Главная > Нарты кадджытæ > Сырдоны райгуырд

Сырдоны райгуырд


10 апреля 2010. Разместил: 00mN1ck
     Йæ риу рыстис нæртон Созырыхъойæн. Дзерассæ рацæйцыдис донмæ. Доны хицау Гæтæг схудт Дзерассæмæ. Йæ цæст æрныкъуылдта æмæ йæм дзуры:
     – Урсцъарцæсгом Дзерассæ, бауарз мæ, кæннод дын дон нæ ратдзынæн.
     Фæтарст Дзерассæ уымæй æмæ алыгъди йæ цурæй.
     Созырыхъо хыл кодта æдзухæй дæр Гæтæгимæ, йæ хъæрæй-иу ныррызтысты йæ сыхæгты хæдзæрттæ, стæй-иу рызтис йæ хъæрæй хъæд. Æмæ ацыд Дзерассæ донмæ, къæртатæ къусимæ ахаста. Гæтæгимæ бацард æмæ йын райгуырди лæппу, йæ номæй йæ хонынц – Сырдон.

ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №36, папкæ 4, ф.5.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru