Главная > Нарты кадджытæ > Созырыхъо мæрдтæй йæхицæн усæн Азаухан-рæсугъды куыд ракодта, уый кадæг

Созырыхъо мæрдтæй йæхицæн усæн Азаухан-рæсугъды куыд ракодта, уый кадæг


8 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Борæтæ ронг-нозт чысыл акодтой, нæ хъæуы куы никуыуал æрхуыдтам, зæгъгæ. Æмæ арвыстой фидиуæджы Нартыхъæуы алыварс, Борæтæ уæ хонынц, зæгъгæ.
     – Алчи йе сбадыны бандон дæр йемæ æрхæссæд, – ныхъхъæр кодта фидиуæг.
     Æрæмбырд сты Нарт. Цалдæр боны фæхордтой, фæнызтой.
     Иу бон куы уыди, уæд хурæвзæрæнырдыгæй иу барæг фæзынди. Нарт æй федтой.
     Ай цавæр уа, цы диссаг уа, зæгъгæ, загътой, кæд тых агурæг у, уæд сæ разы иу дон цыдис, æмæ дзы æрбагæпп ласдзæни; кæд тых агурæг нæ уа, уæд уыцы доны ивæн бацагурдзæни.
     Æрбахæццæ æмæ доны æрбагæпп ласта. Доны астæумæ куы 'рбахæццæ, уæд бæхы хæрдмæ фездæхта; дон фæйнæрдæм ныппæллахъ ласта, æмæ йæ фæйнæ фарс æртæ версты хуымтæ фесæфта.
     «Гъей, ай тыхагур у», – старстысты Нарт. Батырадз йæ размæ йæхи райста сывæллон уæвгæйæ.
     – Дæ райсом хорз уа, лæппу, – загъта барæг.
     – Хуыцауы хорзæх дæ уæд, – уый дæр ын раарфæ кодта.
     – Нарты фæсивæд кæм сты? – фæрсы Батырадзы.
     – Уæлæ уæллæгтæм афæдз æмбырды сты, – загъта Батырадз.
     – Бацамон-ма мын, мæ хур, «уæллæгтæ» кæй хоныс?
     – Бацамондзынæн, къуылых дæн, фæлæ, – къуылых йæхи скодта. Йæ разæй араст и, æмæ, цыма къуылых уыди, уый хуызæн-иу фæсте аззад. Иу дыууæ-æртæ хатты йын йæ бæхы къæдзилыл фæхæцыд æмæ-иу æй фæстæмæ адавта.
     – Гъæ, дæ бындар фæдæ, бæх нæ дæ æви цавæр дæ, – фæгуырысхо йыл ис, ай дæр та цыдæр у, зæгъгæ. Йæ сывæллон ахæм кæмæн у, уыдонæн сæ лæгтæ цытæ уыдзысты?
     Схæццæ сты Борæты дуармæ æмæ загъта уазæгæн:
     – Афтæ лæуу, æз дын бадзурон.
     Уый зæгъы:
     – Уыдон кæд сты, уæд сæм мæхæдæг бадзурдзынæн.
     – Уæуу, мæнæ æрра уазæг. Æдде дзурæгæн дуар нæ кæнынц.
     – Æгъгъа, йæ хъуымыз йæ донгæмттæй кæлгæ уымæн дуар кæнынц, фæлæ мæнæн нæ кæнынц.
     Бацыд æмæ дуар фæхоста, æмæ-иу айнæг та ды бакæ! Рацыд фæстæмæ æмæ лæппуйæн афтæ зæгъы:
     – Рацу, кæд дæуæн дæ бон исты у, уæд, мæнæн дуар нæ кæнынц.
     – Уæуу, мæнæ æрра уазæг! Æнхъæлдæн, æмæ де стырæй бузныг дæ!
     Уазæг æм ницыуал сдзырдта. Афтæ сыл уыцы ранæй фæхъæр кодта Батырадз, æдде уæм дзырдæуы, зæгъгæ.
     Мидæгæй сыл цары сæгтæ æрызгъæлдысты. Хистæртæ загътой:
     – Нæхи тугæй нæм чидæр дзуры.
     Лæппутæ зæрæдтæм нæ байхъуыстой, æмæ ничи акасти. Дыккаг хатт дæр та сыл фæхъæр кодта:
      – Æдде уæм дзырдæуы, Нарт!
     Рæхысæй, дæлæндыгонæй æмдзеллау скодтой. Хистæртæ та загътой:
     – Акæсут æддæмæ, нæхи тугæй нæм чидæр дзуры.
     Хъуыды дæр æй не 'ркодтой кæстæртæ. Æртыккæгæм хатт сыл фæхъæр кодта:
     – Æдде уæм дзырдæуы, куыйты Нарт!
     Рæхысæй, дæлæндыгонæй сыл æмхауд æркодтой. Ракастысты, æмæ, дам, дæлæ Тыхы фырт Мукара дуарæй хъæртæ кæны.
     Хызы фырт Челæхсар афтæ зæгъы:
     – Гъа-гъа! Дæлæ денджызы хъуынайы смаг йæ хъæлæсæй калгæ чи хъæртæ кæны?!
     Уæдæ фендзыстæм демæ, зæгъгæ, йæ бæхыл абадт æмæ тæргай фæлидзы Тыхы фырт Мукара. Йæ кард иуырдæм атæссар кодта æмæ уыцырдыгæй фарсы сых адæг ласæгау апырх кодта æмæ быдыры фæцæуы. Нарт иууылдæр Хызы фырт Челæхсары азымы радтой.
     – Цæмæн æй фæтæргай кодтай? Æгуысæртæ нæ куы фæкæндзæн.
     Йæхæдæг дæр хорзау нал фæци æмæ афтæ зæгъы:
     – Уый мын чи раздаха, уымæн мæ чызг Азауханы ратдзынæн.
     Азауханыл та Созырыхъо мæрдтæм цыди.
     – Фæсайдзынæ та мæ, – загъта Созырыхъо Челæхсарæн.
     Æууæнк ын радта, нæ фæсайдзынæн, зæгъгæ. Созырыхъо йæ ныллæджыты дзæуаг æмæ йæ дардмæ гæпгæнагыл абадти æмæ йæ асырдта. Дардмæ йæ ауыдта æмæ загъта Созырыхъо йæхинымæр: «Ныр æй фæсте сурон, æмæ мæ фæдисон хондзæн, разæй йæм цæуон æмæ мæ разыбадæг хондзæн æмæ мæ мардзæн».
     Йæ худ йæ къухы, афтæмæй йæ иуфæрсты фæцæуы:
     – Гъæй, фæлæуу-ма, ме 'рдхорд, – зæгъгæ, йæм дзуры Созырыхъо. – Номыл усау тæргæйттæгæнаг куы нæ уыдыстæм.
     – Цы та кæныс, мæнгард?
     – Раздæх, дæ хорзæхæй. Исчи иунæг ныхасæй тæргай лидзы?
     – Ныууадз, дæ хорзæхæй! Дæ гæды ныхæстæй та мæ сайгæ кæныс.
     – Раздæх, уæд та мын чындзхæссæг цæуыс: Азаухан-рæсугъды мын усæн дæтты.
     Фефсæрмы ис æмæ фæстæмæ раздæхти. Се ссыдмæ Хызы фырт Челæхсар, йæ хæдзар айнæджы хуызæн уыдис, æмæ уым бамидæг. Гæрæхтæ, хæстытæ, æмæ ма уыдоны коммæ чи касти, фæсайдта йæ Хызы фырт Челæхсар. Цыма Созырыхъойыл цæф сæмбæлди, уый хуызæн уынджы ахауди æмæ амарди. Уым лæууын байдыдта æмæ скæлм ис. Чызг рацыд æмæ, куы федта, скæлм ис, уый, уæд йæ фыдмæ ссыд æмæ йын загъта:
     – Уæ гормон, мæ фыд, уыцы кæйдæр марды цæуылнæ ахæссын кæныс? Кæлмыты йеддæмæ дзы куы ницыуал ис.
     – Гъæй, джауыр! Уый цы 'рхъуыды кодта? Уый мард нæу.
     Иу къорд бонтæ йыл куы рацыд, уæд Азаухан-рæсугъд рацыд æмæ йæ федта, æмæ дзы афтид стджыты йеддæмæ ницыуал уыди. Фæстæмæ бацыд æмæ йæ фыдæн загъта:
     – Уæ, уаих фæуай, мæ фыд. Уыцы мардæй афтид стджыты йеддæмæ куы ницыуал ис, уæд, йе стджытæм кæмæн нæ уæндыс, уымæн мæ цæуылнæ лæвæрдтай, уымæй хуыздæр ма мæ чи ахæсдзæн.
     – Гъæй, джауыр! Уый мард нæма у. Уæдæ кæд мард у, уæд ын йæ зæвæты бырау ныззилут æмæ йын йæ уæраджы магъз æрласут æмæ мæм æй тæбæгъы æрбахæссут.
     Йæ зæвæты йын бырау ныззылдтой æмæ йын йæ уæраджы магъз къоппæй æрластой æмæ йæм дзы тæбæгъы дзаг æрбахастой.
     Æрысмыста йæм æмæ загъта:
     – Гъæй, джауыр! Уый мард нæма у.
     – Уæ, гормон. Йæ къахы сындз кæмæн ысуайы, уый дзы куы ныхъхъæрзы, уæд йæ зæвæты бырау кæмæн ныззылдтой æмæ йæ уæраджы магъз къоппæй кæмæн æрластой æмæ уымæй «уæуу» чи нæ загъта, уымæн мæ цæуылнæ лæвæрдтай, уымæй хуыздæр ма мæ чи ахæсдзæн?
     Уыцы рæстæджы-иу лæг лæджы куы амардта, уæд ыл-иу сыджыт куы нæ бакалдта, дæ сыджыты хай дыл ферайæд, зæгъгæ, уæд-иу æй ныгæнгæ нæ кодтой. Уæд рацыдис Хызы фырт Челæхсар æмæ йыл сыджыт бакалдта, дæ сыджыты хай дыл ферайæд, зæгъгæ.Уæд фæсæррæтт ласта Созырыхъо, æмæ Хызы фырт Челæхсар лидзынмæ фæци, уый йæ фæсте расырдта, дæхиуыл ферайæд дæ сыджыты хай, зæгъгæ. Айнæджы куы бамидæг ис, уæд ма йын кардæй йæ сæр æрдзæхст ласта, æмæ йæ сæры фахс зæхмæ ахауди, афтæмæй баирвæзти. Хызы фырт Челæхсар уæларвмæ ссыди. Куырдалæгонæн æрхуыйæ сæры фахс скæнын кодта. Куырдалæгон æрхуыйæ сæры фахс куы сæнгом кодта, уæд загъта:
     – Æз æдде зæгæл бахойдзынæн, фæлæ мидæгæй зæгæл чи фæцъула кæндзæн?
     Уæд загъта Хызы фырт Челæхсар:
     – Ды æдде зæгæл бахой, мидæгæй йæ мæхи бар уадз.
     Куырдалæгон-иу æдде зæгæл куы бамыхъхъ ласта, уæд-иу Хызы фырт Челæхсар, гъæ-гъæ, зæгъгæ, фæкодта æмæ æгæр дæр фæцъула. Æрцыди æмæ та царди Хызы фырт Челæхсар. Уæд Созырыхъо Хуыцаумæ скуывта:
     – Гъе Хуыцау, уæдæ авд азы цы уазалтæ скæна, уыдон ацы дыууæ къуырийы куыд скæна æмæ сахъатджынтæ куыд басийой.
     Ахæм уазалтæ скодта, æмæ æрхуы сæры фахс магъзы басийын кодта. Сæрд куы æркодта, уæд та Хуыцаумæ скуывта:
     – Гъе Хуыцау, авд азы цы æнтæфтæ скæнай, уый ацы дыууæ къуырийы скæ, сахъатджынтæ куыд бамбийой, афтæ.
     Ахæм æнтæфтæ скодта æмæ сыд сæры магъз бамбыди, дон ысси, æмæ амарди Хызы фырт Челæхсар.
     Азаухан загъта:
     – Нарты фæсивæд, дыууæйы фаг ингæн скъахут.
     Нарты фæсивæд дыууæйы фаг ингæн скъахтой. Уæд куы ахастой Челæхсары æмæ йæ куы æрæвæрдтой, уæд Азаухан йæ хурх аргæвста. Созырыхъо загъта:
     – Æз дзы удæгасæй куыд бацæуон, ахæм ингæн скæнут, лæппутæ.
      Скодтой ахæм ингæн, æмæ дзы Созырыхъо удæгасæй бахызти. Хъахъхъæны Азауханы, йе мын æй мыст куы бахæра, йе мын æй калм куы бахæра, зæгъгæ. Хъахъхъæнын систа, иукъорд бонты йæ бахъахъхъæдта. Иу бон куы уыди, уæд калм иу къуымæй рабырыди Азауханмæ.
     – Ма 'рбацу, – зæгъгæ, йæм дзуры Созырыхъо, – дæ тæригъæд та мæ цæмæн хъæуы?
     Куы нæ лæууыди, уæд кард фелвæста æмæ йæ æрриуыгъта æмæ йæ дыууæ æмбисы фæкодта. Калмæн йæ фæстаг æрдæг уым баззад, йæ раззаг æрдæг хуынкъмæ бабырыди. Иу фæрдыг рахаста йæ дзыхы, дыууæ æрдæджы кæрæдзийыл æрæвæрдта æмæ сæ уыцы фæрдыгæй расæрфта. Калм фæцæйбырыди æнæхъæнæй.
     Уæуу, мæнæ цыдæр диссаг, зæгъгæ, Созырыхъо фæлæбурдта æмæ йын фæрдыг йæ дзыхæй ракъахта. Азауханыл æй расæрфта, æмæ райгас и, цы уыд, уымæй рæсугъддæр фестади. Уæд Азаухан загъта:
     – Мæ фыд дæу тыххæй мард фæци, курын дæ, дæумæ цыдæр тых ис, æмæ æххæст мæ фыды дæр райгас кæ.
     Уæд бахатыр кодта æмæ йын йæ фыды дæр райгас кодта.Рацыдысты уырдыгæй чызг æмæ фыд. Созырыхъо дæр сæ фæдыл æфсæрмыгæнгæ рацыдис, сиахс куыд æфсæрмы кæна, афтæ. Уый фæстæ Созырыхъо Нарты астæу стауинагæй баззадис, мæрдтæй йæхицæн ус кæй ракодта, уый тыххæй.

Радзырдта йæ Хъалæгаты Иналдыхъо, 3 апрель, 1921 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись, дело 9 а, ф. 73–82.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru