поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
УС КУРЫН. 1/3
Автор: 00mN1ck / 6 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон нæлгоймагыл ссæдз азы куы сæххæст вæййы, уæд сагъæс кæнын байдайы, йæ цард кæимæ арвитдзæн, ахæм сылгоймаг æмбал ссарыныл. Сагъæс уымæн фæкæны, æмæ йæ, фыццаджыдæр, фæхъæуы стыр ирæд самал кæнын: уæздандæр (тыхджындæр) мыггагæй чи уа, ахæм чызгæн йæ ирæд вæййы 750 сомы, æдыхдæр мыггагæй чызгæн та 500 сомы. Æмæ ирæд бафидыны фаг мулк кæмæ нæ вæййы, ахæм усгур лæппутæй бирæтæ бацæуынц æххуырстыты. Чи ирон хъæздыг лæгмæ, чи та фосдарæгмæ лæскъдзæрæны. Науæд та кусынмæ ацæуынц Уæрæсейы искæцы дард рæттæм. Ирæды фаг æхца бакусыны тыххæй ирон фæсивæд фæстагмæ æфтын байдыдтой фæсарæнтæм дæр — Америкæмæ, Австралимæ æмæ æндæр бæстæтæм.

Усгур лæппу иугæр истытæ самал кодта æмæ ирæд бафидынмæ йæ ныфс хæссы, уæд, йæ фадæттæ цас амонынц, уымæ гæсгæ йæхи саразы æмæ чызгуынæг азилы хъæутыл. Хистæртырдыгæй йын фæндаг вæййы. Чындзхæссæг, чызгæрвитæг æмæ æндæр хъæлдзæгдзинæдтæм ацæуыны бар хæдзары бинонтæй раздæр-раздæр усгурæн дæттынц. Хъазты уæвгæйæ, усгур лæппу чызджыты цæстмæ йæхи фæдары аив, цæмæй йыл чызджыты зæрдæ мацæмæй фæхуда. Фæархайы хъазты йæхи хæрзарæхстæй равдисыныл. Йæ бацыд вæййы æгъдауыл, акæны уæздан кафт, кæд зона, уæд хъазты æд нымæт, æд берданкæ æмæ æд дамбаца бæхыл цыбыр.хъазт скæны. Нæ бацауæрды йæхиуыл алыхуызы уæздандзинæдтæ равдисынæй.

Усгурæн йæ зæрдæмæ искæцы чызг куы фæцæуы, уæд лæппу йæ бинонтæн бамбарын кæны, уыцы мыггаджы ахæм æмæ ахæм чызг и æмæ мын æй ракурут, зæгъгæ.

Минивæрттæ. Лæппу цы чызджы равзæрста, уый бинонты зæрдæмæ куы цæуа, цы хæдзар æмæ мыггагæй у, уыдоны сæхицæн хæстæгæн аккаг куы кæной, уæд зæрдиагæй райдайынц лæгшуйæн уыцы чызджы курын. Лæппуйы фыд кæнæ йæ хистæр æфсымæртæ чызджы хæдзармæ баминæвар кæнынц, барвитынц сæм дзырддзæугæ лæгты, цæмæй семæ хæстæг бакæной, уый тыххæй. Минæвæрттæ, дзырддзæугæ лæгтæ, чызджы хæдзармæ ацæуынц æмæ хистæртæн бамбарын кæнынц хъуыддаг. Минæвæрттæ фæдзурынц зæрдиагæй, раппæлынц лæппуйæ дæр, хæдзарæй дæр, мыггагæй дæр.

Чызджы бинонтæ минæвæртты хорз фенынц хæрд, нозтæй æмæ сын фæзæгъынц, ацы хъуыддаджы тыххæй хъуамæ нæ кæрæдзийы фенæм, не 'рвадæлтæ æмæ хæстæджытимæ, æмæ уын уæд нæ дзуапп зæгъдзыстæм.

Минæвæрттæ фæстæмæ куы рацæуынц, уæд, чызджы хæдзар сыи цы загътой, уый бамбарын кæнынц лæппуйæн æмæ лæппуйы бинонтæн. Æрæгмæ сыл куы фембæлын кæнынц хабар, уæд та лæппуйы бинонтæ æрæмбырд кæнынц минæвæртты æмæ та сæ ног барвитынц чызджы бинонтæм. Минæвæрттæ та ноджыдæр æрхатынц. Фæлæ та сын уæддæр уыцы дзуапп раттынц — бахатыр кæнут, кæй нæ фенын хъуыдис, уыдонимæ кæрæдзииы æххæст нæма федтам, æмæ та минæвæртты уыцы æрвыстæй рарвитынц, нæхуыдтæг уæм хабар кæндзыстæм, зæгъгæ.

Æртыккаг хатт та барвитыкц лæппуйы бинонтæ сæ минæвæртты чызджы хæдзармæ, чызгджын тыхджын у, зæгъгæ, æмæ та минæвæрттæ райдайынц зæрдиагæй дзурын. Æмæ сын уæд чызджы бинонтæ сæ дзуапп фæзæгъынц. Кæд лæппу æмæ лæппуйы бинонтæ чызджы бинонты æмæ хæстæджыты зæрдæмæ нæ фæцæуынц, уæд минæвæрттæн дзуапп раттынц, нæ бон нæу хæстæг кæнын, кæнæ чызгæн моймæ дæттын афон нæма у, зæгъгæ, науæд та æндæр исты æфсон скæнынц. Æргом сын нæ фæзæгъынц, нæ чызджы сын нæ дæттæм, зæгъгæ.

Чызджы фæндон æппындæр фарст нæ вæййы. Кæд æй моймæ раттынц, уæд моймæ ацæуы, кæд æй нæ раттынц, уæд æнцад йæ бинонты æхсæн фæцæры.

Минæвæрттæ дæр бахъынцъым кæнынц, кæд æй нæ лæвæрдтат уæ чызджы, уæд нын æй раздæр бамбарын кодтаиккат, æмæ нæхицæн æнцад сбадтаиккам, зæгъгæ.

Кæд чызджы бинонты фæфæнды бахæстæг кæнын, уæд фæстаг минæвæрттæн æргом фæзæгъынц, мах разы стæм хæстæг бакæныныл, зæгъгæ. Уæд кæрæдзийæн арфæтæ ракæнынц. Чызджы бинонтæ æмгъуыд раттынц, кæд сæм æрбацæуой бафидауынмæ, уый тыххæй.

Фидауын. Фидауæн бонмæ лæппуйы бинонтæ сцæттæ кæнынц фидауæггат æхца 100 сомы онг. Чызджы бинонтæ дæр сцæттæ кæнынц алы хæрд, алы нозт, стæй кусæрттаг. Лæппуйы бинонтæ æрæмбырд кæнынц хорз дзырддзæугæ зæронд лæгтæ æмæ сæ сæ минæвæрттимæ барвитынц, æмгъуыд сын кæдмæ уыдис, уыцы бон.

Чызджы бинонтæ уыцы бонмæ æрæмбырд кæнынц се 'рвадæлты, сæ къабæзты. Чызджы мадыфсымæртæй уым искæмæн æнæ уæвгæ нæй. Фидауджытæ куы æрбахæццæ вæййынц кæрты дуармæ, уæд сæ размæ рацæуынц æгасцуай зæгъынмæ. Æгасцуай сын фæзæгъынц, уазæгдонмæ сæ бахонынц, æрбадын сæкæнынц. Чызджы бинонтæ кусарт акæнынц. Цалынмæ кусарт цæттæ кæна, уалынмæ уал сын рахæссынц æртæ уæлибæхы, бæгæны æмæ физонæг кусарты раззаг хуылфыдзауматæй. Фысымты хистæр сысты, æртæ уæлибæхæн физонæг сæ уæлæ æрæвæры æмæ сæ йæ галиу къухы сисы, рахиз къухы та райсы бæгæныйы нуазæн æмæ афтæмæй скувы, цы хъуыддаджы тыххæй æрæмбырд сты, уый рæстмæ цæмæй рацæуа, уый тыххæй. Стæй хистæр кувæггаг авæры кæстæрмæ, ацаходынмæ. Кæстæр ацаходы уæлибæхæй, физонæгæй æмæ нозтæй. Кувæггаг авæры уазджытæй искæмæ, æмæ йæ уый аназы.

Фынгтæ сын æрцаразынц, цæмæй уал фæйнæ баназой, уый тыххæй. Уæд уазджыты хистæр сысты æмæ фæзæгъы: цалынмæ, цы хъуыддаджы тыххæй ам стæм, уый ахицæн кæнæм, уалынмæ, нæдæр хæрæн ис, нæдæр нуазæн. Фысымтæ сын фæлæгъстæ кæнынц, цæмæй уал исты бахæрой, баназой, ууыл, фæлæ уазджытæ нæ бакоммæ кæсынц. Уæд фысымтæ кæрæдзимæ æндæр агъуыстмæ асидынц æмæ бауынаффæ кæнынц, ирæд цас хъуамæ бацагурой, уый тыххæй. Сæ дзырд раттынц иу лæгмæ, уый куыд дзура, æмдзырд куыд нæ кæной, афтæ. Цалынмæ фысымтæ хибарæй фæуынаффæ кæнынц, уалынмæ чызггуртæ дæр сæ дзырд сиу кæнынц афтæ: нæ фыдæлтæн цы ирæд уыдис, уымæй фылдæрыл не сразы уыдзыстæм, адæмæн сæрæвæрæн не скæндзыстæм, зæгъгæ. Дзырд лæвæрд вæййы уазджыты хистæрмæ. Æрбацæуынц фысымтæ фæстæмæ уазæгдонмæ. Уазджыты хистæр курын райдайы фысымты хистæрæй, цæмæй сын, сæ ирæд цас у, уый зæгъа. Уæд фысымты хистæр сындæггай уæзбынæй фæзæгъы, махмæ ницы уæлдай зæгъинаг ис, нæ сæры аргъ цас у, уый уæхуыдтæг дæр зонут, æрæджы ма бахæстæг кодтам ахæм æмæ ахæм мыггагимæ дæр, æмæ йæ æнæ фехъусгæ нæ фæуыдаиккат. Æндæр нæм, ома, ницы зæгъинаг ис.

Уазджыты хистæр та куры, цæмæй, сæ ирæд цас у, уый зæгъа. Гæнæн куынæуал вæййы, уæд фысымты хистæр, цы бауынаффæ кодтой, уый бамбарын кæны мæнæ ахæм ныхæстæй: «Уæдæ махæн фыдæлтæй нырмæ нæ ирæд у 750 сомы, уæлдай сæрæвæрæн уыл ницы кæнæм, уый тыххæй æмæ нæ хæстæг кæнын фæнды сымахимæ. Æцæг дзы хъуамæ уа дыууæ галы, дыууæ хъуджы тумантæм, фаты бæх 50 соммæ. Иннæтæ, цæмæй уæ бон уа, уымæй, нæ уæ батыхсын кæндзыстæм. Фидын ма уæ хъæудзæнис, ирæдыл (ома нæ сæры аргъыл) нымад чи нæу, уыдон, фæлæ нын уыдон дæр, фыдæлтæй цы æгъдау баззадис, уый сты: æрвады бæхæн æнæ уæвгæ нæй, иннæ ахæм та — мадырвады бæх, æмæ уæм æгæр ма фæкæсæд нæ ирæд».

Уазджыты хистæр сысты æмæ фæзæгъы, дзырдæн зæгъæм, мæнæ афтæ: «Мах дæр æнæ хъусгæ не стæм, æмæ ныл сæрæвæрæн кæнут. Куыд хъусæм, афтæмæй уæ сæры аргъ у 700 сомы æмæ ныл сæрæвæрæн кæнут 50 сомы, ноджы ма ныл сæрæвæрæн карнут æрвады бæх. Иннæтыл барæнæбары сразы уыдзыстæм, фæлæ уыдон бафидыныл разы нæ кæнæм».

Кæрæдзийæн куы ницы ком раттынц дыууæ хистæры, уæд та фысымтæ асидынц кæрæдзимæ æндæр агъуыстмæ æмæ сбæлвырд кæнынц, цас ма сын аппардзысты, уый. Уазджытæ дæр æрхъуыды кæнынц, цас ма бафтауын сæ бон бауыдзæн, уый. Куы æрбацæуынц фысымтæ, уæд та бирæ фæдзурынц: иутæ ирæдæй нæ феппарынц, иннæтæ æфтаугæ нæ фæкæнынц, æмæ сæ куы ничи бахатыр кæны, уæд уазджытæ æнæ фидыдæй ацæуынц. Науæд та, кæд иутæ сразы вæййынц иннæты ныхасыл, уæд раздæр дыууæ хистæры кæрæдзимæ раттынц сæ фидыды къух-тæ. Уазджыты хистæр сысты, сисы 100 сомы онг æхца фидауæггаг æмæ сæ æрæвæры фын.гыл. Уæд иууылдæр кæрæдзийы къух-тæ фæисынц æмæ зæрдиаг арфæтæ фæкæнынц ног бахæстæгдзинады тыххæй. Райдайынц нуазын, хæрын, Уазджытæ бацæуынц хæдзармæ арфæтæ кæнынмæ чызджы мадæн æмæ хæдзары цы сылгоймæгтæ уа, уыдонæн. Куы раарфæтæ кæнынц, уæд фæстæ-мæ бацæуынц уазæгдонмæ æмæ фынджы уæлхъус æрбадынц. Кæстæртæн та ма буцæн хъазт саразынц. Боны кæрæдзийæн раарфæтæ кæнынц, æмæ уазджытæ ацæуыиц, кæмæн бахæстæг кодтой, уый хæдзармæ. Уым сæ бацыдмæ цæттæ вæййынц, æмæ хорз сбуц кæнынц, арфæтæм сæм чи æрцæуы, уыцы адæмы.

Сиахс йæ каистæм. Ус чи ракуры, уыцы лæппу, цы бон бафидауынц, уыцы бонæй фæстæмæ фембæхсы, кæй ракуры, уый мад æмæ фыдмæ, мадырвадæлты хистæртæм æмæ чызджы мыггаджы хистæртæм, сылгоймаг уæд æмæ нæлгоймаг уæд, сегасмæ дæр. Уымæй фæстæмæ ма, кæй ракуры, уый мыггагæй кæмдæриддæр цæра, уыдоны уынгты саргъы бæхыл куы фæцæуы, уæд рахизы йæ бæхæй æмæ, цалынмæ уыцы хæдзæрттæй ахицæн вæййы, уалынмæ не сбады йæ бæхыл.

Йæ каистæм куы бацæуы лæппу йæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынимæ, йе та æндæр искæйтимæ, уæд йе 'мбæлттæ мидæгæй минас фæкæнынц, уый та фæлæууы уазалмæ тыргъы, кæнæ дуармæ, кæрты, талынджы. Кæд хæдзары чындзытæ вæййы, уæд ын иучысыл æнцондæр вæййы. Уыдоны куы бафæнды, уæд ын фенын кæнынц, кæй ракуры, уый, науæд ын фенæн нæ вæййы. Уый тыххæй æмæ, чызг куы базоны, чи йæ ракуырдта, уый уыдонмæ ис, уый, уæд йæ мад æмæ йæ фыды цурæй æддæмæ нал фæцæуы. Фæлæ чындзыты куы бафæнды, уæд амал скæнынц, цæмæй лæппу фена йæ куырд чызджы. Цалынмæ йæ каистæм сиахсы бæх (фаты бæх) баласы, уæдмæ сæм цæугæ дæр фæкæны талынджы.

Арæх сæм фæцæуы йе 'мгæрттимæ. Каистæ сæхиуыл нæ.бацауæрдынц уазджыты хорз феныны тыххæй. Кæд æмæ уайджытæ 8—10 адæймаджы онг уой, уæд сын акæнынц кусарт, науæд сын гогызтæ, кæрчытæ, хъазтæ æнæ аргæвдгæ нæй. Саразынц хъазт, æрæмбырд кæнынц чызджытæ æмæ æхсæвбонмæ хорз сбуц кæнынц уазджыты кафтæй дæр æмæ минасæй дæр. Сиахс та уыцы рæстæг тыргъы фæлæууы, науæд та, хистæртæй йæ куыд ничи фена, афтæмæй кæстæриуæг фæкæны — сугтæ-йедтæ фæсæтты.

Сиахсимæ цы фæсивæд бацæуы, уыдонмæ чындз нæ февдисы йæхи. Æмæ уæд уазджыты хистæр, хъазты æгъдаумæ чи фæкæсы, уымæн бамбарын кæны, бауромма фæндыр, зæгъгæ. Хъазты æгъдаумæ чи фæкæсы (чегъре), уый хъазт бауромы æмæ уазæгæн ныхасы бар ратты. Уæд уазæг раздæр балæууы æмæ фæзæгъы: «Бахатыр кæнут, мæнæ буц фæсивæд, кæй уæ баурæдтон, уый, фæлæ æз уазджыты номæй, куыд æмбæлы, афтæмæй æгъдау курæг дæн, кæд нын фæндаг уыдзанис, уæд». Фысымты хистæр ын фæзæгъы: «Ау, мах уазæгæн фæндаг цæмæн нæ рат-дзыстæм, уый цавæр уыдзæнис? Уазæг буц куы у». Уазджыты хистæр фæзæгъы: «Уæдæ мах уый курæг стæм, æмæ нæ чындз нæ размæ куыд рацæуа». Фæстæмæ йын дзуапп раттынц, мах разы стæм уæ курдиатыл. Иу лæппуйæн бафæдзæхсынц, цæмæй чындзы æрбахона хъазтмæ уазджыты цурмæ. Уыцы лæппу йемæ иу-дыууæ чызджы акæны, æмæ афтæмæй чындзы æрбахонынц хъазтмæ. Æрлæууын æй кæнынц чызджытимæ. Уазджытæн та сæ хистæр раарфæ кæны чындзæн, цæмæй йæ хъуыддæгтæ рæсугъд рацæуой, уый тыххæй. Райдайынц та кафын, æмæ дыууæ-æртæ чызджы куы акафы, уый фæстæ уазджытæ фæзæгъынц, цæмæй сæ чындз сæ цуры иу кафт скæна. Чындзæн бирæ фæлæгъстæ кæнынц, цæмæй скафа, уый тыххæй. Æрæджиау сразы вæйцы æмæ ракафы. Йемæ акафын кæнынц хистæр уазджытæй искæй. Чындз куы фæкафы, уæд ын кад фæкæнынц иутæ хорз æмдзæгъдæй, иннæтæ та дамбацайæ гæрæхтæ фæкæнынц. Чын-дзимæ цы уазæг скафы, уый уæлдай лæвар ракæны чындзæн йемæ кæй акафыд, уый тыххæй — иу-дыууæ сомы.

Уазджытæ сбонмæ нæ фæлæууынц, цæуыныл свæййынц, æмæ сын фысымтæ дæр ацæуыны бар раттынц. Уазджытæ æрæвæрынц фæйнæ иу-дыууæ сомы æмæ сæ ралæвар кæнынц чындзæн. Сæ цуры цы чызджытæ кафыди, уыдонæн дæр балхæнынц къафеттытæ, науæд та сын раттынц къафеттыты аргъ. Уый фæстæ фысымтимæ кæрæдзийæи раарфæтæ кæнынц, æмæ уазджытæ сæ хæдзæрттæм ацæуынц.

Тиудзыд. Сиахсы æфсымæр йæхицæн хæс скæны тиудзыд акæнын — йæ чындзы фенын. Æфсымæр кæмæн нæ вæййы, ахæм лæппуйæн тиудзыд йе 'рвад дæр акæны. Йæ чындзмæ фенынмæ ацæуыны. тыххæй тиу балхæны, йæ бон цы вæййы, ахæм дзауматæ: фæндыр, къабайæгтæ йæ амалмæ гæсгæ дыууæ кæнæ æртæ, стæй исты къахыдарæс. Раздæр заманты-иу æлхæдтой басмахъытæ, фæстаг рæстæджы та батинкæтæ. Уымæй дарддæр ма тиу балхæны кæлмæрзæн, цъындатæ, хисæрфæн кæлмæрзæн, къухты кæлмæрзæнтæ, къафеттæ æмæ æндæр лыстæг йстытæ. Тиу уыдæттæй куы срæвдз вæййы, уæд бамбарын кæны чындзы бинонтæн, тиудзыд уæм фæкæнын, зæгъгæ, уыцы бон. Уыдон дæр та сæхи бацæттæ кæнынц æмæ бамбарын кæнынц сæ хæстæджытæн æмæ сæ сыхæгтæн.

Тйудзыд чи фæкæны, уый æрæмбырд кæны йе 'мгæрттæй 10-12 адæймаджы бæрц цы дзауматæ балхæны, уыдон сын фенын кæны æмæ фæзæгъы: «Мæнæ, мæ бон цы уыдис мæ чындзæн балхæнын, уыдон фенут. Кæд æмæ, ме 'мгæрттæ, афтæ зæгъут, ацы дзауматимæ ацæуын махæн худинаг у, зæгъгæ, уæд ма исты амал скæндзынæн, уæддæр сымах зæрдæхудты нæ бацæудзынæн». Кæд æмæ сæм æгъгъæд фæкæсой, уæд сæхи фæрæвдз кæнынц æмæ заргæ араст вæййынц чындзы хæдзармæ.

Куы бацæуынц, уæд сын фысымтæ фæзæгъынц зæрдиаг æгасцæуай, сæ бæхтæй сæ рахизын кæнынц, бакæнынц сæ уазæгдон-мæ, æрбадын сæ кæнынц. Кæд фысымтæн сæхимæ фаг быууат нæ уа уазджыты бæхтæн, уæд сæ сыхæгты хæдзæрттыл байуа-рынц. Цалынмæ кусарт цæттæ кæна, уалынмæ уал сын кафт саразынц, æмæ хорз фæкафынц. Сыхбæсты лæппутæ æмæ чызджытæ иууылдæр уазджыты цур фæлæууынц. Кусарт куы сцæттæ вæййы, уæд фысымтæ уазджыты уæле дзæбæх хистæр æрбадын кæнынц æмæ уазджыты хорз фенынц. Фæстагмæ кæстæртæн сыстыны бар раттынц, цæмæй хъазтмæ ацæуой, уый тыххæй. Цалынмæ кæстæртæ нæма сыстынц, уалынмæ уазджыты хистæртæ нуазæнтæ æмæ хæйттæ арвитынц арфæйы тыххæй. Кæстæртæ дæр та семæ ахæссынц нуазæнтæ æмæ сгуы арфæйы тыххæй. Æрлæууынц хъазты кæрон æмæ раарфæ кæнынц, хъазты цы фæсивæд лæууы, уыдонæн, ома, уазджыты тыххæй фыдæбон кæнут, æмæ уе 'гъдау тыхджын уæд, зæгъгæ. Нуазæнтæй иу авæрынц чыджытæй искæмæ, куыд сылгоймаг кадджындæр у, афтæ. Иннæ та раттынц лæппутæм. Цы чызгмæ йæ авæрынц, уый та йæ нуазæн ратты, æцæгæлондæр чи вæййы, ахæм лæппумæ, æмæ уый раарфæ кæны уазджытæн дæр æмæ чызгæн дæр. Иннæ нуазæны хъуыддаг дæр куы ахицæн вæййы, уæд кафын радайынц æмæ бонмæ хорз фæкафынц. Уæдмæ хистæртæ дæр сыстынц. Уазджытæ иууылдæр иу ранмæ æрбамбырд вæййынц æмæ бауынаффæ кæнынц цæуыны тыххæй. Æрæмбырд кæнынц се 'хсæны æхца — чи дыууæ, чи æртæ сомы. Сомæй къаддæр ничи ратдзæн. Цы сæм æрæмбырд ис, уый куы бачонынц, уæд сæ ралæвар кæиынц чындзæн. Чындзы цур чи кафыд æхсæв: бонмæ, уыцы чызджытæн дæр къафетты аргъ раттынц. Чыидзы æхсæвы хъазтмæ ракæнынц æмæ йæ скафын кæнынц, æмæ йемæ чи акафа, уый йын хъуамæ хицæн лæвар ракæна. Дзæбæх куы сбон вæййы, уæд кæрæдзийæн раарфæтæ кæныиц, æмæ уазджытæ заргæ фæфæндараст вæййынц сæхимæ.

Сиахсдзыд. Цæмæй сиахс æргом цæуын райдайа йæ каистæм, уый тыххæй суынаффæ кæны сиахсдзыд бакæнын. Чызджы мадæн балхæны бæх (фаты бæх), къабайæгтæ æмæ кæлмафзæнтæ чызджы мадæн дæр æмæ, кæй ракуры, уымæн дæр. Ноджы сын балхæны алы лыстæг дзауматæ. Цы æмбæлы, уыдои иууылдæр куы сцæттæ кæны, уæд бамбарын кæны йæ каистан, уæд æмæ уæм уæд бирæ æмгæрттимæ. сиахсдзыд бакæндзынæн, зæгьгæ.

Каистæ дæр сæхи барæвдз кæнынц уазджытæн æгъдау раттынмæ. Бамбарын кæнынц сæ къабæзтæн, сæ хæстæджытæи.

Сиахсæн уæдмæ фылдæр хатт бæрæг вæййынц йæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын. Алчи дæр йæхицан фæцагуры æхæм къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыи, хинæй йыл чи никуы рацæудзæн, алцы æгъдауæй дæр æууæнкджын чи уыдзæн. Æмæ сын йæхæдæг фæзæгъы. Кæд æмæ нæ фæразы кæнынц, уæд бамбарын кæны йæ бинонтæн, гъе уыцы дыууæ лæппуйы кæнын къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын, æмæ сын зæгъут, зæгъгæ. Бинонты хистæр ацæуы æмæ бамбарын кæны лæппуты биномты хистæртæн, æмæ йын куы сразы вæййынц, уæд лæппутæ дæр ницуал фæзæгъынц, уæдæй фæстæмæ сæхи фæхонынц æрдхорд æфсымæртæ. Сиахс къухылхæиæг æмæ æмдзуарджынимæ ацæуы йæ каистæм æмæ бамбарын кæны, мæнæ ацы дыууæ æмгары скодтон мæхицæн къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын, зæгъгæ Уыдон дæр сыл бацин кæнынц, уæдæ нæ амондджын æфсымæртæ хуыцау 'фæкæнæд, зæгъгæ, сæхинæн сæ æфсымæртæ схонынц. Чызджы бинонтæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны цурмæ æрбакæнынц чызджы æмæ йын фæзæгъынц: «Хуыцау куыд радта, афтæмæй мæнæ адон абонæй фæстæмæ де 'фсымæртæ сты. Кæд иу мадæй нæ райгуырдыстут, уæддæр ды сæ хо дæ, уыдоп та дын - æфсымæртæ». Сæ кæрæдзийы къухтæ райсынц æмæ зæрдиагæй фæзæгъынц, абонæй фæстæмæ не 'хсæн æфсымæрдзинад фидар уæд, зæгъгæ. Лæппу дæр æмæ чызг дæр сæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынимæ хорз фæцæрынц, иумæ ард бахордтам, æмæ нын хæларæй цæрын хæс у, зæгъгæ. Кæрæдзиуыл тынг феууæндынц алцы хъуыддагæй дæр.

Сиахсдзыд акæныны тыххæй сиахс йа къухылхæцæг æмæ йе 'мдзуарджынимæ фæзилы æвзаргæ фæсивæдыл. Фенын сын кæнынц, сиахсдзыд цы лæвæрттимæ бакæндзысты, уыдон. Лæппуйы хæдзары сæхи хорз фенынц æмæ заргæ, бæхтыл хъазгæ, араст вæййынц чызджы хæдзармæ. Хæдзары дуармæ уыциу рæнхъыл æрлæууынц æмæ фæзарынц, фысымты æрвыст лæгтæ сæм рацæуынц æмæ сыл бацин кæнынц, фæзæгъынц сын, æгас нæм цæут, уазджытæ, рахизут нæм, фысым уын стæм, зæгъгæ. Сæ бæхтæ сын фысымты фæсивæд айсынц æмæ сæ бафснайынц, уазджыты кæстæртæ дæр сæм фæкæсынц, афтæмæй. Уазджыты мидæмæ бакæнынц æмæ сæ уазæгдоны æрбадын кæнынц. Сæ дзаумæттæ — нымæттæ, топпытæ, ехсытæ сын райсынц æмæ сæ хицæн агъуысты сæвæрынц бæхты сæргътимæ, цæмæй дзы мацы фесæфа, уый тыххæй.

Фысымтæ кусарт акæнынц æмæ райдайынц хæринаг цæттæ кæнын. Фысымты фæсивæд ацæуынц æмæ æрæмбырд кæнынц сæ сыхæгтæй æмæ хъæубæстæй чызджытæ æмæ лæппутæ. Уазджыты бахонынц, хъазт цы уаты саразынц, уырдæм æмæ райдайынц кафын. Хъазты æгъдаумæ кæсын фысымты фæсивæд бакæнынц дыууæ лæппуйы æвджид: иу сæрмагондæй хъуамæ лæппутæм кæса, иннæ та чызджытæм, цæмæй хъазт дзæбæх æгъдауыл ацæуа. Дыууæ лæппуйы æвастæй хъуамæ мачи ракафа. Тынгдæр фæкафын кæнынц уазджыты.

Цалынмæ кафынц, уалынмæ минас дæр сцæттæ вæййы. Хъазтмæ бацæуы уырдыглæуджытæй иу æмæ уазджытæн фæзæгъы, фысымтæ уæ уый курæг сты, æмæ хæдзары цæмæй аба-дат. Уазджытæй ма хъазты баззайынц кæстæртæй иу дыууæ — æгъдау афтæ амоны.

Уазджытæн сæ уæле æрбадын кæнынц æгъдауджын хистæры. Æрбахæссынц æртæ уæлибæхы, физонæг хъæдын уæхстыл æмæ арахъы сыкъа кæнæ бæгæны. Хистæр сæ йæ къухмæ райсы æмæ лæугæйæ райдайы кувын, йæ худ сисы, афтæмæй. Уазджытæ дæр сыстынц, сæ худтæ сисынц æмæ «оммен» фæкæнынц. Куывд куы фæвæййы хистæр, уæд кувæггæгтæ сиахсмæ ахæссынц ацаходынмæ. Сиахс фæлæууы кæнæ тыргъы кæнæ уаты искуы æмæ сæ уый саходы. Хистæр фæзæгъы уазджытæн, цæмæй иууылдæр æрбадой. Уазджытæ куы æрбадынц, уæд фынгтыл æрæвæрынц хæринаг. Хистæрты фынгыл уæлдайæн æрæвæ-рынц кусарты сæр æнæхъæнæй, стæй бæрзæй.

Нуазинаг раздæр авæрынц хистæрмæ, æмæ уый фæрæнхъ кæны стыр хуыцауы тыххæй, æмæ чи куыд хистæр у, афтæ кæстæрмæ фæдзуры, хистæры гаджидауыл «оммен» зæгъын æмæ дæумæ дзурын, зæгъгæ. Æмæ хистæрæй кæстæрмæ сæ нуазæнтæ аназынц. Дыккаг гаджидау та хистæр фæкæны Уастырджийы тыххæй. Уый дæр карз гаджидау у, зæгъгæ, йæ иууылдæр баназынц. Æртыккаг гаджидау та вæййы, дыууæ мыггаджы цæмæй фидар æмæ уарзон хæстæгæй фæцæрой, уый тыххæй. Цыппæрæм гаджидау вæййы чындз, сиахс, къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны цæрæнбоны тыххæй. Уымæй фæстæмæйы сидтытæ алцæй тыххæй дæр фæкæнынц. Уазджытæ æфсинтæн арфæйы хай æмæ нуазæн барвитынц, æфсинтæ кæм фæбадынц, уырдæм. Ноджы арфæйы нуазæн æмæ хай арвитынц, хъазты цы фæсивæд вæй-йы, уыдонæн дæр, мах тыххæй фыдæбон кæнут, зæгъгæ.

Фæстагмæ хистæр уазджытæ фæндаг раттынц кæстæр бадæг уазджытæн, цæмæй сыстой æмæ хъазтмæ ацæуой. Кæстæр фæсивæд сыстынц æмæ фысымтæй иуæн фæзæгъынц, фыды хай æмæ нын нуазæн рахæсс, зæгъгæ. Уый дæр сын рахæссы, æмæ йæ семæ акæнынц хъазтмæ. Хай æмæ нуазæныл кæстæр фæхæцы. Уазджытæ фæсивæдæн раарфæ кæнынц. Нуазæн авæрынц чызджытæм, чызджытæ та йæ авæрынц, уыдоны æрбацыдмæ уым уазæгдæр чи уыдис, ахæм лæппумæ. Уый раарфæ кæны чызгæн дæр æмæ, нуазæн чи æрбахаста, уыдонæн дæр æмæ йæ аназы. Нуазæн фæстæмæ чызгмæ авæры, чызг та йæ фæстæмæ авæры, чи йæм æй радта, уымæ. Уый фæстæ та райдайынц кафын.

Куы сбон вæййы, уæд уазджытæ æрбамбырд вæййынц æмæ бауынаффæтæ кæнынц, цæмæй, куыд æмбæлы, афтæмæй сиахсы раргом кæной.

Æрæмбырд кæнынц сæхимидæг дæр фæйнæ 1—2 сомы æмæ сæ снысæнттæ кæнынц афтæ: чызджы мадæн, кæрдзын цы ус кодта, уымæн, уазджытæн уырдыг цы лæппутæ лæууы, уыдонæн, стæй ма чызджытæн къафетты аргъ.

Ногæй та фынгтæ æрæвæрыны размæ фысымтæн бамбарын кæнынц, сиахсы уæм æргом кæнæм, зæгъгæ, æмæ уыдон дæр, кæмæн æмбæлы, ахæмты æрбамбырд кæнынц сæхимæ æмæ сæ уазджыты цурмæ бакæнынц. Куы сбадынц фысымты хистæртæ дæр æмæ уазджытæ дæр, уæд кæстæр уазджытæ сыстынц æмæ ацæуынц æмæ æрбакæнынц хæдзармæ сиахсы, йæ худ дæлæуæз æркæны, афтæмæй. Сиахс дуары цур æрлæууы. Хистæрмæ та ногæй бахæссынц æртæ уæлибæхы, физонæг æмæ бæгæныйы куыси (дыууæхæцæнджын стыр къус). Скувы та сæ хистæр, стæй йæ нуазæн авæры сиахсæн æмæ йын фæзæгъы: «Дæ цæсгом ссыгъдæг кодтай дунейы æхсæн, æмæ дæ курæм, абонæй фæстæмæ нæм æргом куыд цæуай, афтæ». Уазджыты хистæр дæр бамбарын кæны æмæ фæзæгъы, уæ ног хæстæджытæ сæхиуыл нæ ауæрстой хуыздæр бæх ссарыны тыххæй, фæлæ æндæр хуыздæр сæ къухы нæ бафтыдис, æмæ йæ хуыцау амондджын фос фæкæнæд уæ хæдзарæн, зæгъгæ.

Уыцы ныхæсты фæстæ, уазджытæ цы æхцатæ æрæмбырд кодтой, уыдон кæмæ вæййынц, уый сысты æмæ ныхасы бар ракуры хистæртæй. Фæзæгъы ахæм хуызы ныхæстæ: «Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг хуыцау мæ ныхæсты фарн фæкæнæд. æмæ нæ лæвæрттæ хайыр фæуæнт, кæмæн сæ саккаг кодтам, уыдонæн». Æмæ банымайы, кæмæн цы саккаг кодтой, уый æмæ сæ ратты, уырдыг цы лæппутæ фæлæууы, уыдоны хистæрмæ. Уый сæ райсы æмæ раарфæтæ кæны.

Чызджы мад дынджыр бæгæныйы куыси райеы йæ къухмæ, фæдзуры сиахсмæ. Ратты йын йæ нуазæн. Сиахс дæр æй æнæ исты дзургæйæ райсы æмæ дзы саходы, уый фæстæ йæ авæры йе 'мбæлттæм, æмæ дзы уыдон раарфæтæ кæнынц, амондджын сиахс уын фæуæд, зæгъгæ.

Уазджытæ хорз куы фæминас кæнынц æмæ сæ хъуыддæгтæ куы ахицæн кæнынц, уæдмæ сын сæ бæхтыл сæргътæ сæвæрынц. Уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзийæн раарфæтæ кæнынц. Уазджытæ сбадынц сæ бæхтыл. Кæд дзы исчи цыбыр хъазт кæнын зоны бæхыл, уæд ын чызджытæ фæндырæй æрцæгъдынц, æмæ уый дæр цыбыр хъазт скæны йæ бæхыл, æмæ уæд уазджытæ заргæ ацæуынц сæхимæ. Фысымты фæсивæд балхæнынц къафеттæ чызджытæн æмæ сын сæ байуарынц, уый фæстæ сæ фæ-хæццæ кæнынц сæ хæдзæрттæм.

Уазджытæн цы кусарт акæнынц, уый хъуамæ æргæвдгæ акæна фысымтæй исчи, фæлæ йæм зилгæ та бакæна сиахс. Куыд æмбæлы, афтæ йæ хъуамæ суæнгтæ кæна, дыууæ уæнджы иумæ хъуамæ ма ныууадза, стæй уæнг дæр ма фехала. Бйзыг суадзын чи нæ фæзоны, ахæмтæ дæр вæййы. Уыдæттæм нæ арæхсын æгуыдзæгдзинадыл нымад у.

Ирæl. Кæрдзыны хæрд. Лæппу куы æрæмбырд кæны, цæуыл дзырд уыдис, уый, уæд йæ бинонтæ сфæнд кæнынц ирæд ахицæн кæнын æмæ чындз æрхæссын. Бахсидынц, 10 меркъайы зады ссад кæм бастауынц, ахæм тъæпæнбын (аг) бæгæны, сцæттæ кæнынц кусæрттаг — гал кæннæуæд та 2—-3-аздзыд уæныг. Кæй чызджы ракуырдтой, уыдонмæ хонæг арвитынц. Хонæг хæдзары хистæры номæй фæзæгъы, уый мæ рарвыста, цæмæй сæм уыцы бон бацæуат æмæ уын уæ кæрдзыны хæрд ахицæн кæной. Хонæгæн бамбарын кæнынц, бацæуын кæд сæ рæстæг бауыдзæн, уый. Хорз æй сбуц кæнынц, чыидз ын ралæвар кæны кæнæ сæрак дзабыртæ æмæ астæубостæ, дамбацайы бостæ, кæннæуæд та сæрак зæнгæйттæ. Фæстæмæ æрбаздæхы æмæ фехъусын кæны, уазджытæ сæм кæд æрбацæудзысты, уый.

Лæппуйы бинонтæ сыхæгты фæсивæдæн бамбарын кæнынц, уыцы бон нæм ирæдисджытæ æрбацæудзæн, æмæ уæ курæм, сæ цуры куыд фæлæууат, афтæ. Æрбакæнынц сæ æмæ сын фæзæгъынц: «Курæм уæ, æмæ нын нæ уазджыты сбуц кæнут, цы уæ амал у, уымæй. Мæнæ уæ бар кæнæм, цыдæриддæр сцæттæ кодтам — бæгæныйæ, кусæрттагæй, æнæуи хæринагæй, уыдон иу-уылдæр».

Уыцы сыхæгтæ сæ кæрæдзийы бамбарынц æмæ алкæмæн дæр йæ куыст сбæрæг кæнынц. Се 'хсæн иу равзарынц, уынаффæ сын чи кæндзæн, ахæм, æмæ алчи дæр йæ куыст феххæст кæны. Æрæмбырд кæнынц сыхæгтæй фынгтæ, цайдантæ, сыкъатæ æмæ æндæр дзауматæ, цы сæ фæхъæуы, уыдон. Лæппуйы бинонтæ ма самал кæнынц ноджыдæр (ракурынц хæстæджытæй) кæрчытæ уазджытæн.

Чызджы фыд, кæннæуæд та дзы хистæр чи уа, уыдон сæ хæстæджытæн æмæ сæ сыхæгтæн бамбарын кæнынц, нæ хæстæджытæ нæ хонынц ирæды хыгъд кæнынмæ, зæгъгæ, æмæ уæ курæм, немæ куыд саккаг кæнат, афтæ. Уыцы хуынды чызджы мадæрвадæлтæй искæмæн æнæ уæвгæ нæй.

Ирæдисæг чи ацæудзæн, уыдон æрæмбырд вæййынц чызджы фыды хæдзармæ æмæ уым сæхи хорз фенынц, стæй уæд араст вæййынц лæппуйы хæдзармæ. Кæрты дуармæ æрлæууынц, æмæ уæд уазджыты размæ рацæуынц æгасцуай зæгъынмæ зæронд лæгтæ.

Уазджытæ бацæуынц кæртмæ. Æрхизынц сæ бæхтæй. Уым сын фысымты кæстæртæ айсынц сæ бæхтæ, сæ нымæттæ æмæ сæ ехсытæ. Уазджыты уæле бадынмæ æрбакæнынц хистæр зæронд лæг (ирæд исынмæ фæцæуынц хистæртæ), æмæ, цалынмæ кусæртытæ æмæ хорз хæринæгтæ цæттæ кæной, уалынмæ уал сын рахæссынц æртæ чъирийы æмæ нозт. Хистæр скувы .æртæ чъирийы, æмæ уал уыдонæй ахæрынц. Куы сцæттæ вæййынц алцæмæй, уæд уазджыты хæдзармæ бахонынц, æмæ уым кæстæрæй фæстæмæ се 'ппæты дæр сбадын кæнынц. Сæ уæле фæбады фысымты хистæр зæронд лæг. Æрæвæрынц уæлибæхтæ, дзултæ, дзидза уæнггай, алы фынгыл дæр парахат. Хистæрты фынджы уæлдай хайæн — кусарты сæр æмæ бæрзæй. Ноджы æрæвæрынц цæхджын фысы фæхсынтæ æнæхъæнæй дыууæ (кæнæ та иу), алы фынгыл дæр æхсырдзæхдæттæ — дзидза тулынæн. Хистæрмæ раттынц æртæ уæлибæхы, сæ уæлæ хъæдыи уæхстыл конд физонæг, æмæ бæгæныйы куыси. Уазджыты хистæрмæ дæр раттынц арахъы сыкъа, æртæ чъирийы, сæ уæлæ физонæг æвæрд. Сыстынц иууылдæр, æмæ хистæр райдайы кувын, цы хъуыддаджы тыххæй æрæмбырд сты, уый амондджын цæмæй фæуа, уый тыххæй. Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд кувæггаг авæры кæстæрмæ аходынмæ. Кæстæр ацаходы иу чъирийы былæй, физонæгæй дæр иу комдзаг, бæгæныйæ дæр ацаходы æмæ бæгæны авæры уазджытæй искæмæ, чъири æмæ физонæг фæстæмæ æрæвæры. Уазджыты хистæр, чъиритæ кæмæ радтой, уый дæр иу-цалдæр ныхасы фæзæгъы, цæмæй сæ куывд барст фæуа, æмæ сæ уый дæр авæры аходынмæ. Уыдоиæй та ацаходы æндæр кæстæр, æмæ та сæ уый дæр ахицæн кæны фыц-цаг аходæджы хуызæн.

Уыцы митæ куы ахицæн вæййынц, уæд хистæр раздæр баси-ды стыр хуыцауы тыххæй, æмæ йæ иууылдæр баназыиц. Дыккаг гаджидау вæййы Уастырджийы тыххæй, æртыккаг — дыууæ ног хæстæджы цæрæнбоны тыххæй. Цыппæрæм гаджидау цыппар уды — чызг, лæппу, къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны цæрæнбоны тыххæй.

Бонмæ æввахс сæм бахæссынц дынджыр дзæбидыры сыкъаты бæгæны. Раздæр хистæрмæ авæрынц, æмæ уæд кæстæр фæсивæд иу астæй-дæсæй бацæуынц хистæрты размæ æмæ райдайынц хъæлдзæг зарæг кæнын æмдзæгъдимæ. Уазджытæ дыууæ кæстæры онг уыцы дынджыр дзæбидыры сыкъайæ фæйнæ баназынц бæгæныйæ, хъæлдзæг зард æмæ æмдзæгъдимæ, кæстæртæ та сæ баназынц æнæ æмдзæгъдæй, махæн æмдзæгъд не 'мбæлы, зæгъгæ.

Уазджыты хистæртæ арфæйы нуазæн дзидзайы хаимæ барвитынц фысымты хистæр усæн, стæй, сыхæгтæй кæрдзын чи фæкæны уазджытæн, уымæн.

Кæстæр уазджытæ та нуазæн арвитынц, уазджыты тыххæй цы фæсивæд æрæмбырд ис, уыдонæн.

Уæд уазджытæ æмбисæй дæлæмæ сыстынц æмæ хистæртæй ракурынц ныхасы бар. Раттынц сын бар, æмæ уæд сæ иу фæзæгъы: «Мах уæ кæстæртæ стæм, сбадын дæр ныл не 'мбæлы уæ цуры, фæлæ нæ сбадын кодтат. Чи зоны, махмæ исты аххостæ уыдзæнис, йе бирæ нуазæм, йе бирæ ныхас кæнæм, æмæ уый курæг стæм æмæ нын нæ рæдыдтæ хатыр куыд уой. Дыккаджы та уæ уый курæг стæм: уæ хистæрæггæгтæ уæм дæттæм, æмæ сæ саккаг кæнут баназын». Бахæссынц æртæ хистæрмæ нуазæнтæ æмæ сын сæ баназын кæнынц, хъæлдзæг зард кæнгæйæ, æмдзæгъдимæ.

Фæстагмæ хистæртæ бæркад фæзæгъынц, цæмæй уал сыстой, уый тыххæй. Куы сыстынц, уæд хистæр уазджыты схуыссын кæнынц, сæ кæстæртæ та уырдыглæуджыты æрбадын кæнынц æмæ сын баназын кæнынц уазджыты цæрæнбоны тыххæй. Уый фæстæ кæстæртæн хъазт саразынц, æмæ цалынмæ хистæртæ сыстой, уæдмæ фæкафынц.

Кæд, кæрæдзийы чи фембары, ахæм дыууæ хæстæджы вæййынц, уæд сæм ирæды тыххæй ницы ныхас рауайы, сæхæдæг бафидауынц æнæ хъæлæбайæ. Фæлæ кæрæдзи чи нæ фембары, уыдонмæ рауайы хъæлæбатæ, æмæ уæд ирæдисджытæ æмæ, сыхæгтæй уым чи вæййы, уыдон се 'хсæн бацæуынц, цæмæй сæ бафидауын кæной, уый тыххæй. Хъæлæба та рауайы ахæмты тыххæй: ирæд чи фæисы, уый фæзæгъы мæнæн мæ чыздж.ы сæры аргъ зæронд галтæ, бæхтæ, хъуццытæ æмæ æндæр ахæмтæй исын худинаг у, цæуыл дзырд уыдыстæм фосæй, уый исын, ин-нæтæ мын сыгъдæг æхцайæ куыд ссарай, афтæ, Кæнæ та, ирæд чи фиды, уый фæдæтты ирæдмæ зæххытæ, æмæ чызджы фыды зæхх дæр нæ фæхъæуы. Уæд ирæдисджытæ, хуынд адæм æмæ сыхæгтæ се 'хсæн бацæуынц, цæмæй сæ бафидауын кæной. Дыууæ хæстæджы сæ дзырд уыдонмæ раттынц. Ирæд чи фæдæтты, уый фембарын кæны, цы йæ къухы ис æмæ цæмæй ахицæн кæ-нинаг у ирæд, уый. фосæй йæм цы вæййы, уыдон иууылдæр сæ размæ ракæны кæртмæ. Сæ дзырд кæмæ радтой, уыдон та уыцы фосы тыххæй дæр бауынаффæ кæнынц. Уыцы æхсæны лæг тæ æркæсынц, ирæд чи исы, уымæн цас амал æрцæудзæни фос, зæхх æмæ алы хæзнатæ айсын ирæдмæ, цас амал æрцæудзæн ирæд бафидын сыгъдæг æхцайæ ирæддæттæгæн. Уыцы хъуыддæгтæм бæстон куы æркæсыиц, уæд æргътæ скæнынц, цы фос, зæхх æмæ æндæртæ æрцæудзæнис лæвæрд ирæдмæ, уыдонæн, стæй æрбасидынц ирæдисæгмæ æмæ ирæддæттæгмæ æмæ сын бамбарын кæнынц сæ уынаффæтæ. Сæ къухтæ сын райсынц, арфæ сын ракæнынц. Афтæмæй бафидауынц.

Стæй сæ æрбадын кæнынц æмæ та хистæрмæ бахæссынц чъиритæ, сæ уæлæ физонæг, афтæмæй, стæй бæгæны. Скувы та хистæр.

Ирæдисæг чи у, æмæ уазджытæ кæй фæдыл æрбадтысты, уый 10—15 сомы ратты уазджытæй искæмæ, цæмæй уазджытæ уыцы æхцайæ искæмæнты салам зæгъой, уый тыххæй. Уазджытæ уыцы æхцайæ лæвар кæнынц, хæдзары цы устытæ уа, уыдонæн, кæрдзынгæнæгæн, уырдыгыстджытæн, дзагдарæн æмæ чызджытæн къафетты аргъ. Дæтгæ сæ ракæнынц сæ уырдыгыстджытæй искæмæ, кæрæдзийæн раарфæтæ кæнынц, афтæмæй. Хорз фæминас кæнынц, æмæ уазджытæ бæркады гаджидау рауадзынц.

Куы сыстынц æмæ фынгтæй иуварс куы ралæууынц, уæд сæм раттынц дынджыр бæгæныйы куыси, бедырайы æрдæг кæм цæуы, ахæм — фæндагсар Уастырджийы тыххæй.

Дуармæ сын сцæттæ кæнынц сæ бæхтæ æмæ, ирæды тыххæй кæуыл бафидыдтой, уыцы фос. Уазджытæ сбадынц сæ бæхтыл æмæ, ирæды, цы фос райстой, уыдон сæ разæй аскъæрынц.

Ирæдмæ фæисынц ахæм фос æмæ дзауматæ: галтæ, хъуццытæ, бæхтæ, уæнгуытæ, фыстæ, сæгътæ, къамбецтæ, æрхуыйæ конд тъæпæнбын аг (бæгæны фыцынæн), ирон æхсаргард, ирон хъыримаг топп, ирон дамбаца, алыхуызон æрхуы дзауматæ, стæй уыгæрдæнтæ, хуымтæ æмæ цæхæрадæттæ. Кæй банымадтон, уыдонæй-иу алкæмæн дæр аргъгоид уыдис æхцайæ, æмæ йæ афтæмæй истой. Уæлдай æхсызгондæрæн истой æрхуы дзауматæ æмæ хæцæнгæрзтæ — ирон топп æмæ æхсаргард.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru