Главная > Ирон æгъдæуттæ > АТЫНÆГ (ЦЫРГЪ ИСÆН БОН)

АТЫНÆГ (ЦЫРГЪ ИСÆН БОН)


10 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Атынæджы бæрæгбон вæййы сусæны мæйы (июлы). Уыцы бæрæгбон хохы ир дарынц тынг кадджьшæй, Атынæгмæ ма иу-цалдæр боны куы вæййы, уæд бауынаффæ кæнынц, цæмæй уыцы бон арвитой хъæлдзæгæй. Саразынц къусбар. Æрзилынц хæдзари-хæдзар задыл, цæмæй бæгæны скæной, уый тыххæй, афтæ æрæмбырд кæнынц нысайнæгтæ дæр кусæрттаг балхæнынæн. Зæдтæй бахсидынц бæгæны, нысайнæгтæй балхæнынц кусæрттаг.

Куы æрцæуы Атынæджы хуыцаубон, уæд аргæвдынц кусæрттæгтæ, стæй арвитынц хъæумæ хонæг. Хъæу æрæмбырд вæййынц, æрхæссынц æртыгай чъиритæ алы хæдзарæй дæр. Куы æрæмбырд вæййынц, уæд уырдыглæуджытæ хистæртæм кувынмæ бахæссынц чъиритæ, физонæг æмæ бæгæны, Хистæртæ сыстынц, райсынц чъиритæ, физонæг æмæ бæгæны, Райдайы хистæр кувын, цæмæй, цы адæм æрæмбырд æмæ цы хæдзæрттæ сбарстой къусбар, уыдон сæ цыргъаг хорзы бон ахæссой æмæ сæ цыргъаг æнæкъуылымпыйæ бакуса фæззæджы куыстытæ.

Хистæр куы фæкувы, уæд иннæтæ иуылдæр лæугæ кæнынц æмæ оммен (амин) фæкæнынц, цæмæй сæ фæззæджы куыстытæ æнæнизæй, рогуæнгæй, хъæлдзæгæй æмæ æнæмастæй бакусой, уый тыххæй. Куывд куы фæвæййынц, уæд уый фæстæ сæхи хорз фенынц хæрд æмæ нозтæй, хъæлдзæг зæрдæимæ, уæлдайдæр фæззæджы зарæг кæнгæйæ. Фæстагмæ сын æрæвæрынц турæ, æмæ турæ бацымыиц. Турæ конд вæййы фиу, хуылфыдзауматæ, хъæдындзтæ, нуры æмæ æндæр ахæмтæй. Цыбыр ныхасæй, тынг сойджын вæййы, иуæй-иу адæймаг æй йæ фырсойджыны тыххæй хæргæ дæр нæ фæкæны. Быдыры хъæуты ранæй-рæтты зонгæ дæр нал кæнынц Атынæджы. Атынæджы фæстæ дыццæджы хох ацæуынц хос кæрдынмæ,

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru