Главная > Нарты кадджытæ > Сатана куыд райгуырди (вариант)

Сатана куыд райгуырди (вариант)


28 февраля 2010. Разместил: 00mN1ck
(Вариант)

     Борæты мад уыдис Сасана. Иу бон куы уыди, уæд æм Уастырджи æрцыди æмæ йæм барвыста лæг, – мæхицæн дæ хæзгул куы бакæнин, зæгъгæ.
     Сасана загъта Уастырджийæн:
     – Æз никæмæ бакомдзынæн мæхи мой йеддæмæ.
     Уастырджи йын загъта:
     – Æмæ куы амæлай, уæд та мын кæдæм цæудзынæ? Нæ дæ ныууадздзынæн мардæй дæр.
     Стæй Сасана куы марди, уæд куырдта йæ фырттæй – Хæмыц, Уырызмæг æмæ Созырыхъойæ:
     – Мæнæ, куыд тыхджын лæг мæм æртхъирæн кодта, уый тыххæй уæ курын, мæ фырттæ, æмæ мæ æртæ æхсæвы бахъахъхъæнут ингæны.
     Амард Сасана, æмæ фыццаг æхсæв Уырызмæг хъахъхъæдта. Уастырджи æрцыди æмбисæхсæв æмæ сбон кодта, æмæ æрбакæсын кодта хур, æмæ алчи йæ хъомтæ аскъæрдта хъомгæсмæ. Стæй загъта Уырызмæг Уастырджийæн:
     – Хинæйдзаг лæг! Уымæй мæ нæ фæсайдзынæ.
     Фæбадти уым Уырызмæг, фæхъахъхъæдта æмæ куы сбон и, уæд йæ хæдзармæ ацыди.
     Дыккаг æхсæв Созырыхъо æрцыдис марды цурмæ æмæ йæ мады хъахъхъæнын байдыдта. Уастырджи та æрцыди æмбисæхсæв марды цурмæ æмæ та сбон кодта, алчи та йæ хъомтæ аскъæрдта хъомгæсмæ. Стæй Созырыхъо загъта:
     – Хин лæг! Мæн уымæй нæ фæсайдзынæ.
     Созырыхъо сахæттæ нымадта æмæ куы сбон и, уæд ссыди йæ хæдзармæ. Уый фæстæ æхсæв Хæмыцы рад æрцыди хъахъхъæнын йæ мады. Стæй та Уастырджи æрцыдис æмбисæхсæв æмæ сбон кодта, æмæ хъомгæсмæ аскъæрдтой сæ хъомтæ та. Уæд загъта Хæмыц: «Ай куы сбон и, хур дæр куы ракасти, алчи йæ хъомтæ хъомгæсмæ куы аскъæрдта, æз ма цæмæн бадын? Цæуон æмæ Алæгаты чындзæхсæвы æз дæр фæхъазон». Ссыди чындзæхсæвмæ æмæ хъазыдис. Стæй Сасанамæ Уастырджи æрцыди æмæ фыццаджыдæр йæхæдæг йемæ схуыссыди, стæй йæм йæ уырсы бауагъта, уый фæстæ йæм йæ егары бауагъта æмæ атахти уæларвмæ. Стæй иу лæппу æрбацыдис Алæгаты хъазтмæ æмæ загъта:
     – Диссаг нæу! Борæты зæппадзæй чызджы кæуын, байраджы уасын æмæ куыдзы хъæвдыны рæйын цæуы!
     Уырызмæг æй куы фехъуыста, уæд загъта:
     – Æй! Ме 'фсымæр мæ аргæвста: нæ бахъахъхъæдта нæ мады.
     Ныццыди ингæнмæ æмæ федта: йæ мад ныззади чызг, байраг æмæ куыдзы хъæвдын. Райста сæ Уырызмæг, йæ хæдзармæ рахаста æмæ сæ схъомыл кодта. Чызг хорз сси, хуынди Сатана. Байраг дæр уыдис Уырызмæджы хъулон Дурдура бæх; куыдзы хъæвдын егары хъыбыл уыдис æмæ хорз егар сси.

Всеволод Миллер. «Осетинские этюды». Часть 1. Ученые записки Имп.Моск. университета, вып.1. Москва, 1881, с.46–48.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru