Главная > Нарты кадджытæ > Нарты Сатана

Нарты Сатана


28 февраля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Нарты мад æрæмысыди мæлын æмæ фæдзæхста йæ лæппутæн:
     – Æз дæн кæйдæримæ хæснаггонд æмæ йæ хæснагæй фæсайдтон. Уый мын нæ ныууадздзæн йæ маст, фæлæ мын мæ уæлмæрд бахъахъхъæнут.
     Йæ лæппутæ йын бавæрдтой ныфс:
     – Кæд дæ фæнды, мæй дæр фæхъахъхъæнæм.
     Амард сæ мад æмæ йæ зæппадзы бавæрдтой. Фыццаг æхсæв бахъахъхъæдта Уырызмæг, дыккаг æхсæв – Сослан, æртыккаг æхсæв Хæмыцы рад æрцыди. Хæмыц уыди лæппулæг, хæйрæг лæг. Хæмыц зивæггæнгæ ацыди уæлмæрдмæ, уымæн æмæ йæ чындзæхсæвы хъазын фæндыди.
     Уастырджи рараст æмæ зыдта, сæмбæлдзæн хъахъхъæнæгыл. Афтæмæй бафæнд кодта: «Тыхæй ницы сараздзынæн, сайæндзинад бакæнон». Æрдæгæхсæв бон фестын кодта. Нарты уынгæй зарыны хъæр суагъта.
     Хæмыц уый куы ауыдта, уæд загъта: «Цæй, æз ныццæуон, ме 'мгæрттимæ ахъазон: ныр боныгон нæ мадæн тас нал уыдзæни».
     Хæмыц ацыди, йæ ацыд ын дзæбæх уыдта Уастырджи.
     Ус райсоммæ ныййардта сывæллон, байраг æмæ къæбыла. Нартæн Сырдон хæйрæг уыди – уыцы хъуыддæгтæ базыдта. Райсом раджы фестади, зæппадзы дуæрттыл ссыди æмæ мидæгæй хъуысы сывæллоны кæуын, байраджы уасын æмæ къæбылайы рæйын. Нартæ ныхасы бадаг уыдысты. Ныхасмæ бацыдис Сырдон æмæ радзуры:
     – Диссæгтæ бирæ федтон, фæлæ абоны хуызæн диссаг никуыма федтон. Нарты зæппадзы сывæллоны кæуын цæуы, байраджы уасын æмæ къæбылайы рæйын.
     Уырызмæг ныхасы сæ уæлейы бадти. Йæ мидзæрды загъта:
     – Не 'рра 'фсымæр йæ мады æппындæр ницы бахъахъхъæдта. – Цæрдæггомау фестади, зæппадзмæ ссыди, йæ дуар ын бакодта. Бацыд æм, æмæ дзы чызг дæр ис, байраг æмæ къæбыла дæр. Æртæйы дæр йæ хæдзармæ æрхаста.
     Чызджы хæссын байдыдта, йæ ном ын Сатана схуыдта. Чызг рæзын байдыдта: мæй йыл куы ацыди, – афæдзы цахъхъæн кодта, афæдз куы ацыди, – æртæ азы цахъхъæн кодта. Мой кæнын афон ын куы 'рцыди, уæд йæ зæрдæйы дзуры: «Мой бæргæ кæнын, фæлæ мæ мойаг кæм и, уый нæ уынын». Йæхи зæрды сфæнд кодта: «Ехх, кæд мын уа Уырызмæг, кæннод æппындæр нæ мой кæнын».
     Ныр цы кæна Сатана. Йæхи дзыхæй йæм дзурын нæ уæнды, æндæрæй йæ куы фехъуса, искæмæй, уый йæ фæндгæ нæ кæны. Сатана уæд йæхицæн дзуры: «Цæй, мæ сау цæсгом сыхалон æмæ йæм мæхæдæг бауæндон». Загъта Уырызмæгæн:
     – Мæнæн æндæр хос нæй, ды мæ мой куы нæ уай.
     Уырызмæг ын загъта:
     – Кой дæр æй мауал скæн, адæмæй худинаг у.
     – Худинаг цæмæй ферох уа, уый дын дæхицæн фенын кæндзынæн. Хæрæгыл зыгъуыммæ сбад æмæ ныхасы астæуты ацу. Ныхасы адæм куыд кæной, уыдонмæ кæс. Ныхасæй куы ацæуай, фæаууон кæн дæхи, æмæ та сыл фæстæмæ æрбаздæх. Æртыккаг здæхт акæ, æмæ чи куыд кæна, уый-иу мын радзур.
     Уырызмæг сбадти йæ хæрæгыл æмæ бацыд ныхасыл. Ныхас худынæй ныффæлдæхтысты, иууыл фæхудтысты. Фæстæмæ æрбаздæхт Уырызмæг ныхасыл: æрдæгæй ма бахудтысты, æрдæг æппындæр нал бахудт... Æртыккаг здæхт ныккодта, æмæ йæм кæсгæ дæр нал скодтой, худгæ дæр ничиуал бакодта.
     Сыздæхт Уырызмæг фæстæмæ йæ хæдзармæ. Сатана йæ размæ рауади:
     – Гъе, куыд кодтой адæм дæ хæрæгыл бадтæй?
     – Раздæр куы бацыдтæн, уæд адæм худæгæй ныффæлдæхтысты æмæ уæлæмæ стын нал фæрæзтой. Фæстæмæ куы сыздæхтæн, уæд ма чи бахудти, чи нал. Æртыккаг здæхт куы ныккодтон, уæд мæм æппын кæсгæ дæр нал ракодтой.
     Сатана йын загъта:
     – Гъе, уæдæ адæмы хъуыддаг афтæ у. Æртæ боны ныл бахуддзысты, стæй нæ хъуыды дæр ничиуал æркæндзæн.
     Уырызмæг ын радзырдта:
     – Охх, æмæ усджын дæн, дыууæ усы куыд уыдзæни?
     Сатана йын загъта:
     – Уымæн æз хос кæндзынæн. Ды мины куывд æрымыс æмæ дæ бинойнагæн нуæзтытæ бантауын кæн бирæ.
     Загъта Уырызмæг йæ ус Елдайæн:
     – Мæнæ мины куывд кæндзынæн, æмæ нуæзтытæ бантау бирæ.
     Елда дын бантыдта нуæзтытæ. Сатана сын хин скодта æмæ сæ æппын æнхъизын нæ уадзы, Уырызмæджы ус Елда суынгæг ис: «Ай æппæт хъиамæт куы фесæфой, уæд мæ мæ мой мардзæн».
     Сатана йæм бацыди æмæ йын загъта:
     – Ма суынгæг у. Дæ мойы мын иу æхсæв ратт, æмæ сæ æз сæнхъизын кæндзынæн.
     Елда йын загъта:
     – Ой, иу æхсæв мæ цы курыс. Афæдз дæр дæу уæд, уыцы хъиамæт ма фесæфæд, уыййеддæмæ.
     Сатана бацыди, æндæр æнхъизæнтæ бантыдта æмæ сæ сæнхъизын кодта.
     Уыцы рæстæджы Уырызмæг уыд хæтæны.
     Сатана загъта Елдайæн:
     – Дæ лæг куы æрцæуа, уæд къуымæл уарзаг у.
     Ахъаззаг æй сæнхъизын кодта.
     Уырызмæг æрцыди, йæ уатмæ бацыди. Уаты куы 'рынцад, уæд Сатана загъта Елдайæн:
     – Цæй, мæ дзырд мын сайыс? Дæ лæг мæн у ахсæв.
     Сатана бацыди Уырызмæгмæ. Йæ къуымæлы къæрта ахаста æмæ йæ уаты дуармæ æрæвæрдта. Сæ дуæрттæ сæхгæдтой æмæ æрæнцадысты иумæ Сатана æмæ Уырызмæг.
     Сатана зыдта хиндзинæдтæ, æмæ царыл фестын кодта стъалытæ æмæ мæй. Фынæйæ куы бафсæст Уырызмæг, уæд дзуры:
     – Дуар бакæн, стын афон у.
     Сатана зæгъы:
     – Лæгай, иууыл хæтæны куы вæййыс, уæд-ма уæлæ скæс, нырма стъалытæ кæм сты!
     Уырызмæг дæр та æрхуыссыд. Елда рауайы æмæ дуарыл алæууы, мæстæй къуымæлæй дыууæ аназы. Сатана уыйбæрц бакуыста, æмæ Уырызмæджы иннæ абонмæ нæ рауагъта.
     Елда мæсты кодта, цал цыды кодта, уал дыууæ къусы къуымæлæй нуæзта æмæ тъæппытæ фæхаудта.
     Сатана базыдта, ус амард, æмæ дуар бакодта.

Радзырдта йæ Джусойты Кудза. «Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф.12–14.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru