Главная > Нарты кадджытæ > Сатанай зар

Сатанай зар


17 марта 2010. Разместил: 00mN1ck
Не 'фсинæ Сатана æй,
Уай-ра, а-ри-ра-рарæ, сой!
Сатанамæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-ра-рæ, сой!
Сатана нин радавдзæнæй.
Уай-ра, уа-ри-ра-рæ, сой!
Нæ тумбул финги æртæ къерей,
Уай-ра, уа-ри-ра-рæ, сой!
Йеу ма дæр нин радавдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-ра-рæ, сой!
Фарс фезонæг цæхцæхгæнгæ.
Уай-ра,уа-ри-рарæ, сой!
Йеу ма дæр мин радавдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Сау гъосини сау бæгæни,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Нæ хестæр Урузмæги къохи сæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Уотæ зæгъуй, бакæндзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Хуцаумæ нин исковдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Хуцауæй нин хуарз гъуддæгтæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Уотæ зæгъуй, ракордзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Нæ хуарз Уасгергимæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Фæндараст нæ фæккæндзæнæй,
Уай-рарæ, уа-ри-рарæ, сой!
Хуарз гъуддагбæл нæ сараздзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Фæндараст нæ фæккæндзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ,сой!
Фонси Фæлвæрамæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Фонсæфсес нæ фæккæндзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Минтæ-минтæ нин февæрдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Уотæ зæгъуй, сау нæл сæгътæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Йеу ма дæр нин февæрдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ,сой!
Сæдтæ-сæдтæ зæддаг фустæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Никколамæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Фæлвæрай фонсæй нин февæрдзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Уотæ зæгъуй, бор нæл фустæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Хуари Уацелламæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Хуарæфсес нæ фæккæндзæнæй,
Уай-райри-рарæ, сой!
Рохс Алаурдимæ баковдзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Нæ сабити нин æ дари дусæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Хуарз æрдæмæ райдаудзæнæй,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Стур кувдтитæ уæд кæндзинан,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Нæ хестæртæн уæд мингæйттæ
Уæй-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Уонæй кæстæртæн уæд сæдгæйттæ,
Уæй-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Уонæй кæстæртæн уæд фæндзгæйттæ,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Фæйнæ-фæйнæ раниуазæн,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!
Йæ хæдзарæн авди бæркад,
Уай-ра, уа-ри-рарæ, сой!

Радзырдта йæ Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 24 ноябрь, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, папкæ 13, ф.17–19.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru