Главная > Нарты кадджытæ > Нартæ куыд равзæрдысты (вариант)

Нартæ куыд равзæрдысты (вариант)


28 февраля 2010. Разместил: 00mN1ck
(Вариант)

     Æхсар æмæ Æхсæртæг Нартæй уыдысты. Уыди сын иу фæткъуы бæлас, æмæ йыл афæдзæй-афæдзмæ зади æрмæстдæр иу фæткъуы. Йæ рæстæг-иу куы 'рцыдис, уæд-иу сын фæткъуыйы цыдæр бахордта, æмæ-иу сæ къухы нæ бафтыд. Хъахъхъæнджытæ йын дардтой, фæлæ йын никуы ницы бафæрæзтой бахъахъхъæнынæн. Уæд Нартæ смæсты сты æмæ иу æхсæв сæхуыдтæг ныллæууыдысты хъахъхъæнæг.
     Æхсар хистæр уыд, Æхсæртæг – кæстæр.
     Æхсар загъта: «Лæппу æнæмæт у, æмæ уый ницы бахъахъхъæндзæн, фæлæ æз кæнæ йæ быны хъуамæ амæлон, кæнæ та базонон, чи йæ хæссы, уый».
     Фæткъуы чи хаста, уый чызг уыд: йæхи-иу бæлон фестын кодта æмæ-иу афтæмæй ахаста фæткъуы. Уыцы фæткъуыйæн иу рæстæг уыд. Æртахти уыцы рæстæджы бæлон, æмæ ма лæппуйы цæй хуыссæг ахста. Уæддæр уыйбæрц фæкъуылымпы, æмæ, цалынмæ бæлон фæткъуы сыскъуыдта, уалынмæ ницы базыдта лæппу. Стæй фат фехста æмæ æртæ сисы базыртæй атыдта, æртæ комдзаджы та – игæртæй. Цы ма фезмæлыдаиккой мæйдары, фæлæ райсом куы сыстадысты, уæд туджы æртæхтæ ауыдтой æмæ базыры æртæ сисы зæххæй систой. Стæй загътой:
     – Ацы туджы фæдыл хъуамæ кæнæ исты ссарæм, кæнæ сæфгæ фæкæнæм.
     Ацыдысты йæ тугвæдыл, æмæ сæ уый фурды былмæ ныккодта. Бацыдысты фурды бын; бирæ куы фæцыдысты, уæд иу хæдзары дуармæ бафтыдысты.
     Хæдзарæй цæуы хъæрзын. Кæй ссардтой – систæ æмæ игæры кæрдихтæ – уыдон семæ ахастой. Хъæрзынмæ байхъуыстой, уыцы хъæрзæгæн нын æнæ базонгæ нæй, зæгъгæ. Бадзырдтой хæдзармæ:
     – Хæдзаронтæ, уазæг нæ уадзут?
     Иу зæронд ус сæм рауади æмæ сын загъта:
     – Лæппутæ, уазæг – Хуыцауы уазæг, фæлæ мæм рынчын ис, æмæ сымах кæдæм бакæнон, ахæм бынат мæм нæй, – йæхæдæг скуыдта.
     Лæппутæ загътой:
     – Уæуу-уа, мах рынчыны бахъыгдарæм, уый худинаг уыдзæн, фæлæ, чи зоны, йæ зæрдæйæн ын исты хъæлдзæгдзинад радтæм.
     Зæронд ус дæр кæм нæ фефсæрмы æмæ сын загъта:
     – Рацæут, уазджытæ.
     Уазджытæ бацыдысты æмæ рынчынæн «æнæниз у» загътой. Æрбадтысты. Зæронд ус йæ мад уыд, хъæрзæг та йæ чызг уыд.
     Лæппутæ бафарстой:
     – Цы кæны ацы рынчын, цы йыл æрцыд?
     Зæронд ус скуыдта æмæ загъта:
     – Цæугæ йыл йæхи зондæй æркодта æмæ йын хъæугæ дæр афтæ кодта. Нартæн уыд иу хины фæткъуы бæлас, æмæ йыл иунæг фæткъуы зад, æндæр нæ. Ай мæ чызг у, æмæ фæткъуыйæн йæ рæстæг бахъуыды кодта; сахуыр, æмæ сын æй алы аз дæр сусæгæй скъæфта. Нартæн ис фыдбылызы лæппутæ: бахъахъхъæдтой йæ, æмæ, фæткъуы куы ратыдта, уæд æй сæ иу фехста æмæ йын йæ игæры кæрдихтæ акалдта.
     Лæппутæ фæхъынцъым кодтой. Сæхимидæг атæрхон кодтой, æмæ сæ иу усмæ дзуры:
     – Цымæ йын, нæ мады хай, ницыуал хос æрцæуид?
     Ус загъта:
     – Йæ игæры кæрдихтæ ма куы уаиккой, уæ нывонд фæуон, уыдон йеддæмæ йын хос нæй.
     Лæппутæ бахудтысты æмæ кæрæдзимæ дзурынц:
     – Сайд ныл мауал æрцæуæд, ацы чызг нын мауал аирвæзæд.
     Фæстæмæ усæн зæгъынц:
     – Мыййаг, куы фæзыной уыдон, æмæ рынчын куы сдзæбæх уа, уæд йæ хосгæнæгæн цы уыдзæн?
     Зæронд ус загъта:
     – Дыууæйæн нæ уыдзæни, фæлæ йæ хистæрæн Хуыцау бинойнагæн ратдзæн.
     Уæд хистæр рифтагæй игæры кæрдихтæ систа æмæ сæ мадмæ радта. Мад сцин кодта, æхсыр ахъарм кодта, уым сæ ныппæрста æмæ сæ чызгæн ахуыпп кæнын кодта. Игæртæ сæ бынаты абадтысты, æмæ чызг цы уыд, уымæй авд ахæмы хуыздæр фестад.
     Мадæн æхсызгон куыннæ уыд. Бауад æмæ йæ сиахсы æфцæджы ныттыхсти:
     – Ды абон мæ хъæбул фестадтæ, æз – дæ мад, мæ чызг та – дæ бинойнаг.
     Фервыста ус хъæумæ хонæг:
     – Мæ чыджы радтон моймæ, чындзæхсæв кæнын æмæ æрцæут!
     Чындзæхсæв куы фæци, уæд лæппутæ уым баззадысты æмæ цардысты иумæ. Иудзæвгар куы фæцардысты, уæд лæппутæ загътой:
     – Гъеныр мах дæр нæ бæстæм куыд фæцæуæм æмæ нæ чындзы дæр немæ куыд акæнæм, афтæ.
     Ус сын загъта:
     – Мæ чызг йæхи бар нæу, æмæ мæ коммæ бакæсут. Махæн сыджытыл райгуырæн нæй. Æз дæн Донбеттыртæн сæ мад.
     Лæппутæ загътой:
     – Махæн нæхимæ чи нæ райгуыра, уый нæхи дæр не 'нхъæлæм.
     Ус ахъуыды кодта æмæ загъта:
     – Æз мæ рæстдзинад загътон. Ацæут, фæндараст фæут.
     Рацыдысты уырдыгæй. Фурдæй куы рахызтысты æмæ иудзæвгар куы фæцыдысты, уæд Æхсар йе 'фсымæрæн загъта:
     – Сымах уал æрынцайут. Мах уæддæр стæм сырды фыдыл ахуыр, æмæ кæд искуыцæй иу сырды мард æрхæссин.
     Ацыд хистæр æфсымæр æмæ зилы, фæлæ ницæуыл æмбæлы. Уалынмæ йыл æризæр ис. «Афтидæй мæ усмæ куыд цæуон æмæ ме 'фсымæрмæ мæ цæсгом куыд бавдисон».
     Баталынг æмæ баззади æдде. Чындз æмæ тиу баззадысты быдыры иунæгæй.
     Хуыссæг сæ ахсы, æмæ кæрæдзийы æфсæрмæй æрхуыссын нæ уæндынц. Фæрæз куы нал уыд, уæд тиу бацыд, чындзæн йæхи нымæт йæ быны бакодта, йæ мойы нымæт ын йæ уæлæ бамбæрзта. Афтæмæй тиуæн йæ кæстæр къух чындзы къухыл андзæвди.
     Райсом куы сбон и, уæд æрцыди Æхсар, иу сычъи æрхаста. Цæмæн нæ ныццин кодтаиккой кæрæдзийыл! Кæстæр æфсымæр йæхи фæцырд кодта, арт скодта, физонджытæ акодта. Уыцы цырддзинадæй Æхсар йæхи фенкъард кодта: «Æвæццæгæн мæ бинойнагимæ фæхъазыд, йæ зæрдæ хъæлдзæг у æмæ цырд уымæн у». Йæ зæрдæ нал баурæдта æмæ загъта:
     – Æхсæртæг, уыцы ус мæн нал у, æмæ йæ дæхицæн ракæ, æз та уæ фæдыл цæудзынæн.
     Æхсæртæгæн уый æхсызгон нæ уыди æмæ йæ сонт мæстыгæрæй фат фелвæста, фехста йæ хæрдмæ æмæ скуывта:
     – Хуыцау, мæ фат уæлæмæ дыууæйæ ссæуæд, фæстæмæ иуæй раздæхæд. Мæ чындзыл мæ буарæй цы андзæвди, ууыл сæмбæлæд, æмæ мæ мард уымæй æрцæуæд.
     Фæцыди уыцы фат, фæстæмæ раздæхти æмæ Æхсæртæджы кæстæр æнгуылдзыл аныдзæвди, æмæ йæ мæлæт уымæй æрцыди.
     Æхсар дын фæфæсмон кодта. Афтæмæй йæ хъама фелвæста, фистон мардæн йæ риуыл авæрдта, йæ бырынкъ йæхирдæм, æмæ йæхи афтæмæй амардта.
     Уæды рæстæджы худинаг уыди, æмæ чындз йæ мой, йæ тиуы æнæныгæдæй куы ныууагътаид.
     Кæуы йæхицæн:
     – Ныр мыл куыд бон æркодта! Мæ мой, мæ тиуы æнæныгæдæй ныууадзон, æмæ худинаг... Цы кæнон? Кæннод сæ бавæрын дæр мæ бон куы нæ у.
     Уыцы кæуынмæ Уастырджи хъуыста æмæ дын йæхи рабæлццон кодта. Усмæ бакасти æмæ загъта:
     – Дæу Хуыцау мæнæн сныв кодта. Мæн дæ, фæлæ цæуыл кæуыс?
     Ус загъта:
     – Мæнæ мæ мæрдтæ æнæныгæдæй куы баззайой, халæттæ æмæ сæ сынтытæ куы хæрой, уæд адæм мæныл худдзысты. Гъемæ, ацы хорз бæхджын, мæ мæрдты мын куы бавæрай, уæд дæу уыдзынæн, уæдæ кæй дæн.
     Уастырджи ехсæй дыууæ къуырды æркодта æмæ дзы дыууæ уæрмы фестади. Йæхæдæг усмæ фездæхт:
     – Гъеныр мæн нæ дæ, уæдæ кæй дæ?
     Ус ын загъта:
     – Дæу дæн, дæуæй хуыздæр кæй агурон? Фæлæ дæ æз æфсæрм лæг куы 'нхъæлдтон. Мæ цæссыгтæ мæ цæстытыл хъæбæрæй, мæ тугтæ мæ рустыл, уæд мæ æнæхсадæй дæ сæрмæ куыд хæссыс? Мæнæ фурдæн йæ былыл куы стæм, уæд мæ мæхи ахсын куыннæ уадзыс?
     Стæй фурдмæ куы бацыди уыцы ус, уæд аццау доны фæкуыси æмæ йæ мадмæ фæфардæг.
     Уастырджи загъта:
     – Уæлæуыл дæ не ссардтон, фæлæ дæ мæрдты ссардзынæн.
     Ус йæхи бар нæ уыд, æмæ йын йæ мад загъта:
     – Ацу уæзæгмæ. Уыдон стæджыхъæд афтæ у, æмæ сæ уæзæгыл чи нæ райгуыра, уый сæхи нæ хонынц.
     Цы кæна мæгуыр æнкъард чындз. Йæ мад ын куыд загъта, афтæ æрхæндæгæй рараст и. Цæугæ кæны, фæлæ мидæгæй хъуыды кæны: «Уæуу, цæугæ кæнын, уынгмæ ссæудзынæн, фæлæ мын хæдзар та кæм уыдзæн?»
     Ссыди уынгмæ. Фæцæуы, нымдгæнгæ, ныхасмæ. Ныхасы адæм дис кæнынц:
     – Ай чи у? Цæугæ нæм чындзы цыд куы кæны, æмæ чындз æддæ куынæ и: куынæ нæ хуындæджы бады, куынæ нæ лыгъд чындз и...
     Хистæртæ радзурынц кæстæртæм:
     – Ацæут, устытæн зæгъут: ацы уазæг ус чи у, уый нын базонын кæнут.
     Устытæ йæм ракалдысты æмæ йæ фæрсынц:
     – Чи дæ? Чындзы цыд, нымдгæнгæ, куы кæныс, фæлæ дæ мой чи у, уый куы нæ зонæм.
     Уый сын зæгъы:
     – Цам дæн мæ уæзæгæй æмæ мæ файнустытæй. Куы мæ 'рынцайын кæнат, уæд уын мæхи базонын кæндзынæн.
     Бакодтой йæ æмæ йæ æрбадын кодтой устытæ. Хистæртæ сæм сæрвыстой устытæм:
     – Нæ уайсадæг чындзытæ, кæд уайсадæг у, уæд нын æй сымах бафæрсут. Нæ мадгонд устытæ, кæд сымах хуызæн мадгонд у, уæд нын сымах фехъусын кæнут йæ бæрæг.
     Кæстæр чындзытæ йыл ныккалдысты:
     – Чи дæ, цы дæ, уый нын базонын кæн.
     Уый сæм уайсадгæ нæ кæны, фæлæ сæм йæ дзыхæй нæ дзуры. Йæ зæрдæйы хъуыды кæны: «Адонæн бæргæ зæгъин, чи дæн, уый, фæлæ мæ уæд иннæтæн дæр тæлмац хъæуы».
     Чындзытæм куы нæ сдзырдта, уæд æм хистæр устытæ ныккалдысты.
     Фæрсынц æй:
     – Нартæн цы бавæййыс?
     Уый сын зæгъы:
     – Уе 'ппæт мæм æмдзырд ма кæнут. Кæд мæ фæрсут, уæд мæ уæ иу бафæрсæд, æмæ мæ дзырд зæгъон.
     Уæд æй иу ус ахицæн кодта æмæ йын загъта:
     – Нартæн цы бавæййыс, уый мæнæн зæгъ. Ацы хъæуы мæныл æууæнк ис.
     Уый йæм бакасти æмæ радзырдта:
     – Æз кæмæй дæн, уый æнцон зæгъæн нæу. Æз дæн ацы сыхæй цам, фæлæ ма сын мæсыджы бындзæфхад ис, æмæ мæ уырдæм фæкæ.
     Зæронд ус ын загъта:
     – Омæ ам мæсгуытæ бирæ ис, фæлæ кæй номыл æрцыдтæ, уый чи уыди?
     – Бæргæ, уый зæгъын æнцон нæу, фæлæ мын æндæр бон нæй, æмæ йæ хъуамæ зæгъон. Æз дæн Æхсары ус, æмæ йæ мæсыджы бындзæфхад кæм ис, уырдæм мæ бакæн.
     Устытæ лæгтæм нырвыстой:
     – Мæнæ, æрцæуынмæ æнхъæлмæ кæмæ кастыстут, уыдонæн сæ чындз æрцыдис, фæлæ сæхицæй йемæ ничи ис.
     Нарты хистæртæ ныххудтысты:
     – Цæй, кæд сæхуыдтæг не сты, уæддæр бæрæг дзырд фехъусæм, стæй, нæ бон цы уа, уый мах дæр кæндзыстæм.
     Худгæйæ фæцæуынц сæ чындзмæ фæрсынмæ.
     Куы ссыдысты, уæд загътой:
     – Ды нын чындз нал дæ, ды нын дæ хæрзæггурæггаг æрцæуæг.
     Уый сын зæгъы:
     – Знагæй уын сыл ницы 'рцыд. Цы сыл æрцыд, уый сæхицæй. Тæригъæд мын бакæнут. Нæ уæм æрцыдтæн мæнг цыдæй. Баууæндут мыл, фендзыстут уæхæдæг.
     – Æхсары мæсыгæн дæ нæ бакæндзыстæм йæ бынмæ, скæндзыстæм дæ йæ сæрмæ.
     Уæд ус радзырдта:
     – Уырдæм схизинаг нæма дæн. Æртæ бонмæ уын фенын кæндзынæн уæхионы. Нæ хицæуттæ, æрынцайынæн мын уæ бæрзонд мæсыгæй уæ талынг скъæт хуыздæр у.
     Стæй ацыди æмæ йын æртæ лæппуйы райгуырди: Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц.

Радзырдта йæ Джусойты Кудза. «Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф.7–11.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru