Главная > Нарты кадджытæ > Сослан æма Сирдони райгуруни тауæрæхъ

Сослан æма Сирдони райгуруни тауæрæхъ


17 марта 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарти Алæгæн инсæй лæхъуæни райгурдæй. Уонæн сæ кæстæр хундтæй Сосæг-Æлдар. Æ фидæ æй нецæбæл исахур кодта, фонсæй æндæр, æма Сосæг-Æлдар уони хæтдзæ хаттæй æма цардæй. Сосæг-Æлдар ма битдзеу ку адтæй, уæд æй æ фидæ æскъæти бакодта, æ хæццæ ба ма æртæ фуси æнæ фурæй. Йетæ ин йеунæг анзбæл сæдæ фуси бацæнцæ. Сосæг-Æлдар æ фонси хæтдзæ уотæртти цардæй. Ци ибæл рацудæй, Хуцау æхуæдæг зонуй, æма æ фонс уорамун нæбал фæразта. Йеу бон кæми адтæй, уоми ба сæ Терк-уордгути исæскъардта 'ма сæ гъæуай кодта, лæг йеунæг фус куд гъæуай кæна, уотæ.
    Æхсини унаут фæлгæсæнæй ракастæй 'ма загъта:
    –Ауæхæн дессаг некæд фæууидтон: дæлæ и будуртæ фонсæй басау æнцæ, гъæуай ба сæ йеунæг лæг кæнуй.
    Æхсинæ ракастæй фæлгæсæнæй æма 'и фиййауи ку фæууидта, уæдта уæрдун райефтиндзун кодта, 'ма Терки билæмæ ниццудæй. Уоми ба æхе мадиард бæгънæг искодта. Сосæг-Æлдар силæстæги бæгънæгæй некæд фæууидта 'ма фæддес кодта,уæдта йеу дорбæл рафунæй æй æма фертайуйнаг æй. Æхсинæ 'й куд нæ балæдæрдтайдæ 'ма ниффардæг æй, Сосæг-Æлдар дæр æхе ниртадта 'ма рандæ'й æ фонси хæтдзæ. Цидæр адтæй,Æхсинæ бæнттæ нимайун райдæдта и дорæн. Æ афонæ ку æрхъæрттæй, уæдта дор бакъæртт кодта 'ма имæ дори наффæй битдзеу ниххудтæй. Битдзеу ин загъта:
    – Дæ хъиамæт мабал фæдздзæгъæл кæнæ. Нур ба мин лилагъз искæнæ 'ма мæ Курдалæгонæн байсæрун кæнæ, æз ба айдагъ болат исон.
    Æхсинæ дууадæс уæрдуни дорин æвзалу æрбаласта, лилагъзи дон никкодта 'ма 'й кунцгоми истæвдæ кодта, уæдта и биццеуи ниввардта, æма ин æ уæраги сæртæ нæ рамбарзта.
    – Дæ хъиамæт дзæгъæл кæнуй, рæхги дон æрбадавæ, – зæгъгæ, æма Æхсинæ æхуæдæг донмæ рауадæй. Донгæс ин дон нæ лæвардта... Æма Æхсинæ бауæззау æй. Æрæгиау ба æрбацудæй, æма уæдмæ и биццеу рауазал æй, æма уæраги сæртæ æнæ исæрд байзадæнцæ.
    Уæд Æхсинæ æ думæггæгтæ бацагъта, æма Сирдон æрлæуирдта. Ралигъдæй. Битдзеу имæ дзоруй:
    – Гъе мæ барцаг æрвадæ, кумæ ледзис? Натар-Уатари фурт Сирдон дæ ном фæууæд!
    Сирдон ба ин загъта:
    – Сосæг-Æлдари фурти Сосдорæй хуæрз игурд Сослан ба дæу ном фæууæд!
    Йеци бонæй ба сæ рамæлæти бонмæ Сослан æма Сирдон кæрæдзей фæдбæл некæд рацудæнцæ.
    
Радзырдта йæ Кертибити Кертиби, Махческ, 28 сентябрь, 1903 аз. Ныффыста йæ Гарданты Михал.
«Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, ф. 9–10.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru