Главная > Нарты кадджытæ > Уырызмæг æмæ сохъхъыр уæйыг (вариант)

Уырызмæг æмæ сохъхъыр уæйыг (вариант)


17 марта 2010. Разместил: 00mN1ck
(Вариант)

     Уырызмæг æмæ Хæмыц ацыдысты цуаны.
     Хъæуæй куы ахызтысты, уæд æртæ Нарты фæсивæд æрæмбырд сты Нарты ныхасмæ. Сæхимидæг тæрхон кæнынц æмæ дзурынц: «Цымæ нæм лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи уыдзæнис?» Æмæ нæ фидауынц. Æмæ уæд загътой: «Цомут, уæртæ Къармæгоны бафæрсæм, зæронд ус у æмæ нын уый зæгъдзæн».
     Араст вæййынц æмæ бацæуынц Къармæгонмæ.
     – Дæ бон хорз уа, Къармæгон!
     – Хорз уæ хай уæд!
     – Къармæгон, иу ныхасæй дæ фæрсдзыстæм æмæ нын æй зæгъ.
     Къармæгон сын загъта:
     – Уæ Хуыцауы тыххæй, ныууадзут мæ, Нарты хъалтæ!
     – Нæ дæ ныууадздзыстæм, цалынмæ нын æй зæгъай: Нарты хъæуы лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у?
     Уый сын афтæ:
     – Лæг хуыздæр – Уырызмæг, ус хуыздæр – Сатана.
     Зæронд усы сæ быны ракодтой æмæ йæ ныцъцъæл, ныммур кодтой.
     Йæ дыккаг бон Уырызмæг æрцыди Нарты хъæумæ æмæ йын Сатана хъаст кæны:
     – Знон æртæ Нарты бацыдысты æмæ Къармæгоны ныцъцъæл, ныммур кодтой.
     Уырызмæг мæстæйдзагæй араст æмæ бацыд Къармæгонмæ. Къармæгоны фæрсы:
     – Цы кодтай, Къармæгон?
     Къармæгон ын загъта:
     – Фыдбон сæ хай фод Нарты фæсивæдæн, ам мæм знон æрбацыдысты æмæ мæ фæрсынц: «Нарты хъæуы лæг хуыздæр, ус хуыздæр чи у?» Æз сын загътон: «Лæг хуыздæр – Уырызмæг, ус хуыздæр – Сатана». Уыдон мæ сæ быны ракодтой æмæ мæ ныцъцъæл кодтой.
     Уырызмæг раздæхтис. Æхсæв райста йæ цуаны гæрзтæ. Райсом раджы фестад, ныццыди Нарты ныхасмæ æмæ ныхъхъæр кодта:
     – Æртæ Нартæй цуаны цæуынхъом чи у – цомут мемæ цуаны!
     Араст сты æртæ Нарты фæсивæд – Уырызмæг сæ разæй – уалæ хохмæ.
     Къармæгон æхсæв æртæ мыдамæсты ракодта, схызти Нарты даргъ мæсыджы сæрмæ æмæ скуывта:
     – Хуыцауты Хуыцау, ме сфæлдисæг Хуыцау! Залты мит æмæ æнусы цъити кæм ныууары, æмæ уыцы ран Нарты цуанæттæн сæ лæг хуыздæр кæм рабæрæг вæййы!
     Æхсæв-бонмæ уарын байдыдта. Ныууарыд ахæм мит, æмæ æппындæр акæсæн нал уыди. Нарты æфсæдтæ амæлттæй баирвæзтысты хохы лæгæтмæ.
     Нал сын уыди сæ къуырийы бонмæ æддæмæ ракæсæн.
     Сæ къуыри куы сæххæст ис, уæд сыл ракасти хур.
     Æмæ уалæ хохы сохъхъыр уæйыг рауадзы уады дымдтæм йæ фос.
     Уырызмæг сæм дзуры:
     – Мæ кæстæртæ, цæуын ма уæ кæй бон у, уый ацæуæд уалæ хохмæ æмæ дзы иу далыс йæ хъуыны стухæд æмæ йæ 'ркæнæд, цæмæй ма не стæгдар Нарты уæлмæрдтыл сæмбæла.
     Иу дæр сысты æмæ фæстæмæ йæ бынаты 'рхауы, иннæ дæр афтæ.
     Уæд зæронд Уырызмæг араст вæййы æмæ уалæ хохмæ ссæуы. Сохъхъыр уæйыджы фосæй æрцахсы иу далыс. Æргъæвст лæгæн йæ къухтæ далысы къæхтыл, æмæ йæ далыс йæ фæдыл ласын байдайы æмæ йæ баласы сохъхъыр уæйыджы скъæтмæ. Сохъхъыр уæйыг бакæны дуар æмæ сæ йæ сагæхты уадзы йæ фос æмæ сæ нымайы. Æппæты фæстæ 'рбацæуы уыцы далыс. Сохъхъыр уæйыг æй куы ауыны, уæд зæгъы:
     – Деука, деука, дæ фæхъхъау мæ сохъхъыр сæр! Ай мын хæххон дзылы æрхастай физонæггаг.
     Лæджы рафтауы æмæ йæ бахæссы йæ хæдзармæ. Хæд-зилгæ уæхстыл æй бакæны. Уæхст буарæй пысулы 'хсæн ацæуы. Æмæ йын зæгъы уæйыг уæхстæн:
     – Дзæбæх мын æй ысфыц! Мæнæн мæ цæст риссы æмæ уал æрхуыссон.
     Уæхст æй зилын байдыдта, лæгæн йæ пысултæ куы асыгъдысты, уæд рахауди æмæ фæнычы сæмбæлд. Уæхст райста Уырызмæг æмæ йын йæ бырынкъ стæвд кодта, ахаста йæ æмæ йæ сохъхъыр уæйыгæн йæ дзæбæхдæр цæсты ныззылдта.
     Сохъхъыр уæйыг нырдиаг кодта æмæ загъта:
     – Додойаг дæ къона, хæххон дзылы, райсом мын кæдæм ирвæздзынæ!
     Уырызмæг хъуыды байдайы, цы 'гъдауæй ма аирвæзон, зæгъгæ.
     Æмæ йын аргæвды æхсæвы йæ дзуггæс цæу, лалымстыгъд æй бакæны æмæ дзы æхсæв-бонмæ йæ фыдæй йæхи хорз фены. Райсом цæудзармы мидæг бабыры. Йæ фыццаг къæхты йын йæ къухтæ ауадзы, йæ фæстаг къæхты – йæ къæхтæ.
     Сохъхъыр уæйыг бакæны хохы дуар æмæ сæ йæ сагæхты астæу иугай уадзын байдайы йæ фосы. Лæджы агуры фосы æхсæн.
     Се 'ппæты фæстæ абыры цæудзармы мидæг Уырызмæг. Куы йæм ахæццæ уæйыгмæ, уæд йæ сыкъатæ фæхъил кæны йæ сагæхты астæу.
     Сохъхъыр уæйыг æм дзуры:
     – Деука, деука, дæ фæхъхъау фæуон, дæ фос дзæбæх бахъахъхъæ æмæ-иу сæ бæрæгæй раскъæр, мæнæн мæ цæст риссы.
     Уырызмæг хохы дымæгæй куы ахизы цæудзармы мидæг, уæд æм фæстæмæ дзуры:
     – Ацы фосæй цы ницуал фенай, де 'ннæ фæллойæ дæр æндæр мацуал фен!
     Сохъхъыр уæйыг фырмæстæй хохы сæрæй ныццух-мух кæны æмæ асхъиуы, æмæ далæ хохы бын ныппырх вæййы.
     Уырызмæг цæудзармæй рабыры æмæ раздæхы уæйыджы хæдзармæ. Цыдæриддæр дзы фæллой ссардта, уыдон йе 'ккой скодта æмæ сохъхъыр уæйыджы дзуг йæ фыццаг, афтæмæй сæ æрыскъæрдта Нарты цуанонтæм.
     Уыцы ран дзы цæмæннæ аргæвстаиккой æмæ сæхи хорз цæмæннæ федтаиккой. Иннæтыл рахæцынц æмæ сæ Нарты хъæумæ æрыскъæрынц. Се 'рдæг сын Уырызмæг бахай кæны Къармæгонæн: мах ацы фæллой Къармæгоны фæрцы ссардтам, зæгъгæ.
     Иннæ 'рдæгæй афæдзæй афæдзмæ æртæ Нарты номы куывдтæ фæкодтой.

В.И.Абаев. Из осетинского эпоса. Изд. Академии наук СССР. Москва – Ленинград, 1939 г., с. 39–44.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru