Главная > Нарты кадджытæ > Нарты Сослан – тыхагурæг

Нарты Сослан – тыхагурæг


4 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Зилахары быдыры, хъазæн лæгъзы, уыцы гуыпп æмбырд сты Нарты фæсивæд. Симд самадтой уыдон хъазæн лæгъзы. Сосланæй хуыздæр ничи сарæхсти симынмæ Нарты фæсивæдæй. Зæххыл куыд арæхст, фæсивæды уæхсчытыл дæр афтæ арæхст Нарты сгуыхт адæймаг.
     – Цæйут, ныр та бавзарæм нæ фæттæ!
     Мысан æркодтой, æхсынтæ байдыдтой. Нарты фæсивæдæй цæуылнæ разындаид рæстдзæфтæ, фæлæ дзы Сосланы хуызæн иу дæр нæ фесгуыхт фатæй: уыцы иу ран æмбæлди Сосланы фат алы æхстæн дæр.
     Къамбецты рагъау ривæд кодтой фурды былыл.
     – Æххæст-ма бавзарæм нæ тых дæр, – загътой Нарты фæсивæд: – цомут фурды былмæ ривæдафон.
     Ацыдысты. Къамбец-иу раластой рæгъауæй, исчи йыл-иу ныххæцыд йæ сыкъатыл Нарты фæсивæдæй æмæ-иу æй фехстаид фурды сæрты. Уыцы æвзæрст фæкодтой сæхи, фæлæ дзы иуы бон дæр нæ баци, иуæн дæр нæ бахауд къамбец фурды фаллаг фарсмæ.
     Уæд Нарты Сослан нал ныууагъта стырдæр къамбец рæгъаумæ, ныххæцыд ын йæ дыууæ сыкъайыл æмæ йæ фехста фурды сæрты: къамбец фурды иннæ фарс абадт!
     Басаста хъазæн лæгъзы Нарты фæсивæды Нарты Сослан.
     – Нарты бæсты мæ тых кæимæ равзарон, ахæм дзы нал ис, – дзырдта Сослан йæхинымæры, сæ хæдзармæ хъазæн лæгъзæй куы 'рцыди, уæд. – Баздæхон æмæ тыхагур ахæтон бæстæтыл.
     Æмæ бацарæзта Нарты Сослан алы æппæтæй дæр балцмæ йæхи. Иурайсом раджы сбадти бæхыл æмæ араст тых агурæг. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ. Цæй бæрц фæцыди, чи зоны, фæлæ фæстагмæ иу стыр фурды былмæ бафтыд.
     «А фурды былтыл саразон мæхи, – дзуры йæхинымæры Сослан, – кæд æмæ искæуыл сæмбæлин». Бæх ауагъта йæ цыдæй; бирæ нал ауад, – афтæ кæсы, æмæ дæлæ фурды æртæ лæджы кæфтæ ахсынц: æгас æфсæнтæ – се 'нгуыртæ, гутоны рæтæнтæ – се 'нгуыры бæстæ, æнæхъæн бæлæстæ – се 'нгуыры хъæдтæ.
     – Бирæ ахсут! – дзуры сæм Сослан.
     – Хорз цæрай, хæххон дзигло! – дзуапп ын радтой кæфахсджытæ. – Кæдæм дарыс дæ фæндаг?
     – Тыхагурæг цæуын! – загъта Нарты Сослан.
     – Кæсыс дæлæ уыцы арыхъхъгæндтæм, – дзуры кæфахсджытæй иу. – Цæугæ раст уырдæм! Гуыппырсартæ дыл а изæр æмбæлдзысты уыцы ран, æмæ дын уæд фадат уыдзæн дæ тых бавзарынæн.
     Араст Сослан амынд ранмæ, кæфахсджытæ та байдыдтой сæ куыст. Хур æрцæйныгуылди, Сослан дæр афтæ бахæццæ бæрæг бынатмæ. Бахæццæ ис, уæдæ цы уыдаид. Кæсы, æмæ дзы ус, йæ иу ссыр уæларвы, иннæ ссыр дæларвы, æмæ йæ дæндæгты зыхъырты зæрватыччытæ ахстæттæ кæнынц.
     – Де зæр хорз уа, мæ мадыхай! – загъта Нарты Сослан.
     – Мæ мадыхай мын куы нæ загътаис, уæд дæ мæ дæндаджы згæтыл бæргæ айсæрстаин, – загъта ус, – фæлæ ныр мæ уазæг дæ æмæ æгас фæхæт! Кæцæй цæуыс æмæ цы агурыс?
     – Æз цæуын Нарты бæстæйæ, – загъта Нарты Сослан. – Рацыдтæн тыхагур. Нæ бæсты мæнæй тыхджындæр нæ разынд, æмæ уый зæрдæйæ рацыдтæн мæ тых бавзарынмæ.
     – Æ-гъи! Кой дæр æй мауал скæн: мæ фырттæ кæфахсджытимæ сты, изæры сæ ардæм хъæуы, æмæ дæ куыддæр ам æрбаййафой, афтæ Нарты Сосланæй стæгдар дæр нал баззайдзæн: ахæрдзысты дæ! Мæнæ уал исты ахæр, дæ фæллад суадз, стæй дын исты мадзал скæндзынæн, цæмæй дæ баиргъæвон мæ фырттæй, уымæн.
     Фынг ын ацарæзта. Цанæбæрæг ма бахордтаид Нарты Сослан! Хæрды фæстæ йæ ус æд бæх йæ ронбасты амбæхста. Уалынмæ кæфахсджытæ æрбацæуынц.
     – Нана, уфф, уфф, уфф! Аллон-биллоны смаг дæ цæуы! – загътой йæ фырттæ.
     – Цæуæнты сымах цæут, хæтæнты сымах хæтут, аллон-биллоны смаг та мæнæй цæуы, нана уын уæ хуртæй бафсæда!
     – Нана, дзырдтыл нæ ма дар, аллон-биллоны смаг дæ цæуы æмæ нын æй ратт, мах дзы нæ мондæгтæ суадзæм: рагæй нал фæхъæстæ стæм адæймаджы дзидзайæ.
     – Банцайут, намæ уæм иу замана кæсы! – загъта ус. – Нæ мын зонут мæ къухты ахаст?!
     Кæфахсджытæ басабыр сты. Æхсæвæр сын радта сæ мад; бахордтой, схуыссыдысты, æмæ уайтагъд хæдзары къултæ ризын байдыдтой сæ хуыр-хуырæй.
     Æмбисæхсæв ус систа йæ ронбастæй нарты Сосланы æд бæх; йæ армытъæпæны йæ æрæвæрдта æмæ йын дзуры:
     – Мæ уазæджыхай! Мæ фу дæ фæхæсдзæн, мæй кæдæм фæцæуай, уырдæм, фæлæ, мæ хъæбултæ куы райхъал уой, уæд, кæй лидзыс, уый дæ базондзысты æмæ дæ сурынтæ байдайдзысты. Сæ иу смудтæй зоны, дыккаг авд арыхъхъы сæрты иу сæррæтт кæны, æртыккаг уарийы тахт кæны. Ногистæй та дын æй зæгъын: Мæ фу дæ, мæй кæдæм фæцæуай, уырдæм фæхæсдзæн, стæй уый фæстæ дæ тых æмæ дæхæдæг; æндæр дын ницыуал бауыдзæн мæ бон.
     Уый адыл ус ныффу кодта æмæ йæ фу Нарты Сосланы хæссын байдыдта. Райсомæй кæфахсджытæ райхъал сты, æмæ, смудтæй чи зыдта, уый дзуры:
     – Нæ хæххон дзигло фæлидзы, йæ тæф мын схойы мæ фындзыхуынчъытæ!
     Æртæ 'фсымæры айстой Нарты Сосланы, уæдæ цы уыдаид. Сæ иу фæндаг амоны, – смудтæй зыдта, иннæ уарийы тахт кæны, æртыккаг авд арыхъхъы сæрты уыцы иу сæррæтт кæны. Сурынтæ йæ систой, сурынтæ. Хорзау нал уыди Нарты Сосланы зæрдæ, дардæй фæдисæтты хабар куы базыдта, уæд. Нал æнтысы йæ разагъды бæхæн дæр, йæ бындар фæуинагæн, кæд ыл нæ ауæрды нæмынæй, уæддæр.
     Æртæ 'фсымæры æрбаввахс кæнынц Нарты Сосланмæ. Уалынмæ Нарты Сослан кæсы, æмæ иу лæг къамбецуæрдоны цъолобитæ (ерджентæ) æрбаласы: иу цæст ын нæй, йæ къух дæр хауд. Разæй, уæрдоны, ерджентыл бады æмæ къамбецтæм æвзиды.
     – У, æз де уазæг мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр! – загъта Нарты Сослан ерджентæ ласæгæн, – куыддæр мæ æрбаййафой, афтæ сæфын!
     – Хуыцауы уазæг у! Мæнæн дæр дын мæ бон цы уа, уый бакæндзынæн, – загъта лæг.
     Уый адыл къамбецтæ фæурæдта, уæрдонæй рахызт æмæ Сосланы æд бæх ердженты æхсæн амбæхста. Йæхæдæг та схызт уæрдонмæ æмæ гъæйтт кæны йæ дыууæ къамбецæн.
     – Нæ федтай хæххон дзиглойы? – фæрсынц сохъхъыры æртæ æфсымæры æмæ къамбецты раз æрлæууыдысты.
     – Куы мæ ауадзиккат мæ фæндагыл! – дзуры сæм иуцæстон æмæ иудзонгой лæг.
     – Тагъд нын ратт нæ хæххон дзиглойы, намæ дæу дæр дзæбæхæй нал ауадздзыстæм! – дзурынц кæфахсджытæ.
     – Уæдæ уæ тæригъæд уæхи уæд! – загъта ерджентæ ласæг æмæ уыйадыл рагæпп кодта уæрдоны сæрæй. Рагæпп кодта, уæдæ цы уыдаид, æмæ æртæ æфсымæры рацахста, æрæвæрдта сæ йæ быны æмæ сыл æрæнцой кодта йæ уæрагæй.
     – Цы фæдæ, Сослан! Æри бæндæн æмæ сын сбæттæм сæ хурхытæ.
     Сослан тыххæй-фыдæй рахызт уæрдоны сæрæй, иу бæндæн æм балæвæрдта; иуцæстыг æмæ иудзонгой лæг афу кодта бæндæныл, æмæ бæндæн афæскъау.
     – Амæй ницы, – загъта лæг æмæ авнæлдта йæ сагæхтæм: иу æрду дзы стыдта æмæ уымæй æртæ 'фсымæры хурхытæ бабаста. Бастæй баззадысты æртæ 'фсымæры тыгъд быдыры. Сослан æмæ иудзонгой лæг бæх уæрдоныл бабастой, сæхуыдтæг ердженты сæрмæ схызтысты æмæ фæцæуынц сæ фæндагыл. Цæуынц, цæуынц, æмæ иудзонгой лæг фæрсы Сосланы:
     – Кæм хаттæ æмæ цы агуырдтай уыцы иунæгæй балцы?
     – Тыхагур рацыдтæн нæ бæстæй, – загъта Нарты Сослан. – Фурды был иу бон æвзæрстам нæ тых Нарты фæсивæд. Къамбец фехсыныл фæлвæрдтам фурды сæрты, – æрмæст мæнæн бантыст къамбец фехсын фурдæн йæ иу былæй иннæ былмæ. Фервæссыдтæн уый адыл æз мæхиуыл æмæ рараст дæн нæ хæдзарæй мæ тых æвзарынмæ, цы раны бафтыдтæн, уый федтай дæхæдæг! Арфæйаг у, дæу руаджы ма раирвæзтæн, æндæра Нарты хъæуы нал æрлæууыдаин мæ къахы барæй.
     – Сослан, мах бæсты, мæй кæуыл рацæуы, уыцы сабитæ дæр æхсынц фурды сæрты цыфæнды стыр къамбецы дæр, фæлæ уæддæр афтæ ныфсхаст не стæм. Мæхицæй дын æрхæсдзынæн æмбисонд. Мах уыдыстæм авд æфсымæры, æфсымæртæн æз сæ кæстæр, нæ фыд дæр ма саджы хуызæн. Иуахæмы стæры ацыдыстæм. Фæхаттыстæм иукъорд боны, фæлæ ницæуыл амбæлдыстæм. Иу бон ныл фæссихор мигъ æрбадт æмæ райдыдта сæлфынæг. Мах астæй æд бæхтæ агурæм бынат. Кæсæм, æмæ иу ран лæгæт. Бацыдыстæм лæгæтмæ, нæхи дзы æруагътам. Чысыл фæстæдæр кæсæм, æмæ иу фыййау йæ фосы къорд æрбатæры лæгæты рæзты. Фыдæбойнаг фæуæд! Нæл сæгъ махырдæм фездæхт æмæ нæ лæгæтыл йæхи хафын байдыдта. Нæ лæгæт æнцад нал лæууыд, авдæнау дыууæрдæм сси. Бæхы сæры стæг разынди нæ лæгæт. Фыййау «дзæгъæс, дзæгъæс» кæны нæл сæгъæн, фæлæ – бæгуы!.. Читт дæр нæ кæны, хафы йæхи. Уæд фыййау смæсты, уыцы иу скъæрд æрбакодта махырдæм йæхи. Сæгъ лидзæг фæци, фæлæ фыййау йæ лæдзæгæй бæхы сæры кæхц фелвæста æмæ йæ фехста. Сæры кæхц фæтахти, фыдæбойнаг нæл сæгъы сыкъатыл ныппырх. Бæхæй, лæгæй фæхæлиу стæм, уæдæ цы уыдаид. Фыййау махмæ фæци. Фæмард мæ фыд, мард фесты ме 'хсæз æфсымæры, мæнæн дæр ма атыдта мæ къабаз, уый адыл мæ фæуагъта, – йæ сæгъты къордмæ фæци. Мæ цæст та фæзиан лæдзæджы бырынкъæй, сæры кæхцы йæ куы ацавта, уæд. Уый та дын мах хабæрттæ. Уæдæй ардæм никуыуал ахаттæн æз тыхагур, стæй мæ чи уарзы, уыдонæн дæр фæдзæхстон, цæмæй тыхагур мауал хæтой.
     Иудзонгой сæ хъæумæ ссыди, Нарты Сослан дæр афардæг дарддæр йæ фæндагыл сæхимæ.

Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. Йæ радзурæг бæрæг нæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 85, папкæ 261, ф. 31–36.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru