Главная > Ирон æгъдæуттæ > ХУЫЦАУЫ ДЗУАРЫ БÆРÆГБОН

ХУЫЦАУЫ ДЗУАРЫ БÆРÆГБОН


30 апреля 2008. Разместил: 00mN1ck
Хуыцауы дзуары бæрæгбон тынгдæр кæнынц Куырттаты комы цæрджытæ. Æрæмбырд вæййынц æнæхъæн комы лæгтæ, стæй иннæ кæмттæй дæр. Вæййы дзы галтæ æргæвст, бæгæны æхсыст. Уыцы галтæ æмæ бæгæны вæййынц иу-цалдæр хъæуы хардзæй, тынгдæр та Лæцы хардзæй. Фæлæ, адæмæй куывды чи фæцæуы, уыдонæй алчи дæр æрхæссы кувинæгтæ, цы йæ бон уа, уый. Ацæргæ адæм минас фæкæнынц.

Кæстæр фæсивæд саразынц дзуары цур стыр лæгъзы хъазт. Дыууæрдыгаей кæроны дзы фæндырдзæгъдджытæ фæцæгъдынц фæндырæй. Хъазты æгъдаумæ чи фæкæсы, уыдон фæархайынц, цæмæй исты хъæлæба ма æрцæуа. Лæппутæй бирæтæ сбадынц сæ саргъы бæхтыл æмæ ракурынц фæндаг, цæмæй сын радтой бæхтыл схъазыны бар. Куы сын раттынц бар, уæд радыгай райдайынц бæхтыл хъазын, æмæ алчи дæр йæ уд бахъары хуыздæр схъазыныл, цæмæй адæм зæгъой: уыцы бон, Хуыцауы дзуары бон хуыздæр схъазыдис уыцы лæппу, уыцы бæхыл. Хуыздæр чи схъазы, уымæн дынджыр бæгæныйы къус рахæссынц æмæ йын арфæтæ фæкæнынц. Хъазты та фæстæмæ райдайынц ка фын, симын. Суанг изæрмæ фæкафынц.

Хуыцауы дзуармæ йæ хæдзарæй куывды чъиритæ æмæ нозт чи æрхаста, уыдон хъуамæ дзуарæй фæстæмæ ахæссой фæдзæхсæн, нозтæй дæр æмæ чъиритæй дæр.

Хуыцауы дзуары найфатмæ (дзуары бæстыхаймæ) æд хъама, æд дамбаца нæ цыдысты, стæй сæ дзуары лæгтæ уадзгæ дæр нæ бакодтаиккой. йæ бынты-иу чи фæцæйцыдис, уый дæр-иу йæ худ систа, афтæмæй цыдис, бæхæй дæр-иу рахызт.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru