Главная > Нарты кадджытæ > Нарты Созырыхъо Æхсæртæгкаты рæсугъд Бедухайы куыд æрхаста

Нарты Созырыхъо Æхсæртæгкаты рæсугъд Бедухайы куыд æрхаста


8 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Изæрæй Созырыхъо уæлæмæ уынгты фæцæуы. Æмæ иу тигъыл дæр лæппутæ лæууынц, иннæ тигъыл дæр лæппутæ лæууынц, æртыккаг тигъыл дæр лæппутæ лæууынц. Талынг уыди æмæ Созырыхъойы нæ уынынц. Иутæ дзурынц:
     – Созырыхъо цæй Созырыхъо у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!
     Дыккæгтæм ысхæццæ, æмæ та уыдон дæр афтæ радзырдтой.
     Æртыккæгтæм дæр ысхæццæ, æмæ та уыдон дæр радзырдтой:
     – Созырыхъо цæй Созырыхъо у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!
     – Уæллæй, уæдæ мын адон æнæ бавзаргæ нæй! – загъта Созырыхъо.
     Æркодта сæ, иу ранмæ сæ æрæмбырд кодта.
     – Гъе-мардзæтæ! Райсом Уарбийы æфсæдтæ Хызыны æфцæгыл ссæуынц, хæцæнгарзрæвдзæй райсом боныцъæхæй куыд рацæуат, афтæ!
     Созырыхъо сæ разæй, фæсивæд йæ фæстæ, афтæмæй фæцæуынц. Хызыны æфцæгмæ схæццæ сты. Уарби дæлæ комы ссæуынц сæ музыкæ, сæ барабантæ гыбар-гыбургæнгæ. Хызыны æфцæгæй Уарбийы æфсадмæ чи акæсы, уый та ралидзы фæстæмæ йæ хæдзармæ: æфсæдты гыбар-гыбурæй фæтæрсы. Фæстæмæ фæкаст Созырыхъо æмæ иунæгæй аззад – иууылдæр ралыгъдысты.
     – Гъе, уæ фæйнæ мадыл мæ куыйтæ куыд слиуырдтой! Уæдæ дысон хъæбæр куы дзырдтат, уæд ныр цы фестут?
     Йæхæдæг Уарбийы æфсадимæ хæцын байдыдта. Байста сын сæ ис, сæ хæзна, хорздзинадæй сæм цыдæриддæр ссардта, уыдон. Æрхаста сæ, æртардта сæ æд уæргътæ Нартыхъæумæ. Нартыхъæуы хъыртгæнæг нал и, змæлæг нал ис.
     «Знон сæ дзæбæхæй куы ныууагътон, уæд ныр цы фесты?» – дис кæны Созырыхъо.
     Иу ног чындз донмæ рацыди. Дзуры йæм Созырыхъо:
     – Мæ хъæу, мæ дзыллæ цы фесты?
     Уый цъыччытæ кæны, нæ дзуры æфсæрмæй.
     – Хуыцауы хатыр бакæн, зæххы хатыр бакæн, уыцы æфсæрмытæ ныууадз, фæлæ мæнæн знонæй абонмæ мæ дзыллæ цы фесты?
     – Æхсæртæгкаты рæсугъд Бедуха йæ цæугæ мæсыджы сбадти æмæ арвыл ныллæууыди: адæм уырдæм кæсынмæ ацыдысты. Уый дзырд радта: «Кæй фат мæм схауа, уый – мæ мойаг».
     «Уæдæ искæй фат раздæр куы схауа», – загъта Созырыхъо йæхицæн æмæ уыциу тахт аласта уый дæр хъæугæронмæ дзыллæмæ. Уæлгоммæ æрхуыссыд адæмимæ быдыры Созырыхъо. Фат фелвасы æмæ йæ фехсы. Бедухайæн йæ цæугæ мæсыджы уæллаг тарвазы басæдзы фат.
     Дыккаг фехсы, æмæ уый та рудзынджы уæллаг тарвазы басæдзы.
     Бедуха сæ йæхимæ байсы.
     – Мæ хур акæнæд: адон дыууæ дæр иу лæджы фæттæ. Гъеуый мæ мойаг, адон кæйдæриддæр сты, – загъта Бедуха æмæ йæ мæсыг æруагъта дзыллæйы æхсæнмæ, зæхмæ.
     – Адон кæй фæттæ сты, уый мæ мойаг: хæстæг мæм æрбацæуæд, – дзуры адæммæ.
     Фырцинæй Созырыхъо мæсыджы фæмидæг и.
     – Фæлæуу, æрра, фæлæуу, æрра! Мæсыгæн ницы бамбардзынæ – йе суадзынæн, йе 'руадзынæн.
     Созырыхъо нæ байхъуыста. Уæд æй Бедуха фыддæрагæн суагъта, – йæхæдæг зæхмæ æрхызти.
     Созырыхъо хæрдмæ фæтæхы. Уый афтæ æнхъæлдта æмæ Бедуха дæр мæсыджы ис. Куы ныллæууыди, уæд Бедухайы хъахъхъæны, æмæ Бедуха уым нæй.
     «Уæллæгъи, уæдæ мæ уыцы хъапхай фæсайдта!» – загъта йæхицæн. Æмæ уыцы мæстыйæ мæсыгæй ралиуырдта. Æмæ зæхмæ куы 'рхæццæ, уæд зæхх ныттыдта бынмæ. Авд дæлзæхы фæци – хæйрæджытæм ныххаудта. Елызбар сæ паддзах хæйрæджытæн. Дунейыл ын дзæбæхдзинадæй цы нæ хæссынц, ахæм нæй, фæлæ уæддæр бонæй-бон æнкъарддæр кæны Созырыхъо.
     – Гъе, нæ хорз уазæг! Дзæбæхдзинадæй нæм цы ис, уыдон дын куы 'вдисæм, уæддæр бонæй-бон æнкъарддæр куы кæныс!
     – Æз ахæм лæг дæн, æмæ йе цуан куы нæ кæнон, йе хæцгæ куы нæ кæнон, уæд цæрын нæ зонын.
     Уалынмæ æрбайхъуысти, хæйрæджыты рæгъау, дам, фæтардæуы. Елызбар, сæ паддзах, загъта:
     – Дзындз-Аласайы йын раласут нæ уазæгæн æмæ йæ бавзарæм, цымæ дзыхæй куыд дзуры, лæгæй дæр ахæм лæг у! Фæдисы мачи ацæуæд йæхи йеддæмæ.
     Сбадти Созырыхъо бæхыл, фæдисы ацыд иунæгæй рæгъауы фæстæ æмæ сæ æрбатардта æд хуыснæджытæ.
     – Амæн ауадзæн нал и: ай хуызæн лæг мах бæсты никуы ис. Ныр дæ махæй цы хæзна хъæуы? – Елызбар æй фæрсы.
     – Æрмæст мæ дзыллæйыл куы сæмбæлин, æндæр мæ ницы хъæуы сымахæй, – загъта Созырыхъо.
     – Ацæут æмæ йын дыууæ зæронд басмахъы æрбадавут, – загъта Елызбар-паддзах йæ адæмæн.
     Ацыдысты æмæ йын дыууæ зæронд басмахъы æрбахастой.
     – Гъеныр сæ дæ къахыл бакъуыр æмæ ныккув Хуыцаумæ: «Хуыцæутты Хуыцау, уæдæ мæ мæ дуармæ фестын кæн...»
     Созырыхъо йæ тæккæ дуармæ фестади.
     Сатана цин кæны:
     – Хуыцау, дæ рынтæ дын бахæрон, мæнæ ма мæ лæппу кæцæйдæр фæзынди!
     Бедуха куы фехъуыста, Созырыхъо ссыди, уæд хъуыды кæны: «Фыццаджы зæрдæ ма мæм дары, цымæ?»
     Йæ мæсыджы та сбадт æмæ та арвæй зæххы астæумæ сдзæхст ласта.
     – Сатана, цы бакæнон ныр æз? Уыцы гауыры тыххæй авд дæлзæхы куы фæдæн, уæд афтæ сбадон мæхицæн? – загъта Созырыхъо.
     – Уымæн дын æз уынаффæ бакæндзынæн, – загъта Сатана. – Æз дæ зилгæ дымгæ фестын кæндзынæн.
     Æмæ Сатана зилгæ дымгæ фестын кодта Созырыхъойы. Æмæ, гъæйдæ-мардзæ, зилгæ-зилгæ цæуы уæлæмæ!
     Сæййæфта йæ уæлæ, кæм лæууыд, уыцы ран, æмæ йæм рудзынгæй фæмидæг. Уыцы ран дымгæ фесæфт – Созырыхъо фестад.
     – Мæнæ хъапхай, ныр та ма мын кæдæм ирвæздзынæ?! – дзуры йæм Созырыхъо.
     – Æмæ æз цы кодтон, аххос дæхирдыгæй куы уыд, уæд? Æз ардæм дæр уый тыххæй куы ссыдтæн, æмæ ма мыл иузæрдион уыдзынæ æви нæ, уый базонон!
     Мæсыг баздыхтой æмæ йæ æруагътой зæхмæ.
     Абон дæр ма иумæ цæрынц.

Радзырдта йæ Сидахъхъаты Сандро Уæрахъхъы фырт, 55-аздзыд, февраль, 1924 аз, Беслæныхъæу. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 30–10, папкæ 73, ф. 116–125.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru