Главная > Нарты кадджытæ > Батырадз Нарты дзуары куыд фæнадта

Батырадз Нарты дзуары куыд фæнадта


13 июля 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нартæм сæ дзуар æргом рацыди.
    Уæд æм устытæ цыдысты куывды æмæ йын лæгъстæ кодтой:
    – Нæ, мæнæн хорз нывы конд ратт, нæ – мæнæн.
    Æмæ сын лæвæрдта.
    Батырадзы ус дæр араст ис æмæ йæм ссыди куывды æмæ йæм бадзырдта:
    – Дæ хорзæх, нæ дзуар, мæ кувинæгтæ мын айс!
    Дзуар æм радзырдта:
    – Дæ бон ныккал! Цæй дзуарæн кувыс! Æз дæ хуызæн мыррыттытæн хæрзиуджытæ нæ дæттын!
    Ус аздæхт æмæ мæстæйдзагæй ныццыдис сæ хæдзармæ.
    Батырадз балцы уыди кæмдæр. Зæрватыкк æрбабадти ердойыл, æмæ йæм Батырадзы ус сдзырдта:
    – Батырадзмæ-ма мын фæтæх. Кæд бадгæ кæны – лæугæ скæнæд, кæд лæугæ кæны – мауал æрбадæд, фæлæ мæм хæццæ кæнæд!
    Зæрватыкк Батырадзмæ атахт æмæ йын загъта:
    – Дæ ус дæм æрвиты: уынгæджы, дам, фæдæн.
    Батырадз йе 'фсургъыл абадти æмæ æрхæццæ ис. Йæ усы бафарста:
    – Цы кодтай? Цæуыл бауынгæг дæ?
    Уый йын радзырдта:
    – Нæ хицауты дзуар æргом рацыди. Алкæй устытæн амæндтæ фæлæвæрдта. Æз æм ссыдтæн амонд курынмæ. Уый мæ фелгъыста, расырдта мæ.
    Батырадз ацыди, тулдз лæдзджытæ фæкодта æмæ сæ йæ дæларм скодта, Дзуары дуармæ ссыди æмæ йæм бадзырдта:
    – Нарты дзуар! Æддæмæ-ма ракæс!
    Дзуар афтæ 'нхъæлдта, чидæр та мæм куывды æрцыди, зæгъгæ, æмæ йæм æддæмæ ракаст.
    Батырадз ыл лæдзджытæ ныццавта, фæнадта йæ. Дзуар ралыгъди уырдыгæй. Батырадз æй фæсте сырдта, лæдзджытæй йæ надта, афтæмæй Уациллатæм баирвæзти дзуар.
    Уациллатæм бахæццæ Батырадз æмæ сæм дзуры:
    – Мæ куырммæдзæуæг хъуг уæм æрбаирвæзт, æмæ мын æй радде кæнут, кæннод уын уæхи дæр фыдбон æййафы.
    Уырдыгæй йæ раппæрстой дзуары, æмæ фæлидзы. Батырадз æй нæмгæ цæуы.
    Дзуар баирвæзти Сафатæм. Сафатæ рацыдысты Батырадзмæ æмæ йын загътой:
    – Ныууадз æй. Уæртæ куы мæлы. Нæ хатыр ын бакæн!
    – Сымах хуызæн даргъхъусты тыххæй æз цы хатыр фæкæнон! Раппарут æй, кæннод уæхиуыл дæр туг уары!
    Раппæрстой йæ, æмæ та лидзы дзуар. Батырадз дæр æй нæмгæ цæуы.
    Тутыртæм баирвæзти. Тутыр æм рацыди Батырадзмæ:
    – Дæ хорзæхæй, Батырадз, фæхатыр ын кæн. Уый уæддæр нал фервæздзæн, æмæ йæ мæ хатырæй ныууадз.
    – Гъа, цы дын кæнон, Тутыр!.. Дæ хатырæй баззайæд.

Радзырдта йæ Багаты Уанкъа. «Ирон адæмон сфæлдыстад», 5-æм чиныг, Орджоникидзе, 1941 аз, ф. 31–32.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru