поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
ФИДАУÆН БОНЫ ÆГЪДÆУТТÆ
Автор: 00mN1ck / 2 июля 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Туджджынтæ иу хъæуккаг куы вæййынц, уæд туджы фынг саразынц хъæуы астæу, кæд дыууæ хъæуæй уой, уæд та раздæр бафидауынц, лæг кæмæй амæлы, уыцы хъæуы, уый фæстæ та адæуынц лæгмары хæдзармæ.
ТÆРХОНЫ ЛÆГТЫ КУЫСТ
Автор: 00mN1ck / 26 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Лæгмары бинонтæ сæ хæдзармæ æрæмбырд кæнынц, дыууæрдыгæй дæр цы тæрхоны лæгтæ æвзæрст æрцыдис, уыдон æмæ сæ хатыр фæкурынц, цæмæй сæ тагъддæр бафидауын кæ-ной сæ туджджынимæ.
ТУДЖДЖЫНТЫ БАФИДАУЫН КÆНЫН
Автор: 00mN1ck / 25 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Лæгмар цы хæдзары вæййы уазæгуаты, уый æмæ лæгмары бинонтæ æрæмбырд кæнынц алы хъæуы хорз адæмты, тынг сын фæлæгъстæ кæнынц, цæмæй бацæуой сæ туджджынтæм, æмæ сæ хатыр ракурой бафидауыны тыххæй. Адæмæ.н сцæттæ кæныиц алы хæрд æмæ нозт, мах тыххæй фыдæбон чи кæндзæн, уыдоны хорз фенын хъæуы, зæгъгæ. Адæм куы æрæмбырд вæййынц 100— 200 лæджы бæрц, уæд сын бамбарын кæнынц сæ хъуыддаг.
ÆХСАРÆЙ ÆРХАЙЫНЫ ДУГ
Автор: 00mN1ck / 23 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæм уырысы паддзахы къухы куы нæма уыдысты, уæд алы мыггаджы дæр хъуыди хи хъахъæнынæн амæлттæ кæнын. Æмæ йæ цæмæй иннæ мыггæгтæй мачи хъыгдардтаид, уый тыххæй арæзта йæхицæн фидæрттæ (гæнæхтæ, мæсгуытæ). Уыцы рæстæджы адæм цардысты зæххы æмæ фос дарыны куыстæй. Хæдзары тыхджындæр кусæгыл нымад уыди нæлгоймаг. Адæмы æхсæн та хицаудзинад æвæрд нæ уыдис, æмæ-иу тыхджындæр мыггаг æнæхъарудæрты зæххытæ кæнæ фос тыхæй байсын сфæнд кодта.
ХИСТЫТÆ. 2/2
Автор: 00mN1ck / 22 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Куадзæны хист. Алы мæрдджын дæр хист скæны Куадзæны хæдфæстæ бон къуырисæры. Сыхбæсты æмæ хъæубæсты зæронд лæгтæ æрбацæуынц Куадзæны арфæтæ кæнынмæ мæрдджынмæ æмæ сæ фæкурынц, цæмæй сæ ком суадзой. Цалынмæ сæ ком суадзынц, уалынмæ сыхы лæгтæ ницы фæисынц сæ къухмæ, нæдæр хæрд, нæдæр назт. Фæдзурынц cын афтæ: «Сымах уæ ком куынæ суадзат, уæд уый мардæн тæригъæд йеддæмæ æндæр ницы у».
ХИСТЫТÆ. 1/2
Автор: 00mN1ck / 22 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Мардæн афæдзы дæргъы бирæ хистытæ кæнынц.
Ногбон куы æрхæстæг кæны, уæд марды бинонтæн сæ хистæртæ дыууæ къуырийы ком фæдарынц марды удыбæстæйы тыххæй. Нæ фæхæрынц мархойы хæринæгтæ: æхсыр, æйчытæ, фыд (дзидза), царв æмæ æндæр ахæмтæ. Ногбоны фæстæ цы сабат æрцæуы, уæдмæ сцæттæ кæнынц нозт æмæ хæринæгтæ. Уыцы сабат хуыйны «хъæбынгæнæн сабат». Мæрдджын Ногбоны, иннæ адæм куыд фæкæнынц æртытæ дуæрттæм, афтæ нæ фæкæны, хъæлдзæгæй' ныл не 'рцыд нæ ног аз, зæгъгæ. Фæлæ сæм уæддæр сыхы хистæртæ æрцæуынц арфæтæ кæнынмæ, нырæй фæстæмæ уыл хъæлдзæг азтæ цæуæд, зæгъгæ.
САУ ДАРЫН
Автор: 00mN1ck / 17 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Марды тыххæй фыццаг эаманы бинойтæ сæхицæн бирæ фыдæбон, бирæ хъиамæт арæзтой, кæд ын нæ фыдæбон йæ мæрдтæмвæндагæн, йæ удыбæстæйæн исты æххуыс уаид, зæгъгæ.
САБАТИЗÆРТÆ
Автор: 00mN1ck / 15 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæм (чырыстæттæ) мардæн кæнынц сабатизæртæ. Йæ амæлыны фæстæ йын устытæ хъуамæ æппьшкъаддæр ахæссой авд сабатизæры алы хæрд æмæ нозт йæ йнгæны уæлхъусмæ. Хъæздыгдæр чи вæййы, уый та фылдæр хæттыты. Хæдзары бинонтæ уæлибæхтæ скæнынц, семæ дыууæ дынджыр чъирийы, кæрчытæ аргæвдынц, пырындз сæкæримæ сфыцынц, балхæнынц къафеттæ æмæ æндæр ахæм истытæ.
ДАРД ХЪÆУЫ МÆРДДЗЫГОЙ
Автор: 00mN1ck / 13 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Дард хъæуы мæрддзыгой ныгæнæн бонмæ нæ сæмбæлынц. Хъæргæнæг цы хæстæгмæ æрхизы зиан бамбарын кæныны тыххæй, уый æрзилы йæ сыхбæстыл æмæ хъæубæстыл, базоны, йемæ чи бафыдæбон кæндзæн марды тыххæй, зиан кæуыл æрцыд, уый хæдзармæ фæцæуыныл. Кæмæ бадзуры, уыдон сразы вæййынц, кæд сын амал нæ вæййы, уæддæр æфсæрмæй, ацы хатт мæхи дæр сæр куы бахъæуа, искæцæй,мæм хъæргæнæг куы уа, уæд мемæ дæр цæуын хъæудзæн искæй, зæгъгæ, (мардмæ ацæуын æфстау у, зæгъгæ афтæ фæзæгъынц).
НЫГÆНÆН БОН
Автор: 00mN1ck / 12 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Марды æгъдауæн цы хъæуы, уыдон цалынмæ рæвдз кæнынц, уæдмæ мæрддзыгой дæр æрæмбырд вæййынц. Хъæубæстæ æмæ хæстæджытæ марды бон фæхæссынц арахъытæ æмæ дзултæ.
АМÆЛÆН БОН
Автор: 00mN1ck / 10 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон адæймаг куы амæлы, уæд, йæ бинонтæй йæ цуры чи уа, уыдон райдайынц хъæрæй кæуын. Кæуынмæ æрбауайынц сыхæгтæ, æмæ уыдон дæр райдайынц кæуын. Афтæмæй æрæмбырд вæййынц хъæубæстæ иууылдæр, лæг уа, ус уа. Сыхæгты хистæртæ арвитынц хъæубæстæм хъæргæнæг. Хъуамæ марды бон хъæубæстæй куыстмæ мачи ацæуа, уымæн æмæ худинаг у. Кæмæн нæ фехъусын кæной æмæ афтæмæй куыстмæ чи ацæуы, уый йæ йæхицæн æфхæрдыл банымайы, мæнæн цæуылнæ базонын кодтат марды хабар, зæгъгæ.
ЧЫЗГЫСКЪАФТ
Автор: 00mN1ck / 8 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Лæппу-иу скъæфты фæндагыл цæмæн ныллæууыд. Чызгыскъæфтытæ-иу цыдис алыхуызон уавæрты, алыхуызон æфсæнтты фæдыл, фæлæ уæлдай арæхдæр — мæнæ ахæм цыппар хуызы хъуыддæгты тыххæй.
УС КУРЫН. 3/3
Автор: 00mN1ck / 6 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Фыццаг заманы-иу ус чи æрхаста, уый дыууæ къуырийæ раздæр æргом нæ кодта йæхи, æмæ йын-иу сарæзтой дзесхо. йæ хæдзары бинонтæ-иу бахсыстой бæгæны, сцæттæ-иу кодтой арахъ æмæ фыскусæрттаг. Афтæ-иу сцæттæ кодта къухылхæцæг дæр. Æрæмбырд-иу кодтой къухылхæцæджы хæдзармæ фæсивæды æмæ сæ-иу уым хорз федтой, фæзарыдысты-иу. Лæппуйы бинонтæ дæр-иу арвыстой, чындзхæстæг чи уыдис, уыдонмæ æмæ сæ иу æрхуыдтой.
УС КУРЫН. 2/3
Автор: 00mN1ck / 6 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Чызгæрвыст æмæ чындзхаст. Чызджы бинонтæ ирæд куы райсынц, уæд бауынаффæ кæнынц сиахсимæ: кæдмæ сцæттæ кæной сæхи сæ чызджы æрвитынмæ. Æмгъуыд скæнынц. Чызджы бинонтæ ирæды æхцайы иу хайæ райдайынц сæ чызгæн дзауматæ æлхæнын. Балхæнынц ын зæлдаг (чындздзон) кæлмæрзæн, бæзджын зымæгон кæлмæрзæн, глазийæ къабайаг æмæ дæллаггуыраг (юбкæйаг) ноджы æндæр къабайæгтæ дыууæ, йе æртæ.
УС КУРЫН. 1/3
Автор: 00mN1ck / 6 июня 2008 / Категория: Ирон æгъдæуттæ
Ирон нæлгоймагыл ссæдз азы куы сæххæст вæййы, уæд сагъæс кæнын байдайы, йæ цард кæимæ арвитдзæн, ахæм сылгоймаг æмбал ссарыныл. Сагъæс уымæн фæкæны, æмæ йæ, фыццаджыдæр, фæхъæуы стыр ирæд самал кæнын: уæздандæр (тыхджындæр) мыггагæй чи уа, ахæм чызгæн йæ ирæд вæййы 750 сомы, æдыхдæр мыггагæй чызгæн та 500 сомы. Æмæ ирæд бафидыны фаг мулк кæмæ нæ вæййы, ахæм усгур лæппутæй бирæтæ бацæуынц æххуырстыты. Чи ирон хъæздыг лæгмæ, чи та фосдарæгмæ лæскъдзæрæны. Науæд та кусынмæ ацæуынц Уæрæсейы искæцы дард рæттæм. Ирæды фаг æхца бакусыны тыххæй ирон фæсивæд фæстагмæ æфтын байдыдтой фæсарæнтæм дæр — Америкæмæ, Австралимæ æмæ æндæр бæстæтæм.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru