Главная > Нарты кадджытæ > Сирдони мард

Сирдони мард


13 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Сирдон ку мардæй, уæд æ уосæн загъта:
    – Æгъдау куд æй, гъе, омæ гæсгæ мæбæл сау дардзæнæ, фал дин фæдзæхсун дууæ гъуддаги: – медгъун кæрцæ ма бадарæ, тæвдæ хуæруйнаги фæсте уазал дон макæд баниуазæ, – уæд дуггаг мард ракæндзæнæн.
    Рамардæй Сирдон, æма си æ осæ ба арази кæми адтæй: мæстгун имæ адтæй æма фудæнæн медгъун кæрцæ фæддардта æма ниссистæй, исцола æй. Ой хæтдзæ ба тæвдæ хуæруйнаги фæсте уазал дон ниуазгæ, ку нæ 'й гъæуидæ, уæддæр, æма æ коми дæндаг нæбал байзадæй.
    Сирдон æ мæлæти размæ æ гъæуæн дæр бафæдзахста: «Нихасæнгæрон мæ ма байвæретæ». Етæ баздахтæнцæ æма 'й тæккæ Нихаси хурфи байвардтонцæ фудæнæн.
    Естæбæл загъд ку цæуидæ лæгти 'хсæн, йе æлгъетгæ ку кæнидæ,кенæ ба æндæр ести, æууæндун ку кæнидæ еу инней, уæддæр фæлдистонцæ Сирдонæн сæхе: «Кæд мæнгæттæ дзорун, уæд мæ Хуцау мæнæ Сирдонæн бæхæй фæххæтун кæнæд». Кенæ ба: «Сирдонæн фæлдист фæууо», «Сирдонæн бæхæй фæххæтæ» æма æндæртæ. Уæд Нартæй кадæр æргъуди кодта, а Сирдонæн йе 'гасæй нæбал фæразтан, нур ба ма ин æ мардæн дæр нæхе фæлдесæн, – донмæ 'й рагæлдзун гъæуй, зæгъгæ. Искъахтонцæ 'й æма ин йе стгутæ дони багæлстонцæ. Сирдони стгутæ дони ку багæлстонцæ, уæд фæстæмæ æригас æй æма исæздахтæй Нарти 'хсæнмæ. Еугур мард гæнæн н' адтæй Сирдонæн.

Радзырдта йæ Цакъоты Елхъан, Уæхъæц. Ныффыста йæ Хадаты Берди.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, № 36, папкæ 4, ф. 19.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru