Главная > Ирон æгъдæуттæ > КАСУТÆ

КАСУТÆ


2 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Касуты бæрæгбон вæййы, Куадзæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд — сабаты. Касутæ кадджындæрæй кæнынц Хидыхъусы хъæу, уæлдайдæр Гусатæ, уымæн æмæ Гусатæ кæддæр уыцы бæрæгбонмæ бæгæны куы æхсыстой, уæд сæ цæджджинаджы ныббырыд калм, æмæ йæ нæ базыдтой, афтæмæй цæджджинаджы уый фæстæ йæхи цæппæрста хъæрццыгъа. Гусатæ цæджджинаг акалдтой æмæ йæ бынæй раппæрстой калмы мард Уымæ гæсгæ мыггаг фæзæгъынц, хъæрццыгъайы руаджы аирвæзтыстæм, уый йеддæмæ æнæхъæн мыггагæй дæр фæцагъды уыдаиккам, зæгъгæ.

Касуты бонмæ алы сыхы дæр иу хæдзар вæййы фысым æмæ сцæттæ кæны бæгæны. Сых ын раттынц зад, сбарынц къусбар æмæ сæ фысым бахсиды. Кусæрттаг та йæхæдæг балхæны, цы йæ амал вæййы, уый — род кæнæ фыс. Алы хæдзарæй дæр æрхæссынц чъиритæ æмæ хорз фæкуывд кæнынц бон-изæрмæ, заргæ уæд æмæ минас уæд, уый фæстæ хъазт дæр саразынц. Фидæны фысымæн куывдæй арвитынц кусарты сгуы æмæ нозт чъиритимæ. Уыдон вæййынц æвдисæн, фидæнмæ фысым уыцы хæдзармæ кæй саккаг кодтой, уый тыххæй.

Хæдзæртты та уыцы бон фæкæнынц кастæ æмæ сæ фæхæссынц хуымы кæрæттæм æмæ доиы былтæм. Устытæ касы къустæ чъиритимæ æмæ нозтимæ уым скувынц.. Доны былтæм чызджытæ æмæ чындзытæ æрæмбырд, вæййынц æмæ фæкафынц изæрмæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru