Главная > Ирон æгъдæуттæ > НОГБОН

НОГБОН


27 апреля 2008. Разместил: 00mN1ck
Ирон адæммæ алы бæрæгбонæн дæр хицæн æгъдæуттæ фыдæлтæй баззадис, æмæ сæ алчи дæр, кæмæн куыд йæ амал вæййы, афтæ кæны. Бирæ сты уыцы бæрæгбонтæ, стæй уыдоиæй иутæ кадджын сты æппæт Ирыстоны кæмттæ æмæ хъæуты, иннæтæ та æрмæст хицæн кæмтты, фæлæ сæ уыцы комы хъæутæш дæр иутæ зæрдиагдæрæй, тынгдæр кæнынц, иннæтæ та къаддæр. Ис ахæм бæрæгбонтæ дæр, æмæ æрмæст иу хъæуы цæрджытæ кæй кæнынц. Уымæ гæсгæ æз ам се 'ппæтыл нæ дзурдзынæн.

Афæдзы мидæг цы стыр бæрæгбонтæ вæййы, уыдонæй иу у Ногбон. Фæлæ ма Ногбонæй иу къуыри раздæр вæййы Цыппурсы бæрæгбон. Цыппурсмæ ма дыууæ къуырийы куы вæййы, уæд. иуæй-иутæ ком' бабæттынц, мархойы хæринаг нæ фæхæрынц, стæй Цыппурсы сæ ком суадзынц. Цыппусы æхсæв вæййы, æртыццæджы куы баизæр уа, уæд. Хæдзары лæппу куы уа, уæд уый уыцы изæр ацæуы æмæ æртоны æрцыхъæдтæ æмæ сæ æрбахæссы хæдзармæ. Хæдзары йын скæнынц æртæ чъирийы, сагъд сæ куы фæуа, уæдмæ. Лæппу йæ худ сйсы æмæ æрцыхъæдтæ райдайы садзын дуæртты уæлкъæсæртыл, рудзгуыты уæлкъæсæртыл, къутутыл, гæрзтыл, мигæнæнтыл, ссаддонтыл, хордонтыл... Цæвиттон, хæдзары цыдæриддæр бæстыхæйттæ уа, сегасыл дæр сагъд æрцæуы æрцыхъæдтæ. Лæппу уыдон сагъд фæвæййы, бацæуы хæдзармæ, æмæ Цыппурсы бæрæгбоны тыххæй скувынц æрцыхъæды чъиритæ. Иæхимæ лæппу кæмæн нæ вæййы, уый фæзæгъы искæй лæппуйæн, æмæ сын уый ныссадзьг æрцыхъæдтæ.

Хур куы æрныгуылы, уæд алчидæр йæ хæдзары дуармæ скæны хъæмпæй арт. Уыцы хъæмпæй артмæ иуæй-иутæ рахæссынц: фиутæ æмæ сæ фæфизонæг кæнынц, арты сæрты фæгæппытæ-кæнынц, ома ардыгæй иннæ ацафонмæ хъæлдзæг уæм, зæгъгæ. Сыхбæстæ Цыппурсæхсæв кæрæдзийы рахон-бахон фæкæнынц. Райсом та куыддæр фæбон вæййы, афтæ æртытæ скæнынц, алчи дæр йæ хæдзары дуармæ æмæ кæрæдзийæн арфæтæ фæкæнынц, кæрæдзийы хæдзæрттæм лыстытæ фæхæссынц æмæ фæдзурынц, цал къæцæлы дзы ис, уал азы уыл хъæлдзæгæй цæуæд, зæгъгæ. Уыцы бон адæм бæрæгбон скæнынц, ничи фæкусы. Уыцы бонмæ-иу сауджын дæр цæттæ лæууыд æмæ ма-иу уый дæр адæмы стæрсын кодта, куыстмæ чи ацæуа, уый фæивар кæнынæй.

Цыппурсæй къуыри куы рацæуы, уæд æрхæццæ вæййы Ногбон. Йе 'ртыццæджы та вæййы хæйрæджыты æхсæв, Уыцы æхсæвмæ, йæ амал кæмæн уа, уый бæгæны æмæ арахъ сцæттæ кæны, ноджы кусæрттаг дæр — фыс кæнæ уæныг, науæд æндæр исты. Уыдæттæ йæ амал кæмæн нæ уой, уый та кæрчытæ, гогызтæ, фæлæ уæддæр æнæ исты аргæвдгæ нæй хæйрæджытæн æртыццæгæхсæв. Цалынмæ кусарт фæрæвдз вæййы, уалынмæ сцæттæ кæнынц кæрз хъæдæй зæгæлы йас цыргъ къæбæлтæ æмæ сæ ныссадзынц рудзгуытыл, мигæнæнтыл æмæ ад. Афтæ алы бинойнагæн дæр фæфидар кæнынц, йæ риуыл цы дзауматæ уа, уыдоныл, науæд худыл кæнæ кæлмæрзæныл. Уæд дам, æм хæйрæг нæ бауæнддзæн, йæ нæ фæсайдзæни. Кусарт куы сцæттæ, вæййы, уæд æй æрæвæрынц кусартгæнæн фынгыл, науæд та сивыры. Кусарт иууылдæр вæййы уæнггай конд æмæ фых. Æвæрд куы æрцæуынц фых кусарты хæйттæ, уæд хæдзары бинонтæ иууылдæр хæдзарæй æддæмæ рацæуынц, дуæрттæ сæхгæнынц æмæ иу сахаты бæрц фæлæууынц дуармæ. Фæстæмæ куы бацæуынц, уæд кусарты уæнгтæ банымайынц, фæхъуыдис дзы æви нæ, уый базоныны тыххæй, Кæд дзы нæ фæхъуыдис, уæд цин фæкæнынц, афæдзæй-афæдзмæ ничи амæлдзæн нæ бинонтæй, зæгъгæ. Кæд дзы фæхъуыдис, уæд хæдзары бинонтæ стæрсынц, уæдæ нæ чи амæлдзæн ацы аз, нæ кусарты уæнгтæй куы фæхъуыдис, зæгъгæ. Уыцы хъуыддаг уыдис адæмы куырмгæнæн, уый тыххæй æмæ-иу гæды, мыййаг, куы баззадис хæдзары, уæд-иу кусарты уæнгтæй ахаста, æмæ-иу бинонтæ афæдзæй-афæдзмæ мæтимæ фæцардысты. Науæд та-иу фыдуаг лæппутæ сæйраг рудзынгæй кæрæдзийы æрæргъæвтой, кусарты уæнгтæй-иу рахастой æмæ сæ-иу бахордтой. Бинонтæ та-иу афтæ æнхъæл уыдысты, хæйрæджытæ дзы сæ хай ахастой æмæ, кусартæй цал уæнджы фæхъуыд, уал бинойнаджы сæ мæлдзæнис афæдзы мидæг. Райсомæй-иу адæм кæрæдзийы фарстой, уæ кусарты уæнгтæй фæхъуыд æви нæ. Фæтчгæ дæр-иу нæ кодта хæйрæджыты æхсæвы кусартæй æцæгæлонæн раттын, æмæ дзы ничи радтаид. Иу мад æмæ фыдæй чи райгуырдис, ахæм дыууæ æфсымæры кæд хæйрæджыты æхсæвæй æрмæст дыууæ-æртæ къуырийы раздæр байуæрстой, уæддæр уыцы кусартæй кæрæдзийæн нал радтаиккой, фæлæ, иу-дыууæ æхсæвы раздæр уыдонæй исчи ус æрхаста, зæгъгæ, уæд дзы уымæн фæтчыдаид.

Æртыццæджы куы баизæр вæййы, уæд та лæппутæ æрхæссынц æрцыхъæдтæ æмæ сæ ныссадзынц дуæрттыл, рудзгуытыл, мигæнæнтыл, къутутыл, ссаддæттыл æмæ æндæртыл. Скæнынц та чъиритæ æмæ сæ скувынц. Хур куы æрныгуылы, уæд та алы хæдзар дæр йæ дуармæ арт скæны хъæмпæй кæнæ хосæй науæд хæтæлтæй. Лæппутæ фæхæссынц пиллæттæ хъæлдзæгдзинады тыххæй.

Ногбоны æхсæв хæрзиуæг æддæ нæ фæуадзынц. Искæмæй исты дзаума æддæ куы вæййы искæмæ, уæд ма, цалынмæ хур уа, уалынмæ йæ æрбахæссынц, нæ хæдзары дзаумæттæй хъуамæ Ногбоны æхсæв æмæ бон æддæ мацы уа, зæгъгæ. Стæй йын гæнæн æмæ амал цас уа, уыйас лæг йæхæдæг дæр æддæ нæ фæлæууы, стæй Ногбоны бон нæ фæцæуы æддæмæ, балцы. Æхсæвы æртыты фæстæ бинонтæ бирæ фæбадынц æмæ хорз фæдарынц сæхи, вæййынц хъæлдзæг æмæ хи дзæбæх бафсадынц, уæд, дам, афæдзæй-афæдзмæ хъæлдзæг æмæ æфсæст уыдзыстæм, зæгъгæ. Бафсадынц холлагæй сæ фосы дæр. Бинонтæ хуыссынмæ куы фæцæуынц, уæд топпæй рахстытæ кæнынц, ацы топпы гæрæхтæ куыд фесæфдзысты, афтæ нæ фыдбылызтæ дæр фесæфæнт, зæгъгæ.

Цыппæрæмы куы сбон вæййы, уæд та алчи йæ кæрты дуармæ арт скæны. Æрæмбырд та вæййынц æртытæм, доныбылтыл сæхи цæхсынц æмæ æртытæм сæхи схъарм кæнынц, стæй алчи дæр лыстытæ æмæ хæтæлтæ æрæмбырд кæны, йæ хæдзармæ сæ бахссы æмæ фæзæгъы: «Уал азы уыл æгасæй цæуæд, фидæнæй фидæн хуыздæр кæнут, хъæлдзæг азтæ уыл цæуæд».

Алы бинойнаг дæр хъуамæ сæ хæдзармæ бацæуа афтæмæй.

Ногбонæхсæв хæдзармæ бахæссынц Ногбоны къодах — æнæхъæн стыр фаст суг æмæ йын йæ кæрон артыл сæвæрынц. Кæд пец уа, уæд та къодах къаддæр фæкæнынц. Къодах куы бахæссынц, уæд ын скæнынц хицæн чъиритæ æмæ йын скувынц, цæмæй афæдзæй-афæдзмæ суг æмæ хорæй æфсæст уой, уый тыххæй.

Цыппæрæмы райсомæй искæй хæдзармæ ничима фæцæуы, цалынмæ алчи дæр йæхи хæдзары скува, уалынмæ. Хæдзары æфсин (кæрдзыдгæнæг) скæны алыхуызон кувыны чъиритæ. Фыццаджыдæр æртхурон. Уыцы чъирийы мидæг цæвæрынц бирæ цыхт, фиу æмæ тынг дзаджджын вæййы. Æртхуронæй хъуамæ алы бинойнагæн дæр йæ хай уа. Уыцы бон бинонтæй исчи хæдзары куы нæ уа, уæддæр ын йæ хай ныууадзынц æмæ йæ, куы æрбацæуы, уæд бахæры. Æртхуронæй искæй бинойнагæн дæттын нæ фæтчы, æрмæстдæр æй хи бинонтæ хъуамæ бахæрой. Куы йæ сцæттæ кæнынц, уæд æй скувынц æндæр æртæ чъириимæ. Ноджы скæнынц Сафайы æртæ чъирийы, Сæрызæды æртæ чъирийы, Бынатыхицауы æртæ чъирийы, къутуйы æртæ чъирийы, хъомты æртæ чъирийы,. цæмæй, кæй ранымадтон, уыдонæй алчи дæр хæдзарæн ног сæры ног хæрзтæ ракæна æмæ бинонтæ афæдзы дæргъы æдыхстæй алцы хъуыддаг дæр бакæной.

Скæнынц ноджыдæр алыхуызон басылтæ æмæ сæ фæдæттынц, арфæтæм цы сывæллæттæ фæцæуы, уыдонæн. Сывæллæттæ фæцæуынц Ногбонты бирæйæ иумæ, фæцæуынц мæрдджынтæй фæстæмæ алы хæдзармæ дæр æмæ «хæдзаронтæ» фæкæнынц афтæ: «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, уæ лæг саг амара, уæ ус тырын ныййара, уæ басылы къух мæн фæуа. Уæлæ хъæды хъæдау, мæнæ не 'фсин рæдау. Бур гал къæлæсы, уæртæ не 'фсин къуыммæ фæлæсы» æмæ æндæр ахæм ныхæстæ. Хæдзаронтæ кæнынмæ цы фæсивæд бацæуы, уыдоны хорз фенынц æмæ сын семæ дæр раттынц басылтæ. Уалынджы та иннæтæ æрбацæуынц. Афтæ бон-изæрмæ фæцæуынц æнæсцухæй фæсивæд.

Ногбоны бон ирон адæм кæрæдзимæ фæцæуынц арфæтæм. Хæдзармæ чи фæцæуы, уыдонæн нæй бацæуæн æнæ лыстытæ. Хъуамæ семæ бахæссой лыстытæ æмæ арфæтæ ракæной, уал азы уыл æгасæй цæуæд, фидæнæй фидæн хуыздæр кæнут, зæгъгæ. Куы раарфæтæ кæнынц, уæд сæ хорз фенынц алы хæрд æмæ нозтæй.

Ногбоны кусарт чи акæны, уыдон раздæр æрхонынц сыхбæсты.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru