Главная > Нарты кадджытæ > Батырадз æмæ Бæдзæнæг

Батырадз æмæ Бæдзæнæг


25 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Батырадз бадти уæларвы Куырдалæгонмæ. Нарт æрæмбырд сты Сахъоладоммæ æмæ уым хъазыдысты æмæ кафыдысты. Сохъхъыр уæйыджы фырт Бæдзæнæг хохæй касти уыдонмæ.
    – Цæй æмæ ныццæуон! Нарты хорз адæм хъазынц æмæ уыдон дзауматæ рахæссон æмæ сæ бафхæрон.
    Сохъхъыр уæйыг йæ фыртæн дзуры:
    – Ма кæ, ма цу: Борæтæй лæг дзы уым фæзындзæн æмæ дæ бафхæрдзæнис.
    Уый нæ байхъуыста йæ фыдмæ, фæлæ ацыдис æмæ ныццыди Нарты адæммæ æмæ семæ хъазын æмæ кафын байдыдта. Иууылдæр сæ бафхæрдта æмæ сын сæ дзауматæ рахаста æмæ йæ хæдзармæ ссыди. Райсом та йæхи цæттæ кæны.
    – Цæуон æмæ та ныццæуон, – загъта Бæдзæнæг, – Нарты адæммæ æмæ та сын схæссон сæ дзауматæ æмæ сæ бафхæрон!
    Æмæ та сæм ныццыдис æмæ семæ кафы æмæ хъазы. Уыцы сахат уæларвæй кæсы Батырадз, Хæмыцы фырт, æмæ зæгъы: «Мæ адæмы астæу иу стыр лæг кафы æмæ хъазы». Ацыдис уырдыгæй æмæ цъитийы æрдæг ратыдта æмæ йæ йæ сæрыл цæвæрдта, кæннод сыгъди. Стæй куы фæцæйцыди Батырадз Бæдзæнæгмæ, уæд йæ сæры дыууæ фарс суадæтты хуызæн дон тагъдис.
    Куы 'рбацыди, Бæдзæнæджы цур куы 'рлæууыдис, уæд æм Бæдзæнæг ракаст æмæ загъта:
    – Ай мын мæ фыд кæмæй загъта, дæхи хъахъхъæ, уыцы лæг мæм куы 'рцыди.
    Батырадз ма Бæдзæнæджы æртæ хатты кафын бауагъта, цыппæрæм зылдæн æй йæ къахæй зæхмæ ныццавта æмæ йæ ронбастмæ асагъдис; стæй Бæдзæнæгæн йæ къухыл æрбахæцыдис æмæ йын йæ фæрстæ æрбатыдта йæхимæ. Фæлидзы Бæдзæнæг йæ дыууæ къахыл иукъухæгæй йæ хæдзармæ, хохмæ. Йæ хо йæм кæсы æмæ зæгъы:
    – Хуыцауæй бузныг, ме 'фсымæр ссæуы æмæ схæссы Нарты сырх дарæстæ!
    Йæ фыд æм дзуры:
    – Цы сырх дарæстæ схæссы, уый фендзынæ!
    Уалынджы бацыди Бæдзæнæг æмæ йæ иу къух æмæ йæ иу фарс йæ уæлæ нал сты. Йæ фыдмæ бацыди Бæдзæнæг æмæ йæ бафарста:
    – Цæмæй тыхджын у Батырадз?
    Йæ фыд ын загъта:
    – Батырадз йæхи байсæрыдта æмæ æндон у, – уымæй тыхджын у.
    – Сохъхъыр хæрæг! – загъта Бæдзæнæг, – мæн цæуылнæ байсæрыдтай?
    Стæй Бæдзæнæг дыууадæс туманы йæ дзыппы авæрдта æмæ ацыдис Куырдалæгонмæ æмæ йын загъта:
    – Мæн дæр байсæр, Батырадзы куыд байсæрыдтай, афтæ.
    Куырдалæгон ын загъта:
    – Нæ бауромдзынæ, басудздзынæ, æмæ мын тæригъæд уыдзæнис.
    – Тæригъæд мын æппындæр ма кæ, сæрæггаг дын мызд дыууадæс туманы схастон.
    Стæй йæ Куырдалæгон цæвæрдта куынцгомы æмæ йыл дуртæ цæвæрдта æмæ дымын байдыдта. Арт куы ссыгъдис, уæд фæхъæр кодта Бæдзæнæг:
    – Басыгъдтæн, Куырдалæгон, æмæ мæ айс!
    Куырдалæгон æм февнæлдта æмæ райста йе стджытæ æмæ сæ аппæрста.

Всеволод Миллер, «Осетинские этюды», часть I. Ученые записки Имп. Моск. университета, Москва, 1881, с. 26–28.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru