Главная > Нарты кадджытæ > Нарти Сослан æма Тухи фурт (вариант)

Нарти Сослан æма Тухи фурт (вариант)


4 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

     Нарти адæмбæл лæгъуз анз никкодта 'ма сæ фонс исæфгæ кодтонцæ. Тухи фурт Нокæрайæн ба æ кæрдæг исарф æй. Нарти Сослан рагъæр кодта сæумæй 'ма æгас Нарти фонс дæр æрæмбурд кодта æма сæ Тухи фурт Нокæрай зæнхæмæ баскъардта. И стонг фонс зудæ кæнунцæ кæрдæгбæл. Еу афони ба сæ Тухи фурт исуидта ма багъæр кодта:
     – Цæмæн бауагътай фонс мæ зæнхитæмæ?
     – Бамæихуæрстонцæ, ма ци кæнон.
     – Хатир дин кæнун ма мин Сослани гъæзтитæй байамонæ.
     – Нæ зонун неци, – загъта Сослан.
     – Мадта цæугæ кæнæ мæ зæнхитæй.
     Уæд Нарти Сослан отæ зæгъуй:
     – Сослан еу гъазт зонуй. Ду хонхи буни æрлæууæ, æз ба дæбæл хуæнхтæ уæллæй райзаздзæнæн, ма сæмæ дæ тæрних дарæ ду ба.
     – Мадта ду цо ма мæбæл нийзазæ хуæнхтæ, – загъта Тухи фурт, æхуæдæг ба бацудæй хонхи бунмæ. Сослан ибæл сæрæй хуæнхтæ уадзуй, йе ба æ тæрних даруй, ма дортæ æ сæрбæл фунук кодтонцæ, æхецæн ба неци адтæй.
     Ма отæ зæгъуй:
     – Сослан дæхуæдæг ма уо, зæгъгæ. Топпи фат ниввардтон ма мæ сæрмæ дæу рамарун не'рхастон, кæд ихуæрст дæ, зæгъгæ.
     Сослан загъта:
     – Æз ихуæрст дæн, зæгъгæ, – уæдта уотæ: – Еу гъазт ма зонун. Сослан мæнæ денгизмæ ниххезуй, 'ма йимæ Нарти адæм ба синдзæ æма пихсæ бакалунцæ, 'ма ибæл ниййех унцæ, 'ма уони истонуй.
     Тухи фурт уотæ зæгъуй:
     – Ниммæбæл калæ пихситæ æма дортæ, – æхуæдæг ба бахизтæй денгизмæ.
     Сослан Нарти адæммæ бахъæрттæй ма син загъта. Нарти адæм никкалдæнцæ 'ма йибæл дортæ ма пихситæ калун байдæдтонцæ.
     Сослан искувта, æртæ метри ниййех уо, зæгъгæ, ма ниййех æй. Тухи фурт исхуæстæй, 'ма йех никъкъæс-къæс кодта.
     – Еу гъуддаг ма йес. Йехи æскъудтæ дæр ма пихсæй идзаг кæнгæ æнцæ.
     'Ма бабæй они дæр байдзаг кодтонцæ.
     Тухи фурт исхуæстæй, ма неци, уæдта отæ зæгъуй:
     – Нæ хæдзарæмæ фæццо ма мæ хиринкъайæй дæхе ниддасæ.
     'Ма ниццудæй Нарти Сослан, хиринкъа райста, 'ма 'й æндегæй соги къудурбæл ку бадардта, уæд æй дууæ рахаун кодта. А мæ маргæ ку кодта, зæгъгæ, 'ма ку иссудæй, уæд йин отæ зæгъуй:
     – Уæ хъаурæ куд æй, уæ зунд уотæ ку уайдæ, уæд уæбæл зæнхи цъарæбæл неке фæхъхъæбæрдæр адтайдæ.
     Тухи фурт базудта, Сослан ке адтæй уой, ма уотæ зæгъуй:
     – Бæргæ дæ базудтон, фал дæ рамарун мæ сæрмæ не 'рхастон.
     Уæдта ибæл Сослан æхе хиринкъа рауагъта, ма йин æ сæр ракъуæрдта.

Радзырдта йæ Хъиргъуты Тасо, 86-аздзыд, 24 январь, 1969 аз. Салæгаты Зояйы æмбырдгондæй.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru