Главная > Нарты кадджытæ > Сырдоны райгуырд (вариант)

Сырдоны райгуырд (вариант)


21 мая 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

    Хæйрæг уыди, ус-хæйрæг æмæ сагъуыдис Нартыл. Ныхасы сын æмбырд куы уыдис, уæд-иу сæм æрцыдис æмæ сæ дардæй мæстæй мардта. Нартæм хъыг куыннæ касти, фæлæ-иу æм марынмæ куы фæлæбурдта исчи, уæд-иу фæдæлдзæх. Афтæмæй Нартæ мæсты кодтой.
    Иу бон куы уыд, уæд та æрæмбырд сты Нартæ ныхасмæ. Æрцыд æмæ та сæ мæстæй мардта хæйрæг. Афтæмæй Хæмыц фæмæсты æмæ йæ басырдта. Хæйрæг мысты хуынчъы фæмидæг. Уый йæ фæстейæ ралгъыста. Хæйрæг уымæй басывæрджын æмæ йын райгуырдис Сырдон.
    Сырдон схъомыл æмæ йæ хæдзар нæ хъæр кодта. Афтæмæй æрцыди Нартæм, Хæмыцмæ бацыди æмæ йын загъта:
    – Хæмыц, æз дæн дæ лæппу.
    Хæмыц ын загъта:
    – Чи дæ? Кæцон дæ?
    Сырдон ын загъта:
    – Уымæй мæ цы фæрсыс? Дæхицæй цы хæйрæджы ралгъыстай, уый мæ ныййардта дæ номыл, æмæ гъеуымæй дæн дæ лæппу.
    Хæмыц ын загъта:
    – О, æмæ уæдæ кæм цæрыс?
    Сырдон ын загъта:
    – Уымæй мæ цы фæрсыс? Мæ хæдзармæ дæ нæ хонын. Фæлæ мын Нарты уæзæгмæ фæндаг куыд уа.
    Хæмыц ын загъта:
    – Мæнæй дын бар уæд, фæлæ ма схон дæхи мæ лæппу.
    Сырдон дын аздæхт æмæ цардис йæхицæн. Сырдон смæсты Хæмыцмæ. Хæмыцмæ уыд иу хъуг, авд вазны йæ дæргъ уыд, авд азы хуыскъ фæци. Сырдон æм ссыди æмæ уыцы хъуг адавта. Акодта йæ хæдзармæ æмæ йæ уым аргæвста.
    Хæмыц зылди йæ хъугыл æмæ йæ агуырдта. Базыдта, Сырдон ын æй адавта, уый, æмæ цы кæна, – кæм цæры, уый нæ зоны. Сырдон дзы райсом раджыгомау бафтауы аджы. Стæй рацæуы Нарты ныхасмæ æмæ дзуры, цæмæй Хæмыц мæстæй хæла. Радзуры:
    – Ныр не 'гасæй хуыздæр лæг уый нæу, Хæмыцы стыр хъугæй сой-рихийæ не 'хсæн чи бады?
    Хæмыц ноджы мæстæй куыд нæ хæла: зоны, Сырдон ын йæ хъуг кæй адавта, фæлæ цы ракæна.
    Сырдонмæ уыд иу гадза, æмæ-иу ссыд æмæ Нарты уынгты рацу-бацу кодта. Хæмыц хъуыды байдыдта, уæдæ Сырдоны хæдзар куыд ссарон, зæгъгæ.
    Уалынмæ гадза йæ цуры февзæрди. Уæд Хæмыц фæхъуыды кодта: «Ацы гадза мын æй куы нæ бацамона, уæд æй мæнæн æндæр ничи бацамондзæн». Гадзамæ фæсидти æмæ йæ йæхиуыл æрæууæндын кодта, йæ хæдзармæ йæ асайдта. Бацыд æмæ æндахы къуыбылой райста Хæмыц æмæ йын йæ кæрон гадзайы къахыл бабаста. Гадзайæн йæ рагъ ныххоста. Гадза фæлидзы æмæ йын къуыбылой йæ фæдыл ауагъта, куыд хæлдаид, афтæ, йæхæдæг йæ фæдыл араст и. Гадза йæ куыд уыдта, афтæ лыгъдис æмæ Сырдоны хæдзары фæкуыси.
    Хæмыц ацыд уыцы æндахы фæдыл æмæ Сырдоны хæдзары фæкуыси. Бакасти хæдзармæ: уæларты – аг. Ныккасти агмæ, æмæ дзы фыцы Хæмыцы хъуджы фыдтæ. Сырдонæн уыд æртæ лæппуйы æмæ агæн йæ алыварс бадынц. Хæмыц сæм фæлæбурдта æмæ æртæйы дæр аджы ныппæрста. Йæхæдæг раздæхт æмæ Нарты ныхасмæ бацыд.
    Сырдон ныххудт æмæ йын зæгъы:
    – Тæригъæд нæу Хæмыц? Исчи йын йе стыр хъуджы фыдтæ хæра, йæхæдæг уынгты стонгæй цæуы.
    Хæмыц зæгъы:
    – Чи зоны, мæ хъуджы фыд хæрæг йæ хъæбулты фыдтæ дæр бахæра.
    Сырдон æй фембæрста æмæ æнæсдзургæйæ йæхи фездæхта, йæ хæдзармæ йæхи раппæрста. Хæдзары фæкуыси, ракæс-бакæс кæны æмæ йæ лæппутæй никæй ары. Фыдисыл йæхи ныццавта, аджы сысдыдта æмæ дзы сызгъæлдысты лæппуты уæнгтæ: кæмæн йæ сæр, кæмæн йæ къах, кæмæн йæ цонг.
    Сырдон æй базыдта: ай мын Хæмыц бакуыста. Сывæллæтты агæй скалдта. Йæ фæсдуар уæрм уыди: уым сæ иуыл иумæ ныккалдта. Йæхæдæг баздæхт йæ къуыммæ, дыууадæстæнон фæндыр райста æмæ йæ къæлæтджыныл æрбадти. Фæндыр цæгъды æмæ йемæ куы зæгъы:
    – Мæ лæппутæ, мæнæн уын мæ бон хæрнæг кæнын нæ бауыдзæн, фæлæ мын уæ иу хуыйны Къонагæ. Къонагæ, марды фæлдисинагæй къонайыл цы бавæрой, уымæй ды рухсы бад.
    Стæй та ныццæгъды æмæ зæгъы:
    – Марды фæлдисинагæй уæрагыл цы 'рывæрой, уымæй ды рухсы бад.
    Стæй та ныццагъта:
    – Фынгмæ марды фæлдисинагæй фу кæуыл бакæной, уымæй ды рухсы бад.
    Уый фæстæ йæ фæндыр рахаста æмæ рацыд Нартæм. Ныхасы дзы æрцагъта æмæ ныззарыд:
    – Нартæ, ай уын мæ лæвар, æмæ мæ уемæ цæрын бауадзут.
    Нартæ загътой:
    – Ай хуызæн хæзна нæ къухы куы бафта, уæд нæ ацы лæг цы баджиздардзæн?
    Уырызмæг æм дзуры:
    – Кæд нын уый хуызæн хæзна дæ цæст уарзы, уæд не 'гасæн æфсымæр у иумæйагæй, нæ алы ныхасы дын бар уæд хъусын, нæ хæдзæрттæм дын уæд фæндаг æфсымæрау.
    Сырдон гъеуымæй сси Нартæй.
    Нартæ уыцы фæндыр рауагътой æмæ кæрæдзийæн загътой:
    – Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, гъеуый уыдзæн нæхион.

Радзырдта йæ Джусойты Кудза. Ирон адæмон сфæлдыстад, 5-æм чиныг. Орджоникидзе, 1941, ф. 53–54.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru