Главная > Нарты кадджытæ > Нарти уацамонгæ

Нарти уацамонгæ


13 июля 2010. Разместил: 00mN1ck
    Нарти адæм æрæмбурдæнцæ кувдмæ æма уациамонгæ сæ астæу æрæвардтонцæ. Уациамонги адтæй уæрас. Уациамонгæбæл тауæрæхътæ кæнун байдæдтонцæ, дзурдтонцæ алли хузи сæ лæгигъæдти туххæй, ка ци бакодта уобæл, фал уациамонгæ некæмæн æзмалдæй. Мæнгæттæ дзубандитæбæл не 'змалдæй. Хæмиц сæ уæллæй бадтæй хестæрæн. Хæмици фурт Батраз фестадæй æма æхси гъæдæй уациамонгæ бахуаста: «Изæйрон идаугутæй цуппар куд рамардтон, уотæ æцæг мæ фидæ Хæмици уæраги сæртæмæ исхезæ».
    Уациамонгæ исцохæй зæнхæй æма Хæмици уæраги сæртæбæл æхе æрæвардта. Фæдздзурдтонцæ бабæй иннетæ, æма некæмæн фезмалдæй. Батраз бабæй дзоруй: «Сæумон идаугутæй авд куд рамардтон, уотæ æцæг мæ фиди ронбастмæ исхезæ», зæгъгæ, бабæй æй æхси гъæдæй бахуаста.
    Уациамонгæ Хæмици уæраги сæртæй исæнкъустæй æма исхизтæй æ ронбастмæ. Фæттауæрæхътæ бабæй кодтонцæ иннетæ, æма бабæй æртиггаг хатт дæр некæмæн фезмалдæй уациамонгæ. Батрази кезу бабæй ку 'рхъæрттæй, уæд имæ Хæмиц дзоруй:
    – Йа цæгæрхуæрд, зæгъун кæмæн æнгъезуй, уой зæгъæ, кæмæн не 'нгъезуй, уой ба ма зæгъæ.
    Уой ба ин уой туххæй загъта Хæмиц, æма Хуарелдар, уациамонги хурфи ци уæрас адтæй, уоми хъоббæгъи хурфи бадтæй: æ фурти ин ка рамардта, уой бæрæг нæ зудта æма уой агурдта. Хæмиц тарстæй, Батраз ку срæдуйа, æма Хуарелдар ести фидбилиз ку сараза Нартæн, уомæй. Батраз загъта æртиггаг хатт:
    – Мадта Хуарелдари фурт Борхуар-Алий дæр æз рамардтон, уой цацæг зæгъун, уацæг, Нарти уациамонгæ, мæ фидæ Хæмици гъæлæсмæ исхезæ.
    Уациамонгæ Хæмици гъæлæсмæ исхизтæй, æма еци сахат Хуарелдар уациамонги хурфæй рагæпп ласта, оххай мæхуæдæг дæр ма ниуæзт цæун уæраси хæццæ, зæгъгæ. Хуарелдар фæллæбурдта хъæбæрхуари æфсерæмæ, уæди уæнгæ ибæл задæй æхсæз æфсери, æма 'й æ къохæй исхафта. Æфсерæ уадзунмæ ибæл нæбал гъавта æ фурти мастмæ. Уасгерги 'ймæ дзоруй:
    – Адт, мæ бæхæн ма си уæддæр сайæйнаги фагæ фæууадзæ! – зæгъгæ, æма си е дæр еунæг æфсерæ фæууагъта. (Еци хуарæн ес нур дæр æхсæз уедаги.)

Радзырдта йæ Золойты Къæбус, 65-аздзыд, Сырх-Дыгур, 1 февраль, 1941 аз. Ныффыста йæ Хадаты Берди.
ЦИГСИИ-йы архив, экспед. бр. VI, фольклор № 56, папкæ 23, ф.54.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru