поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
ФИДАУÆН БОНЫ ÆГЪДÆУТТÆ
Автор: 00mN1ck / 2 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Туджджынтæ иу хъæуккаг куы вæййынц, уæд туджы фынг саразынц хъæуы астæу, кæд дыууæ хъæуæй уой, уæд та раздæр бафидауынц, лæг кæмæй амæлы, уыцы хъæуы, уый фæстæ та адæуынц лæгмары хæдзармæ.

Иу хъæуы мидæг куы вæййынц, уæд фидыды хъуыддаг арæзт цæуы афтæ. Лæгмар æмæ йе 'рвадæлтæ, йæ хæрæфырттæ æрæмбырд вæййынц, тæрхоны лæгтæ сын куыд фæзæгъынц, афтæ. Уымæй уæлдай арвитынц сеннæ хæстæджытæм æмæ зонгæтæм, æндæр хъæутæм, цæмæй сæм уыдон дæр æрцæуой, уый тыххæй.

Лæг мард кæмæй æрцæуы, уыдон дæр æрæмбырд кæнынц се 'рвадæлты, сæ хæстæджыты æмæ сæ зонгæты алы хъæуæй, нæ туджджынæн хатыр кæнæм æмæ æрцæут нæ кæртмæ, зæгъгæ.

Тæрхоны лæгтæ хъуыддæгтæ бафидауыны онг фæрæвдз кæнынц дыууæрдыгæй дæр, суанг, устытæ дæр куыд фидаудзысты, уый онг.

Туджы фынг кæм арæзт вæййы хъæуы астæу, уырдæм тæрхоны лæгтæй иутæ ракæнынц, лæг мард кæмæй вæййы, уыдоны, æмæ сæ рæнхъ æрлæууын кæнынц, мыггаджы хистæр уæлейы, йæ дæлейы та, чи куыд кæстæр у, афтæ — мыггагæй æмæ хæрæфыртæй. Иннæ хуынд адæм æмæ хъæубæстæ та хибарæй фæлæууынц. Уый фæстæ уыцы ранмæ бацæуынц лæгмары мыггаг æмæ хæрæфырттæ лæгмаримæ. Уыдоны та æрлæууын кæнынц мард-джынты комкоммæ, дæрддзæфгомау.

Тæрхоны лæгтæ никæмæн фæуадзынц йемæ гæрзтæ рахæссын, нæдæр хъама, нæдæр топп, нæдæр дамбаца. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ дзыппыты æмæ сæ зæнгойы хъусты бамбæхсынц дамбацатæ æмæ хъаматæ.

Кæрæдзи комкоммæ сæ куы æрлæууын кæнынц, уæд зылын мыггаг сæ сæртæ фæдарынц зæхмæ гуыбырæй, уæлдайдæр лæгмар. Уый йæ худ йæ цæстытыл ныккæны æмæ уæлæмæ нæ фæкæсы.

Тæрхоны лæгтæ, се 'хсæн дзурынмæ дæсныдæр чи уа, ахæмы бар бакæнынц дзурын. Уый райдайы хъæрæй дзурын, цы бирæ адæм æрæмбырд вæййы, уыдон æй иууылдæр куыд хъусой, афтæ. Раздæр фæзæгъы, ирон адæмы æхсæн ахæм æнамонд хъуыддаг 'цæмæй макуыуал æрцæуа, уый тыххæй. Уый фæстæ райдайы дзурын, куыд хорз æгъдауджын разындысты дыууæ туджджыны, уæлдайдæр лæг мард кæмæй æрцыдис, уыдон. Æмæ сын арфæтæ фæкæны, хорз æгъдауджын мыггаг сты, зæгъгæ, сæ хорз лæджы мард схатыр кодтой адæмы æфсæрмæй. Дарддæр фæдзуры, зылын мыггаг сæ рæдыдыл куыд фæфæсмон кæнынц, уый тыххæй. Фæстагмæ æнтъыснæгæй фæдзуры, лæг амарын куыд зын у æмæ марæг цас æфсæрмыгондæй цæуы æмæ цæры, фæцамоны, лæгмар æфсырдхуызæй куыд фæлæууы, уый, Дзургæ-дзурын фæкæсы фæсивæдмæ, цæмæй уыцы зын хъуыддаг алчи дæр йæ зæрдыл дара æмæ йæ къухтæн бар ма дæдта искæй марынмæ.

Тæрхоны лæг зæрдæйы арф хизæг, æнтъыснæг ныхæстæ куы фæкæны, уæд æм адæм хæлиудзыхтæй фæхъусынц, æмæ сæ уæнгтæ баризынц, ныддыздыз кæнынц. Æмæ адæймаг уыцы сахат фæзæгъы, искæй амарыны бæсты мæ фæлтау мæ дунейыл царды ницы хъæуы, мæгуырæй цæрдзынæн.

Тæрхоны лæг ныхас куы фæвæййы, уæд зылын мыггаджы хистæры бакæнынц иннæ мыггаджы хистæрмæ, æмæ уыдон сæ кæрæдзийы къухтæ райсынц. Кæд, фæтуджджын уæвыны размæ хорз чи цардис, ахæм дыууæ мыггаджы вæййынц, уæд ма кæрæдзийы дæр ныхъхъæбыс кæнынц æмæ фæкувынц, кæрæдзийæн арфæтæ ракæнынц. Лæг кæмæй амæлы, уыдоны хистæр хъæрæй дзырд ратты, нæ лæджы мард адæмы хатырæй хатыр фæуæд, зæгъгæ. Зылын мыггаг кæрæдзи фæдыл мæрдджын мыггаджы хистæрмæ кæугæ фæцæуынц æмæ йын йæ къух райсынц. Æмæ афтæ суанг сæ кæстæртæм ахæццæ вæййынц къухтæ исгæйæ. Фæстагмæ тæрхоны лæгтæ марæджы фæйнæ фарс бацæуынц æмæ йæ кæугæ бакæнынц хистæрмæ. Хистæр ын фæныхæстæ кæны æмæ фæзæгъы, мах дын уæлæуыл хатыр кæнæм, кæй уды тæригъæды бацыдтæ, умй та дын афтæ бахатыр кæнæд мæрдты бæсты. Тæрхоны лæгтæ лæгмары галиу къух бадæттынц мæрдджынты хистæры къухмæ, стæй йæ афтæ кæрæй-кæронмæ, суанг сæ кæстæры онг, ахæццæ кæнынц сегасмæ дæр къух дæтгæ. Лæгмар фæкæны кæугæ. Лæгмары фæстæ ма дыууæ-æртæ кæстæры фæцæуы къухтæ дæтгæ æмæ кæугæ.

Уыцы æгъдау куы ахицæн вæййы, уæд зылын мыггаджы хистæртæ уым баззайынц иннæ адæмы цур, уæлдайдæр фидаугæ кæимæ бакодтрй, уыдоны цур. Иннæтæ 'иууылдæр тæрхоны лæгты æмбисимæ араст вæййынц, лæг цы хæдзарæй мард æрцыд, уыцы хæдзармæ, цæмæй бафидауой устытимæ дæр, æмæ уыдон дæр бахатыр кæной лæгмарæн.

Устытæ æмбырд вæййынц хæдзары, уæлдайдæр та марды хотæ æмæ мад. Зылын мыггаг хæдзармæ куы фæцæйхæццæ кæнынц, иу 10—15 сардзины ма йæм куы вæййы, уæд райдайынц кæуын. Вацæуынц хæдзармæ кæугæ. Хæдзары устытæ фæхъарæг кæнынц, афтæмæй иууылдæр фæкæуынц. Марды хотæ сæ хъарæджы фæдзурынц, цы уынгæг бон ныл æркодта, нæ бинонты хуыздæры марæгимæ нæ куы фидауын кæнынц, зæгъгæ.

Тæрхоны лæгтæ тынг хъæрæй, мæстыйæ фæдзурынц, æнцайын сæ кæнынц сæ кæуынæй. Устытæн сæ фылдæр куы фæсабыр вæййынц, уæд, тæрхоны лæгтæй кæмæн фæдзæхст вæййы, уый райдайы дзурын, цæмæй марды мад æмæ хотæ дæр марæгæн бахатыр кæной, лæгтæ йын куыд бахатыр кодтой, афтæ. Ныхасгонд куы фæвæййы тæрхоны лæг, уæд марæджы къухыл рахæцы тæрхоны лæгтæй исчи æмæ йæ бакæны раздæр мады къух исынмæ. Марæг тынг фæкæуы, къух æм куы бадарынц, уæд (кæд æм, мыййаг, кæуын нæ фæцæуы, уæддæр йæ худ йæ цæстытыл арф конд вæййы æмæ афтæмæй фæхъуысы йæ кæуын).

Кæд, адæмæй æфсæрмы чи кæны, ахæм мад уа, уæд, къух нæма райсдзæн, фæлæ йын йæ ныхас иууылдæр куыд фæхъусой, афтæ фæзæгъы: «Адæмы хатырæй дын хатыр фæуæд. Цы кæ-нон, мæ дарæджы мынмæрдтæм барвыстай, æнæ дарæгæй, æнæ ныгæнæгæй мæ ныууагътай». Æмæ йын йæ къух райсы. Мад къух райста, уый куы фенынц сылгоймæгтæ, уæд йæ ныхæстæм æмхуызонæй дæр ныккæуынц. Тæрхоны лæг арфæтæ фæкæны мадæн, хорз æгъдау дæм разынди дзыллæйы æхсæн, зæгъгæ.

Ахæм мад дæр разыны, афтæ чи фæзæгъы: «Мæ хъæбулы (мæ фырты) мын амардтай, нал ис уæлæуыл мæ буц лæппу. Сау сыджыты бын æй бамбийын кодтай, æмæ абонæй фæстæмæ, кæй амардтай, уыцы хъæбулы бæсты ды мæ хъæбул фæу æмæ мæ буц фæдар. Мæ ныгæнын дæр дæумæ кæй кæсы, уый дæр зон». Хæрз зæрдæпарахатæй чи бахатыр кæны æмæ æцæг чи фæзæгъы, уый йæ ныхæсты æцæгдзинад адæмæн дæр æмæ лæгмарæн уымæй базонын кæны, æмæ йæ дзидзийы къоппа лæгмары дзыхы бакæны. Уæд дзыллæйыл айхъуысы, уыцы марды мад йæ хъæбулы марæгæн ахæм æцæг хатыр бакодта, зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ дыууæ хæдзары бинонтæ æмæ дыууæ мыггаджы æфсымæрты цардæй фæцæрынц.

Мадæй куы фæхицæн вæййы марæджы къух, уæд та йæ бакæнынц хотæм, æмæ та хотæ дæр кæугæ-кæуын фæзæгъынц, нæ буц æфсымæры нын мæрдтæм барвыстай, нæ зæронд мад æмæ фыды нын æнæ дарæг, æнæ ныгæнæгæй ныууагътай, æмæ дæ нæ мад йæхицæн хъæбул кæм скодта, уым махæн та нæ хорз æфсымæры бæсты æфсымæр фæу. Хъуамæ йыл ныттæфсынц æмæ æмхуызонæй тынг тæригъæддаджы куыд фæкæнынц.

Уый фæстæ йьш мыггаджы иннæ устытæ дæр фæисынц йæ къух, æмхуызонæй дæр дын хатыр кæнæм, зæгъгæ.

Кæд æмæ марды мад æмæ хотæн сæ бон нæ бавæййы адæмы ныхас æмæ хатыр курынæн аргъ скæнын, сæ зæрдæрыст сыл тыхджындæр куыд кæны, уымæ гæсгæ, йе та кæд адæмы æгъдæуттæм хæстæг лæуд нæ вæййынц, уæд мад нæ фæдæтты йæ къух. Тæрхоны лæгтæ æмæ æнæуи раст адæм фæкурынц хатыр, цæмæй мад радта æмæ райса марæджы къух æмæ зæгъа хатыр. Фæстагмæ къух ратты, фæлæ уæддæр фæзæгьы, æз дын хатыр кæньш, фæлæ-иу мæрдты уæхуыдтæг фидаут, зæгъгæ.

Афтæ æнæбары лæвæрд ракæнынц къухтæ уæд иннæтæ дæр.

Адæмы бæлвырддæр цæмæй бауырна, уый тыххæй мад æмæ йæ хотæ хæдэары раттынц марæгæн нуазæн — бæгæны, йе арахъ æмæ йын дзы сæхи къухæй ацаходын кæнынц. Адæмæн уый вæййы æцæгдæр æвдисæн, æцæг фидыд бакодтой, зæгъгæ.

Уыйфæстæ ацæуынц адæм, туджы фынг кæм арæзт вæййы, уырдæм. Тæрхоны лæгтæ бæлвырд бамбарын кæнынц, цы тæрхон скодтой, уый, æмæ, адæммæ дæр раст куы фæкæсы, уæд раарфæ кæнынц дыууæ туджджынæн дæр æмæ, тынгдæр та, тæрхоны лæгтæн, рæстдзинад бакгодтат, зæгъгæ.

Раздæр сбадын кæнынц, лæг кæмæй амардæуыд, уыцы мыггаг кæй æрæмбырд кодтой алы хъæутæй, уыцы адæмы æмæ хъæубæсты хистæрты, стæй, кæмæн м.а æмбæлы, уыдоны. Хистæр ныффæлдисы хæрд æмш нозт мардæн. Уыйфæстæ райдайынц хæрын æмæ нуазьщ. Туджджынтæ кæрæдзийы нуазæнтæ фæиуазьщц æмæ арфæтæ фæкæнынц кæрæдзийæн, цæмæй та се 'хсæн уарзондзинад сфидар уа. Хистæртæ бакæнынц сæ цурмæ марæджы æмæ йын раттынц нуазæн, сæхи къухæй йын саходын кæнынц.

Раздæр чи æрбадти, уыдон куы сыстынц, уæд та æрбадынц иннæтæ.

Раздæр чи æрбады, уыдон куы сыстынц, уæд æрлæууынц рæнхъ æмæ раарфæ кæнынц, цæмæй фыдбылыз мауал æрцæуа дыууæ мыггаджы æхсæн. Дыккаг бадт чи æркæны, уыдон дæр афтæ æнкъардæй бахæрынц æмæ баназынц.

Кæд лæгмарæг хи хъæуккаг уа, уæд, лæг кæмæй амардис, уыцы мыггаг сæ хæстæгдæр хæстæджытимæ æмæ тæрхоны лæгтимæ ацæуынц лæгмары хæдзармæ, Лæгмары хæдзары æмбырд вæййынц, нæлгоймæгтæй ма чи нæ бафидыдта, уыдон, стæй сылгоймæгтæ дæр (лæгмары мад, хотæ æмæ хæстæджытæ) æмæ уым, сылгоймæгтæ фæкæнынц кæугæ, афтæмæй бафидауынц.

Лæгмары хæдзары дæр вæййы стур кæнæ фыстæ æргæвст, æмæ сын сæ хæдзары, сæ цæхх æмæ сæ хойрагæй бахæрын кæнынц. Кæрæдзийæн бирæ зæрдæфæлмæнгæнæн ныхæстæ фæкæнынц, цæмæй дыууæ мыггаджы фæсивæд кæрæдзимæ изгард мауал хæссой æмæ исты фыдбылыз мауал скæной, уый тыххæй.

Устытæ дæр бафидауынц, лæгтæ куыд бафидыдтой, афтæ. Лæг чи амардта, уыдоны устытæ сæ хæстæджытимæ бацæуынц, лæг кæмæй фæмард'ис, уыдоны хæдзармæ æмбырдæй æмæ дыууæтæ дæр раздæр бирæ фæкæуынц хъарæггæнæг усы ныхæстæм. Куыд 'куы фæвæййынц, уæд кæрæдзийы къухтыл ныххæцынц æмæ бафидауынц. Цалынмæ æнæфидыд уыдысты, уæдмæ лæгмарты устытæ кæд хорз æгъдау лæвæрдтой, мард чи фæци, уый мыггаджы устытæн æмæ хотæн, уæд хъуамæ марды хотæ марæджы хоты сæхицæн хотæ скæнынц, цæмæй кæрæдзийы фылдæр уарзой, уый тыххæй.

Уыйфæстæ та, лæг кæмæй амардис, уыдоны устытæ сæ хæстæджытимæ рацæуынц лæгмары хæдзармæ, æмæ та уыдоны тыххæй дæр цæттæ вæййы хæрд, нозт, æмæ сын сæ цæхх, сæ хæринагæй саходын кæнынц. Уыдон дæр фæдæттынц сæ кæрæдзийæн нуазæнтæ, уый тыххæй æмæ ирон адæммæ цæхх æмæ хæринагæй саходын хонынц стыр фидары æууæнк дæттæг, ома уæд алчи дæр йæ дзырдæн хицау уыдзæн æмæ дыууæ мыггаджы æхсæн фыдбылыз нал æрцæудзæнис.

Дыууæ туджджыны бафидауынц, се 'хсæн ницыуал дзырддаг вæййы, фæлæ уæддæр лæгмар бирæ азты æмæ бонты æфсæрмы фæкæны, кæмæй амары лæг, уыдонæй.

Дыууæ мыггаджы куы бафидауой, уæд уымæй фæстæмæ уыцы фидыд хæлд кæйырдыгæй æрцæуа, уыцы мыггаг ирон адæмы æхсæн вæййы æгад, æмæ уый тыххæй хистæртæ фæлæгъстæ кæнынц кæстæртæн, цæмæй фыдбылызы уынаффæ мауал скæной. Уымæ гæсгæ фидыд йæ бынаты вæййы.

Фæлæ-иу ахæмтæ дæр разынди туджджынтæй, тынгдæр фыццаг заманы, æмæ-иу бафидауыны фæстæ дæр ма, лæг мард кæмæй фæцис, уыдоны ардауæг куы фæци туг райсыны тыххæй, уæд-иу маргæ куынæ акодтаиккой, уæддæр кæрæдзимæ нал дзырдтой хахуыр æвзаджы руаджы. Ахæмтыл-иу худгæ кодтой, сæ бафидыдæй адæмы сайынц, зæгъгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ тæрхонылæгтæ-иу куы базыдтой, дыууæ мыггагæн се 'хсæн ахæм ныхæстæ цæуы, уый, уæд сын-иу уайдзæфтæ кодтой, уæ фидыд цæмæн халут, зæгъгæ. Æмæ-иу уыцы ардыдæн дарддæр фæндаг нал уыди. Ардауæг чи уыдис, уый дæр-иу адæмы æхсæн æвдыст æрцыди, хæлд лæг у, зæгъгæ.

Ирон адæммæ XIX æнусы уыдис ахæм æгъдау. Лæджы-иу исчи куы ахмардта æмæ-иу марæг бæрæг куынæ уыд, уæд иу кæй цуры фæмард, уыдонæн, науæд та, кæуыл æнæууæнк кодтой, уыдонæн сарæзтой ард. Чи фæмард, уый цур кæд лæгтæ уыдис æмæ йæ чи амардта, уый нæ хъæр кодтаиккой, зыдтой йæ афтæмæй, уæд сын-иу раст адæм стæрхон кодтой; карздæр дзуар кæй хуыдтой, уый кувæндоны цур æд бинонтæ ард бахæрæнт, лæджы чи амардта, уымæн куыд ницы зонынц, уый тыххæй. Æмæ-иу æй уæд схъæр кодтой. Науæд æмæ йæ не схъæр кодтаиккой, афтæмæй-иу басомы кодтой. Уæд сæ адæм хуыдтой мæнгард хæдзар æмæ мыггаг. Куы-йу æй загътой, уæд сын-иу туг бафидын кодтой, науæд та сæ-иу сæ лæджы мардмæ лæг амардтой.

Кæд æмæ дыууæ æмбалæй иу иннæйы амардта æмæ йæ не схъæр кодтаид, уæд ын адæмы æхсæнмæ æнæ ратгæ нæ уыд. Æмæ йын-иу адæм саккаг кодтой, цæмæй йæхи сраст кæна адæмы æхсæн, марды ингæны цур æрлæууа йе 'фсымæртимæ, науæд йæхæдæг æмæ цæмæй расомы кæна мардæй, марæг кæй нæ уыдис, ууыл.

Æнæууæнк кæуыл кодтой, уый-иу æрлæууыд марды ингæны уæлхъус æмæ-иу басомы кодта, кæд ацы мард мæ къухæй бацыд мæрдтæм, уæд мæ хуыцау ацы мардæн фæлдыст фæкæнæд, зæгъгæ, æмæ йæ кæд æцæг амардта, уæддæр-иу мард ууыл фесæфт. Ома нал дæр-иу æй маргæ акодтой, нал дæр ын туг бафидын кодтой. Æцæг-иу йæхи чи ныффæлдыста, уый-иу адæмы æхсæн стыр æгад уыдис. Иæ цотыцоты дæр ын-иу мæстæй мард-той. фæлдыстытæ, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ-иу ахæм хъуыддæгтæ дæр æрцыдис, æмæ æнæ амаргæйæ, марды ингæны уæлхъус сомы ракæныны (хи ныффæлдисыны) бæсты фæлтау туг бафи-дьгныл чи сразы ис.

Æдзæсгом тугисæг чи уыдис, уый-иу йæ туджджынтæй искæй амал ран куы ссардта, уæд-иу æй амардта, куыд ничи йæ базыдтаид, афтæмæй, йæ хъус ын-иу ралыг кодта æм-иу æй баныгæдта, кæй туг райстаид, уымæн йæ ингæны сыджыты бын, æмæ-иу загъта, мæнæ дын æвдисæн, куыд дын дæ туг райстон, уый тыххæй. Æмæ ахæм лæджы æхсарджын хуыдтой, йæ туг райста, зæгъгæ.

Туджджынты-иу чи фидауын кодта, уыцы тæрхоны лæгтæн фыццаг заманы мызд фыстой æрчъиагæй. Кæд хорз тæрхоны лæг уыдаид, уæд — æрчъиаджы султъы, кæд æмæ йæм исты хахуыр (æнæраст) митæ уыдаид, уæд та — къаддæр. Фæлæ бирæ тæрхоны лæг йæ сæрмæ нæ хаста уыцы мызд исын. Фæстагмæ йæ æппындæр ничиуал иста, стæй йæ дæтгæ дæр нал кодтой.

Уыцы æрчъиаджы султъыйы лæвæрттæ уый тыххæй кодтой, æмæ-иу тæрхоны лæгты иуæй-иу хатт тæрхоны æрбадын бахъуыдис тæккæ хосгæрдæнты кæнæ хуым кæрдыны рæстæджы, æмæ уæд уыцы æрчъиагæй хъуамæ сæхи бæсты баххуырстаиккой бонзиутæ (бонгай кусджытæ).

Раздæр ма куыд загътон, афтæ-иу тæрхоны лæгты уыдтой хорз, алы æрæмбырдæн дæр сын-иу акодтой кусарт, æхсыстой сын сæхи номыл бæгæны — тæрхоны лæгтæ фыццаг заманы тынг кадджын уыдысты. Ныхасы дæр афтæ баззадис, æмæ йæхи æгæр стыр чи фæкæны, уымæн фæзæгъынц: «Исты мын тæрхоны лæг куынæ дæ».

Тæрхоны лæг æндæр хъæуккаг куы уыдаид, уæд æм-иу цалынмæ бæх аластой, уалынмæ нæ цыдис. Уæд дæр ын-иу хъуамæ стыр лæгъстæтæ фæкодтаид, туг чи дардта, уыцы лæг, æмæ афтæмæй æрæджиау сразы уыдаид. Тæрхоны лæгтæн се 'ппæты дæр æмбырд кодта лæгмар кæнæ йæ бинонтæй исчи. Хъуамæ-иу тæрхоны лæг æрцыдаид æндæр комæй, кæнæ фæсхохæй дæр, æмæ уæд уæлдай тухæйнаг та уый уыдис. Æцæг уыцы дардæй кæй бацагуырдтаиккой, ахæм тæрхоны лæгæн фылдæр аргъ кодтой иннæ тæрхоны лæгтæ дæр æмæ туджджынтæ дæр, ома уазæг у, зæгъгæ. Ирон адæмæн сегасыл кæй ном айхъуыстаид, ахæм тæрхоны лæгтæарæх нæ уыдысты, фæлæ, дзыллæтæ кæй зыдтой, уыцы тæрхоны лæгтæн алчи дæр стыр аргъ кодта, ома уыдон адæмы лæгтæ сты æмæ мæн дæр искуы куы бахъæуой, зæгъгæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru