Главная > Нарты кадджытæ > Батраз æма хъæрæу уæйуг (вариант)

Батраз æма хъæрæу уæйуг (вариант)


25 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

    Рагима-раги Нарт цардæнцæ. Нарт æрæмбурдæнцæ ма унаффæ кодтонцæ: «Чи бакæнæн, куд бакæнæн». Ма загътонцæ: «Уæддæр ма ести исаразæн дессаг». 'Ма Мацутæмæ æрæмбурд æнцæ. 'Ма æстæмæй-астмæ æгæнон симд кодтонцæ. Дортæ 'ма гъæдтæ сæ рагъи исбастонцæ, уотемæй симдтонцæ.
    'Ма сæмæ сау хонхæй хъæрæу уæйуг æрцудæй. 'Ма си къозоти фæгъгъазидæ, фæссигириз кæнидæ.
    'Ма уæйуги мадæ ба зонæнгун адтæй ма ин æрдзоридæ:
    – Биццеу, ма гириз кæнæ Нартæй. Мæгур Нарти адæмæй ма гириз кæнæ. Уæхæн сæмæ фæззиндзæнæй, кæчи дæ бафхуæрдзæнæй.
    Уæйуг æ мадæмæ дзоруй:
    – Нана, мæн хъаурæгинæн нæййес 'ма нæбал уодзæнæй.
    Алли бон дæр сæмæ цудæй, 'ма си гириз кодта, мæстæй сæ мардта, кæрæдзебæл сæ хуаста, семун сæ нæ уагъта.
    Хæмици фурт Батраз хæтуни адтæй, 'мæ сæмæ фелвæстæй. Салан равардта Нарти адæмæн. 'Ма ку 'ркастæй уæйугмæ, уæд имæ бацудæй 'ма ин уæйугæн æ къохбæл æрхуæстæй, ма семун байдæдтонцæ. 'Ма ибæл уæйуг равзурста фæхъхъæбæрдæр ун. Уæдта Батраз, семгæ уотæ нæ фæууй, зæгъгæ, 'ма ин æ къах æма къох рахаун кодта. 'Ма уотемæй сæргубур ма къахсаст-къохсастæй фæццæуй уæйуг.
    Æ мадæ зонæнгун адтæй, 'ма имæ кæсуй идардмæ. Ма загъта:
    – Мæ биццеу, берæ дин фæдздзурдтон, ма мæмæ не 'гъустай. Гъенур ба дæбæл – загъта, къах дæр, къох дæр нæбал ес, 'ма дин ме 'хсири тъинг куййи æхсир фестæд. Берæ дин фæдздзурдтон, 'ма мæ коммæ нæ бакастæ, дæхецæй хъаурæгиндæр неке 'нгъалдтай, 'ма дæ къох дæр, 'ма дæ къах дæр Нарти астæу байзадæнцæ. Гъенур ба, – загъта, – хъæрæу уæйуг, цæрæ гъеуотемæй. Йеу ниуазун ку нæ зонай, уæд дууæ дæр баниуазунцæ.

Радзырдта йæ Хамихъоты Темболат Бекмæрзайы фырт, 80-аз¬дзыд, 1 июнь, 1972 аз, Секеры хъæу. Ныффыста йæ Цæголты Бэлæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы архив, 1972 аз

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru