Главная > Ирон æгъдæуттæ > ТЫБАУЫ УАЦИЛЛА

ТЫБАУЫ УАЦИЛЛА


6 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Тыбауы Уациллайы бон вæййы, йæ Чъириагæхсæнæй къуыри куы рацæуы, уæд. Алчи дæр уыцы бонмæ йæхи дзæбæх сцæттæ кæны, нозт уæд, хæрд уæд — алцæмæй, стæй йын уæрыкк æнæ аргæвдгæ дæр нæй, цыфæнды мæгуыр уа, уæддæр. Бирæмæгуыр лæг райсы уæрыкк пайдайыл æмæ йæ фæстагмæ бирæ æхцайæ бафиды. Тыбауы Уациллайы къуырисæры райсомæи устытæ сыстынц æмæ суадæттæй сыгъдæг дон æрхæссынц чъиритæ скæны-нæн. Æфсинтæ æнæдзургæйæ æртæдзыхон чъиритæ скæнынц кувынæн. Вæййы ахæм æфсинтæ, æмæ йæ дзых къухты хæцъилæй чи бабæтты, мæ комы тæф ма ныццæуа хыссæмæ, зæгъгæ,

Уæрыкк куы фергæвдынц, уæд бæгæны æмæ æртæ чъирийы скувынц Уациллайæн, цæмæй барст фæуа сæ кусæрттаг æмæ сæ куывд уæрыккæн йæ былтыл цæхх адарынц, уæд, дам, барстдæр фæуыдзæнис. Йæ сæр ын куы рахицæн кæнынц, уæд ын йæ æргæвдæн адарыиц артыл, цæмæй хус смаг скæна æмæ фехъуысаТыбауы Уацилламæ, кусарт ын акодтой, уый. Иæ сæры æргæвдæн ын артыл куы адарынц, уæд та йæ уыцы сахатыл фæстæмæ бæрзæйыл авæрынц. Алы хæдзар дæр йæ кусартæй физонæг скæны æмæ йæ чъиритæ æмæ нозтимæ арвиты, Уациллайы кувæндон кæм уа, уырдæм (Тыбаумæ, кæнæ æндæр ранмæ).

Тыбауы Уацилламæ куывды фылдæр бæхтыл фæцæуынц, сылгоймæгтæ та, цалынмæ кувæндонмæ нæма схæццæ вæййынц, уалынмæ иудзæвгар фистæгæй æмæ бæгъæввадæй, уæд, дам, нæ куывд барстдæр фæуыдзæнис. Ахæмтæ дæр вæййы устытæй, æмæ бæгъæввадæй йæ хæдзарæй суанг Тыбауы Уацилламæ чи фæцæуы, стæй йæ кувинæгтæ йæ къухы чи фæхæссы, уæд мын мæ бинонтæн хуыздæр баххуыс кæндзæни, зæгъгæ.

Уыцы тыхцыдæй чи фæриссы æмæ дзы рынчын чи фæвæййы, ахæмтæ дæр разыны куывддзаутæй.

Тыбауы Уациллайы бон бирæ хъæуты афтæ карзæй кæнынц, æмæ дзы исчи знаггад куы ракæны, зæгъæм, фос хуымтæ кæнæ уыгæрдæнтæ куы бахæрынц, уæд сæм ницы фæдзурынц знаггадгæнджытæм, абоны бон сын хатыр у, зæгъгæ.

Тыбауы Уациллайы бæрæгбон бирæ хъæуты кæнынц, хæхбæсты дæр æмæ быдыры дæр, фæлæ йын уæлдай тынгдæр кувынц Дæргъæвсы комы цæрджытæ. Уыцы комы хæдзæрттæй алчи дæр бахсиды, цы йæ амал вæййы бæгæны, уый — æртæ меркъайæ æхсæрдæс меркъайы онг зады ссад. Акæны кусарт дæр. Лæг цыфæнды мæгуыр куы уа, уæддæр йæхи уыцы боны фаг скæны. Тынгдæр уый тыххæй, æмæ быдырæй куывды фæцæуынц хæхтæм. Суанг Мæздæг, Налцыкк æмæ уырдыгæй уæлæмæ хъæутæм, Дæргъæвсы комæй чи алыгъдис, уыдонæн фыццаг заманы æнæ цæугæ нæ уыд куывды хохмæ. Ныр къаддæр цæуынц. Куывддзаутæ семæ бахæссынц чъириаг æмæ æхца. Алчидæр балхæны уæрыкк æмæ йæ къуырисæры бон аргæвды, фысыммæ цы хæдзары вæййы, уымæ. Иæ чъириагæй йыи фысым хицæнæй скæны чъиритæ, физонæг, æмæ алы куывддзау дæр ацæуы йæ фысымы хæдзарæй куывды Тыбауы Уацилламæ. Хохы ахæм хæдзæрттæ вæййы, æмæ фынддæс-ссæдз куывддзауыкæмæ вæййы. Æмæ уыцы хæдзар раздæр фæзоны, цæйбæрц æм уыдзæ-нис быдираг куывддзаутæ, уый. Уымæ гæсгæ фылдæр бахсиды бæгæны. Уæлдæр куыд загътон, афтæ йæм хъуамæ бахæринаг дæр нæ уыдзæн, фæлæ уæддæр бæгæны бирæ бахсиды, амалтæ скæны. Быдираг лæг хохы цæсты стыр буц уыдис, уымæн æмæ, хохæгтæ, тыхстдæр раны æвæрд уæвгæйæ, лæхстиаджы хуызæн уыдысты быдирæгтæн.

Кæй зæгъын æй хъæуы, революци куы ралæууыд, уæдæй фæстæмæ ацы фыццагон хъуыддæгтæ къаддæрæй-къаддæр кæнынц.

Æгаддæр кæны Тыбауы Уациллайы кувæндон дæр. Æз мæхæдæг мæхи цæстытæй федтон: 1928 азы Дæргъæвсы комы иу хъæуы, Хъахъхъæдуры, цы 35 хæдзары цардис, уыдонæй 17 хæдзары бахсыстой, фынддæс-æхсæрдæс меркъайы зады ссад кæм цæуы, фæйнæ ахæм цæджджинаджы. 16 хæдзары, дыгай хæ-дзæрттæ иумæ, афтæмæй бахсыстой 8 цæджджинаджы, 2 хæдзары та бахсыстой цуайнæгты мидæг. Уыцы хæдзæрттæ цы бæгæ-нытæ бахсыстой, уыдон сæхуыддæг нæ банызтой, фæлæ сæм быдирæгтæ æрбацыдысты куывды Уациллайы сабаты æмæ дзы фесты къуыри. Иуæй-иу хæдзæрттæм дзы уыдис æвддæсгай уазджытæ, иуæй-иутæм дæсгæйттæ. Æртæ-цыппар куывддзауæй-иу дзы къаддæр никæмæ уыдис. Æрмæст дзы иу хæдзармæ нæ уыд-иу быдираг куывддзаутæ, уый тыххæй æмæ уый сидзæргæсы хæдзар уыд, фæлæ уый дæр уазджыты хонгæ кодта йæ хæдзармæ.

Уыцы куывддзаутæй алчидæр акодта кусарт, аргæвста уæрыкк йæ фысыммæ. Сæ иутæ æцæг æууæндынц Уациллайыл æмæ уььмæн æрбацыдысты — сылгоймагæй дæр æмæ нæлгоймагæй дæр. Иннæтæ сты, æрмæст нуазын æмæ хæрыны тыххæй чи бацыдис, ахæмтæ. Æртыккаг дих та сты, быдыры рувынафон куыстæй йæхи чи асайы, ахæмтæ. Уыцы бирæ куывддзаутæ рацу-бацу фæкæнынц хæдзæрттæм, вæййынц тынг хъæлдзæг. Æмæ куыниæ уой хъæлдзæг, кæд сын хъæбæрхоры задæй бæгæны фаг, уæрыччы фыд фаг, уæлибæх парахатæй, афтæ хъазт дæр æмæ зард дæр.

Æрмæст Хъахъхъæдуры цы уазджытæ уыдис, уыдоиæн сæ бæхтæ хызтысты иу ран, нымадтам сæ æмæ сæ бакодтам фараст ссæдзы (180). Сæ бæхтæ æндæр рæтты кæмæн хызтысты, ахæмтæ дæр ма дзы бирæ уыдис, фæлæ уыдонæн банымайæн нæ уыд. Цæхгæр ныхасæй афтæ зæгъæм: Хъахъхъæдуры цы 35 хæдзары цæры, уыдон сæ быдираг уазджытимæ банызтой иу къуыримæ 26 цæджджинаджы бæгæны (алы цæджджинаджы дæр стыд уыдис къаддæр-уæддæр 15 меркъайы зады ссад).

Цы ранмæ ма фæцæуынц сæхи фæдзæхсынмæ, быдырæй куывды чи æрбацæуы, уыдон?

Дæргъæвсы комы Цæгат Ламардоны цæрынц Гуццатæ. Хонынц сæ Тыбауы Уацилламæ хæстæгдæр æвæрд, æмæ сæ чи куыд хистæр вæййы, афтæ фæкæны дæсныйад, райдайы фæттæй фæрсын æмæ адæмы сайы. Гуццатæ фидар хæцынц уыцы куыстыл. Ис сын хицæн найфат, æмæ сæм уырдæм фæцæуынц фæрсынмæ. Тыбауы хохыл дæр сын ис кувæндон, уырдæм алы аз дæр хæссынц урсгонд хъил, иу 5—6 адылийы дæргъæн, æмæ йæ ныссадзынц тæккæ тигъыл. Хонынц æй «æвгъил». Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы тæккæ бæрзонды, Тыбауы хохыл, хъæдæн бамбийæн нæй, æмæ, хъæд куынæ æмбийа, уæд лæугæ дæр бирæ кæны. Адæмы та афтæ сайынц, цыма уыдон дзуары фæрцы афтæ æнæмбигæ сты. Ноджыдæр ма бирæ сайæн митæ кæнынц, æмæ сыл талынг адæм æууæндынц.

Куывды чи бацыди, уыдон, Уациллайы цыппæрæм куы вæй-йы, уæд араст вæййынц Дæргъæвсы комы алы хъæутæй Гуццаты Иласы найфатмæ куывды. йæ бон кæмæн вæййы, уыдон балхæнынц уæрыччытæ æмæ сæ бахæссынц æгасæй уыцы найфатмæ æд чъиритæ æмæ нозт. Илас сын æгасцуай фæзæгъы æмæ сæм тынг хъæлдзæгæй ракæсы, гæды худт кæнгæйæ сыл бацин кæны. Куывддзаутæ йын фæзæгъынц, мах, дæм, куывды æрбацыдыстæм, æмæ нæ дæ хорзæх уæд, ахъаз нын бакæнæд Тыбауы Уациллайы кувæндон, зæгъгæ. Илас алы бацæуæгæн дæр йæ уæрыкк аргæвды æмæ йын фæзæгъы, йæ рахиз фарсæй йын физонæг скæн, зæгъгæ. Кусарты иннæ хай иууылдæр бахæссы, найфаты цы хицæн агъуыст ис, уырдæм æмæ йæ йæхицæн цæвæры. Кусартимæ чидæриддæр бацæуы куывды, уыдонæн се ппæтæн дæр афтæ бакæны. Алы куывддзауæн дæр йæ физонæг куы сцæттæ вæййы, уæд ын йæ физонæг æмæ йæ чъиритæ Гуццаты Илан скувы. Илас йæхæдæг кæй нæ аргæвда, уый нæ фæкувы, уæд, дам, мын мæ ныхæстæ дзуар нæ айсдзæнис, зæгъгæ.

1928 азы Уациллайы цыппæрæмы Гуццаты Илас сихæртты размæ йæ найфаты аргæвста, цы куывддзаутæ бацыдис æд уæрыччытæ, уыдонæй æвддæс æмæ дыууиссæдз (57) уæрыччы, æмæ уыцы кусæрттæй куывддзаутæ бахордтой æрмæст сæ рахиз фæрстæй физонджытæ, æндæр ницы. Кусæртты иннæ фыд, (дзидзатæ) æмæ сæ уæлдзæрмттæ баззадысты Гуццаты Иласы пайдайæн, æрмæстдæр аргæвдæггаг æмæ скувæггаг.

Йæ куывд куыд барст кæны, куыд феххуыс вæййы, уый тыххæй та ахæм хабар æрхæсдзынæн. Дулаты Пылайæн йæ лæппу рынчын уыд. Пыла Гуццаты Иласмæ бацыд æмæ йæ бафарста лæппуйы тыххæй. Илас ын бацамыдта, Уациллайы цыппæрæмы уæрыкк аргæвд, æмæ дæ лæппу сдзæбæх уыдзæн, зæгъгæ. Лæг æцæгдæр афтæ бакодта. Æз мæхæдæг федтон, куыд бахаста Пыла уæрыкк, йæ лæппу дæр йæ мадимæ уым уыдис, афтæмæй. Илас Пылайы уæрыччы фарсы физонæг скуывта, лæппу цæмæй сдзæбæх уа, уый тыххæй, лæппу дæр сæ цуры, афтæмæй. Куыд æмбæлы, афтæ бакувыны фæстæ Дулатæ ацыдысты сæ фысыммæ Хъахъхъæдурмæ. Иласæн Пылайы уæрыккыл цæхх конд дæр нæма æрцыд, афтæ дыккаг бон Пылайы лæппу амардис.

Гуццаты Иласмæ фæрсынмæ цæуынц фылдæр быдыры хъæутæ æмæ æндæр кæмттæ,— Дæргъæвсы ком æй базыдтой æмæ йæ нал фæрсынц. Тынгдæр та уымæн, æмæ расыггæнаг у, стæй хин. Арæх æм куынæуал фæцæуынц, уæд дадалитæ рауадзы æмæ ныхас ахæлиу кæны, уыцы бонмæ адæм куывд куынæ саразой, уæд адæмæн зын рауайдзæнис, зæгъгæ, æмæ та уæд талынг адæм сæ чъиритимæ, иуæй-иутæ та ма уæрыччытимæ дæр, згъорын байдайынц алы кæмттæй æмæ быдыртæй. Афæдзы мидæг Илас талынг адæмæй йæхицæн аргæвды къаддæр-уæддæр авдыссæдз (140) уæрыччы. Йæ хæдзары уæлдзарм æмæ цæхджын дымæгæй бацæуæнтæ нæ вæййы.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru