Главная > Нарты кадджытæ > Сырдон та нарты асайдта

Сырдон та нарты асайдта


13 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Иу бон Нарт ацыдысты хæтæны, Сырдоны дæр ахуыдтой семæ. Ницы бафтыд сæ къухы æмæ раздæхтысты фæстæмæ. Уæд Нартæ зыдтой æнæбын цад тархъæды астæу æмæ загътой:
    – Уыцы цад Сырдон нæ зоны, ууылты йæ арвитæм æмæ кæд фесæфид.
    Цадыл мæнг конд пыхсытæ æркодтой æмæ йæ арвыстой цады комкоммæ фæндагыл. Нæ базыдта Сырдон, уым цад ис, уый, æмæ дзы аирвæзтис. Былгæрон ма бæласы уидæгтыл фæхæст æмæ цæмæйдæрты ралæст цадæй. Хус къæцæлтæй арт акодта, ахус кодта йæ дзаумæттæ æмæ Нарты размæ азгъордта. Нартæ Сырдонæн фесæфын æнхъæл уыдысты, фæлæ сæм уый хъæр кæны:
    – Фæлæуут-ма, нæртон хæтæг адæм, диссаг уын радзурон!
    Нарт дисæй амардысты, уый Сырдоны хъæр куы у, уæд кæцæй фæзындис, зæгъгæ. Сырдон сын загъта:
    – Мæ чысылæй нырмæ ахæм диссаг никуы федтон.
    Нарт æм дзурынц:
    – Бæтæджы фырт, цы диссаг федтай, ма та нæ фæсай!
    Сырдон сын загъта:
    – Уæртæ уым иу цад ис æмæ дзы федтон диссаджы сырдтæ, ралыгъдысты пыхсмæ. Фæтарстæн сæ æмæ ма фыртæссæй ардæм æрхæццæ дæн.
    Сырдоны хус дзаумæтты куы федтой, уæд ыл Нарт баууæндыдысты. Сырдон хъуыды кодта ноджы фыддæр ми Нартæн æмæ сын сындзджын къохмæ амыдта:
    – Кæд тыхгæнынмæ цæут, уæд хуыздæр ранмæ нал фæцæудзыстут, уæртæ сындзкъохмæ бацыдысты æмæ сæм уырдæм бацæут. Æз сæм нал бауæнддзынæн, фæлæ къохы алыварс зилдзынæн. Æмæ уын, чердæм цæуой, уый амондзынæн.
    Бацыдысты Нарт сындзкъохмæ. Сындз æмæхгæддæр кæм уыд, Сырдон сын уырдæм амыдта. Афтæмæй æхсæв-бонмæ Нарты сындзытæн ныттонын кодта. Бæхæй-лæгæй сæ туг калгæ райсомæй сындзкъохæй рацыдысты.
    – Сæрæй та ныл сайдæй рацыдтæ, – зæгъынц Нартæ Сырдонæн.
    – Нæ сæм бауæндыдыстут, Нартæ, сындзы бамбæхстыстут, уый адæмæн куы радзурон, уæд фидиссаг кæнут, – загъта Сырдон.
    Нартæ фæтарстысты, худинаг нæ кæндзæн, зæгъгæ, æмæ йæм дзурын нал бауæндыдысты.

Радзырдта йæ Плиты Алыксандр, 8 февраль, 1941 аз, Бирæгъзæнг.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 184–185.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru