Главная > Ирон æгъдæуттæ > БÆЛДÆРÆНЫ ХУЫЦАУБОН

БÆЛДÆРÆНЫ ХУЫЦАУБОН


1 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Бæлдæрæны хуыцаубон вæййы, Куадзæнæй къуыри куы рацæуы, уæд. Комы лæгтæ та уæд æрæмбырд вæййынц Хуыцауы дзуары цурмæ, æцæг раздæр сцæттæ кæнынц, куывдæи цы æмбæлы, уый. Уæлдай тынгдæр бацархайынц Лæц. Адæм та сæхи сбуц кæнынц алы хæрд æмæ нозтæй. Фæсивæд та кафгæ фæкæнынц, цалынмæ цæст фæуыны, уалынмæ. Лæц уыцы къуыри алы æхсæвы дæр æнæхъæн хъæуæй æмбырд вæййынц уыцы кувæндоны цур æмæ фæнуазынц цæджджинаджы бæгæны, æцæг сын уыцы куывд алы аз дæр фысымæй вæййы æмæ хъæуыл радыгай фæзилы, алы хæдзармæ дæр хъуамæ æрцæуа рад.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru