы хабар базыдта æмæ дын иу бон ныхасы бадгæйæ дзуры йæ фынтау:
    – Уæ Нарты фæсивæд, алчи уæ йæ мады мард уæлмæрды куы бабæрæг кæнид, уæд хорз уаид!... Куы зæппадзæй чызджы кæуын хъуысы, куы байраджы уасын, куы та куыдзы рæйын.
    Уый адыл дын Хæмыц æмæ Уырызмæг бацыдысты сæ мад Дзерассæйы зæппадзмæ бæрæггæнæг æмæ Дзерассæйы ингæнæй райстой чызг, байраг æмæ къæбыла æмæ сæ схъомыл кодтой.
    Уый фæстæ Уырызмæг ус ракуырдта Елдайы, Нарты Борæты чызджы. Елда уыди фыдуынд, уæзбын, гуымиры. Уалынджы дын рахъомыл ис Нарты Сатана йе 'фсымæр Уырызмæджы къухы. Сатана рауади тынг хæрззонд, хъаруджын, рæсугъд ус, йæ мад Дзерассæйæ рæсугъддæр. Йæ цæсгомы хуыз уыдис хуртæ æмæ мæйтæ. Ахæм рæсугъд уыдис, æмæ-иу йæ уаты къултæ мæйдар æхсæв ныуурс ысты стъалыйау. Афтæмæй дын Сатана æмæ Уырызмæг кæрæдзийы бауарзтой. Сатана Уырызмæджы йæхимæ фæрæдийын кодта (куыд йæ мад Дзерассæ Æхсæртæджы). Уæвгæ мады æмæ фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы.
    Худинаг сæм æркасти хо æмæ 'фсымæрмæ – Сатана æмæ Уырызмæгмæ, афтæмæй дын бавдæлдысты æмæ Борæты хæрæгыл бæгънæгæй сæ дыууæ зыгъуыммæ ысбадтысты, сæ чъылдымтæ кæрæдзимæ, се 'ргæмттæ та фæйнæрдæм. Хæрæгыл дын рацу-бацу фæкодтой æртæ боны хъæуты. Адæм сыл иу бон ахудтытæ кодтой, иннæ бон ма сæм чи каст, чи нал, æртыккаг бон бынтондæр ферох ис сæ худинаг, хъуыды дæр сæ ничиуал æркодта. Уый фæстæ дын Сатана æмæ Уырызмæг æхсæвæй-бонæй кæрæдзийы цинæй хурмæ нал цыдысты, кодтой пъатæ, хъæбыстæ 'мæ мондæгтæ. Уырызмæджы хъыггаг ус Елда та сæм хъуыста дуарæй, мæстæй тъæпп хаудта, æддæмæ-мидæмæ рацу-бацу кæны, афтæмæй уыди фæсдуар хуырхы гарз. Елда иуырдæм цæугæйæ дæр нуазы хуырхы къус æмæ иннæрдæм цæугæйæ дæр, афтæмæй дын Елда хуырх æмæ мастæй тъæпп ахаудта, аскъуыди.
    Уый фæстæ дын цæрынтæ байдыдтой Уырызмæг æмæ Сатана. Уырызмæг цыд хæцынмæ фат æмæ æрдынæй Хъазæн фæзмæ, Бæрæг обаумæ Нарты богалтимæ, уæйгуытимæ. Хæснаг æмбылдта арæх. Сатана уыди Нартæн æхсин, бæркадджын, адджын, цытджын, фæрнджын æмæ бæркад æлутон къух. Диссагæн баззади фыдæлтæй, зæгъгæ, Сатанайы æнтыды æнхъызт хæдабузгæ бæркадджын.
    Иу къорд азты фæстæ дын Сатана басывæрджын Уырызмæгæй, гъе æмæ йæ Сатана базыдта, уыди зонынджын, зæгъгæ, йæ гуыбыны кæй сæвзæрди стыр амондджын гуырд Хуыцауы фарн æмæ арфæгондæй. Фæлæ йын Сатана тарсти, зæгъгæ, Уырызмæг ызнагджын у æмæ мæ исчи куы бафиппайа, зæгъгæ: нарты Сатана у сывæрджын æмæ мын исчи исты фыдбылыз куы сараза фыдæнæн, гъе, æмæ Сатанайæн куы æрыввахс йæ зайын афон, уæд йæхи асайдта хуындæджы бадын æфсон йæ мадырвадæлтæм, Донбеттыртæм, æмæ йын уым райгуырд лæппу (Уырызмæг дæр æй нæ базыдта йæ лæппуйы райгуырд).
    Сатанайы лæппуйæ рæсугъддæр мад нæ ныййардтаид, æмæ йæ Сатана ныууагъта Донбеттыртæм, хъомыл кæнынмæ, йæхæдæг Сатана ысфардæг уæлхур зæхмæ фæстæмæ, Нартмæ, фæлæ йæ Уырызмæг нæ базыдта, йæ ус Сатанайæн лæппу райгуырди, уый.
    Уый фæстæ дын ацы диссаджы нæртон кадæг Нарты Сырдон дард ауагъта йæ хъисын фæндырæй цæгъдгæ.
    Абон дæр ма йæ хонынц нæртон лæг Уæхтæнæджы кадæг.

Радзырдта йæ Туаты Лазо, 22 февраль, 1941 аз, Цхинвал, ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 69, оп.1, папкæ 24, ф.34–48

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru