Главная > Нарты кадджытæ > Нарты Созырыхъо цуаны куыд ацыд

Нарты Созырыхъо цуаны куыд ацыд


3 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Нарты Созырыхъо йæ тыхыл фервæссыд. Йæ тыхæн æмбал куы нæ разынди Нарты, уæд сфæнд кодта æнæ 'мбалæй цуаны фæцæуын. Араст кодта иу бон æнæ 'мбалæй. Бирæ фæрахау-бахау кодта, фæлæ йе 'намондæн уыцы бон нæ сырдыл сæмбæлди, нæ маргъыл, катай кодта, ныр фæстæмæ аздæхид, фæлæ афтидармæй сæ хъæумæ куыд æрцæуа. Бахызти сау хъæдмæ. Сау хъæды астæу æрдуз æмæ дзы сыгъзæрин саг хизы. Созырыхъо йæ бæхы бæласыл æрбаста, йæхæдæг сыгъзæрин сагмæ марынмæ фæцæуы.
     Ныхъхъавыди йæм. А ныр æй фехса, афтæ йæм бацыд иу лæг сыгъзæрин сагмæ, йæ сыкъатыл ын зæлдаг синаг сывæрдта, стæй йæ йæ фæдыл аласта. Cозырыхъо фæдис кодта, йæ къæхты бынæй ныуулæфыд, стæй йæм хардзау фæкасти, ома саджы ацы лæг куыд фæласы. Йæ бæхыл абадти Созырыхъо æмæ йæ фæдыл ацыди. Уыцы лæг ныццыди иу хъæумæ, хъæуы кæрон æй Созырыхъо дæр баййæфта æмæ йæм дзуры:
     – Де'зæр хорз уа, хорз лæг! Фысым мын чи фæуыдзæн, ахæм ам ничи разына?
     Уыцы лæг ын зæгъы хатиагау:
     – Фысым дын фæуыдзæни мæ фыд, фæлæ кæцон дæ кæнæ кæйонг цæуыс?
     Созырыхъо бакасти лæгмæ, фæлæ уый уыди лæппу, æмæ йын загъта:
     – Дард ранæй дæн, æз нæртон лæг дæн, цуаны цыдтæн æмæ ардæм æрхаудтæн.
     – Уæдæ мæ фыд нæртон лæджы цырагъы рухсæй агуры, бирæ уарзы нæртон лæджы, фæлæ йæм дзы хаугæ ничи никуы æркодта, цом мемæ, фысым дын стæм.
     Араст ис Созырыхъо лæппуйы фæдыл. Иу хæдзары раз æрлæууыдысты, æмæ лæппу йæ фыдмæ дзуры:
     – Дада, мæнæ дын нæртон лæг!
     Зæронд лæг æм рауади, Созырыхъойы бæхæй æрхизын кодтой, фæцин ыл кодтой, сæ хæдзармæ йæ бакодта æмæ йæ фæрсы хатиагау:
     – Чи дæ, кæцы сæ дæ Нартæй, кæцы фыдыфыртæй дæ?
     – Æз дæн Нарты æфсæддон, хистæр Борæтæй, мæ ном Созырыхъо.
     Зæронд лæгæн æртæ лæппуйы уыди æмæ сæм дзуры:
     – Уазæг диссаджы уазæг у, кусарт кæнын афон у, æмæ йын кусæрттаг скæнут рæгъауæй.
     Кæстæр лæппу хатиагау дзуры фыдмæ:
     – Абон цы сæныкк фесæфт, уый ссардтон æрдузы æмæ фаг уыдзæни æви нæ?
     Созырыхъо хатиагау хорз зыдта æмæ сын зæгъы:
     – Уый æгæр дæр ма уыдзæни,– æмæ сæ нал ауагъта лæппуты рæгъаумæ. Уæд Созырыхъойæн уыцы сыгъзæрин саг æркодтой æмæ йæ скуывта зæронд лæг, йæ ныхыл ын милæвæрд акодта, стæй Созырыхъойæн бар радта, цæмæй йæ аргæвда. Созырыхъойы та афтæ фæндыд, цæмæй йын æй йемæ радтой сыгъзæрин саджы, фæлæ йæ цæсгом не схъæцыд зæгъын æмæ йæ аргæвста. Æхсæвæр сцæттæ, фынгтæ æрæвæрдтой, фæлæ Созырыхъо йæ къух дæр не 'ркодта фыдмæ.
     Фысым æй фæрсы:
     – Цы кæныс, нæртон лæг, цæуыннæ бахæрыс?
     – Махмæ, Нартæм, ис æгъдау, нæ туджджынимæ дæр фæхæрæм цæхх æмæ кæрдзын иумæ, фæлæ йæ хъуамæ зонæм, чи у, уый. Сымах мæнæн лæггад кæнут, фæлæ чи стут, уымæй уæ хъуамæ бафæрсон.
     Зæронд лæг ын загъта:
     – Æз дæн куыймаг лæг. Ис мын æртæ лæппуйы, зæххыл никуы никæй бахъыгдардтам, хæлар æмæ уарзондзинад дæттæм нæ алы уазæгæн дæр. Хорз кæмæн ракæнæм, уый нын чи базоны, уымæн фылдæр æххуыс фæвæййæм; æвзæр нæ чи фæзæгъы, уымæн та цыфыддæрæй ноджы фыддæр митæ фæкæнæм.
     Созырыхъо дæр ницыуал загъта æмæ æхсæвæр бахордта. Кæрæдзийæ æфсымæртæ загътой, стæй Созырыхъойæн бауат кодтой æмæ дæлбазыр æрхуыссыди. Сагдзарм дæр йæ цуры æфтуанхъæдыл ауыгъд æрцыди. Дымгæ иу куы 'рбакодта, уæд иу сыгъзæрин сагдзармæн йæ хъуынтæ алыхуызон мырмырæгтау суасыдысты. Созырыхъо йæм дисæй марди, хуыссæг ыл нал хæцыд æмæ йæхинымæр хъуыды кодта: «Ацы сагдзарм мын куы радтиккой, уæд æй Нарты хъæумæ дисæн фæхæссин».
     Райсомы, куыддæр сбон и, афтæ зæронд куыймаг лæг хуыссæнуатмæ бацыди Созырыхъомæ æмæ йын загъта:
     – Æз арвыстон ме 'ртæ лæппуйы: сæ иуы бæхты дзугмæ, иннæйы хъомты рæгъæуттæм, аннæйы та фосы дзугтæм. Гъер дын бар уыдзæн, æд фысгæстæ иу сæ демæ акæ, æз дæр хъуамæ мæ цæсгом равдисон Нарты хъæуы астæу.
     Созырыхъо сыстади æмæ зæронд лæгимæ быдырмæ рæгъæуттæ уынынмæ ацыди. Созырыхъо фосы рæгъæуттæ куы федта, уæд зæронд лæгæн йæ худ систа æмæ йын арфæтæ ракодта:
     – Уæхицæн хæлар уæнт, æз ацы рæгъæуттæй ницы акæндзынæн, уæддæр мæ æнæуый дæр хорз сбуц кодтат.
     Зæронд лæг йæ кæстæр лæппумæ хатиагау дзуры:
     – Уазæджы арæнуатæй ахизын хъæуы æмæ дæхицæн бæх æрцахс.
     Лæппу бæхты дзуджы басырдта æмæ кæнкхæрд байрагыл фæхæст, иннæтæ алыгъдысты. Се 'рцыдмæ аходæн дæр сцæттæ ис æмæ аходæн хæрынмæ баздæхтысты хæдзармæ. Аходæн бахордтой, кæрæдзийæн хæрзбон загътой, стæй дуармæ рахызтысты. Уым йæ бæхы цур кæнкхæрд байраджы куы федта, уæд йæхинымæр бакатай кодта: «Ацы байраг мæ бæхы æмдзыд куыд фæкæндзæн арæнуатмæ».
     Сбадтысты сæ бæхтыл дыууæйæ дæр, фысымæн та хæрзбон загъта Созырыхъо æмæ куыймаг лæджы кæстæр лæппуимæ рацыди. Созырыхъо цыди разæй, лæппу та йæ фæдыл. Цæуынц æмæ сау хъæды астæумæ куы бахæццæ сты, уæд Созырыхъойы бæх зивæг кæнын байдыдта цæуынмæ хъæды мидæг, кæнкхæрд байраг та размæ тындзы. Уæд лæппу Созырыхъомæ дзуры:
     – Хистæры разæй цæуын мын аипп ма уæд, фæлæ мæн разæй ауадз, ничи нæ фендзæн, æз фæндаг хуыздæр зонын æмæ ды та мæ фæрсты цу.
     Созырыхъо йын бар радта. Уæд лæппу йæхи аразæй кодта, Созырыхъо дæр йæ фæдыл цыди, афтæмæй. Лæппуйæн йæ байраг дæр хъæды бæзджынтæм хъавы æмæ ставд бæлæсты сынæгæй фæлдахы, Созырыхъо йæ фæдыл цæуы æмæ йæм хардзау æркасти, стæй фæрсы лæппуйы:
     – Дæ бæхы тæнæгдæр рæттыл цæуылнæ ауадзыс?
     Лæппу йын загъта:
     – Уæд æгæр аразæй уыдзæн, æмæ йын дæ бæх йæ дымгæйы дæр нал аййафдзæн.
     Арæнгæронмæ ахæццæ сты. Лæппу йæ бæхæй агæпп кодта æмæ йæ кæнкхæрды ралас-балас кæны, уæдмæ йæ Созырыхъо дæр ныййæфта æмæ йæм дзуры:
     – Æллæх, æллæх, мæ бæхы тых мын басастай, фæлæ мын мæхи тых мауал басæтт, фæндаг нын ратт.
     Лæппу зæгъы Созырыхъойæн:
     – Фæндараст фæу, Созырыхъо, мæнæн арæнуатæй фалдæр цæуæн нал и.
     Созырыхъо та зæгъы лæппуйæн:
     – Нæ бæхтæ баивæм, ратт мын дæ кæнкхæрд бæхы.
     Лæппумæ хъыг æркасти Созырыхъойы ныхас æмæ йын зæгъы:
     – Уаих фæуай, Созырыхъо, æмæ дын мæ фыд æнæхъæн бæхты дзуджы æд бæхгæстæ куы лæвæрдта, уæд сæ цæуылнæ истай? Ацы байраг се'взæрдæр у æмæ дын æй нæ баивдзынæн, уæд мын нæхимæ Куымы адæм афтæ зæгъдзысты: «Нæртон лæг дын дæ бæхы байста», – æмæ мын худинаг уыдзæни.
     Уыцы дзуапмæ Созырыхъо йæ карды сæрыл ныххæцыд æмæ лæппуйы тæрсын кæны:
     – Тагъд дæ бæх ныууадз æмæ мæнæ мæ бæхыл ацу уæхимæ, кæннæуæд дæ марын!
     Лæппу уыцы ныхæстæм йæ кард фелвæста æмæ кæрæдзиуыл ралæууыдысты кардæй, фæлæ сæ ничи никæуыл фæтых и. Æмбисбонмæ фæхæцыдысты, стæй æрулæфыдысты. Созырыхъо лæппуйы фæрсы:
     – Цы лæджыхъæд дæм ис, уый æз ныр базыдтон, фæлæ уал ацу æмæ кæрæдзи лæджыхъæд фæстæдæр базондзыстæм.
     Фæйнæрдæм фæцыдысты, сæ дыууæ дæр цæфтæй. Лæппу йæ хæдзармæ туг калгæ бацыди, йæ фыд æй ауыдта æмæ йæ фæрсы:
     – Цы кодтай, лæппу?
     – Дæ уазæг мын хорз бакуыста, йæ бæх мын ивта, æз та уый мæ сæрмæ не'рхастон æмæ кæрæдзи ныкъкъуыхтæ кодтам. Дыууадæс цæфы уый у, дыууадæс цæфы æз дæн. Нырма ноджы иу хатт хъуамæ сæмбæлæм, дзырд ныууагътам кæрæдзийæн.
     – Æмæ ды цæмæн цавтай, уазæджы цæвын худинаг у æмæ ныр фæхудинаг уыдзыстæм.
     – Сæхи арæнуатмæ куы ахæццæ стæм, хыл дæр уæд фестæм.
     – Ницы кæны уæд, уæдæ уал дæхи сдзæбæх кæн, стæй та уæд фендзыстут, чи зоны, уæд уе 'хсæн хылы бæсты фидыд рацæуа.
     Созырыхъо дæр Нарт æмæ Чынтæн йæхи нал фенын кодта, цалынмæ бæстон бæрæг, бынтондæр сдзæбæх и, уæдмæ. Стæй куы сдзæбæх и, уæд иу хатт йæ цæфты ностæм æркасти æмæ загъта:
     – Ацы цæфтæ куыд ныббарон ныр уыцы куыймаг лæппуйæн, цом фæцæуон æм, кæд нæ бамбæхсид æмæ искуы кæрæдзи фениккам. – Йæхæдæг та йæ бæхыл сбадт æмæ арæнуатмæ ацыди. Куыймаг лæппу дæр уыцы бон арæнуатмæ æрцыд, кæд нæртон лæгæй мæ маст райсин, зæгъгæ. Дыууæ дæр уым тархъæды сиу сты. Уæд Созырыхъо бахудти лæппумæ æмæ йын загъта:
     – Цæй, бафидауæм, кæрæдзийæн нæ хъару æнæвзæрст куы нæ у исты, кæрæдзийæн фыдмиты бæсты фыдхæлæрттæ суæм.
     Куыймаг лæппу йæм дзуры:
     – Нал дыл æууæндын, Созырыхъо, ды æнæууæнк лæг дæ æмæ мæм хæстæг дæр мауал цу.
     Уæд Созырыхъо йæ кард систа, йæ бæхы саргъы гоппыл æй æрæвæрдта, йæ уарт зæхмæ аппæрста, йæ фатдон фæсарцыл бабаста, йæхæдæг лæппумæ бацыд, йæ къух ын райста æмæ йын загъта:
     – Тых фæлварæн кæрæдзийæн мауал скæнæм, фæлæ цард фæлварæн скæнæм. Уырдæм та дæ фыд бацамондзæн фæндæгтæ.
     Уыцы ран лæппу æрæууæндыди Созырыхъойыл, уæлдай йæм ницыуал сдзырдта, сыджытæй ард бахордтой æмæ ацыдысты иумæ лæппуйы фыдмæ. Хæдзармæ ныццыдысты фидыдæй. Лæппу йæ бæхæй рахызт, фæлæ Созырыхъо нæ хизы. Уæд æм лæппуйы фыд рауад æмæ йæм дзуры:
     – Дæ хорзæхæй, рахиз дæ бæхæй, нæ уазæг куы дæ, уæд цæуылнæ цæуыс мидæмæ, фысым дын уыдзыстæм.
     Созырыхъо йын загъта:
     – Тых фæлварæн фæкодтам дæ лæппуимæ æмæ нæ уæлдай хъару никæмæ разынди. Ныр та цард фæлварæн акæнæм æмæ нын искуы æнæхæрд зæхх бацамон æмæ йыл нæ хъару равдисæм.
     Зæронд лæг загъта:
     – Нартæ æмæ Чынтæ тых кæмæн нæ бакодтой, ахæм æнæхæрд зæхх æз никуыуал зонын. Æрмæст ма зонын Ахохайы хохыл Хуыцауы уарзон æртæ æфсымæры фос æмæ сæ фыййауæн тыхгæнæг тых никуы ничи скодта хъаймæтæй фæстæмæ.
     Уæд Созырыхъо бæхæй агæпп кодта æмæ загъта:
     – Уæдæ æз ахæм куы агурын æмæ йыл тых фæлварæн хъуамæ скæнæм.
     Зæронд лæг загъта:
     – Уымæн фæнды йеддæмæ тыхгæнæг тых не ссардзæн, фæлæ рацæут мидæмæ æмæ уын æз бацамондзынæн фæндтæ.
     Лæппу æмæ Созырыхъо бацыдысты хæдзармæ, уым сын зæронд райдыдта дзурын:
     – Мæнæн мæ чызг у тынг рæсугъд, æмæ йæ хусар хъуымацæй хорз сфæлындзут, стæй йæм радтут хъисфæндыртæ: къах-къухты фæндыр æмæ къух-фæндыр, стæй йæ уемæ акæнут Ахохайы хохмæ. Уым-иу фыййауы хæдзармæ бацæут уæ дыууæ дæр, йæхæдæг фосимæ уыдзæн хизæнуаты. Фыййауы хæдзары ис пылыстæгæй къæлæтджын, æмæ-иу чызджы къæлæтджыныл æрбадын кæнут, радтут æм хъисфæндыртæ æмæ уый уыдонæй цæгъддзæн. Сымах та бамбæхсдзыстут дуары фæйнæ фарс. Изæры фыййау æрцæудзæн, дуар куыддæр бакæна æмæ куы бакæса, уæд уый сылгоймаджы арæх нæ уыны æмæ чызджы куы фена, уæд уæ, кæд амонд уа, уæд æм чызг куыддæр бахуда, афтæ уый фæуадзыг уыдзæн. Сымах хъуамæ фæцырд уат æмæ йæ хæдзары астæуккаг цæджындзыл бабæдтут фыййауы, стæй йын раскъæрдзыстут йæ фосы дзугтæ.
     Созырыхъо æмæ лæппу, зæронд лæг сын куыд бацамыдта, афтæ сарæзтой. Фыййау куы 'рцыди, уæд дуар бакодта, бакасти мидæмæ æмæ чызджы пылыстæг къæлæтджыныл фæндырдзæгъдгæйæ ауыдта бадгæ. Чызг фыййаумæ бахудти, æмæ фыййау фыруарзондзинадæй фæуадзыг ис, стæй йæ Созырыхъо æмæ лæппу бабастой хæдзары астæуккаг цæджындзыл. Уым сæхæдæг кусарт акодтой сæхицæн, сфыхтой йæ æмæ хæрыныл æрбадтысты. Фыййаумæ кусарты алы уæнг лæвæрдтой баст уæвгæйæ, фæлæ дзы уый никæцы уæнг бакуымдта. Фæстаг хатт æм Созырыхъо сгуы авæрдта, фыййау уый райста æмæ сгуы-хъул дæндагæй стыдта, стæй хъулы йæ ныхыл авæрдта, афтæмæй йæ ныкъкъуырдта. Хъул уырдыгæй зилгæ атахти æмæ Хуыцауы уарзон æртæ æфсымæры раз æхсæвæр хæргæйæ уæлгоммæ сæмбæлди цыджырдæм.
     Уæд куыймаг лæппу Созырыхъойæн загъта:
     – Уа раст фæуай, Созырыхъо, уыцы хъул фæдисы хъæргæнæг фæцæуы фосы хицæуттæм – Хуыцауы уарзон æфсымæртæм, тагъддæр фос скъæргæ.
     Афтæмæй фосы сæ разæй раскъæрдтой æмæ рахæццæ сты иу стыр быдырмæ, бон дæр сыл æрбацъæхтæ ис.
     Хуыцауы уарзон æртæ æфсымæры фæдисы рацыдысты æмæ раздæр фыййаумæ бацыдысты, йæ бæстытæ йын суагътой æмæ цыппарæй сурын байдыдтой Созырыхъоиты.
     Быдыры сæ æрцæйæййæфтой, æмæ Созырыхъо скуывта:
     – Лæгтыдзуар, Уастырджи, дæ сæр нæ бахъуыди æмæ нын баххуыс кæн!
     Уастырджи фехъуыста Созырыхъойы куывд æмæ Хуыцаумæ бацыди, йæ разы йæ худ систа æмæ йын зæгъы:
     – Абон тыхджын тæригъæды хъуыддæгтæ цæудзæни, фæлæ мын бар ратт æмæ сæ бафидауын кæнон.
     Хуыцау ын бар нæ радта. Уастырджи смæсты ис Хуыцаумæ. Ницыуал æм сдзырдта æмæ иунæгæй сæ сæрмæ разылди æмæ йæ сæрвасæн сæ астæумæ раппæрста, афтæмæй быдыры сæ астæу тархъæд фестади. Фæдисонтæ цалынмæ хъæды цыдысты, уалынмæ фос адард сты. Уастырджи та дыккаг хатт бацыди Хуыцаумæ, цæмæй йын бар радта æмæ сæ бафидауын кæна. Уæддæр та Хуыцау не сразы ис æмæ загъта Уастырджийæн:
     – Ауадз сæ, æмæ сæ кæмæн цы йæ лæджыхъæд уа, уый кæндзæн.
     Уастырджи та дыккаг хатт сæ сæрты разылд, сæ астæумæ сау дур раппæрста æмæ сæ астæу сау къæдзæх хох фестади. Цалынмæ та уыцы фæдисонтæ хохыл хызтысты, уæдмæ фос адард сты. Æртыккаг хатт бацыди Уастырджи Хуыцаумæ, йæ сæрæй йын акуывта æмæ дзы фидыды бар ракуырдта.
     Уæд ын Хуыцау загъта:
     – Алы хатт дæр вæййыс къæрныхты æмæ абырджыты, тыхгæнджыты æвварс, фæлæ ма дын ацы хатт дæттын бар, кæд сæ раст бафидауын кæндзынæ, уæд.
     – Бафидауын сæ кæндзынæн, уыдон тыхгæнджытæ не сты.
     Йæхæдæг сæ астæу урс бæхыл смидæг и, фæдисонты æмæ Созырыхъоитæн, æмæ зæгъы фæдисонтæн:
     – Ам уал лæуут, æз фæуромон тыхгæнджыты æмæ сæ бафæрсон, цæй тыххæй скъæрынц уæ фос.
     Уыдон æрлæууыдысты. Уастырджи тыхгæнджыты рæзты æрбазылд æмæ сæ фæрсы:
     – Кæй фос скъæрут?
     Уыдон загътой:
     – Хуыцауы уарзон æртæ æфсымæры фос скъæрæм.
     – Æмæ уæ мæнæ куы раййæфтой, уæд ма цы уæ зæрды ис? Кæд уæ фæнды, уæд уæ бафидауын кæнон? – афарста Уастырджи.
     – Уымæй хуыздæр цы ис, разы стæм.
     – Ацы чызг та уын чи у? Уый дæр скъæфгæ кæнут?
     – Нæ, уый мæ хо у, – загъта куыймаг лæппу.
     Уастырджи фосы хицæуттæм бацыд худгæ æмæ сын зæгъы:
     – Уыдон дæлæ сæ ирæд куы скъæрынц, уæд цæй тыхгæнджытæ сты, – æмæ сæ кæрæдзимæ æрбакодта. Уыцы ран æртæ æфсымæрæй кæстæрæн чызджы радтой, иннæтæ усджынтæ уыдысты, уыдон та фос аскъæрдтой æмæ фидыдæй баззадысты. Уастырджи Хуыцаумæ сфардæг и æмæ дзы Хуыцау фæбузныг.
     Созырыхъо æмæ лæппу фосы æрыскъæрдтой лæппуйы фыдмæ. Райсомы сæ уæрстой, æмæ Созырыхъо æртæ хайы скодта.Уæд лæппу йæхимидæг хъуыды кæны: «Æртæ хайы сæ цæмæн скодтаид фосы Созырыхъо? Кæд дзы дыууæ хайы йæхицæн, мыййаг, исы, уæд нын загъдмæ цæудзæн».
     Созырыхъо загъта:
     – Цæуыл фенкъард дæ, лæппу, раст сæ куы байуæрстон,уæд? Иу хай дзы чызджы ирæд у, иу хай дæу, иннæ хай та мæн.
     Лæппу æмæ зæронд куыймаг лæг бабуц сты Созырыхъойæ æмæ сæхи хæйттæ дæр Созырыхъойæн радтой, сæхи фосæй дæр ма йын радтой æмæ йæ цытимæ рахизын кодтой сæ арæнуатæй. Радтой йын сыгъзæрин саджы царм. Созырыхъо уæдæй фæстæмæ баззади лæппуимæ æфсымæргондæй.
     Созырыхъо æд фос Нарты хъæумæ æрцыди æмæ сын куывдтæ фæкодта.

Радзырдта йæ Сланты Иликъо Джиорджийы фырт, 70-аздзыд, 7 август, 1939 аз. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар Герасимы фырт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 152, папкæ 43, ф. 7–17.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru