Главная > Нарты кадджытæ > Сырдоны фырттæ: Цæй, Рæмбын æмæ Фу

Сырдоны фырттæ: Цæй, Рæмбын æмæ Фу


13 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Сырдонæн уыдис æртæ фырты. Адæм æм уыдысты хæрам, æмæ уый зонгæйæ баздæхти æмæ сыл йæхæдæг сæвæрдта нæмттæ.
    Сæ иуыл сæвæрдта Цæй, аннæуыл сæвæрдта Рæмбын, æртыккагыл сæвæрдта Фу.
    – Хист мын сын ничи кæндзæн, – мæгуыр сты, адæм та – хæрам, Нартæн та нæй æнæ зæгъгæ: «Цæй, афтæ бакæнæм, цæй!» Хæргæ-хæрын йæ рæмбынтæ фынгмæ чи нæ æруадза, ахæм дæр нæй нæ дзыллæйы. Хæринаг куы рахæссынц, уæд ыл æнæ афу хос нæй.
    Уымæ гæсгæ мæ фыртты кой уыдзæн Нарты: Цæй, Рæмбын æмæ Фу никуы байрох уыдзысты. Мæрдты фæндагæн та сын уый кæндзæн æххуыс.

ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 254.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru