Главная > Ирон æгъдæуттæ > ЗЫГУЫМОНЫ ХУЫЦАУБОН

ЗЫГУЫМОНЫ ХУЫЦАУБОН


19 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Зыгуымоны хуыцаубон вæййы Джеоргуыбайы мæйы, Джеоргуыбамæ ма иу къуыри куы вæййы, уæд. Уыцы хуыцаубоимæ адæм сæ куыстытæ фæвæййынц, уæлдайдæр та хæхбæсты. Æмæ йæ куыстытæ уыцы рæстæгмæ чи ахицæн кæны, уыдон саразынц сагæйтты æхсæвæр: сцæттæ кæнынц арахъ, йе бæгæны, аргæвдынц кæрчытæ, æрхонынц сыхæгты. Куы сæ æрхонынц, уæд хистæры раз æрæвæрынц, цы сцæттæ кодтой, уыдон æмæ сæ ныффæлдисынц сæ мæрдтæн. Афтæ дзы кувгæ дæр скæнынц фæззæджы дзуæрттæн, цæмæй сæ мæрдтæ ныууадзой сæ фæззæджы кусæндзаумæттæ — цæвджытæ, æхсырфытæ, сагæйттæ, халамæрзæнтæ æмæ æндæртæ, цæмæй уыцы кусæнгæрзтæй дарддæр мауал тухæн кæной мæрдты бæсты.

Сагæйтты æхсæвæр адæм иууылдæр нæ кæнынц. Хæхбæсты дæр æмæ йæ быдыры дæр фыццаг кодта фылдæр адæм, ныр та къаддæр.

Зыгуымоны бон дæр алы хъæуы иæ кодтой, фæлæ цуæй-йу хъæуты кадджын уыдис.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru