Главная > Ирон æгъдæуттæ > ДЖЕОРГУЫБА

ДЖЕОРГУЫБА


19 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Джеоргуыбайы бæрæгбон вæййы ноябры бонты, адæм куыстгонд куы фæвæййынц уæд. Æмæ алчи дæр уыцы бæрæгбонмæ фæбæллы, Джеоргуыбайы къуырийы мæ фæллад дæр суадздзы-иæн æмæ дзæбæх дæр ацæрдзынæн, зæгъгæ.
Бæрæгбон ирон адæм кæнынц иууылдæр, быдырæй-хохæй, чырыстонæй-пысылмонæй æмæ мæгуырæй-хъæздыгæй. Алы хæдзар дæр бахсиды бæгæны, чи иу меркъайы, чи та дыууæ кæнæ æртæ меркъайы. Ахæмтæ дæр вæййы, 10—15 меркъайы чи скæны. Афтæ рауадзынц арахъ дæр æмæ двайно дæр. Иуæй-иутæ та галтæ схæссынц нывæндтæй рæгъæутты æмæ сæ аргæвдынц Джеоргуыбайы хуыцауæхсæв (галæргæвдæны), иннæтæ та схæссынц нæл фыстæ, æмæ сæ уыдон дæр аргæвдынц хуыцауæхсæв. Гал чи аргæвды, уый дзы фæдæтты æндæр хæдзары бинонтæн, фæлæ дзы чи нæ ратты, ахæмтæ дæр разыны. Нæлфыстæ чи аргæвды, уыдон дзы нæ фæдæттынц æмæ сæ сæхæдæг бахæрынц, нæ фæтчы, зæгъгæ, æцæг ам дæр та ис ахæмтæ, æмæ йæ нæлфысæй дæр чи фæдæтты.
Дыццæджы райсоммæ (Уастырджийы бон) адæм къусбар скæнынц æмæ бæгæны фæфыцынц. Вæййы сын гал нывонд. Уыцы гал фæхизы рæгъауы, рæгъау куы ныууадзынц, уæд та йæ, фысым цы сых вæййынц, уыдон радыгай схæссынц, алы хæдзар дæр иу къуыри. Кæй зæгъын æй хъæуы, нывонд гал хорз снард вæййы. Фысымтæ йæм уæлдай хуыздæр уымæн фæзилынц, æмæ галы фиутæ, сойтæ, æрчъиаг æмæ хуылфыдзауматæ уыдоны вæййынц, уалдзæджы йæ кæмæй балхæнынц, уыимæ иумæ.
Къуырисæры куы баизæр вæййы, уæд дыццæгæхсæв, вæййы Уастырджийы æхсæв, æмæ алы ирон хæдзар дæр акæны Уастырджийы номыл кусарт: чи хæсгæ тохъыл, чи та хорз нæл фыс, цыбырныхасæй, алчи дæр нæ бацауæрды, цæмæй Джеоргуыбайы бæрæгбон арвита хъæлдзæг æмæ буцæй. Уыцы æхсæв кусæрттæ куы фæкæнынц, уæд Уастырджийы бæгæнытæй скувынц. Кусарт куы акæнынц, уæд раззаг хуылфыдзауматæй скæнынц физонджытæ, скæнынц æртæдзыхон чъиритæ дæр æмæ семæ нозт, афтæмæй, Уастырджийы кувæндон сæм хæстæгдæр кæм уа, уырдæм куывды ацæуынц æмæ скувынц Уастырджимæ, цæмæй сæ æдзухдæр фæндараст кæна, искуыдæм балцы куы цæуой, уæд. Æхсæвы алы хæдзары бинонтæ дæр хорз минас фæкæнынц, уæлдайдæр нæлгоймæгтæ, уымæн æмæ хорз цы сыхæгтæ фæцæрынц кæрæдзийы уарзгæйæ, уыдон радыгай ахсæв-бонмæ кæрæдзийы хæдзæрттæм хуынды фæцæуынц. Фыццаг иу хæдзары фæкувынц æмæ фæминас кæнынц, стæй та иннæ хæдзары.
Райсом куы сбон вæййы, уæд, хъæуы куывдæн фысым цы сых уой, уыдон, уастырджийы кувæндон кæм вæййы, уым боны-цъæхæй нывонд гал аргæвдынц, уæнггай йæ бакæнынц æмæ дзидзатæ афтæмæй аджы цæвæрынц, сфыцынмæ. Ноджы дзы аргæвдынц фыс, науæд æндæр исты дæр. Уый та сфыцынц æндæр аджы. Куы сцæттæ вæййынц, уæд хъæубæстæм арвитынц хонæг, цæмæй æрцæуой куывдмæ. Адæм цалынмæ куывдмæ æрцæуынц уалынмæ хæдзæртты радыгай минас фæкæнынц, стæй куывдмæ æфсæстæй æрцæуынц. Алы хæдзар дæр æрхæссы æртæ чъирийы афтæмæй куы æрæмбырд вæййынц, уæд хистæрмæ бахæссывлц æртæ чъирийы, физонæг æмæ бæгæныйы дынджыр къус, скувынц. Кувæг куы сысты худистæй, уæд иннæ адæм дæр сыстынц æмæ сæ худтæ сисынц.
Кувæг райдайы кувын, æмæ, хорз куы фæкувы, уæд ын адæм та æмхуызонæй оммен фæкæнынц. Куывд куы фæвæййы, уæд уырдыглæуджытæ ацаходынц, куыд æмбæлы, афтæ чъирийæ дæр, физонæгæй дæр æмæ бæгæныйæ дæр. Адæмы се 'ппæты дæр æрбадын кæнынц — лæг уæд æмæ лæппу уæд. Æрæвæрынц сын сæ разы. тæбæгътæ фынгтæн, сæ мидæг сын æрæвæрынц чъиритæ, афтæ сын уыцы тæбæгъты æрæвæрынц физонджытæ æмæ фыс кусарты дзидзатæ æмæ галы хуылфыдзауматæ.
Райдайынц хæрын, нуазын куывды адæм, сæ разы сын кæстæртæ æмдзæгъд фæкæнынц, афтæмæй. Уырдыглæуджытæ (куывд чи сцæттæ кодта, уыдон) алы тæбæгъы дæр цæвæрынц галы фыды хай — куывды арфæйæггаг, цæмæй йæ алчи дæр йæ хæдзармæ ахæсса, уый тыххæй. Уыцы галы хæйттæ афтæ кадджын сты, æмæ дард хъæуæй чи æрбацæуы быдырæй, уый дæр йæ хай ахæссы йæ хæдзармæ, цæмæй дзы йæ хæдзары бинонтæ саходой æмæ сын Уастырджи баххуыс кæна.
Куывдæй куы райхæлынц æмæ хъæумæ куы æрбацæуынц, уæд фæсивæд саразынц хъазт æмæ хорз фæкафынц суанг æхсæвæрмæ.
Джеоргуыбайы бонты ахæм хæдзар нæ уыдзæнис, æмæ кусарт чи нæ акæна, дыууæ куынæ уа, уæддæр иу. Вæййы ахæм хæдзæрттæ, æмæ æртæ, цыппар кусарты чи акæны. Цыбыр ныхасæй, Джеоргуыбайы къуыри тынг хорз фæцæрынц адæм йууылдæр — хъæздыгæй-мæгуырæй, быдирагæй-хæххонæй. Æндæр бæсты цы ирон адæймаг вæййы, уый Джеоргуыбайы рæстæджы фæмысы Иры бæстæ, уымæн æмæ, афæдзы мидæг цы бæрæгбæттæ ис, уыдонæй иу бæрæгбон дæр афтæ кадджын нæу ирæн æмхуызонæй.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru