Главная > Нарты кадджытæ > Созырыхъо æмæ гуымаг лæг (вариант)

Созырыхъо æмæ гуымаг лæг (вариант)


3 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

     Нарты Созырыхъо иу бон хæтæны ацыд. Бацыди Гуымыкоммæ æмæ иу æрдузы баййæфта иу саг. Саг уыйбæрц рæсугъд уыди, æмæ йæ йæ цæст фехсын нæ уарзта.
     Саг-иу йæхи куы базмæлын кодта, уæд-иу алы æвзагæй суасыди йæ хъуын.
     Созырыхъо йæ фæдыл хъуызын байдыдта къуыппæй-къуыпмæ, халæй-халмæ. «Гъа ныр фехсон» куыд загъта, афтæ топпы хъæр фæцыд. Созырыхъо фæкасти, æмæ дæлæ саг фæтулы. Æвиппайды фестади Созырыхъо æмæ йæ хъæлæсы дзаг фæхъæр кодта:
     – Чи куыдз-чи хæрæг, мæ саджы мын чи фехста?
     Cаджы тугвæдыл ныццыди коммæ æмæ федта дынджыр мæсыджыйас лæг, саджы мард йæ разы.
     – Мæ саджы мын ды амардтай?
     Уый та йын загъта:
     – Ай-гъай дæр, æз æй амардтон.
     Созырыхъо схъæл ныхæстыл ысхæцыди:
     – Саг мæн уыди, æмæ мын æй цæмæн амардтай?
     Уый йын загъта:
     – Æмæ кæд дæу уыди, уæд æй цæуылнæ æхстай? Æз дæр цуанон æмæ ды дæр. Бæстæй мæ бæстæ куы у, Гуымыком, уæд мыл цы хъæртæ кæныс?
     Созырыхъо йæ бафарста:
     – Æмæ ды кæцон дæ?
     Уый йын загъта:
     – Æз дæн гуымаг лæг. Ды та кæцон дæ?
     Созырыхъо йын загъта:
     – Æз дæн нæртон лæг Созырыхъо.
     Уæд сæ дыууæ дæр æрсабыр сты. Саджы бастыгъта гуымаг лæг æмæ йæ æртæ хайы скодта.
     Созырыхъо йæхинымæр загъта: «Иу хай дзы мæн уыдзæни, дыккаг – йæхи, фæлæ æртыккаг хай дæр, æвæццæгæн, йæхицæн исынмæ хъавы, æмæ уæд мæ мæлæт уыдзæни, уый мæнæй исты куы æхæсса уæлдай».
     Гуымаг лæг загъта:
     – Нæртон лæг, Созырыхъо, хæйттæй дын бар!
     Созырыхъо йын загъта:
     – Нæ, мæ хур, саджы ды амардтай, æмæ раздæр ды хъуамæ сисай хай.
     Гуымаг лæг æрæвнæлдта æмæ иу хай систа æмæ йæ радта Созырыхъомæ:
     – Уый дын дæ хай!
     Дыккаг хай та систа йæхицæн. Æртыккаг хай систа æмæ загъта:
     – Созырыхъо, ды куыд дардбæстаг, афтæ дын мæ кæрдих!
     Бафснайдтой сæ хæйттæ, æмæ гуымаг лæгæн йæ зæрдæмæ фæцыди Созырыхъо. Гуымаг лæг загъта Созырыхъойæн:
     – Мæ бæхæй, мæ кардæй, мæ хъæргæнагæй дын бар ис, лæвар дын кæнын, æмæ йæ мæ номыл фæхæсс Нартыхъæумæ.
     Созырыхъо дзы ницы бакуымдта. Уæд кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой æмæ сæ бæхтыл сбадтысты. Созырыхъо Нартыхъæуы 'рдæм рацыд, гуымаг та сæхирдæм.
     Созырыхъо иудзæвгар куы ауади, уæд æрхъуыды кодта: «Лæвæрттæ мын куы кодта, уæд дзы цæуылнæ бакуымдтон? Куыд зæгъдзынæн Нартыхъæуы? Цæй, æмæ йæм фæстæмæ аздæхон».
     Йæ бæх фездæхта, фæсуры гуымаг лæджы æмæ йæм ныхъхъæр кодта:
     – Фæлæуу-ма, гуымаг лæг, ныхæстæн мæ хъæуыс!
     Гуымаг лæг дæр æм æрлæууыд, æмæ йæ баййæфта Созырыхъо.
     Загъта йын гуымаг лæг:
     – Цы ма дæ ферох, нæртон лæг Созырыхъо?
     Загъта йын Созырыхъо:
     – Махмæ лæвар куы фæкæнынц, уæд æй раздæр нæ фæкомынц, стæй йæ уый фæстæ фæисынц.
     Гуымаг лæг загъта:
     – Мæхмæ та раздæр лæвар фæкæнынц, стæй йæ уый фæстæ нал фæдæттынц.
     Дыууæ лæгæн загъд бацайдагъ и. Кæрæдзимæ кæрдтæ фелвæстой æмæ цæвын райдыдтой кæрæдзийы. Æстдæс цæфы сæ иу фæкодта, æстдæс цæфы се'ннæ. Куы бафæлладысты æмæ, сæ бон куынæуал уыди, уæд фæндагæн сæ иу иуырдæм ахауди, се 'ннæ – иннæрдæм. Бон дæр æризæр, сæ улæфт дæр æрцыди, æмæ кæрæдзийæн загътой:
     – Ацæуæм уал, нæ цæфтæ уал сдзæбæх кæнæм, æмæ та афæдзы бонмæ ацы ранмæ æрцæуæм.
     Уым уыди стыр бæлæстæ, æмæ уыцы бæлæсты снысан кодтой. Сæ бæхтыл сбадтысты тыхæмхасæнтæй æмæ фæйнæрдæм ацыдысты.
     Созырыхъо Нартыхъæумæ ацыди, гуымаг лæг та Гуыммæ бафардæг. Хъæдгоммæгæсджытæ баххуырстой сæхицæн, æмæ афæдзы бонмæ сæ дыууæ дæр сдзæбæх сты. Афæдз куы рацыди, уæд та сæ дыууæ дæр уыцы ранмæ æрцыдысты. Кæрдтæ та сластой æмæ хъуамæ кæрæдзи ныццæвой. Уæд кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой:
     – Кæрæдзийæ туг куы нæ дарæм, уæд цæуыл марæм кæрæдзийы.
     Сæ кæрдтæ аппæрстой фæйнæрдæм æмæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты, кæрæдзийæн апъатæ кодтой.
     Гуымаг лæг загъта Созырыхъойæн:
     – Иу хаттæн бафидыдтам, уæд хъуамæ мæ хæдзар фенай.
     Бæхтыл сбадтысты æмæ араст сты Гуымыхъæумæ. Хорз æй суазæг кодта гуымаг лæг Созырыхъойы. Иннабонæй-иннабонмæ йын фæминас кодта.
     Иннабон куы 'рцыд, уæд Созырыхъо цæуын сфæнд кодта Нартыхъæумæ, æмæ йын гуымаг лæг балæвар кодта йæ хъримаг. Ноджы йын балæвар кодта саджы царм: ахæм царм уыди – хъисæн хъуытаз æмæ æрдуйæн мырмыраг, æмæ-иу æй куы фезмæлын кодтаис, уæд-иу алы æвзагæй суасыди.
     Созырыхъо дæр йемæ рахуыдта гуымаг лæджы. Æрцыдысты Нартыхъæумæ, æмæ йæ тынг хорз суазæг кодта Созырыхъо дæр. Иннабонæй-иннабонмæ йын уый дæр минас фæкодта. Иннабон куы 'рцыди, уæд гуымаг лæг дæр цæуынвæнд скодта сæхимæ.
     Созырыхъо йын балæвар кодта йæ бæх. Уыцы бонæй фæстæмæ æфсымæртæй баззадысты.

Радзырдта йæ Гаглойты Яшæ. Йæ ныффыссæг бæрæг нæу.
«Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 105–106.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru