поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
ИРОН ХЪАЗТЫ ÆГЪДÆУТТÆ
Автор: 00mN1ck / 7 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæмы æхсæн искæуыл исты хъæлдзæгдзинад куы æрцæуы кæнæ хъæуæн исты æхсæны бæрæгбон куы вæййы, уæд саразынц хъазт.

Фæсивæд сылгоймагæй, нæлгоймагæй стæй ас адæм æрæмбырд вæййынц æмæ дзы чи кафгæ фæкæны, чи та æрмæстдæр кæсгæ. Хъазтмæ цы чызг фæцæуы, уый йæхи хорз саразы, цæмæй хъазты искæцы усгур лæппуйы зæрдæмæ фæцæуа, стæй иннæ адæмы зæрдæмæ дæр, æмæ дзы хъуамæ раппæлой, уыцы хъазты ахæм рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæутæ чызг уыди, зæгъгæ. Чызг хъазты куы рлæууы, уæд алцы æгъдауæй дæр йæхимæ фæкæсы, цæмæй аив уа. Уæлдай ныхас не скæндзæн, никæмæ фæхуддзæн, уый тыххæй æмæ хъазты чызг искæмæ куы фæхуда, уæд æй хонынц рог (æнæууæнк) сылгоймаг. Рог сылгоймаг та ирон адæмы æхсæн æгад уыдис æмæ ныр дæр æгад у. Хæдзары дыууæ-æртæ хойы куы уа, уæд хистæры йеддæмæ иннæтæ хъазтмæ нæ фæцæуынц: уый дæр уыди худинаг, хистæрæн, дам, уал фæндаг раттын хъæуы, стæй чындзы куы ацæуа, уæд та хъазтмæ цæуын райдайдзæн йæ кæстæр.

Уыдис-иу ахæм хотæ, æмæ хистæр ницæмæн бæззыдаид, уæддæр кæстæртæ фæрæзтой æмæ йын-иу кад лæвæрдтой, цæмæй ма фегад уыдаид, уый тыххæй. Кæстæртæ мой дæр нæ фæкæнынц сæ хистæры разæй. Æвзæр хистæр хойы разæй хуыздæр кæстæр куы скæна мой, уæд уый ничиуал ахæсдзæн.

Хæдзары нæлгоймаг бинонтæй дæр хъазтмæ ацæуыны бар раздæр лæвæрд цæуы усгур лæппуйæн, æмæ уый йæхимæ дзæбæх базилы, йæ уæлæ скæны дзаумайы дзæбæхтæ: цухъа, сæрак зæнгæйттæ, сæрак дзабыртæ, резинæ къалостæ, æмæхгæд æвзист хъама, æвзист бæрцытæ, хорз уæлдзарм худ, дамбаца, æвзистæй арæзт рон, дамбацайы бос, сахаты бос. Йæхи ног æрдасы æмæ йе 'мбæлттимæ бацæуы хъазтмæ.

Чызг хъуамæ скæна глази къаба, глази дæллаггуыр (юбкæ), хъуамæ йыл уа зæлдаг кæлмæрзæн, æвзист камари, æвзист æгънæджытæ риуыл конд, къахыдарæс — хорз уырыссаг конд дзабыртæ, кæнæ та ирон конд сæрак дзабыртæ, къухыл æвзист кæнæ сызгъæрин къухдарæн æмæ æндæр ахæм дзауматæ.

Хъазт кæд искæй хъæлдзæгдзинады тыххæй уа, уæд уыцы хæдзары лæппутæ æмæ сæ сыхæгты лæппутæ рагацау ацæуынц хонæг. Чызджы куы фæфæнды хъазтмæ ацæуын, уæддæр йæхицæн бирæ лæгъстæтæ агуры æмæ æфсæнттæ фæкæны. Чызг фæстагмæ куы сразы вæййы, уæддæр фæзæгъы, кæд мæ мæ бинонтæ уадзынц, уæлдайдæр ме 'фсымæр, уæд цæуын, кæниод нæ. Кæд бинонтæ сразы вæййынц, уæлдайдæр æфсымæр, уæд чызг ацæуы хъазтмæ. Хъуамæ йемæ ацæуа йе 'фсымæр, кæннод та йе 'рвадæлты лæппутæй исчи, науæд, дам, чызджы иунæгæй ауадзын худинаг у.

Адæм куы æрæмбырд вæййынц, уæд равзарынц, хъазты æгъдаумæ чи кæсдзæнис, ахæм лæппутæ (чегъыретæ). Кæд бирæ фæсивæд æрæмбырд уа, уæд хъазты æгъдаумæ кæсджытæ хицæнæй æвзæрст æрцæуы чызджытæн дæр, дыууæ чегъырейы.

Æрлæууын кæнынц чызджыты иуырдыгæй куыдхистæрæй. Кæстæрæн хистæры уæлæ æрлæууын худинаг у, уымæ гæсгæ алчи дæр йæ бынаты æрлæууы. Фæндырдзæгъдæг чызг æрлæууы æппæты уæлейы, æрмæст ма йын иу гыццылдæр чызг йæ уæлейы æрлæууын кæнынц æмдзæгъдгæиджыты цур.

Афтæ æрлæууын кæнынц лæппуты дæр чызджыты комкоммæ куыдхистæрæй. Лæппутæм чи фæкæсы, уыцы чегъыре фæзæгъы фæсивæдæн: «Æз уеппæтæй хатыр курæг дæн, абон мæнæн мæ бар бакодтой, хъазты æгъдау дзæбæх цæмæй ацæуа, уый. Гъемæ сымах куы фæнда, уæд дзæбæх ацæудзæн. Куы нæ уæ фæнда, уæд та уыдзæнис, куыд не 'мбæлы, афтæ. Уæ хорзæхæй, йæхи æгъдауæй мачи ракафæд, цалынмæ йæм рад æрхæццæ уа, уæдмæ».

Чызджытæ æгъдаумæ цы дыууæ лæппуйы фæкæсынц, уыдон фæндыр бахæссынц, фæндырæй цæгъдын чи фæзоны, уыцы чызгмæ æмæ йæ нæ фæисы, кæд, хъазт чи сарæзта, уыдоны чызджытæй нæ вæййы, уæд. Йе 'фсымæр кæнæ йе 'рвад куы фæзæгъы, уæд æй райсы æмæ æрлæууы æмдзæгъдъæнджыты цур æмæ райдайы фæндырæй хъæлдзæг кафыны цагъд кæнын. Йæ цуры æрлæууынц йе 'фсымæртæ æмæ йæ хæстæджытæй исчитæ, цæмæй иунæг ма уа стæй æмдзæгъд хуыздæр уа.

Фæндырдзæгъдæджы цур æмдзæгъд фæкæнынц къухæй, фылдæр та фæйнæгыл, цæмæй фæсивæд фæндыры цагъдмæ хъæлдзæгдæрæй кафой. Уыцы фæндырдзæгъдæджы куы аивынц æмæ фæндыр æндæр чызгмæ куы раттынц, уæд та уымæн дæр йе 'фсымæртæ йæ цурмæ бацæуынц, æмæ та уыдон дæр æмдзæгъд райдайынц, фыццæгтæ та хъазты иннæ лæппутимæ æрлæууынц æмæ сæ кафты кой фæкæнынц.

Хъазты æгъдаумæ цы лæппутæ фæкæсынц, уыдон кæмæн куыд йæ рад æрцæуа, афтæ йæ акафын кæнынц. Лæппутæн дæр æмæ чызджытæн дæр рæнхъ рауадзынц, куыдхистæрæй. Гæнæн куы нæуал вæййы, уæд йеддæмæ хистæрты кæстæртимæ нæ фæкафын кæнынц.

Кафгæ цы фæсивæд кæнынц, уыдон хъуамæ рæнхъыл лæууой. Сæ алфамбылайæ æмæ сæм уæлхæдзæрттæй адæм фæкæсынц (устытæ — зæрондæй, ногæй, афтæ лæгтæ дæр). Кæй зæгъын æй хъæуы, лæппутæ дæр æмæ чызджытæ дæр нæ бацауæрдынц сæхиуыл.

Фæндырдзæгъдæг раздæр фæцæгъды тымбыл кафты цагъд æмæ хонгæ кафты цагъд, стæй уый фæстæ та симыны цагъд. Чызг æмæ лæппу куы фæкафынц, йе куы фæсимынц æмæ исчи уыдоны сбуц кæнынмæ куы хъавы, уæд сын топпæй кæнæ дамбацайæ фæгæрæхтæ кæны. Уыцы гæрæхтæ ирон адæмы æхсæн кад уыдысты. Ахæм митæ дæр бирæ æрцыдис, æмæ хъазты мидæг гæрæхтæй чызг кæнæ лæппу фæмардис.

Симд куы вæййы, уæд, цалынмæ хъазты æгъдаумæ чи кæсы, уый аива лæппуйы, уалынмæ лæппу хъуамæ ма суадза чызджы, стæй хъуамæ чызджы макæмæ радта симынмæ. Хъазты æгъдаумæ чи фæкæсы, уыдон фæивынц симджыты, кæй куыд æмбæлы, афтæ.

Хъазты уазджытæ куы уа, уæд уыдонæн хуыздæр æгъдау лæвæрд вæййы, уæлдай кæфтытæ æмæ симдтытæ сæ акæнын кæнынц.

Ахæм цины бæхджын уазджытæ куы сæмбæла, уæд сæ бахонынц хъазтмæ. Куы бацæуынц, уæд сын фæндырдзæгъдæг æрцæгъды бæхтыл цыбыр хъазты цагъд. Æмæ бæхджын уазджытæ сегас куы нæ схъазой, уæддæр дзы исчи бæхыл цыбыр хъазт скæны. Уый фæстæ сæ рахизын кæнынц бæхтæй æмæ сæ фæкафын кæнынц.

Хистæртæй хъазтмæ чи фæкæсы, уыдонæй ма рæвдз чи фæзоны кафын — йе къахкъухтыл, йе хъаматыл — уыдоны дæр фæкафын кæнынц. Ахæмы хъуамæ бæхыл дæр схъазын кæной, цæмæй йæм, кафын æмæ хъазын чи нæма зоны, уыдон дæр бакæсой æмæ базоной кафын дæр æмæ бæхыл хъазын дæр.

Хъызт зымæг куы уа æмæ чызг ихæнæй куы мæла, уæддæр лæудзæнис хъазты. Ацæуын æм худинаг фæкæсы. Æмæ дзы бирæтæ фæсахъат вæййынц Лæппутæ дæр, цыфæнды æнтæф куы уа, уæддæр нæ сыхалдзысты сæ рæттæ æмæ не суадздзысты хъуыры æгънæджытæ: ронбæгъдæй æмæ æгънæджытæ уæгъдæй хъазты лæууын худинаг уыди. Хъазты худинаг у сбадын лæппуйæн, уæлдайдæр та чызгæн. Кафгæ-кафын тамако дымын, æд къалостæ кафын, ныхас кæнын, худын уæлдай митæ кæнын — уыдæттæ æнаивыл нымад сты. Стæй стыр хъазты йеддæмæ дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы иумæ кафын дæр æгъдау нæ амоны, хъуамæ кафой æрмæстдæр дыууæйæ, чызг æмæ лæппу, чызг разæй, лæппу фæсте. Кафгæйæ хъуамæ раздæр ныллæууа чызг. Лæппу раздæр куы ныллæууыдаид, уæд уый худинаг уыд: чызг æй йæхицæн æфхæрдыл банымадтаид. Уæд-иу чызджы æфсымæртæ лæппумæ лæбурдтытæ кодтой, нæ хойы нын цæмæн фегад кодтай, кафгæ-кафын æй цæмæн ныууагътай, зæгъгæ. Кæд сæ нæ баиргьæвтаиккой, уæд-иу хъуамæ кæрæдзийы дæр ныццæфтæ кодтой. Ноджы худинаг уыдис, чызг æмæ лæпиу симгæ-симын кæрæдзимæ исты куы сдзырдтаиккой, уæд. Стыр хъазты хи хоимæ кафын æмæ симын дæр худинаг уыд, уæлдайдæр симын.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru