Главная > Нарты кадджытæ > Уырызмæг йе сиахсы куыд амардта, уый кадæг

Уырызмæг йе сиахсы куыд амардта, уый кадæг


17 марта 2010. Разместил: 00mN1ck
     Уырызмæг базæронд ис, хынджылæг дзы кодтой фæсивæд, устытæ дæр: ничиуал æй ницæмæ дардта. Иу бон куы уыди, уæд та иу ран бадти хурмæ. Бацыди йæм кæйдæр чындз, хъазыди дзы, сывæллонæй куыд хъазай, афтæ. Уырдыгæй рацыдис Уырызмæг йæ хæдзармæ кæугæ. Йæ ус Сатана йын загъта:
     – Цы кæныс, зæронд, цæмæн кæуыс ацы бон?
     – Сывæллæттæ мæ хъазынц, устытæ мæ хъазынц. Абон мæм кæйдæр чындз рацыди æмæ мын йæ кæлмæрзæнæй мæ былтæ ныццавта. Гъе, ууыл кæуын.
     Сатана йæ 'рбадын кодта, йæ рихитæ йын лæппудаст акодта; йе уæнгтæ йын æрбамбырдтæ кодта; æнгом дарæстæ йыл скодта æмæ йæ арвыста йæ мадырвадæлтæм, Донбеттыртæм:
     – Гъеуыдонæй адæм ракæ, æмæ Нарты фæриссын кæнæм.
     Ацыди Донбеттыртæм æмæ сæ ракуырдта адæм. Радтой йын адæм бирæ, хæцæг адæм, æмæ сæ скодта Нартмæ хæцынмæ, цæмæй сæ басастаид æмæ та йын йæ фыццаг аргъ уыдаид, уый тыххæй. Нарты хъæуæн йæ алыварс быру уыди, иу ран йеддæмæ дзы бацæуæн нæ уыд. Уыцы дуарæн та йæ сæрыл йе сиахс Схъæлвæрæз Сонт Бæгъатырæн бæстыхай уыдис, æмæ хæсты адæмы мидæмæ нæ уагъта, уæле сæ цагъта. Уырызмæгмæ Сатана дзырдта:
     – Уæ, æрра зæронд! Ардæм-ма рацу, дæ адæм-ма бауром. Уымæн афтæмæй мæлæт нæй. Иучысыл фæлæуу. Уымæн йæхи ызгъæрæй фат куы нæ скæнæм, уæд ын мæлæт нæй.
     Сатана йæхи æрбарынчын кодта, мæ лыстæджытæй фæлмæцын, зæгъгæ. Æруай мæм, мæ иунæг чызг, мæлгæ дын кæнын.
     Сæрвыста йæ чызгмæ. Æруади йæм уайтагъд.
     – Цы кæныс, нана? – фæрсы йæ чызг.
     – Мæлгæ дын кæнын, мæ иунæг чызг.
     – Гъемæ дын цы хос ис, цы хуыздæр дын у?
     – Мæ хос дæ къухы бæргæ ис.
     – Гъемæ цы у, нана, цы у?
     – Дæ мойы ызгъæрæй мын æртæ цæджы куы 'рдавис æмæ мын сæ хъæрмхуыппыл куы акæрдис, уæд хуылф фенцойдæр уаид, уыдон куы ацымин, уæд.
     – Æз ныртæккæ, нана, ныртæккæ!
     Боныгон йæ къухы нæ бафтыд; йæ мойæн йæ уæлæ конд уыд. Æхсæвы куы æрхуыссыди йæ мой Схъæлвæрæз Сонт Бæгъатыр, уæд згъæры бынтыл хæсгард æрбауагъта. Ызгъæр ныхъхъæр ласта:
     – Уæлæмæ, мæнæ мæ иу джиауыр аргæвста!
     Лæг сыстадис æмæ усы ныммур кодта, цæмæн æм æвналыс, зæгъгæ.
     – Цы йæм æвналын æз! Уый дæ дарæг куы у, уый руаджы куы цæрæм. Фæлæ айбон-изæрмæ хæцынмæ вæййут æмæ йæ цæстытыл цыдæртæ уайы.
     Лæг та ныххуыссыди, бафынæй ис. Ус та хæсгардæй ызгъæры дымджытæ æрбацæйлыг кодта. Ызгъæр та ныхъхъæр ласта:
     – Уæлæмæ, мæнæ мæ иу джиауыр куынæуал уадзы!
     Лæг сыстад æмæ та йæ усы ныммур кодта. Ус афтæ зæгъы:
     – Æз ын цы кæнын, æз! Уый нæ дарæг куы у, фæлæ абондæргъы хæстæй йæ цæстытыл цыдæртæ уайы.
     Уый ызгъæры дæр зæххыл ныххоста, хуыссын мæ нал ныууадзай æви цы у иннæ æхсæвты хъауджыдæр. Лæг та ныххуыссыди. Куы бафынæй лæг, уæд ын йæ дымджытыл хæсгард æрбауагъта, æртæ цæджы нæ, фæлæ дзы авд цæджы æрбалыг кодта. Æрхаста сæ райсомы Сатанамæ æмæ йын сæ æхсыры хъæрмхуыппыл скарста. Сатана æхсыры хъæрмхуыпп бацымдта, æфсæйнæгтæ йæ дæлæвзаг баурæдта, Уырызмæгмæ сæ радта. Уырызмæг сæ уæларв Куырдалæгонмæ схаста. Куырдалæгон ын æртæ фаты скодта. Æрхаста сæ, æмæ йын Сатана загъта:
     – Галиуырдыгæй фарс дуары тарвазмæ дæхи байс. Адæмы цæуыныл сардау, æмæ, цæугæ куы кæной, уæд сæ Схъæлвæрæз Сонт Бæгъатыр цæгъддзæн, æмæ йæ фехсдзынæ æмæ йæ амардзынæ.
     Уырызмæг йæ адæмы сардыдта, мидæмæ дуарыл куыд цæуой, афтæ. Йæхæдæг тарвазмæ йæхи байста. Цæгъдын та сæ куы байдыдта хæцæг адæмы Схъæлвæрæз Сонт Бæгъатыр, уæд æй Уырызмæг иу æхст фæкодта æмæ уæлкъæсæрыл сæмбæлд. Стæй та йæ дыккаг æхст фæкодта. Уый бынкъæсæрыл сæмбæлд. Сатана йæм афтæ дзуры:
     – Гъæйтт, тасæндзонг фæуай, зæронд, тасæндзонг! Зыр-зыр кæнын куы байдыдтай, де 'хст раст куынæуал цæуы!
     – Гъæй, дæ бонæй уай, зæронд ус! Мæ зæрдæ йæ нæ зæгъы: сиахсæй хъæбулæй хъауджыдæр нæй!
     Æртыккæгæм æхст æй фæкодта, æмæ йын йæ тæккæ зæрдæйыл сæмбæлд, æмæ уырдыгæй рахауд Схъæлвæрæз Сонт Бæгъатыр. Хæцджытæ бацыдысты æмæ Нарты ныппырх кодтой. Уый хуызæнæй та Уырызмæг æвддæсаздзыд лæппуйы хуызæн сног ис æмæ та йын фыццаджы кад дæттын байдыдтой.

Радзырдта йæ Хъалæгаты Иналыхъо, 3 апрель, 1921 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, опись 1, дело 9а, ф. 37–39

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru