Главная > Нарты кадджытæ > Батырадз æмæ Тары фырт Мукара

Батырадз æмæ Тары фырт Мукара


25 июня 2010. Разместил: 00mN1ck
    Батырадз уый хуызæн лæг рацыд æмæ тæфы мидæг йæхи æмбæхстæй дардта. Нартæ цæуаг уыдысты стæры. Стæрæй-иу тагъд не 'рыздæхтысты, æртæ азы дæр-иу аззадысты. Иу афоны фæцыдысты фæсивæды дзæбæх стæры, сæ зæндджынтæ дæр семæ фæцыдысты. Иу афæдз куы не 'рцыдысты, уæд Тары фырт Мукара, фæстейæ чи уыд, уыдонмæ сæрвыста Нарты уæзæгмæ:
    – Уæ фыдæлтæ мæ фыдæлтæн чызг-хъалон фыстой, æмæ сæ кæд рарвитат, кæннод уæм тыхæй цæуын.
    Нартæ ныккатай кодтой:
    – Ныр цы кæнæм, куы никуы фехъуыстам ацы хъуыддаг, уæд куыд бакæнæм? Дæттæм, уæд нæ нæ зæндджынтæ азымы дардзысты; нæ дæттæм, æмæ нæм цæудзæни, æмæ нæ тыхджын фæсивæд ам не сты, æмæ йæ разы чи балæудзæни?
    Сырдон сын загъта:
    – Уымæн сымах æппындæр ницы æрхъуыды кæндзыстут, фæлæ Сатанайы бафæрсут.
    Цалынмæ уыдон уыцы фæндтæ кодтой, уалынмæ сæм схæццæ Тары фырт Мукара. Бацыди, æмæ ма чи 'рлæууыдаид йæ разы, чи дзы уыд! Схæцыди Мукара æмæ, Нарты чызджы дзæбæх æмæ чындзы рæсугъд кæм уыди, уыдон аскъæрдта йæ фыццаг. Сатана сæ куы ауыдта, уæд дын хатиагау гæххæтт афыста. Хатиагау æрмæст Нарт зыдтой, Уырызмæджы байзæддаг. Ныффыста гæххæтты Батырадзмæ: «Лæугæ кæныс – бадгæ мауал скæ, бадгæ кæныс – цæрдæг фæлиуыр, дæ хъæумæ хæццæ кæ, фесæфтысты».
    Хъæрццыгъайы рацахста Сатана. Хъæрццыгъайæн загъта:
    – Гъа, уый, Батырадз кæм ис, уырдæм куы нæ схæццæ кæнай, уæд уын уæ мыггаг аскъуындзынæн. Кæд æй схæццæ кæнай, уæд дын мæ карчыцъиутæй бар ратдзынæн.
    Хъæрццыгъа атахти æмæ йæ схæццæ кодта хæрз тагъд.
    Батырадз уæлейæ йæхи раппæрста, йæ уæзæгыл агъды рæбынтæм сыджыты аныхсти.
    – Мæ мад, цы уынгæджы фестут?
    Сатана йын загъта:
    – Уæ мыггагыл цы нæ 'рцыд, уый сыл æрцыд. Кæд дæм исты хъару ис, уæд дæ сæр бахъуыд.
    Батырадз загъта:
    – Æмæ чердæм фæцыдысты, уый куы нæ зонын.
     Сатана йын афтæ:
    – Фурды былмæ ныццу, – дæ мадырвадæлтæ уым сты, æмæ фурды былæй ныхъхъæр кæ: «Гыццыл Чех, æддæмæ мæм ракæс, дæ сæр мæ бахъуыд, дæхион дæн, Тары фырт Мукара кæм цæры, уый мын бацамон!»
    Уыцы Чех дын арв æмæ зæххы 'хсæн ницы бамбæхсдзæн æмæ дын æй бацамондзæн.
    Батырадз æппындæр хæдзармæ нал бацыд, фæлæ ныххæццæ ис фурды былмæ. Фурды былыл ныцъцъæхахст кодта:
    – Донбеттырты гыццыл Чех, дæхион дæн, æмæ мæм æддæмæ ракæс!
    Чех æрдæг лæг уыди, фæлиуырдта цæрдæгæй æмæ ма Батырадзæн йæ цъæхахсты нæрын хъæдтæй хъуысти, афтæмæй йæ цуры фестади. Батырадзы куы ауыдта, уæд загъта:
    – Мæхион куы ныхъхъæр кодтай, æмæ æз мæхиуæтты дæ хуызæн лæг куы нæ федтон, уæд мын куыд мæхион дæ, уый куы зæгъис.
    Батырадз ын загъта:
    – Уый фæрсыныл ма схæц, фæлæ, Тары фырт Мукара кæм цæры, уый мын бацамон.
    Чех дæр нал фæтарст æмæ загъта:
    – Базыдтон дæ ныр, æцæг мæхион дæ. Амонгæ дын æй бакæндзынæн, фæлæ афтæ æнцоныл нæ бахаудзынæ уымæ.
    Батырадз ахъуыды кодта:
    – Уæд та мын æм минæвар бацу æмæ мын ын æртæ дзырды зæгъ. Мукарайæн мын зæгъ: «Уырдæм мæ ма бацæуын кæн, кæннæуæд æй зон, Нартæм кæй нæ зоныс, уыцы Батырадз дæн æз. Афтæ ма банхъæл, фурды мæнæй фæфидар уыдзынæ. Æз дæм æрцыдтæн хæстмæ æмæ мæм æддæмæ ракæс».
    Чех афтæ рæуæг уыд, æмæ æртæ цæстыныкъуылдмæ æртæ боны цыды хауди. Бацыдис Мукарамæ æмæ радзырдта Мукарайæн:
    – Нартæй дæм æрцыд иу æнæхъуын лæппу, йæ ном хоны Батырадз, фæлæ, дыууадæс наййаджы цы мусы цæуынц, гъеуыйас сты йæ цæстытæ. Æрвиты дæм: «Æз æрцыдтæн хæцынмæ, æмæ кæд æддæмæ нæ цæуыс, уæд дæм мæхæдæг фæцæуын. Уый ма 'нхъæл, фурдæй фæтæрсон, æз гуырд фурдæн йæхицæй дæн».
    Мукара ахъуыды кодта æмæ загъта:
    – Мæнæн дæр худинаг у, хæстмæ мæм чи 'рцæуа, уымæй бамбæхсон, фæлæ кæд нæртон лæг дæ, уæд уæ хæцæн у майрæмбоны, æмæ уæдмæ цæттæ дæн.
    Рацыд Чех æмæ йæ радзырдта Батырадзæн. Батырадз аздæхт æмæ йæ хъæумæ ссыд. Йæ хъæуы ныхъхъæр кодта:
    – Цагъды фæуат, Нарт! Сау хæрæг уын сау митæ бакодта, уый бæсты уын уæ быныскъуыд куы фенин. Майрæмбонмæ мын хæст расидти æмæ хæцгæ не скæндзыстут, фæлæ мæм дардæй кæсгæ уæддæр кæнут!
    Нарты, цы сын уыд Батырадз, уый нæма зонынц. Кæрæдзийæн дзурынц: «Ныр цы кæнæм, йæ хуыз нæхи хуызæн у, фæлæ нын ныронг кæм уыд, уый куы нæ зонæм».
    Батырадз сæ базыдта сæ хуызæй, уымæй дæр тæрсынц, уый, æмæ сын загъта:
    – Чи дæн, ууыл тæрхон кæнут? Мæнæй ма тæрсут; чи дæн, уый дæр уын зæгъдзынæн, æз дæн Нартæй.Быценон – мæ мад, Хæмыц – мæ фыд. Нæма уыдтæн мæхи равдисынхъом æмæ уый тыххæй цардтæн æмбæхстæй. Ныр цæуын æз хæстмæ Тары фырт Мукарамæ, дзырд стæм майрæмбонмæ. Мах хæцдзыстæм Хызы быдыры, сымах мæм кæсут Уазы къуыппæй.
    Майрæмбоны дын ныццарæзта Батырадз йæхи. Бацыд æмæ йæ сау бæх раласта æмæ бæхæн дзуры:
    – Æз дын зæгъын, мæ бæх: уый мæм æнæ ныфсæй йæ ныфс нæ хæссы. Æз дæ æд саргъ ауадздзынæн мæ цуры, æмæ мæ куы стæвд кæна тыхджын, уæд дæм куы фæхъæр кæнон: «Гъæйтт, мæ бæх, цы фæдæ?» – уæд-иу дардæй дæхи рауадз, æмæ мæм куы 'рхæццæ уай, уæд-иу дæ дыууæ фæстаг къахæй, дæ бон цы уа, уымæй мæ тыхджын ныццæв, фурдæн йæ астæу куыд скуыси уон.
    Рацыдис æмæ æрцыд фурды былмæ. Бадзырдта Мукарамæ:
    – Мæнæ дæн, æмбæхсгæ ма бакæ.
    Мукара дын ралиуырдта фурдæй. Кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, хæхты, быдырты рахæсс-бахæсс байдыдтой кæрæдзийы, æппын сæ ничи сæтты. Хъæдмæ бахастой кæрæдзийы. Бæлас бындзæфхадæй рæдувынц, кæрæдзийыл æй ныххуырсынц, уæддæр сæ ничи сæтты.
    Рахаста йæ йæ разæй Батырадз. Фурды былмæ æрцыд сæ хæст. Батырадз стæвд и æмæ дзуры йæ бæхмæ:
    – Гъæйтт, мæ бæх, цы фæдæ?
    Бæх дын йæхи рауадзы. Батырадзмæ куы 'рхæццæ, уæд æм йæ сынæг фездæхта, йæ тых-йæ бонæй йæ ныззыввытт кодта, Батырадз фурды бæстастæу сæмбæлди. Фæлиуырдта Батырадз, йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта:
    – Фæлæуу, сау хæрæг, гъеныр дæм фæцæуын!
    Мукара фæтарсти йæ хъæрæй æмæ фурды фæкуыси. Фурды бын уыди Кадзитæ æмæ уыдонимæ царди Мукара. Куы сæм бахæццæ, уæд сын загъта:
    – Ахæм хæцæг æрбацæуы мæ фæдыл, æмæ ма йын кæд исты кæнæм, уæд хиндзинадæй. Кæннæуæд уымæн тыхæй ничи ницы бакæндзæн.
    Кадзитæ дын фæмидæг сты æмæ йе 'рбацæуæны ахæм уæрм скъахтой, æмæ йæ бынæй йæ сæрмæ хъæр нæ хъуысти. Сæхуыдтæг ыл уæлейы гауызтæ байтыгътой.
    Æрбацæуы Батырадз, æмæ Кадзитæ загътой кæрæдзийæн:
    – Æрдæгæй йæ размæ ацæуæм æмæ йын нæхи бафæдзæхсæм. Иннæтæ уыйбæрц дур æмæ къуыдыр æрхæссæнт, ацы уæрм куыд байдзаг кæнæм.
    Рацыдысты йæ размæ æмæ йын зæгъынц:
    – Ай не 'гасæн æххуысгæнæг, гуымир, мах ницыгæнæг стæм, фæлæ дæ фæндагыл байтыдтам гауызтæ, æмæ нæм рацу хæстæг.
    Араст и Батырадз æмæ фæцæуы ныфсджынæй. Уæрммæ куы бахæццæ, уæд дын уæрмы ныххауди. Кадзитæ ныццин кодтой:
    – Багъæц, гъеныр дæ ссардтам дæ раны.
    Калын ыл байдыдтой дурæй, къуыдырæй уырдыгмæ. Батырадз цирхъ йæ сæрыл сæвæрдта, йæ ком хæрдмæ, афтæмæй æмæ йыл цы ныццæвынц, уый астæуыл лыг кæны йæ цирхъ, æмæ сæ лыгтæ йæ къæхтæм згъæлынц. Афтæмæй уыдоныл уæлæмæ, хæрдмæ-хæрдмæ цæуы. Йæ сæр куы фæзынди, уæд сыл фæхъæр кодта:
    – Агъæцут, фæхизын!
    Йæ хъæрæй фæсуртæ сты. Уырдыгæй фæлиуырдта, сæ мæсыджы скуыси Кадзитæн æмæ фæмард кодта фыццаг Мукарайы, стæй иннæты раскъæрдта; Кадзиты ныццагъта се 'гасы. Стæй чызджыты æмæ чындзыты рараст кодта йæ разæй, скодта сæ хъæумæ. Хъæуы алкæмæн радта йæ чындзы дæр, йæ чызджы дæр, йæхæдæг та сфардæг уæларвмæ.

Радзырдта йæ Джусойты Кудза. «Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг. Орджоникидзе, 1941, ф. 20–22

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru