Главная > Ирон æгъдæуттæ > КОМАХСÆН

КОМАХСÆН


28 апреля 2008. Разместил: 00mN1ck
Чырыстийы номыл комдарæны райдайæнæй дыууæ къуырийы . раздæр вæййы Комахсæн, æмæ алы хæдзар дæр уыцы бæрæгбонмæ бахсиды бæгæны, рауадзы арахъ. Ноджы балхæны кусæрттаг, кæнæ схæссы фыс, йе нæл сæгъ, нард кусарт цæмæй акæна, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы хæдзарæн ахæм фадат нæ вæййы, уæлдайдæр мæгуыртæн. Уыдон та аргæвдынц иумæ иу стыр исты, адихтæ йæ кæнынц æмæ дзы алчи дæр йæ хæдзары скувы.

Комахсæн райдайы цыппæрæмæхсæв. Хур ма гыццыл куыд уа, афтæмæй акæнынц кусæртытæ. Раззаг хуылфыдзауматæй скæнынц физонæг, скæнынц æртæ уæлибæхы дæр. Уыдон куы сцæттæ вæййынц, уæд уæлхæдзармæ ссæуынц куывды, æрталынг вæййы, афтæ. Комахсæны рæстæджы ма вæййы тынг уазал, æмæ, уæлхæдзармæ куывды чи ссæуы, уыдон худаистæй фæкувынц, стæй цалынмæ хæрд, нозт фæуой, уалынмæ сæ худтæ нæ ныккæнынц.

Куы æрхизынц фæстæмæ уæлхæдзарæй, уæд, чъиритæй æмæ физонæгæй ма цы æрхæссынц, уыдон, куывды арфæйæггæгтæ сты, зæгъгæ, ног скувынц æмæ дзы алы бинойнагæн дæр раттынц. Кусартæй аджы фыцынмæ цы сæвæрынц, уыдон куы сцæттæ вæййынц, уæд сæ сисынц æмæ та сæ ног скувынц, чъиритыл кусарты базыг æрæвæрыиц, афтæмæй. Фæскуывд нæлгоймæгтæ сбадынц æмæ бахæрынц, сылгоймæгтæ та лæугæ фæкæнынц, иумæ хæрын не 'мбæлы, зæгъгæ. Лæгтæ куы фæвæййынц хæрд, уæд та сбадынц сылгоймæгтæ.

Куы сбон вæййы, уæд кæрæдзимæ хуындтыты, фæцæуынц. Алы хæдзар дæр йæ сыхы æрхоны æмæ сын раздæр æрæвæры кусарты сæр æмæ бæрзæй, уый фæстæ та æнæуи хæрд дæр æмæ нозт. Чи не 'рхона йæ сыхы, уый адæмы цæсты дæр æгад вæййы. Цалынмæ ком ныббæттынц, уалынмæ уыцы бонтæ вæййынц бæрæгбоныл нымад.

Комахсæнæй комбæттæны æхсæн ма сбæрæгбон кæнынц Цæрвтæхæрæны къуыри (Урсы къуыри). Уыцы къуыримæ сцæттæ кæнынц царвы къустæ, цыхтытæ æмæ æндæр ахæм хорз хæринæгтæ æмæ сæ фæхæрынц, скувынц сæ, афтæмæй Цæрвтæ æмæ цыхтытæ вæййынц нывæндтæ Алардыйæн,. Быыатыхицауæн æмæ иннæ дзуæрттæн. Цæрвтæхæрæны къуыри (Урсы къуыри) вæййы хъæлдзæг, уымæн æмæ алы хорз минас арæх вæййы. Чызг чи арвыста, уый йын ахæссы йæ бæрæгбойиаг хуын. Куырдуаты цы чызг бада, уымæи дæр ахæссынц чындзы хуын. Стæй, ирæды хуынды чи фæдары, уыдон дæр уæд арæх фæхонынц.

Чырыстийы ком цы æхсæв ныббæттынц, уымæн йæ фыццаг æхсæв хæдзары бийонтæй алкæмæн дæр скæнынц хицæн фыдджыны чъири, æмæ йæ хъуамæ йæхæдæг бахæра. Уый уымæн, æмæ, дам, уыцы æхсæв куы бафсæда, уæд афæдзæй-афæдзмæ уыдзæн æфсæст. Ком ныббæттынц афтæ: скæнынц алыхуызон уæлибæхтæ, хъайла, сфыцынц фыд æмæ, цалынмæ фæразынц, уалынмæ фæхæрынц. Бон куы срухс уа, уæдæй фæстæмæ ничи уал бахæрдзæн.

Ком ныббæттынц къуырисæрæхсæв. Дыццæджы, цалынмæ хур акъул уа, уалынмæ ком фæдарынц Уастырджийы тыххæй. Ничи ницы бахæрдзæн, нæ баназдзæн дон, нæ бадымдзæн тамако. Хур куы акъул уа, уæдмæ æфсин чъиритæ скæндзæн (мархойы чъиритæ), æмæ бинонтæ æрæмбырд уыдзысты, скувдзысты, цæмæй сæ комы дард Уастырджийæн æхцон фæуа, уый тыххæй. Æмæ уæд суадзынц сæ ком, бахæрынц, бануазынц, æцæг мархо нæ бахæрынц.

Æртыццæджы цы ком фæдарынц, уый хуыйны цъиуты ком. Уыцы ком фæдарынц æрмæст устытæ.

Цыппæрæмы та вæййы Рæстæйы бон, уæд сылгоймæгтæ дæр æмæ нæлгоймæгтæ дæр ком фæдарынц фæссихормæ, стæй сæ ком суадзынц. Ком фæдарынц, цæмæй сын рæстмæгæнджытæ сæ хъуыддæгтæ рæстмæ фæкæной, уый тыххæй.

Комбæттæнæй дæс боны куы рацæуы, уæд та вæййы Хоры бæрæгбон (Рæмонбон). Уыцы бæрæгбон ирон адæм алы хъæуы дæр фæкæнынц фысымæй. Иу хæдзарæн вæййы баргонд цæмæй уыцы бонмæ сцæттæ кæна, цы æмбæлы нозтæй, уый — арахъ, бæгæны æмæ махсымæ (къуымæл). Цы хæдзар сцæттæ кæны бæрæгбоны тыххæй нозтытæ, уыдонмæ сых æрхæссынц æртыгай чъиритæ — картофджынтæ, хъолоджынтæ, лакъамитæ, науæд хус чъиритæ. Æрæмбырд вæййынц æхсæвы æмæ скувынц Хоруацилламæ. Кувæг кувгæ-кувын фæдзуры, цы курут, зæгъгæ, æмæ уæд иууылдæр фæзæгъынц: «Хор, Уацилла, хор!» Куывд куы фæвæййы кувæг, уæд махсымæйы дынджыр къус фысымы сæрыл рауадзынц, «хор, хор, Уацилла!» хъæргæнгæйæ. Уый фæстæ æрбадынц æмæ фæнуазынц, фæхæрынц. Сæ гаджидæутты фæдзурынц Хоруацилламæ, Фæлвæрамæ æмæ Æфсатимæ, цæмæй сын фос.æмæ хорæй бирæ бахай кæной. Махсымæ сæрыл куы аскъæрынц, уæд æнхъæл вæййынц, хор афтæ хорз æрзайдзæн, æмæ ныккæлдтытæ кæндзæнис парахатæй.

Куы сбон вæййы, уæддæр та æрæмбырд вæййынц уыцы хæдзармæ, æрхæссынц та алыхуызон чъиритæ. Æрæвæрынц æхца æмæ балхæнынц кæфтæ æмæ кæсæгтæ. Уый уый тыххæй, æмæ дзы фыды (дзидзайы) æгъдауæй ницы вæййы. Сисынц та чъиритæ, æмæ та сæ райдайы кувын хистæр. Хорз куы фæкувы, уæд, фидæн аз фысым чи уыдзæн, уымæ бадзурынц, саходын ын кæнынц æмæ йын йæ сæрыл рауадзынц махсымæйы дынджыр къус, фæдзурынц хъæрæй: «Хор, хор, Уацилла! Хорзад нæ хуыцау фæкæнæд!» Æмæ фидæны фысым йæхицæй ныббуц вæййы, адæм мын арфæ ракодтой, зæгъгæ. Иæ хæдзармæ йын арвитынц фысымæггаг чъиритæ æмæ нозт, ома æвдисæн иннæ бинонтæн дæр, фидæнмæ фысым уыдонмæ лæвæрд кæй у, уый тыххæй.

Кæд æмæ уыцы сыхы искæмæн йе лæппу райгуырд, йе чындз æрхаста, уæд уыдон уыцы æмбырдмæ хъуамæ æрбахæссой хъалон сыхæн — иу дурыны дзаг арахъ æмæ чъиритæ. Уыцы бонмæ йын амал куынæ фæуа, уæддæр дыккаг, æртыккаг бонмæ æнæ сцæттæ хос нæй хъалонæн. Кæд æмæ уыцы бæрæгбонмæ не 'скæна, уæд та йæ хъуамæ æндæр хæстæгдæр бæрæгбоны ахицæн кæна.

Æртыццæджы, Тутыры бæрæгбоны, сывæллæттæн фæкæнынщ гыццыл сæрак чингуытæ. Сæ хуылфы сын бакæнынц цъиуы фаджыс, уæд, дам, сын ома цæстæй æмæ хæйрæгæй тас нæ уыдзæнис. Сывæллæтты фæкæнынц куырдадзмæ, æмæ сын куырд сæ къухтæ хъæсдарæгыл гыццыл дзæбугæй æрхойы, фæзæгъы сын афтæ: «Уас-хуас, Тутыры фæдзæхст фæут! Уас-хуас, Тутыры фæдзæхст фæут». Æмæ уæд сывæллæттæ афтæ фенхъæл вæййынц, цыма сын ницыуал тас уыдзæнис. Уыцы Тутыры бонты ма ноджыдæр фелвынынц гыццыл байрæгты барцытæ æмæ къæдзил тæ, цæмæй сын уый фæстæ æрцæуа фидар барц æмæ къæдзилтæ, бафæдзæхсынц сæ Тутырыл, цæмæй сын Тутыры куыдзæй (бирæгъæй) тас ма уа, уый тыххæй.

Астæумархо куы æрцæуы, уæд бирæ ирон лæг суадзы йæ ком кусæг адæм куыд сты, уымæ гæсгæ афтид кæрдзын æмæ къуымæлæй кусын нал фæфæразынц. Йæ ком чи суадздзæн, уыдонæй сых æрæмбырд кæнынц нысайнæгтæ æмæ куывд скæнынц, уыцы куывды рæстæджы сæ ком суадзынц, фæлæ га, Куадзæнмæ ма къуыри куы вæййы, уæд сæ ком ногæй бабæттынц.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru