Главная > Нарты кадджытæ > Созырыхъо æмæ Тары фырт Мукара

Созырыхъо æмæ Тары фырт Мукара


4 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Нартыл иу аз тыхджын холлагхъуаг зымæг скодта æмæ катайы бацыдысты: «Цы ма бакæнæм, холлаг кæм ссарæм?»
     Иу бон бадынц æмæ ныхас кæнынц. Сырдон дæр семæ æрбадти дæлиау æмæ сын загъта:
     – Ам, Нарты ныхасы, куы фæбадут, уæд уæ алчидæр йæхи хуыздæр куы хоны, уæд уæ ныр, фæйнæ кусæн галы æмæ фæйнæ бадыны бæхы Бызыбыдырмæ чи акæнид æмæ сæ уым доны былтыл æмæ цъыфдзæстытыл чи фæхизид, уый хуыздæр нæ уаид!?
     Бирæ фæдзырдтой, фæлæ ничи цыди хъомгæс. Уæд хæлттæ скодтой æмæ хал æфтауыныл ныллæууыдысты. Халисæг та Сырдоны скодтой, æмæ, кæй хал схаудтаид, уый хъуамæ ацыдаид хъомгæс.
     Сырдон хæлттæм нывнæлдта æмæ Нарты Созырыхъойы хал систа. Созырыхъо не сразы и, уый, дам, мемæ знаг у æмæ фыдæнæн систа мæ хал, æмæ æз уый тыххæй хъомгæс нæ цæудзынæн. Æртæ хатты схæлттæ кодтой, æмæ æртæ хатты дæр Созырыхъойы хал схауди. Созырыхъо загъта:
     – Æз æппындæр халы тыххæй нæ ацæудзынæн, фæлæ, абон хуыцаубон, ацæудзынæн æмæ мæ бинонты бафæрсдзынæн æмæ мын цы гæнæн уа, уый фехъусын кæндзынæн иннæ хуыцаубонмæ.
     Ацыд æмæ йæхи срæвдз кодта иу хуыцаубонæй иннæ хуыцаубонмæ. Хуыцаубоны раджы сыстад æмæ иу къуыпмæ схызти æмæ ныхъхъæр кодта:
     – Æртæ Нарты, уæ рæгъæуттæ ратæрут! Кæд ма сæ исчи фервæза, уæд хорз, кæннод уын мæн аххос ма уæд.
     Нарт фезмæлыдысты æмæ сæ хъомрæгъау, сæ бæхрæгъау ратымбыл кодтой æмæ сæ Созырыхъойы разæй скодтой.
     Аскъæрдта сæ йæ разæй æмæ сæ суанг Бызыбыдырмæ ныххæццæ кодта. Æмæ сæ уым хызта. Иу бон кæсы, æмæ дардгомау иу барæг æрбазынди. Кæсын æм байдыдта, æмæ, куыд хæстæг кодта, афтæ барæг разынди: йæ бæх уыди хъæууатыйас, йæхæдæг та цъынайыйас. Базыдта йæ: ай, тыхгæнæг чи цæуы, ахæм у. Æрбахæццæ и барæг æмæ загъта Созырыхъойæн:
     – Дæ бон хорз уа, хорз хъомгæс!
     – Хорз дæ хай, хорз бæлццон! – дзуапп ын радта уый дæр.
     – Кæй хъомгæс дæ? – фæрсы йæ бæлццон.
     – Æз дæн Нарты хъомгæс, – загъта Созырыхъо.
     – Æмæ, уæдæ, дæ хорзæхæй, – загъта бæлццон, – æз Нарты Созырыхъомæ цæуын æмæ мын зæгъ, цæмæй тыхджын у, цы хъару йæм и, йæ хъуыддæгтæй мын исты радзур. Æз сæ бафæлварон, æмæ сæ кæд бафæразон, кæннод фæстæмæ аздæхон.
     Уый йын загъта:
     – Уымæ иу хъуыддаг и, æмæ Нарты фæсивæд æрæмбырд вæййынц æмæ сæ кæрдтæ сцыргъ кæнынц, æмæ сæм Созырыхъо йæ бæрзæй бадары, æмæ йæ уыдон цъыччытæ байдайынц, фæлæ сын æрду æмæ 'рдæг дæр нæ лыг кæнынц.
     Уый йын загъта:
     – Уæдæ ды дæр, ацы æппæт рæгъæуттæ кæм хизыс, уым æнæхъару нæ уыдзынæ, ацу æмæ сцыргъ кæ дæ кард æмæ йæ бафæлвар мæ бæрзæйыл.
     Уый дæр ацыд æмæ сцыргъ кодта хорз йæ кард. Бадардта йæм йæ бæрзæй бæлццон, æмæ йæ Созырыхъо ныцъцъыкк ласта кардæй, фæлæ дзы æрду æмæ 'рдæг дæр нæ акарста, – йæ кард фæстæмæ фесхъиудта.
     – Хорз нæу, кæд ды уымæй тыхджындæр дæ, уæд.
     – Ноджыдæр зæгъ, цы хорздзинад ма йæм ис, æмæ уый дæр бафæлварон, – загъта бæлццон.
     Созырыхъо йын загъта:
     – Ацы карз сæлæн мæй куы вæййы, уæд Созырыхъо бæгънæгæй доны бацæуы æмæ уым сбады. Нарты фæсивæд æрæмбырд вæййынц, афтæмæй иу абонæй иннæ абонмæ доны фæбады. Стæй их стоны æмæ йæ хид калгæ рахизы сурмæ.
     Уый йын загъта:
     – Уæдæ æз дæр доны бынмæ ныххиздзынæн æмæ мыл ды дæр кал дуртæ дæр, цъыхыры дæр, галтæ дæр сифтындз æмæ мыл къодæхтæ дæр кал – æз дæр уым баддзынæн.
     Ныххызти доны.
     Калын ыл байдыдта Созырыхъо дур уæд, цъыхыры уæд æмæ йæ байдзаг кодта, æмæ йыл сæлгæ дæр ныккодтой. Стæй, æцæг, иннæ абон куы 'рцыд, уæд йæхиуыл схæцыд æмæ сæ йемæ стыдта их уæд, дур уæд, цъыхыры уæд, афтæмæй йæ хид калгæ рахызти сурмæ. Йæ гæрзтæ скодта æмæ йын загъта:
     – Ноджыдæр зæгъ, дæ хорзæхæй, æндæр ма йæм цы лæгдзинад ис?
     Уый йын загъта:
     – Уыцы лæгдзинад ма йæм ис æмæ йæ бæхыл сбады æмæ хохæн йæ тæккæ бæрзондмæ ссæуы къæдзæхджыныл æмæ уырдыгæй йæ бæх раскъæры, æмæ йæ бæх хох фæзгъæргай рахæссы. Афтæмæй кафгæйæ быдыры балæууы.
     – Кæс, – загъта, – мæнмæ дæр, æз дæр цæуын уæлæ уыцы хохы сæрмæ, кæддæра æз та куыд кæнин.
     Хохæн йæ тæккæ сæрмæ сфардæг ис. Уырдыгæй йæ бæх ныцъцъыччытæ кодта æмæ дуртæ 'мæ къæдзæхтæ йемæ рахаста, иуырдæм дæр нæ фæцудыдта æмæ иннæрдæм дæр, афтæмæй кафгæ æрбалæууыди.
     Загъта та йын:
     – Зæгъ-ма мын исты ноджыдæр.
     Созырыхъо йын загъта:
     – Æз хъомгæс дæн æмæ ницыуал зонын, йæхимæ йын ацу.
     Куы рараст æмæ иуцъус куы рацыд, уæд æй фæсте æрбасырдта Созырыхъо: чи уыди, куы нæ йæ бафарста.
     Куы йæ æрбаййæфта, уæд æм дзуры:
     – Аипп ма уæд, нæ дæ бафарстон: чи дæ, дæ мыггаг кæмæй у, исчи мæ куы фæрса, уæд цы зæгъдзынæн?
     Уый йын загъта:
     – Æз дæн Тары фырт Мукара.
     – Ацу, уæдæ, рæствæндаг у, – загъта æмæ йæ ауагъта Созырыхъо.
     Созырыхъойæн гæнæн нал уыд, æмæ уыцы сахат араст ис Тары фырт Мукарайы фæдыл. Мукара кæуылты цыд, уым нæуу гæппæлæй иста, дур йæ бæхы къахы бын цъæл кодта, æмæ йын афтæмæй Созырыхъо йæ калак ссардта. Калакмæ ныццыд, æмæ къулбадæг усмæ фысым бакодта æмæ йæ бафарста:
     – Ай кæй калак у?
     Уый йын загъта:
     – Ай у Тары фырт Мукарайы калак.
     Уый та йæ бафарста:
     – Дæ хорзæхæй, цæмæй тыхджын у, уымæн ницы зоныс?
     – Ницы йын зонын, – загъта ус.
     – Уæлæ-ма йæ усмæ ссу æмæ йæ бафæрс, кæд ын уый исты зонид, – загъта Созырыхъо.
     Ус ацыд Тары фырт Мукарайы усмæ æмæ йын загъта:
     – Иу уазæг нæм ис, æмæ никуы йæ конд, йæ уындæн ис, никуы йæ бакастæн, æмæ дæ хорзæхæй, зæгъ, Тары фырт Мукара цæмæй тыхджын у?
     Ус ын загъта:
     – Æмæ æз дæуæн цы зæгъон, йæхи йын рарвит, æмæ йемæ баныхас кæндзынæн.
     Созырыхъо ссыди, æмæ йын ус загъта:
     – Ахсæв ам лæуу, æмæ дын фысым дæн.
     Æхсæвы Созырыхъо уым баззади. Æхсæвæр бахордтой, стæй ныхас æрцыди. Хуыссæнуаты дæр æй фæрсын байдыдта:
     – Дæ мой цæмæй тыхджын у, уый мын зæгъ!
     Уый йын загъта.
     – Уый уымæй тыхджын у, æмæ уæлæ хохы хизы саг; дыууадæс хосдзауы бон-изæрмæ хос кæрдынц æмæ цъына самайынц, æмæ йæм уый æрызгъоры æмæ йын иу хæрдваг вæййы, æндæр нæ. Уымæн йæ гуыбыны ис лагъз, лагъзы хуылфы ис æртæ зæрватыччы: уыдонæй иу йæ тых у, иннæ у йæ ныфс, аннæ та у йæ уд.
     Æмæ йæ бафарста Созырыхъо:
     – Уыцы сагæн йæ мæлæт цæмæй у? Куыд æй амардæуыдзæн?
     Ус загъта:
     – Йæ ныхы æртæ урс æрдуйы ис, æмæ кæд уыдон фæцæф уой, уæд хорз, кæннод ын мæлæт нæй.
     Кæркуасæны фестади Созырыхъо, къулбадæг усмæ ныууад æмæ йын йæ бæх бафæдзæхста, йæхæдæг ацыд хохмæ. Бон куыд сцъæх, афтæ хохмæ схæццæ ис.
     Дыууадæс хосдзауы дæр хос кæрдын уæд байдыдтой, æмæ сын загъта:
     – Байрайут!
     Æмæ йын уыдон дæр загътой:
     – Хорз дæ хай уæд!
     Цы ми кæнут, зæгъгæ, сæ бафарста.
     – Цы ми кæнæм, куы зæгъай, уæд хос кæрдæм иу фыдбылызы сагæн.
     Уый сын загъта:
     – Цыдæриддæр у, йæ цъынайы мидæг мæ самайут.
     Уыдон ын загътой:
     – Кæд æмæ дæ цæрын нал фæнды, уæд хохæй дæхи искæцæй аппар, æндæр дæ мæлæт махмæ цæмæ 'рхастай? Мах дæ цъынайы самайдзыстæм, æмæ дæ саг бахæрдзæн, æмæ мах дæ тæригъæд цæмæн хъæуы?
     Уый сын загъта:
     – Мæ тæригъæд мæхимæ уыдзæни, нæй гæнæн æнæ самайгæ.
     Цъынайы хуылфы ныллæууыд, æмæ йыл æй самадтой. Уый цъынайы хуылфы топпæхсæнтæ скодта. Цъына дæр сæххæст, изæрырдæм дæр ысси. Саг иу згъорд æркодта æмæ йын йæ тæф бамбæрста, æвæццæгæн, æмæ фæстæмæ хохмæ сфардæг. Дыккаг згъорд æркодта æмæ æввахсдæр фæци, фæлæ та уæддæр фæстæмæ алыгъд. Æртыккаг згъорд æркодта æмæ ноджыдæр æввахсдæр фæци, æмæ йæ Созырыхъо фехста, æмæ саг фæмарди. Цъынайæ йæм рагæпп кодта æмæ йæ акъæртт кодта æмæ йын йæ хуылфæй лагъз райста, йæ дзыппы йæ авæрдта æмæ йæ бæхмæ æрцыд, хосдзаутæн загъта «хæрзизæр».
     Йæ бæх аифтыгъта, æмæ, йæ фос кæм хызта, уырдæм æрбафардæг. Уалынмæ хъусы, æмæ Мукара Нарты æппæт ракодта, æмæ сæ кæуын, се 'рдиаг цæуы. Йæхæдæг разæй рацыд æмæ хъæр кæны:
     – Куыдзы гуыбынæй чи райгуырди, ды мын иу бон гæды ныхæстæ фæкодтай, фæлæ ма мын ныр та цы зæгъдзынæ, кæдæм ма фæлидздзынæ?
     Созырыхъо йын загъта:
     – Æз дæр цæттæ дæн, – æмæ йæ дзыппæй лагъз систа æмæ тыхы зæрватыккæн йæ къубал аскъуыдта, æмæ лæгæн æмæ бæхæн се уæнгтæ æрызгъæлдысты.
     Ноджы куы æрæввахс и, уæд ын йæ ныфсы зæрватыккæн йæ къубал стыдта. Мукара йæ бæхыл дзой-дзой кæнын байдыдта æмæ йын балæгъстæ кодта:
     – Мæ уд мын уæддæр ма аскъуын!
     Фæлæ йын Созырыхъо йæ уды зæрватыккæн дæр йæ къубал сыскъуыдта, æмæ лæг амарди.
     Стæй бавдæлд æмæ, Мукара Нарты фæсивæдæй кæй ракодта, уыдонæн сæ хуыздæрты равзæрста æмæ семæ Мукарайы калакмæ ныццыд. Уым цыдæриддæр уыди, уыдон семæ рахастой. Йæ усы йын йæхицæн ус скодта, афтæмæй Нартмæ ссыдысты æмæ æрцардысты.

Радзырдта йæ Сланты Гаха, 1921 аз. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 45, папкæ 21, ф. 74–78.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru