Главная > Нарты кадджытæ > Уырызмæджы ус куыд бацис Сатана (вариант)

Уырызмæджы ус куыд бацис Сатана (вариант)


28 февраля 2010. Разместил: 00mN1ck
(Вариант)

     Уырызмæгæн йæ ус Елда хуынди, æмæ йын загъта, бæгæны бахсид, æз унда æрхонон адæмы. Елда бæгæнытæ бахсыста, 'мæ сын Сатана смитæ кодта, ома, бæгæнытæ не 'хсидынц.
     Æмæ Елда мæтæй мæлы. Сатана йын загъта. Иу æхсæв, дам, мын ратт Уырызмæджы. 'Мæ йын Елда загъта, – 'мæ де 'фсымæр куы у.
     Ме 'фсымæр, дам, у, фæлæ, дам, мæ афтæ фæнды. Хуышауæй сомы ракодта,зæххæй йын ард бахордта. Дæу чи сыстын кæнджени æмæ æрмæст сæ сынхъизын кæн. Бæгæнытæ сынхъызтысты. Иу бонæй иннæ бонмæ фæшæл кодтой адæм.
     Ашыдысты адæм. Уырызмæг башыди йæ уатмæ 'мæ йæ уаты схуыссыди. Сатана дæр башыди. Арвыл шал стъалыйы и, уал стъалы Сатана ачарæзта шарыл æмæ мæйы ныв. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы фæхуыссыди уатыл, скæсы – уæлæ стъалытæ, уæлæ мæй. Нырма раджы у. Елда мæтæй мæлы. Иу хуырхы къæрта æдде сæвæрдта, иу та мидæгæй, хæжары. Мидæмæ бауайы, мидæггаг къæртайæ нуазы. Æддæмæ рауайы – æддагæй. Елдайы зæрдæ фырмæштæй аскъуыди. Сатана йæ базыдта 'мæ фæгæпп кодта. Сатана фæгæпп кодта 'мæ стъалытæ æмæ мæйы ныв райста, 'мæ Уырызмæг сыстади 'мæ рашыдис, 'мæ Елда мардæй лæууы, 'мæ зæгъы Уырызмæг:
     – Мæ шурæй куы сыстади, уæд æй шы амардта?
     'Мæ йын Сатана загъта:
     – Уый дæ шуры Елда нæ уыдис, æз уыдтæн.
     – Æй, ныгуылды куыд фæдæ, кæд, мын шы бакодтай!
     Æмæ йын Сатана загъта:
     – Ды мæнæн куы нæ уай, уæд мæнæн шæрæн нæй.
     – Æмæ ныл адæм нæ худджысты?!
     Сатана йын зæгъы:
     – Мæнæ нæ хæрæгыл зыгъуыммæ сбад æмæ хъæуы алфамбылай æртæ зылды æркæн.
     Сбадти хæрæгыл зыгъуыммæ æмæ азылди хъæуы алфамбылай, æмæ йæ куы федтой, уæд худæгæй скъуыдысты, дыккаг зылд акодта, æмæ гыччылтæ ахудтысты, æртыккаг зылд акодта, æмæ йæм кæсгæ дæр ничи ракодта.
     Уæд Сатана загъта:
     – Фыччаг æй куы фехъусой, уæд ныл худджысты тыхджын, дыккаг хатт – гыччыл ахудджысты, æсте нæ ферох кæнджысты.

Радзырдта йæ Джусойты Хъайтыхъо, 83-аздзыд, 2 июль, 1983 аз, Гуырдзыйы Лагодехы районы Арешпераны хъæу. Ныффыста йæ Хæдарцаты Заремæ Итылбеджы чызг.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru