Главная > Нарты кадджытæ > Æртæ Нарты хъазт (вариант)

Æртæ Нарты хъазт (вариант)


25 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

    Æртæ Нарты хъазт сарæзтой. Уæйыг та царди Хæлгъоны. Уыцы хъазтмæ касти уæйыгæн йæ лæппу æмæ дзырдта:
    – Æда, æртæ Нарты хъазт сарæзтой æмæ мын уырдæм æнæ цæугæ нæй.
    Уæйыг загъта:
    – Лæппу, ма ныццу уырдæм. Мæнæн мæ син уыдон ныссастой æмæ дæу дæр бахъыгдардзысты, ма ныццу!
    – Нæй, æдзæугæ мын нæй, – æмæ рараст и. Æмæ Цымытийы дæлейы Дæлфарсы уыди хъæд, æмæ уым бæлас йæ тæккæ бындзарæй стыдта æмæ хъазтмæ ссыди æмæ йæ уым æрцавта зæххыл:
    – Фарн уæ хъазты, æртæ Нарты!
    Бæлас ахъил æмæ кæмæн йæ зæнг, кæмæн йæ цонг асаста. Æмæ бæстæ ниуд сси, кафын нæ, фæлæ.
    Уæйыджы лæппу фæстæмæ ссыди æмæ йæ фыдæн загъта:
    – Абон Нартæй хорз фæхъазыдтæн, бæлас сын сæ хъазты астæу æркалдтон, æмæ дзы кæмæн йæ цонг, кæмæн йæ зæнг, кæмæн йæ сæр асаст, æмæ бæстæ туг сси, кæугæ, ниугæ.
    Уæд æй йæ фыд бафарста:
    – Гъе, уæдæ сæ гуыппырсартæ уым нæ уыдысты. Йæ цæнгтæ бедрайы стæвдæн кæмæн сты, ахæм дзы нæ федтай?
    – Нæ федтон.
    – Йæ цæстытæ сасиры чъилы йæстæ кæмæн уыдысты, уый дзы нæ федтай?
    – Нæ федтон.
    – Уæдæ сæ лæгтæ уым нæ уыдысты.
    Изæрæй балцæй æрцыдысты Батырадз æмæ Созырыхъо. Æмæ хъусынц алы ран кæуын, дзыназын.
    Уæд бацыдысты иу хæдзармæ æмæ бафарстой, ай цавæр хабар у, зæгъгæ. Æмæ сын радзырдтой, уæйыджы фырт сæ куыд фæхынджылæг кодта, кæмæн йæ зæнг, кæмæн йæ цонг, кæмæн йæ сæр куыд ныссаста, уый.
    Созырыхъо æмæ Батырадз загътой:
    – Тагъд! Фидиуæг кæм ис! Ныхъхъæр кæн, райсом чи не'рцæуа Хъазæн лæгъзмæ хурыскастмæ, уымæн йæ хæдзар дымгæмæ ныддардзыстæм, адæмы æхсæнмæ йын рацæуæн куыннæуал уа, афтæ йыл хъæудзырд бакæндзыстæм.
    Æмæ райсом, хур нæма скасти, афтæмæй æмдзæгъд самадтой.
    Уæйыджы фырт та уæлейæ æркаст æмæ йæ фыдæн загъта:
    – Знонæй тынгдæр у сæ хъазт. Цон та æмæ та сæ фæхынжылæг кæнон.
    – Ма цу, куы дæ амарой, уæд ма мæн чи дардзæн? – загъта фыд.
    Фæлæ лæппу йæ фыдмæ нæ байхъуыста æмæ ацыди. Дæлфарсы та стыр бæлас æд уидæгтæ стыдта æмæ Нарты хъазтмæ бацыди:
    Фарн уæ хъазты, æртæ хъæуы, зæгъгæ, бæлас зæххыл æркъуырдта.
    Созырыхъо йæм йæ цонг фæдардта, иуварс æй акъуырдта, æмæ бæлас ныппырх ис хъазты æддейы.
    Ирон симд, зæгъгæ, афтæмæй райдыдтой кафын. Уазæджы дыууæ чызджимæ симын рауагътой, стæй йæ дыууæ фарсы бацыдысты Батырадз æмæ Созырыхъо. Йæ фæйнæфарс æрлæууыдысты æмæ йын йæ дыууæ фарсы батыдтой, йæ дыууæ уæхсчы йын стыдтой, йе 'ккойы йын сæ сбастой æмæ йæ афтæмæй йæ хæдзармæ арвыстой.
    Йæ фыд-уæйыг æм уæлейæ кæсы, æмæ йæ фырт гуыбыр-гуыбыр ссæуы, æмæ загъта:
    – Дæлæ мæ фырт йе 'ккойы цыдæртæ схæссы.
    Æмæ ссыдис, æмæ сæ хæдзары кæуыны йеддæмæ ницыуал уыдис. Фыд ын загъта:
    – Нæ дын дзырдтон, сæ гуыппырсартæ уым не сты, зæгъгæ.
    – Бæгуыдæр мын дзырдтай, бæгуы, фæлæ ма цы гæнæн ис? – дзырдта кæугæйæ уæйыджы лæппу.

Радзырдта йæ Дулаты Дидо, Нартыхъæу, 1941 аз. Ныффыста йæ Брытъиаты Созырыхъо.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф.3.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru