Главная > Нарты кадджытæ > Хæст Нарт æмæ Борæты 'хсæн

Хæст Нарт æмæ Борæты 'хсæн


13 июля 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарт уыдысты гыццыл мыггаг. Æмæ куы æрцыбырдæр сты ноджыдæр, уæд сæ Борæтæ сафын фæнд скодтой (Борæтæ уыдысты бирæ мыггаг).
    Борæтæ куы сфæнд кодтой Нарты мыггаджы фесафын, уæд загътой:
    – Куывд скæнæм æмæ æрхонæм Уырызмæджы æмæ йæ амарæм. Уырызмæг куы нал уа, уæд се 'ппæт дæр мардæй уæлдай нал уыдзысты.
    Куывд сцæттæ кодтой уæд Борæтæ. Æмæ Уырызмæгмæ сæрвыстой хонæг. Уырызмæг бамбæрста, цы ми йын кæнынц, уый, æмæ нæ акуымдта.
    Хонæг ныццыди æмæ загъта:
    – Нæ комы!
    Уæд загътой:
    – Уæдæ йын цы бакæнæм, цы 'гъдауæй æрцæудзæн?
    Æмæ æрхъуыды кодтой:
    – Уæдæ йæм саударæг ус арвитæм.
    Саударæг усы та уымæн æрвыстой æмæ, ома, уымæй фефсæрмы уыдзæн æмæ йын æнæ рацæугæ нал уыдзæн.
    Æмæ саударæг ус ацыди. Саударæг ус дуар куы ныххоста, уæд æм Сатана ракасти. Ус загъта:
    – Мæнæн æфсæрм у, æмæ мæ Борæты мыггаг рарвыстой хонæг не 'ппæты хистæрмæ, æфсæрмы кæнын, фæлæ.
    Баздæхти фæстæмæ Сатана. Уырызмæг бады бандоныл æнцад. Æмæ йын Сатана загъта:
    – Æрбарвыстой дæм саударæг усы; уымæн аргъ куы нæ скæнай, уæд фæнды æгас у, фæнды мард.
    Уæд Уырызмæг йæ цирхъ йæ фарсыл бабаста, йæ дынджыр кæрц йæ уæлæ скодта æмæ загъта Сатанайæн:
    – Цæуын, мæ мæлæт зонын, фæлæ.
    Сатана йын афтæ:
    – Фæцу, гæнæн нæй, чи зоны, æмæ та нын ницы уа.
    Æмæ араст кодта уæд Уырызмæг. Æмæ бадтысты уæд Борæтæ цæлхæмбырдæй се 'рдамонгæ хæдзары. Бацыди Уырызмæг æмбырдмæ, кæронæй æрлæууыди æмæ загъта:
    – Уæ куывд – барст!
    Æмæ йæм бæрæг не сыхъуыстой, цыма сæм æппындæр ничи æрбацыди, уыйау.
    Æгайтма æрбахызти, æгайтма æрбахызти, зæгъгæ, дзырдтой сæхинымæр æмæ йын фæсдуар авæрдтой иу тæсчъы зæронд бадæнæн.
    Сатана уæддæр йæ фæстæ куывта æмæ куывта, кувæн къуыпмæ суади æртæ мыдамæсты æмæ ронджы гоцъобиимæ æмæ кувæн къуыппæй скуывта:
    – Хуыцау, не сфæлдисæг Хуыцау! Мæ иунæг фырт, дæ зæронд фыды дын Борæтæ марынмæ ныссайдтой æмæ куыд фæзынай.
    Æмæ уæд кувгæ-кувын Сатанайæн йæ сæрты зæрватыкк ратæх-батæх кæны. Батырадз бадти зæдтимæ тæрхоны мидæг. Зæрватыкк фæрсагыл абадти æмæ хатиагау дзуры Батырадзмæ:
    – Дæ зæронд фыды дын Борæтæ марынмæ ныссайдтой æмæ ма йæ кæд ныййафдзынæ, уæд куыд сæмбæлай, афтæ!
    Уæд Батырадз йе 'мбæлттæй (ома зæдтæй) ракуырдта йæхи æмæ йын радтой бар. Æмæ ратахти Батырадз (ома разгъордта) уырдыгæй. Тæвд кодта фырцыдæй. Цъити-иу куы фелвæста æмæ-иу æй йæ сæры астæу куы авæрдта, уæд-иу куыройы доныйас йæ фындзыхъæлæй æмæ йæ хъусты фæстæ калди (цъити тади).
    Æрхæццæ ис Батырадз æмæ хæдзары смидæг.
    Сатана бады æнкъардæй.
    – Ныййарæг мад, цавæр фæдисон хъæр у? – фæрсы йæ Батырадз.
    Уæд Сатана загъта:
    – Цавæр тыхджын фæдис ма дæ хъæуы? Дæ зæронд фыды дын Борæтæ марынмæ ныссайдтой.
    Фырмæстæй ницыуал сдзырдта, фæлæ фæраст и Батырадз. Æмæ смидæг и Борæты æрдамонгæ хæдзары: бадынц цæлхæмбырдæй. Æмæ сын загъта:
    – Уæ куывд – барст!
    Æмæ чи сыстад, чи нæ. Уырызмæгмæ фæсдуармæ ракаст æмæ йæ базыдта, Уырызмæг æй йæхæдæг нæ базыдта. Йæ асмæ гæсгæ Батырадзы уæлæуæзгомау абадын кодтой. Авæрдтой йæм дынджыр дзæбидыр, æгас нæм цу, зæгъгæ.
    Арфæ ракодта Батырадз адæмæн æмæ загъта:
    – Нæ баназдзынæн æз, цалынмæ далæ фæсдуары чи бады, уымæн радтон нуазæн, уæдмæ.
    Æмæ йыл ысдистæ кодтой:
    – Уазæг, сбуц дæ кодтам; бахæр, баназ, нуазæн кæдæм хъæуа, уырдæм мах нæхуыдтæг ратдзыстæм.
    Уæд æрбадти æмæ сын Батырадз загъта:
    – Нæу раст: раттын ын хъуыди.
    Уый фæстæ рæгъ куы ахицæн, уæд дзуры хатиагау Уырызмæгмæ:
    – Тæрсгæ мауал кæн ныр: æз дын ам дæн.
    Дыккаг рæгъ рацыди. Æмæ йæм куы 'рхæццæ, уæд Батырадз нал исы дзæбидыр.
    Æмæ загътой уæд йæ фарсмæ бадджытæ:
    – Цæуылнæ исыс нуазæн?
    – Нæу уæ хъуыддаг раст! – хъæддыхæй сæм сдзырдта.
    Æмæ йыл уæд сæхинымæр фæгуырысхо сты, цавæр уа, куыд стыр ныхæстæ кæны, зæгъгæ, æмæ чысыл фегуыппæгдæр сты.
    Æмæ уæд Батырадз рæгъ баурæдта, нуазын ныууадзæм, зæгъгæ.
    – Нуазынæн æмæ хæрынæн æгъгъæд у, фæлæ æнæуи ныхæстæ акæнæм, – загъта та дыккаг хатт Батырадз.
    Æмæ уæд бакастысты кæрæдзимæ æгас бадты адæм, бынтон фегуыппæг сты.
    Уæд Батырадз сыстади æмæ раныхас кодта:
    – Нартæ æмæ Борæтæ иумæ бацæринаг нал сты. Фæлæ баззадис махæн – Нартæн æмæ Борæтæн – иумæ цæджджинаг æмæ йæ байуарæм.
    Æмæ уæд Борæтæ бынтондæр фенæууæнк сты, ома, ай цыдæр фыдбылызы уазæг у, зæгъгæ.
    Уæд ын загътой:
    – Чи дæ, цавæр дæ, уый нын бамбарын кæн, æмæ дын æй бынтондæр, уаргæ нæ, фæлæ ратдзыстæм.
    Æмæ сын уæд Батырадз загъта:
    – Мах иумæ бацæринаг нал стæм. Æз Нартæй кæй дæн, уый базонут. Махæн баззадис иумæ цæджджинаг-æрдамонгæ. Уый нæ дыууæтæн уыди иумæ. Æмæ йæ адих хъæуы, фæлæ йæ дих куыд акæндзыстæм? Фæлтау, нæ иуты цæмæй фæуа, уый бакæнæм. Æмæ ацæут æмæ йæ рахæссут.
    Æрдамонгæ та уыди биноныджы.* Æмæ йæм ацыдысты, ракæ-бакæ йыл кодтой æмæ йæ нæ фæрæзтой хæссын.
    Уæд йæхæдæг фестади, ацыди йæм æмæ йæ йæ иу къухæй хæдзары смидæг кодта. Æмæ сын загъта:
    – Гъеныр ацы æрдамонгæ мах тыхæй нæ ахæсдзыстæм, нæдæр æй сымахæн тыхæй ныууадздзыстæм. Фæлæ йæ нæ астæуы æрæвæрæм æмæ йæ донæй байдзаг кæнæм.
    Æмæ æгас адæмæн – æнæхъæн Борæтæн – райдыдта дон хæссын кæнын. Æмæ аг йе 'рдæгæй дзæвгар куы схызти, уæд загъта:
    – Æгъгъæд у ныр сымахæн, æз дæр фæкæсон дон сисынмæ.
    Айста-иу уый дæр къæртатæ денджызмæ æмæ-иу йæхи ауагъта доны, æмæ-иу бынæй сæвгæдта алы калм æмæ æндæртæ, удæгасæй-иу адæймаджы чи бахордтаид, ахæмтæ.
    Уæд загъта:
    – Байдзаг ныр. Ныр æртæ дзырдæн цæджджинаг кæмæн рафыца, уый йæ ахæссæд.
    Æмæ цыдысты радыгай, æмæ куывтой се 'ппæт дæр йæ рафыцыны тыххæй, фæлæ аг нæ бахъарм и.
    Уæд уыдон куы фесты, уæд Батырадз æрлæууыд йæ уæлхъус. Æмæ скуывта Хуыцаумæ:
    – Хуыцæутты Хуыцау! Æз иу тигъыл æрцæйцыдтæн æмæ кæд Мыкалыгабыртæй авд нæ амардтон, уæд æй фæстæмæ ныууазал кæн, кæннод æй гыццыл фæхъарм кæн! Иннæ тигъмæ куы бахæццæ дæн æмæ дзы кæд авд Уастырджитæ нæ амардтон, уæд æй фæстæмæ ныууазал кæн, кæннод ын йæ фæздæг скæлын кæ!
    Уый фæстæ загъта ноджыдæр:
    – Æртыккаг тигъмæ куы бахызтæн, уæд дзы кæд Уациллатæй авд нæ амардтон, уæд æй фæстæмæ ныууазал кæн, кæннод æй йе 'мбылтæй скæлын кæн!
    Æмæ адзырдта уæд Батырадз Борæтæм бадты мидæг:
    – Цæй, цы ма зæгъут, мæн у æви нæу?
    Æмæ йын загътой уыдон:
    – Мах дын æй раджы дæр лæвæрдтам, иугæр дæ куы базыдтам, чи дæ уый, уæд. Ахæсс æй.
    Уæд та Батырадз загъта:
    – Нæ, уæддæр та тыхдзинад цæуы, фæлæ дзы æртæ хуыппы чи акæна фыцгæ-фыцын, уый аг ахæссæд.
    Гъемæ сæ фæлварын байдыдта иугай. Æмæ-иу цæджджинагмæ ахуыпп кæнынмæ куы бацыдысты, уæд-иу чи йæ хуылфы ныххауди, чи та-иу зæхмæ æрхауди йæ тæфæй. Афтæмæй дзы бирæ фæхъуыд адæмæй.
    Бирæ дзы куы фæхъуыди, уæд иннæтæ загътой:
    – Нæ бауыдзæн нæ бон, – фæхæсс æй.
    Æмæ уæд загъта:
    – Фæхæсдзынæн æй, фæлæ ма исты дау куы кæнат, афтæ куы зæгъат, тыхдзинад бакодта, зæгъгæ?
    – Хæсгæ йæ.
    Уæд Батырадз загъта:
    – Æрбадут нæуæгæй æмæ кæрæдзийæн арфæ ракæнæм.
    Æмæ уæд æрбадтысты, æмæ се 'ппæты хистæры Уырызмæджы бынаты æрбадын кодта фæсдуары, тæскъы, Уырызмæджы та сæ хистæры бынаты æрбадын кодта.
    Уæд Уырызмæг дæр йæ хъустæ схъил кодта æмæ сцырд и. Æмæ рæгъ æмæ нозт Уырызмæджы йеддæмæ никæмæ уадзы Батырадз, сымах уæ бадт арвыстат, зæгъгæ.
    Æмæ Уырызмæг хорз куы федта йæхи, уæд æм Батырадз хатиагау дзуры:
    – Скъæргæ ракæндзынæ æви скъæрæны æрбаддзынæ?
    Батырадз Борæты хъæуæй иуы дæр æддейы нæ ныууагъта.
    Уæд Уырызмæг сыстад йæ бынатæй, йæ цирхъ сласта æмæ йæ дуары рахизæны иу æхгæнæнæй иннæ æхгæнæнмæ ныффидар кодта.
    Уæд дзуры фæстæмæ Батырадзмæ:
    – Æз цæттæ дæн!
    Уæд Батырадз рацыдис æмæ астæуккаг цæджындзыл схæцыдис æмæ, ууылты агæпп кæнон, зæгъгæ-иу, загътой, зыхъхъырты, æмæ-иу сыл Батырадз цар фæстæмæ æруагъта, æмæ уым цъист кодтой. Æддæмæ чи лыгъди, уый та-иу Уырызмæджы кард йæ астæуыл ахауын кодта.
    Афтæмæй Борæтæ уым мыггагскъуыд фесты. Афтæмæй та сæхæдæг куывд уый тыххæй скодтой, æмæ Нарты мыггаг сыскъуыной. Уæдæй фæстæмæ Борæтæн сæ мыггаг сыскъуыди.

Радзырдта йæ Бирæгъты Дрис Гицойы фырт, 83-аздзыд, 1941 аз. Ныффыста йæ Брытъиаты Созырыхъо.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 252–266.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru