Главная > Нарты кадджытæ > Созырыхъойы æртæ сызгъæрин нуазæны

Созырыхъойы æртæ сызгъæрин нуазæны


4 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Нарты Созырыхъо æртæ Нартæн куывд кæнын æрæмысыд. Сырдон сын уыдис фидиуæг æмæ схызти даргъ мæсыджы сæрмæ æмæ уырдыгæй ныхъхъæр кодта:
     – Æртæ Нарты! Созырыхъо уæ хоны. Цæуынхъом чи у, уый йæхæдæг рацæуæд, цæуынхъом чи нæ у – уе 'ккойы йæ рахæссут.
     Æртæ Нарты æмбырд кæнын байдайынц чыртæ-чыртæй, сыхтæ-сыхтæй. Созырыхъо сæ æрбадын кæны дывæрссæгтæй Борæты стыр чъырыны. Нартæн сæ хуыздæрты бауромы уырдыглæууæг.
     Уырызмæг бады рæгъы сæр.
     Æмæ загъта Созырыхъо Уырызмæгæн:
     – Уырызмæг, цы рæгъытæ зоныс, уыдонæй мын иу дæр ма ферох кæ ме 'рхонгæ адæмæн.
     Рæгъытæ байдыдтой, æмæ æмбис нозт куы фесты, уæд Созырыхъо бацыдис рæгъы сæрмæ. Фæдзырдта уырдыглæууæгмæ. Йæ дзыпмæ нывнæлдта æмæ дзы систа иу сызгъæрин нуазæн æмæ йæ байдзаг кæнын кодта уырдыглæууæгæн ронгæй. Стæй скуывта æмæ загъта:
     – Уæ рынтæ бахæрæд Созырыхъо, абон йæ дзæбæх хæдзар чи ныууагъта æмæ мæ кæрдзыныл чи цин кæны. Фæлæ мын ацы нуазæнæй уыцы хæдзарвæндаджы цæрæнбон бирæ уæд, хъаруджын гуырд цы хæдзары ис. Гъеныр уыцы хъаруджын гуырды чи зоны, уый ацы нуазæн айсæд мæ къухæй. Йæ нозт ын Хуыцауы хæлар уæд, йæ мигæнæн та йын мæнæй лæваргонд.
     Æртæ Нарты сæргуыбырæй фынгмæ ныккастысты. Зæронд Уæлхæг бады бадты адæмы астæу йæ кæрцы къæриды æмæ сæм дыууæрдæм ракæс-бакæс кæны: йæ дæллаг фарсмæ дæр æмæ йæ уæллаг фарсмæ дæр. Куы ничи змæлыд уæлæмæ æртæ Нартæй, уæд Уæлхæг фестади, Созырыхъойы къухæй нуазæн райста æмæ загъта:
     – Æртæ Нарты! Абон Созырыхъойы цæхх æмæ кæрдзыныл чи цин кæны, уый Созырыхъойы дзæбæх куывдтытæй хайджын æрбауæд. Фæлæ мæнæн мæ хистæр лæппу фæцыди сæрысæфты бæстæм æмæ уæ уымæй хъаруджындæр гуырд никæй хæдзарæй рацæудзæн.
     Нуазæныл схæцыд æмæ йæ анызта æмæ йæ йæ кæрцы роны нывæрдта. Уырызмæг та байдыдта йæ рæгъытæ. Иуахæм та куы фæбадтысты, уæд та Созырыхъо бацыди рæгъы сæрмæ æмæ та йе 'ннæ дзыпмæ нывнæлдта æмæ та систа дыккаг сызгъæрин нуазæн æмæ та уырдыглæууæгмæ фæдзырдта æмæ та байдзаг кæнын кодта ноджыдæр нуазæн ронгæй æмæ та скуывта:
     – Амæй мын уыцы хæдзары цæрæнбон бирæ фæуæд, æмæ сылы хорз цы хæдзары ис.
     Æртæ Нарты та сæргуыбырæй ныккастысты фынгтæм.
     Æмæ та сæм зæронд Уæлхæг кæсы бадты астæуæй.
     Куы ничи та змæлыдис адæмæй уæлæмæ, уæд та зæронд Уæлхæг фесты æмæ та Созырыхъойы къухæй райсы нуазæн.
     Созырыхъо куыд куывта, дыууæ ахæмы хуыздæр скувы Уæлхæг æмæ сын зæгъы:
     – Мæ лæппу фæцыдис уæларвмæ, Авдиуагæн иунæг хо ис æмæ гъеуымæ усгур, æмæ кæд уый йæ къухы бафтыд, уæд уæ уый хуызæн сылгоймаг никæй хæдзарæй ракæсдзæнис, æртæ Нарты.
     Йæ нуазæн та аназы æмæ йæ йæ кæрцæн йе 'ннæ роны нывæры.
     Байдыдта та Уырызмæг йæ рæгъытæ. Æртыккаг хатт та бацыдис рæгъы сæрмæ Созырыхъо, систа йæ тары дзыппæй сызгъæрин нуазæн, байдзаг æй кæнын кодта ронгæй, скуывта æмæ загъта:
     – Цæй, æртæ Нарты, кæд уæ хорз нæ федтон, уæддæр мæ хъæстгæнæг ма ут. Фæлæ мын ацы нуазæнæй уыцы хæдзарвæндаджы цæрæнбон бирæ уæд, цæхх æмæ кæрдзыныл чи бæззы.
     Уæд та æртæ Нарты сæргуыбырæй фынгтæм ныккастысты, сæхи хæдзары кæй бахордтой, уый дæр сæ ферох ис.
     Созырыхъо та загъта:
     – Лæг у, ус у, йæ хæдзары уæ цæхх æмæ кæрдзыныл чи бæззы, ахæм чи зоны, уый мын мæ нуазæн айсæд мæ къухæй. Йæ нозт ын Хуыцауы хæлар, йæ мигæнæн та йын мæнæй лæваргонд.
     Æмæ та æртæ Нартæй æппын уæлæмæ куы ничи змæлыди, уæд та фестади зæронд Уæлхæг, Созырыхъойы къухæй райста нуазæн æмæ скуывта:
     – Цæй, Созырыхъойæ кæй бакайттам, уый йыл бафтæд æвдвæрæй. Алчи уæ æнæмастæй йæ хæдзарыл сæмбæлæд. Фæлæ мæнæн мæ лæппу Авдиуаджы хойы кæд æрхаста, уæд уый хуызæн цæхх æмæ кæрдзыныл ничи сбæздзæн æртæ Нарты 'хсæн.
     Йæхæдæг нуазыныл схæцыд æмæ йæ банызта æмæ йæ батыхта йæ кæрцы фæдджийы.
     Иннæ абонæй иннæ абонмæ хорз федта Созырыхъо æртæ Нарты. Сæ къуырийы бон куы сæххæст ис, уæд æртæ Нартæй алчи фæцыд йæ хæдзармæ.
     Созырыхъойæн йæ куывдыл бирæ бонтæ куы рацыдис, уæд иу изæрыгон, дыууæ изæры астæу, Нарты ныхасæй сыстад æмæ загъта йæхимидæг: «Туг æруара Созырыхъойы сæрыл! Æртæ Нартæн мæ цæхх æмæ мæ кæрдзын хæлар уæнт, фæлæ мын Уæлхæджы хæрæг ме 'ртæ сызгъæрин нуазæны фæхаста æмæ уымæн ахæм лæппу кæцæй уыдзæнис, æмæ æз хъаруйæ кæмæй фæтæрсон, стæй йын ахæм чындз кæм уыдзæнис, мæнæн мæ фаг лæггад чи бакæна æмæ мын мæ гуыбын цæхх æмæ кæрдзынæй чи бафсада».
     Дыууæ изæры астæу бауайы йæ ныггæнд скъæтмæ, раласы уырдыгæй йæ сираг æфсургъ, аифтындзы йæ æмæ Уæлхæджы дуармæ ссæуы. Хъæууынгæй фæхъæр кæны:
     – Уæ Уæлхæг!
     Уæлхæджы кæстæр лæппу йæм рауади:
     – Де 'зæр хорз уа, Cозырыхъо!
     – Хорз дæ хай уæд. Уæлхæг уын кæм и?
     – Йæ дзауматæ раласта æмæ уæртæ ныххуыссыди.
     – Ацу, мæ хур, фæдзур мын æм.
     Лæппу фæстæмæ фездæхтис æмæ загъта Уæлхæгæн:
     – Дада, дæлæ дæм Созырыхъо дзуры.
     Уæлхæг загъта:
     – Цы фыдбон йæ хай фæцис Созырыхъойæн! Абондæргъы кæм мæрдты уыд? Кæнæ йыл райсом нал бон кодтаид?
     Йæ кæрцы зæронд йæ уæлæ æрбакæны, уæлхæдзармæ йæм рауайы æмæ йæм дзуры:
     – Æгас нæм фæцу, Созырыхъо.
     – Хорз дæ хай уæд, Уæлхæг.
     – Цы хабæрттæ и, Созырыхъо?
     – Ницы, дзæбæх йеддæмæ. Цымæ, Уæлхæг, иу аз куыд куывтон, уый нал зоныс?
     – Куыннæ йæ зонын, арфæгонд фæу, Созырыхъо.
     – Уæдæ мын, Уæлхæг, ме 'ртæ сызгъæрин нуазæны куы рахастай, уæд мын цæуылнæ фенын кæныс дæ хъаруджын гуырды?
     – Фыдбон дæ хай фæуа, Cозырыхъо, кæд абондæргъы кæм уыдтæ, – загъта йын Уæлхæг. Рахызти йæм хъæууынгмæ, йæ бæхы рохыл ын ныххæцыд, Нарты фæскъуылдымæй йæ ахизын кодта æмæ йын загъта:
     – Цу, Созырыхъо, æмæ дыл цалынмæ цæуæг амбæла, уалынмæ фæстæмæ ма раздæх. Фыццаг дыл чи амбæла, гъеуый уыдзæн мæ лæппу, æмæ йын йæ хъару дæр фендзынæ æмæ йæ тых дæр.
     Созырыхъо йæ бæх æрцæфтæ кодта æмæ ныккуывта:
     – Хуыцауты Хуыцау, ме сфæлдисæг Хуыцау! Уæлхæгæн ахæм хъаруджын фырт кæм разына æмæ ме'ртæ нуазæны йæхицæн цы баззайой.
     Цæуын байдыдта.
     Фæцыди бирæ бонтæ æмæ бирæ æхсæвтæ. Ахызти Нокары быдырмæ. Æмæ загъта йæхицæн: «Æнæ мард, æнæ дзуар фæуай, Уæлхæджы хæрæг. Гъа, ме 'ртæ нуазæны мын йæ роны нывæрдта, уый йын æгъгъæд нæ уыд, ноджы ма мын мæхи та сæры сæфты фæндагыл бафтыдта».
     Йæ бæхы рохмæ авнæлдта æмæ, фæстæмæ аздæхон куыд загъта, афтæ йæм Сау денджызæй, быдыры кæронæй, разындис иу цыдæр сау саргъыйас.
     Йæ бæх ныццæфтæ кодта æмæ йæ комкоммæ байдыдта скъæрын. Куы сæввахс ис Уæлхæджы фырт Созырыхъомæ, уæд æй йæ бæхыкомы тæф ныццавта, æмæ Созырыхъойы бæх йæ бынатæй нал сызмæлыд. Уæлхæджы фырт æм кард фелвæста æмæ загъта:
     – Ай чи куыдз, чи хæрæг дæ, æз цы фæндагыл цæуын, уым маргъ атæхæг куы нæ уæнды, йе мæлдзыг абырæг, уæд ды куыд комкоммæ раскъæрдтай?
     Гъа-ныр æй кардæй ныццæва, афтæ йын йæ цæстытæм фæкомкоммæ Созырыхъойæн æмæ йын загъта:
     – Цы дын кæнон, дæ цæстытæ нæртон лæджы цæстыты хуызæн сты, æндæра дын дæ бæрзæй ахауын кодтаин.
     Созырыхъо йын загъта:
     – Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, æз дæн Нарты нæртон Созырыхъо.
     Уæд Уæлхæджы фырт бæхæй рагæпп ласы, Cозырыхъойы райсы йæ бæхæй æмæ йæ йæхи бæхыл сæвæры, йæхæдæг Созырыхъойы бæхы йæ фæдыл ласы æмæ йæ разæй цæуы Созырыхъойæн.
     Иудзæвгар куы ауадысты, уæд ын загъта Уæлхæджы фырт:
     – Цом, Cозырыхъо, æмæ не 'взæр æфсины фенæм.
     Араст вæййынц æмæ бацæуынц Уæлхæджы фырты дуармæ. Куыддæр бахæццæ сты, афтæ сæ размæ рауайы Авдиуаджы хо, сæ бæхтæ сын сæ къухтæй айсы æмæ сæ абæтты лыггæнды скъæты, стæй сæм фæстæмæ рауайы æмæ сæ бакæны хæдзармæ. Йæхæдæг сын сæ дзауматæм февналы æмæ сæ къахæй къухмæ абæгънæг кæны. Арыхъхъ сапон сæм радавы æмæ сæ уымæй рынг æхсад æркæны.
     Авд фæлтæры сын сæ дзауматæ нæуæгæй нæуæгмæ æрдавы сæ размæ æмæ сын сæ сæ уæлæ æрбакæны. Йæхæдæг сын хæдисгæ фынг æрдавы сæ размæ. Хуыцау йæ быны цы сфæлдыста хæринагæй, уыдон сын сæ разы æрæвæры æмæ сæ разы ныллæууы уырдыг. Иннæ абонæй иннæ абонмæ не суадзы Созырыхъойы хæдисгæ фынгæй уæлæмæ стын.
     Уæд йæ къуырийы бон куы сæххæст, уæд ын Созырыхъо загъта:
     – Чындз, дæ рынтæ бахæрон, ныр æнæхъæн къуыри бадын ам, æмæ мæм æртæ Нарты фæфæдис уыдзысты агурæг, фæлæ мын нæхимæ фæндаджы бар куыд радтай, афтæ.
     Чындз ын скодта фæндаггæгтæ, радта йын авд фæлтæры йæ дарæс къахæй къухмæ лæвар. Созырыхъо сын арфæ ракодта:
     – Цæй, чындз, дæ лæггад мын мæрдты бæсты фиддæн ма фæуæд.
     Рараст и æмæ Нарты хъæумæ æрцыди. Уæлхæджы дуармæ та бацыд дыууæ изæры астæу æмæ мидæмæ бахъæр кодта. Уæлхæг æм рауад æмæ йæ фæрсы:
     – Гъы, цы бадæ, Созырыхъо?
     Созырыхъо йын загъта:
     – Ме 'ртæ сызгъæрин нуазæны нæ, фæлæ Созырыхъойы бинонты удтæ дæ нывонд, ахæм хъаруджын гуырд кæмæн ис.
     Рараст и æмæ Нарты ныхасмæ æрцыди Созырыхъо æмæ сын загъта:
     – Зæронд Уæлхæг уæм куы 'рцæуы ныхасмæ, уæд уæ алы лæг дæр йæ худ исæд æмæ йын æй æвæрæд йæ къæхты бын. Уæлхæгæн ахæм хъаруджын гуырд ис, æмæ æртæ Нарты иуырдыгæй, уый йæхæдæг – иннæрдыгæй.

В.И. Абаев. Из осетинского эпоса. Изд. Академии наук СССР, Москва – Ленинград, 1939, с. 28–36.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru